Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти – ӕппӕты хуыздӕр Миссионер

Йесо Чырысти – ӕппӕты хуыздӕр Миссионер

Йесо Чырысти – ӕппӕты хуыздӕр Миссионер

«Ӕз... уый номӕй дзурын, ӕмӕ мӕ уый рарвыста» (ИОАН. 7:29).

1, 2. Ӕппӕты хуыздӕр Миссионер кӕй ис схонӕн?

ДЗЫРД «миссионер» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Иуӕй-иутӕ ахъуыды кӕнынц чырыстон аргъуанты миссионертыл – уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи тъыссынц, кӕдӕм ацӕуынц, уыцы бӕстӕйы политикӕ ӕмӕ экономикӕйы хъуыддӕгты. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнынц, Разамонӕг совет зӕххы къорийы алы бӕстӕтӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ кӕй арвиты, уыцы миссионертыл (Матф. 24:14). Уыцы миссионертӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй адӕм Йегъовӕ Хуыцаумӕ баввахс уой ӕмӕ уый фӕрцы амондджындӕр уой (Иак. 4:8).

2 Чырыстон Грекъаг Фыстыты ирон ӕвзагыл дзырдтӕ «миссионер» ӕмӕ «миссионертӕ» не ’мбӕлынц. Фӕлӕ Ефесӕгтӕм 4:11 «хорз хабар хъусынгӕнджытӕй» цы грекъаг дзырд раивтой, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис дзырд «миссионертӕй» дӕр. Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр Хъусынгӕнӕг. Фӕлӕ йӕ «миссионер» схонӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый у Ӕппӕтбӕрзонд Хуыцау, ӕмӕ йӕ чи кӕдӕм хъуамӕ арвита? Фӕлӕ Йесо Чырысти йӕ уӕларвон Фыдӕй загъта: «Ӕз... уый номӕй дзурын, ӕмӕ мӕ уый рарвыста» (Иоан. 7:29). Йегъовӕ адӕмы бирӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй йӕ иунӕггуырд Фырты рарвыста зӕхмӕ (Иоан. 3:16). Йесойы схонӕн ис ӕппӕты хуыздӕр Миссионер – зӕхмӕ ӕрвыст цӕмӕн ӕрцыд, уыдонӕй иу хъуыддаг уыд, цӕмӕй «ӕцӕгдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид» (Иоан. 18:37). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй-иу хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу алкӕддӕр адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдта. Ӕмӕ куыд лӕггад кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у адӕмы ахуыр кӕнын, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта, афтӕ, миссионертӕ стӕм ӕви нӕ, уӕддӕр.

3. Цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

3 Йесо Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый фӕдыл ӕвзӕры ахӕм фарстытӕ: цӕуыл сӕмбӕлд Йесо, зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд? Цӕй фӕрцы уыд хорз ахуыргӕнӕг? Цӕмӕн ӕм хъуыстой адӕм?

Удуӕлдайдзинад ног уавӕрты

4–6. Йесо зӕхмӕ ӕрвыст куы ’рцыд, уӕд йӕ царды цы фӕивта?

4 Абоны миссионерты ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм чи ацӕуы, уыцы чырыстӕтты, чи зоны, бахъӕуы бацархайын, цӕмӕй сахуыр уой, цы уавӕрты цардысты, уымӕй ӕвзӕрдӕр уавӕрты цӕрыныл. Фӕлӕ Йесо зӕххыл цы уавӕрты цард ӕмӕ уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ коммӕгӕс ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ зӕдты ’хсӕн куыд цард, уыдон кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кодтой, уый нӕ зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны (Иов 1:6; 2:1). Зӕххыл ӕм ӕнхъӕлмӕ каст бынтон ӕндӕрхуызон цард: Йесо цардис хӕлд дунейы тӕригъӕдджын адӕмы ’хсӕн! (Марчы 7:20–23). Йесойы ма быхсын хъуыд, йӕ апостолтӕ, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл кӕй быцӕу кодтой, суанг уымӕн дӕр (Лук. 20:46; 22:24). Фӕлӕ-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цыфӕнды зын уавӕры дӕр йӕхи куыд дардта, уымӕй алкӕддӕр уыд фӕзминаг.

5 Йесо адӕмы ӕвзагыл ӕвиппайды не сдзырдта, фӕлӕ йӕ райдыдта ахуыр кӕнын сывӕллонӕй. Куыд тынг аивта, уӕлӕрвты зӕдтӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уый цард! Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд «адӕмы ӕвзӕгтӕй» зыдта, ӕппынкъаддӕр, иу ӕвзаг. Уыцы ӕвзаг тынг хицӕн кодта «зӕдты ӕвзагӕй» (1 Кор. 13:1). Фӕлӕ Йесо ахӕм дзырдарӕхст уыд, ӕмӕ цы ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта, уыдоныл иууылдӕр дис кодтой. Уый куыд дзырдта, афтӕ никуы ничи! (Лук. 4:22).

6 Ӕркӕсӕм-ма, Хуыцауы Фырт зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ма йӕ царды ноджыдӕр цы фӕивта. Йесо йӕ туджы Адамы тӕригъӕд нӕ рахаста, фӕлӕ уӕддӕр сси адӕймаг – фӕстӕдӕр «йе ’фсымӕртӕ», ома йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ чи систы, уыдоны хуызӕн (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 2:17, 18.) Зӕххыл ма фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд Йесойӕн йӕ бон уыд йӕ уӕларвон Фыдӕн загъын, цӕмӕй йын рарвыстаид «дыууадӕс ӕфсадӕй дӕр фылдӕр зӕдтӕ». Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ бакодта. Ӕмӕ ма ныр ахъуыды кӕн: цас зӕдтӕ уыдис йӕ бар Хистӕр зӕд Михаилӕн! (Матф. 26:53; Иуд. 9). Раст у, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд диссӕгтӕ арӕзта, фӕлӕ уыдонӕн абарӕн дӕр нӕ уыд, уӕлӕрвты цы арӕзта, уыимӕ.

7. Иудейтӕ Закъон ӕххӕст кӕнынмӕ цы цӕстӕй кастысты?

7 Йесо цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ уыд «Дзырд». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыд, израилӕгты ӕдзӕрӕг быдырыл чи кодта, уыцы зӕд (Иоан. 1:1; Рац. 23:20–23). Израилӕгтӕ «зӕдты фӕрцы Закъон бӕргӕ райстой, фӕлӕ йӕ ӕххӕст нӕ кодтой» (Ап. хъ. 7:53; Дзут. 2:2, 3). Фыццаг ӕнусы иудейты дины разамонджытӕ нал ӕмбӕрстой, Закъоны сӕйрагдӕр цы уыд, уый. Райсӕм сабатбоны закъон. (Бакӕс Марчы 3:4–6.) Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ...– рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дардтой» (Матф. 23:23). Фӕлӕ Йесойы уый нӕ баурӕдта ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕцӕгдзинады тыххӕй дзырдта.

8. Йесойӕн йӕ бон махӕн баххуыс кӕнын цӕмӕн у?

8 Йесойы удуӕлдайдзинад алцӕмӕй дӕр бӕрӕг уыд. Адӕмы уарзта ӕмӕ сын ӕххуыс кодтаид, уый йӕ тынг фӕндыд. Алкӕддӕр цӕттӕ уыд хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ зӕххыл Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ «йын Хуыцау йӕ бар бакодта, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕсы, уыдоны ӕнусон ирвӕзындзинад». Уымӕй уӕлдай «фӕлварӕнты йӕхӕдӕг кӕй хъизӕмар кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баххуыс кӕнын у, [махау] фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн» (Дзут. 2:18; 5:8, 9).

Хорз ахуыргӕнӕг

9, 10. Зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ Йесо кӕмӕ ахуыр кодта?

9 Абон Разамонӕг совет чырыстӕтты цалынмӕ миссионертӕй нӕ арвиты, уӕдмӕ уал сӕ сахуыр кӕны. Цымӕ Йесо Чырысти дӕр ахуыр кодта? О, фӕлӕ Мессийӕ куы сси, уый размӕ нӕдӕр раввинты скъола каст фӕцис, нӕдӕр зындгонд дины разамонджытӕм ахуыр кодта (Иоан. 7:15; абар Хъуыддӕгтӕ 22:3). Уӕдӕ уӕд Йесо ахӕм дӕсны ахуыргӕнӕг цӕй фӕрцы уыд?

10 Йесо йӕ мад Марийӕйӕ ӕмӕ йӕ кӕнгӕ фыд Иосифӕй цыфӕнды ма бызыдтаид, уӕддӕр ӕй йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ сӕйраджыдӕр бацӕттӕ кодта ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг – Йегъовӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Ӕз мӕхи фӕндӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ мын мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый» (Иоан. 12:49). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Фыд Фыртӕн бӕстон кӕй бацамыдта, адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнын хъуыд, уыдӕттӕ иууылдӕр. Зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ Йесо бирӕ рӕстӕг фӕхъуыста, йӕ Фыд ын цы амыдта, уымӕ. Уымӕй хуыздӕр ма йӕ чи хъуамӕ сахуыр кодтаид?!

11. Йегъовӕ адӕмӕн куыд уыдис, уый Йесо куыд фӕзмыдта?

11 Фыд Фырты куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ тынг ӕнувыд уыдысты кӕрӕдзийыл. Йесо уыдта, Йегъовӕ Хуыцау адӕмӕн куыд уыдис, уый. Ӕмӕ Хуыцау адӕмы куыд уарзы, афтӕ сӕ бауарзта Фырт дӕр. Уымӕ гӕсгӕ зонды номӕй дзургӕйӕ, Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын: «Ме стыр цин уыдысты зӕххон адӕм» (Ӕмб. 8:22, 31).

12, 13. а) Цӕуыл сахуыр Йесо, йӕ Фыд израилӕгтӕн куыд уыди, уымӕ кӕсгӕйӕ? ӕ) Йесо куыд пайда кодта, цы базыдта, уымӕй?

12 Фырт ма ахуыр кодта, йӕ Фыд зын хъуыддӕгтӕ куыд скъуыддзаг кодта, уымӕ кӕсгӕйӕ дӕр. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕн куыд уыд, уымӕ. Неемийы 9:28 фыст ис: «Хъыгдарӕг-иу сӕ куы нал уыди, уӕд та-иу фыдхъуыддӕгтӕ кӕнынмӕ фесты дӕ разы [Йегъовӕ] ӕмӕ-иу сӕ ды радтай се знӕгты къухмӕ, чи сӕ ӕфхӕрдта, уыдоны къухмӕ. Уӕд та-иу дӕм раздӕхтысты ӕмӕ-иу дӕм ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ-иу сӕ ды уӕлӕрвтӕй фехъуыстай ӕмӕ та-иу сӕ дӕ фӕлмӕн зӕрдӕйӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй фервӕзын кодтай». Йесо Йегъовӕимӕ кӕй фыдӕбон кодта ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг кӕй касти, уый фӕрцы уый дӕр адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын сахуыр ис (Иоан. 5:19).

13 Йесо цы базыдта, уымӕй кӕй пайда кодта, уый ма уынӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыди, уымӕй дӕр. Бирӕ кӕй уарзта, уыцы апостолтӕ йӕ йӕ мӕлӕты размӕ «ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты» (Матф. 26:56; Иоан. 13:1). Апостол Петр ма Чырыстийӕ ӕртӕ хатты дӕр загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сыл Йесо йӕхи нӕ атигъ кодта. Петрӕн загъта: «Ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесӕфа. Ӕмӕ куы раздӕхай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лук. 22:32). Уӕларвон Израил амад ӕрцыд «апостолтыл» ӕмӕ, Ног Иерусалимы къултӕн сӕ бындуры цы дуртӕ ис, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы, Йесо Чырыстийы, 12 иузӕрдион апостолы нӕмттӕ. Абон сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн, «ӕндӕр фыстӕн», бирӕ ӕнтысы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы. Хуыцау сӕ йӕ тыхджын къухӕй размӕ кӕны, разамынд та сын дӕтты йӕ уарзон Фырт (Еф. 2:20; Иоан. 10:16; Рарг. 21:14).

Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта

14, 15. Цӕмӕй хицӕн кодта, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уый, иудейты дины разамонджытӕ сӕ куыд ахуыр кодтой, уымӕй?

14 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кӕнгӕйӕ йӕ зонындзинӕдтӕй куыд пайда кодта? Адӕмы Йесо куыд ахуыр кодта ӕмӕ сӕ иудейты дины разамонджытӕ куыд ахуыр кодтой, уый куы абарӕм, уӕд фендзыстӕм, Йесо бирӕ хуыздӕр ахуыргӕнӕг кӕй уыд. Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ «Хуыцауы ныхас се ’гъдӕуттӕй баивтой». Фӕлӕ Йесо йӕхи зондӕй никуы дзырдта – уый алкӕддӕр дзырдта Хуыцауы ныхас (Матф. 15:6; Иоан. 14:10). Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.

15 Дины разамонджытӕй ма Йесойы хицӕн кодта иу хъуыддаг. Йесо адӕмӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейты тыххӕй загъта: «Цыдӕриддӕр [уын] дзурынц, уый кӕнут, сӕ хъуыддӕгтӕ та сын ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ цы дзурынц, уый сӕхӕдӕг нӕ аразынц» (Матф. 23:3). Йесо та дзургӕ цы кодта, аразгӕ дӕр уый кодта. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

16. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр цардис, Матфейы 6:19–21 цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдонмӕ гӕсгӕ?

16 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй «хӕзнатӕ ӕмбырд кӕной уӕлӕрвты». (Бакӕс Матфейы 6:19–21.) Цымӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кодта? Кодта, уымӕн ӕмӕ йӕхи тыххӕй загъта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Лук. 9:58). Йесо кодта тынг хуымӕтӕг цард. Ӕппӕты сӕйрагдӕр ын уыдис Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо равдыста, куыд ис афтӕ цӕрӕн, цӕмӕй алы боны сагъӕсты бын ма фӕуӕм ӕмӕ хӕзнатӕ зӕххыл ма ӕмбырд кӕнӕм. Бамбарын ма кодта, цас хуыздӕр у ӕмбырд кӕнын хӕзнатӕ уӕлӕрвты – «уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм къӕрныхтӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц». Ды Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусыс ӕмӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты ӕмбырд кӕныс?

Цӕй тыххӕй уарзтой адӕм Йесойы

17. Йесо диссаджы хъусынгӕнӕг цавӕр миниуджыты фӕрцы уыд?

17 Цавӕр миниуджыты фӕрцы уыд Йесо диссаджы хъусынгӕнӕг? Уыдонӕй иу у, кӕимӕ-иу ныхас кодта, уыцы адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый. Йегъовӕйау Йесо дӕр уыдис сӕрныллӕг, уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Ӕркӕсӕм, уыцы миниуджытӕ адӕмы Йесомӕ куыд ӕлвӕстой, уымӕ.

18. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд?

18 Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта, райста цагъары хуыз ӕмӕ сси адӕймаг» (Фил. 2:7). Уый дзурӕг уыд йӕ сӕрныллӕгдзинадыл. Уымӕй уӕлдай, Йесо йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр никуы кодта. Афтӕ никуы хъуыды кодта, ӕмӕ уӕлӕрвтӕй кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй йӕм адӕм хъуамӕ хъусой. Мӕнг мессийӕтӕй уӕлдай Йесо никуы ӕппӕлыд, зӕгъгӕ, ӕз ӕцӕг Мессийӕ дӕн. Хатт ма-иу адӕмы фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, цӕмӕй макӕмӕн дзырдтаиккой, чи у кӕнӕ цы сарӕзта, уый (Матф. 12:15–21). Йесойы фӕндыд, адӕм алцыдӕр сӕхӕдӕг куы федтаиккой ӕмӕ стӕй куы скъуыддзаг кодтаиккой, йӕ фӕдыл цӕудзысты ӕви нӕ, уый. Куыд бузныг уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сӕ Хицау сӕ кӕй нӕ домдта, цӕмӕй, уӕлӕрвты цы зӕдтимӕ уыдис, уыдоны хуызӕн ӕххӕст уыдаиккой!

19, 20. Йесо уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый фӕрцы адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта?

19 Йесо Чырысти ма уыд уарзӕгой дӕр – уарзондзинад та у йӕ уӕларвон Фыды сӕйрагдӕр миниуӕг (1 Иоан. 4:8). Йесо адӕмы кӕй уарзта, ахуыр дӕр сӕ уымӕн кодта. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесомӕ иу ӕрыгон хицау куы ’рбацыд, уыцы хабарыл. (Бакӕс Марчы 10:17–22.) Уыцы лӕг йӕ «зӕрдӕйӕн фӕадджын» ӕмӕ йӕ бафӕндыд, куы йын баххуыс кодтаид. Фӕлӕ цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цыдаид, уый тыххӕй ӕрыгон хицауы хъуыди йӕ бирӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын, ӕмӕ уый та йӕ бон нӕ бацис.

20 Йесомӕ цы бирӕ хорз миниуджытӕ уыд, уыдонӕй иу уыдис, тӕригъӕд кӕнын кӕй зыдта, уый. Йӕ ныхӕстӕ йын-иу йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы адӕм дӕр уыдысты ӕнӕххӕст ӕмӕ зындзинӕдтӕй сӕ хъуырмӕ уыдысты. Йесо сын сӕ рыст ӕмбӕрста ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Уый бӕрӕг уыд, куыд сӕ ахуыр кодта, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, иухатт Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон уыдысты, ӕмӕ сын къӕбӕр бахӕрыны рӕстӕг дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ Йесо куы федта, бирӕ адӕм кӕй ӕрӕмбырд, уӕд куыд бакодта? «[Йесо] сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Гъемӕ сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Марчы 6:34). Адӕмы тӕригъӕддаг уавӕр федта, ӕмӕ кӕд йӕхӕдӕг фӕллад ӕмӕ ӕххормаг уыди, уӕддӕр сӕ ахуыр кодта ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй диссӕгтӕ сарӕзта. Йӕ диссаджы миниуджытӕ ӕмӕ цы амыдта, уый кӕйдӕрты зӕрдӕтӕ бацагайдтой ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы.

21. Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

21 Иннӕ статьяйы дарддӕр ныхас кӕндзыстӕм Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд куыд лӕггад кодта, ууыл, ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон ма ноджыдӕр куыд у ӕппӕты хуыздӕр Миссионеры фӕзмын, уый.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ Йесо цавӕр ахуырад райста?

• Йесо чиныджыдӕснытӕй ӕмӕ фарисейтӕй бирӕ хуыздӕр ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыд?

• Адӕм Йесойы цӕй тыххӕй уарзтой?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта?