Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ зӕрдыл дарӕм израилӕгты рӕдыдтытӕ

Нӕ зӕрдыл дарӕм израилӕгты рӕдыдтытӕ

Нӕ зӕрдыл дарӕм израилӕгты рӕдыдтытӕ

ИЗРАИЛӔГТӔ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй зыдтой, Йегъовӕ сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Хуыцау Моисейы уылты загъта: «Уыцы зӕххы цӕрджыты иууылдӕр фӕсурут, сӕ дурцыртытӕ сын иууылдӕр фехалут, се згъӕр мӕнгхуыцӕуттӕ сын ныцъцъӕл кӕнут ӕмӕ сын сӕ бӕрзонд бынӕттӕ иууылдӕр ныппырх кӕнут» (Нымӕц. 33:52).

Израилы адӕм уыцы зӕххы цӕрджытимӕ хъуамӕ бадзырдтӕ ма кодтаиккой ӕмӕ сӕ сӕхицӕн хӕстӕгӕн ма агуырдтаиккой (Дык. з. 7:2, 3). Хуыцау йӕ адӕмы бафӕдзӕхста: «Кӕдӕм цӕуыс, уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмтимӕ бадзырд ма скӕн, науӕд дын уый уыдзӕн къӕппӕг» (Рац. 34:12). Фӕлӕ израилӕгтӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Сӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад? Ӕмӕ нын уый зондзонӕн куыд у? (1 Кор. 10:11).

Хӕлардзинадӕй – мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ

Израилӕгтӕ тырныдтой Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсынмӕ ӕмӕ сын райдианты, уым цы адӕм цард, уыдоныл уӕлахиз кӕнын ӕнтыст. Фӕлӕ Израилы фырттӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕронмӕ не ’ххӕст кодтой – се знӕгты иууылдӕр нӕ фӕсырдтой (Тӕрх. 1:1–2:10). Уый нӕ, фӕлӕ, уыцы зӕххыл цы «авд адӕм» цард, уыдоны ’хсӕн ӕрцардысты ӕмӕ алы бон дӕр кӕрӕдзиимӕ кӕй ӕмбӕлдысты, уымӕ гӕсгӕ семӕ бахӕлар сты (Дык. з. 7:1). Уый израилӕгтыл куыд фӕзынд? Библийы ис фыст: «Уыдон сын сӕ чызджыты куырдтой ӕмӕ сын сӕ фырттӕн сӕ чызджыты лӕвӕрдтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй райдыдтой сӕ хуыцӕуттӕн кувын. Израилы фырттӕ арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Уыдон ферох кодтой Йегъовӕйы, сӕ Хуыцауы, ӕмӕ куывтой Ваалтӕн ӕмӕ, уыцы адӕмтӕ кӕмӕн куывтой, уыцы цӕджындзтӕн» (Тӕрх. 3:5–7). Израилы адӕм уыцы зӕххы цӕрджытимӕ кӕй бахӕлар сты, уымӕ гӕсгӕ райдыдтой ӕндӕр адӕмты сӕхицӕн хӕстӕджытӕн агурын ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн кувын. Семӕ кӕй бахӕстӕг сты, уый тыххӕй сын уыцы адӕмты уыцы зӕххӕй фӕсурын зындӕр сси. Раст дин мӕнг ӕгъдӕуттӕй чъизи кӕнын райдыдта ӕмӕ-иу израилӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр мӕнгхуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтысты.

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл цӕрӕг адӕмы се знӕгтыл куы нымадтой, уӕд сын тӕссаг уыдысты. Фӕлӕ сын ноджы тӕссагдӕр та систы, семӕ куы бахӕлар сты, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма, адӕймаг Хуыцаумӕ раст куы нӕ кува, уӕд ма уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл ноджыдӕр куыд фӕзындзӕн.

Зӕххы куыст кӕнынӕй – Ваалӕн кувынмӕ

Израилы фырттӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы ’рцыдысты, уӕд цӕугӕ цард нал кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ зӕххы куыст кӕнын райдыдтой. Зӕххы куыст кӕнын, ӕвӕццӕгӕн, сахуыр сты, сӕ размӕ уыцы зӕхх чи куыста, уыцы адӕмтӕй. Фӕлӕ хананейӕгтӕй ӕрмӕст зӕххы куыст кӕнын нӕ базыдтой. Израилӕгтӕ бынӕттон цӕрджытимӕ кӕй бахӕлар сты, уымӕ гӕсгӕ ныххӕцыдысты зӕххы куыст кӕнынимӕ баст мӕнгуырнындзинӕдтыл дӕр.

Хананейӕгтӕ куывтой бирӕ Ваалтӕн – хорӕрзады бардуӕгтӕн. Куыдфӕстӕмӕ израилӕгтӕ ӕрмӕст зӕххы куыст нӕ кодтой ӕмӕ хор не ’мбырд кодтой, фӕлӕ ма кадджын кодтой хананейӕгты хуыцӕутты дӕр – афтӕ сӕм каст, ӕмӕ хорз уыдоны фӕрцы цӕрынц. Бирӕтӕ сӕхи афтӕ ӕвдыстой, цыма Йегъовӕйӕн кувынц, ӕнӕуи та йыл сӕ зӕрдӕ сивтой.

Хорз зондзонӕн махӕн

Израилӕгтӕ фыццаг хатт Зӕрдӕвӕрд зӕххы цӕрӕг адӕмимӕ куы фембӕлдысты, уӕд сӕ Ваалӕн кувын ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕнын бафӕндыдаид, уый зын бауырнӕн у. Фӕлӕ растдӕр ахӕм митӕ кӕнын райдыдтой, семӕ куы бахӕлар сты, уӕд. Уӕдӕ нӕм, зӕгъӕм, чидӕр хорз зӕрдӕ дары, фӕлӕ мах цардмӕ ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый сӕм ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсы. Ахӕм адӕймаджы нӕхицӕн хӕларӕн куы ’взарӕм, уӕд цымӕ израилӕгты хабар нӕ зӕрдыл хъуамӕ ма дарӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг ӕнӕуырнджытимӕ фӕныхас кӕны куысты, скъолайы кӕнӕ ма суанг хӕдзары дӕр. Фӕлӕ израилӕгты хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй нӕ семӕ бахӕлар кӕнын куы фӕнда, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фыдбылызы дӕр бахауӕм. Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33).

Израилӕгтӕ цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты, бирӕ ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм абон мах дӕр. Абоны дунейӕн ис йӕхи мӕнгхуыцӕуттӕ. Уыдон сты ӕхца, зындгонд артисттӕ, спортсментӕ, алыхуызон партитӕ, дины разамонджытӕ ӕмӕ ма суанг бинонтӕй чидӕртӕ дӕр. Ӕмӕ тӕссаг у, нӕ царды нын уыцы «мӕнгхуыцӕуттӕй» исчи сӕйраг бынат куы бацахса. Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдон нӕ хӕлӕрттӕ куы суой, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уырнындзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд уӕм.

Ваалӕн кувын баст уыди ӕнӕгъдау митимӕ. Уый израилӕгтӕй бирӕты зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ сын къӕппӕг сси. Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ бахауынц ахӕм къӕппӕджы. Зӕгъӕм, суанг хӕдзары дӕр компьютеры раз бадгӕйӕ адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ чырыстон ӕфсарм фӕчъизи кӕна. Уый тыххӕй бирӕ нӕ хъӕуы, ӕрмӕст компьютеры мыстӕй бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы кӕнӕ та, ам цы ис, зӕгъгӕ, иунӕг къӕпп ӕркӕн. Куыд зын вӕййы, чырыстон Интернеты ӕнӕгъдау нывтӕм кӕсыныл куы фӕцайдагъ вӕййы!

«Амондджын сты, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕны»

Алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг у, хӕлӕрттӕ ӕвзарыны хъуыддаджы Йегъовӕмӕ хъуса ӕви нӕ (Дык. з. 30:19, 20). Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн: мӕ сӕрибар рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитын? Цӕмӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ цавӕр ӕгъдауыл хӕст сты уыцы адӕм? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц? Мӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн мын ӕххуыс кӕнынц?

Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Амондджын сты, йӕ фӕндаг ӕнаипп кӕмӕн у, Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры. Амондджын сты, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕны; уыдон ӕй агурынц ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Пс. 119:1, 2). Ӕцӕгдӕр, «амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы» (Пс. 128:1). Уӕдӕ нӕхицӕн хӕлӕрттӕ куы ’взарӕм, уӕд хъуамӕ израилӕгты рӕдыдтытӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ алы хъуыддажы дӕр Йегъовӕмӕ хъусӕм (Ӕмб. 13:20).

[Ныв 26 фарсыл]

Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдон нӕ хӕлӕрттӕ куы уой, уӕд мӕнгхуыцӕуттӕн дӕр райдайдзыстӕм кувын