Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы ӕрцыд. Куыд ӕй ӕмбарыс?

Чырыстийы ӕрцыд. Куыд ӕй ӕмбарыс?

Чырыстийы ӕрцыд. Куыд ӕй ӕмбарыс?

«Кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?» (МАТФ. 24:3).

1. Цавӕр цымыдисаг фарст радтой апостолтӕ Йесомӕ?

ИУ-ДЫУУӔ мин азы размӕ цыппар апостолы Оливӕбӕлӕсты хохыл хибарӕй сӕ Хицауимӕ ныхас кодтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?» (Матф. 24:3). Апостолты фарсты ис дыууӕ цымыдисаг дзырдбасты: «кӕй ӕрцыдтӕ» ӕмӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон». Цымӕ цы нысан кӕнынц?

2. Ирон ӕвзагмӕ дзырд «кӕрон»-ӕй цы грекъаг дзырд раивтой, синте́лейа, зӕгъгӕ, уымӕн йӕ хъуыды цы у?

2 Фыццаг уал ӕркӕсӕм дыккаг дзырдбастмӕ. «Чырыстон Грекъаг Фыстыты» ирон ӕвзагмӕ «кӕрон»-ӕй цы дзырд раивтой, уымӕн грекъаг ӕвзаджы ис дыууӕ дзырды – синте́лейа ӕмӕ те́лос. Грекъаг ӕвзаджы ацы дыууӕ дзырдӕн сӕ хъуыды кӕрӕдзийӕ иу гыццыл хицӕн кӕны. Матфейы 24:3 ӕмбӕлы дзырд синте́лейа ӕмӕ йӕ хъуыды у «кӕроны рӕстӕг». Дзырд те́лос та нысан кӕны «кӕрон». Сӕ хицӕндзинад цӕй мидӕг ис, уый фенӕн ис иу хуымӕтӕг цӕвиттонӕй. Ӕмбырды алы раныхасӕн дӕр вӕййы кӕронбӕттӕн – раныхасы фӕстаг хай. Ӕфсымӕр кӕронбӕттӕны хъусджыты зӕрдыл цыбыртӕй ӕрлӕууын кӕны, цӕуыл дзырдта, ӕмӕ равдисы, цы фехъуыстой, уымӕй сӕ бон спайда кӕнын куыд у, уый. Раныхасы кӕрон та у, ӕфсымӕр сценӕйӕ куы ахизы, уый. Раст афтӕ дзырд синте́лейа амоны цавӕрдӕр рӕстӕгмӕ – уый у, кӕрон ӕрцӕуыны размӕ чи вӕййы, уыцы рӕстӕг ӕмӕ кӕрон йӕхӕдӕг дӕр.

3. Чырыстийы ’рцыды рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы?

3 Цы зӕгъӕн ис, апостолтӕ Йесойы кӕй бафарстой, «кӕд ӕрцӕудзынӕ», зӕгъгӕ, уымӕй та? Ам «ӕрцӕудзынӕ»-йӕ цы дзырд ратӕлмац кодтой, уый грекъагау у паруси́а *. Чырыстийы ’рцыд, кӕнӕ паруси́а, райдыдта 1914 азы, уӕлӕрвты паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕд. Чырыстийы ’рцыды рӕстӕджы уыдзӕн «стыр бӕллӕх» дӕр – уӕд Йесо ӕрцӕудзӕн фыдгӕнджыты фесафынмӕ (Матф. 24:21). Чырыстийы ’рцыды рӕстӕджы цӕуы бирӕ алыхуызон хабӕрттӕ, зӕгъӕм, ацы фыддунейӕн ныр сты йӕ «фӕстаг бонтӕ», ӕвзӕрстытӕ ӕмбырдгонд цӕуынц, стӕй ма ӕгас кӕнынц уӕларвон цардмӕ (2 Тим. 3:1; 1 Кор. 15:23; 1 Фес. 4:15–17; 2 Фес. 2:1). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» (синте́лейа) кӕй хоны, уыцы рӕстӕг ӕмӕ Чырыстийы ’рцыды (паруси́а) рӕстӕг цӕуынц иумӕ.

Дӕргъвӕтин рӕстӕг

4. Йесойы ’рцыд, Нойы рӕстӕджы цы хабӕрттӕ уыд, уыдонимӕ абарӕн куыд ис?

4 Дзырд паруси́а амоны дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ. Ӕмӕ уый ӕппындӕр нӕ халы, Йесо йе ’рцыды тыххӕй цы загъта, уый хъуыды. (Бакӕс Матфейы 24:37–39.) Ам-ма дӕ хъус ӕрдар, Йесо йе ’рцыд, Нойы бонты Доны хъаймӕт цы цыбыр рӕстӕг ахаста, уыимӕ кӕй нӕ абарста. Фӕлӕ йӕ абарста, Доны хъаймӕты размӕ цы рӕстӕг уыд, уыимӕ. Ӕмӕ уый та уыд дӕргъвӕтин рӕстӕг. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы Ной арӕзта нау ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодта, цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Уыцы рӕстӕг ахаста 50 азӕй фылдӕр. Афтӕ Чырыстийы ’рцыдмӕ дӕр хауынц, стыр бӕллӕхы размӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ӕмӕ стыр бӕллӕх йӕхӕдӕг дӕр (2 Фес. 1:6–9).

5. Йесойы ’рцыд дӕргъвӕтин рӕстӕг кӕй у, уый Раргомады 6 сӕр куыд ӕвдисы?

5 Библийы иннӕ пехуымпарӕдтӕй дӕр бӕрӕг у, Чырыстийы ’рцыд кӕй у дӕргъвӕтин рӕстӕг, фыдгӕнджыты ныццӕгъдынмӕ куы ’рцӕуа, ӕрмӕст уыцы хабар нӕ, фӕлӕ. Раргомады чиныджы Йесо ӕвдыст цӕуы барӕджы хуызы. Уый бады урс бӕхыл ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд кадыхуд. (Бакӕс Раргомад 6:1–8.) Йесо 1914 азы паддзах кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ дзы дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, рацыд «уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй фӕуӕлахиз уа». Дарддӕр ма дзы фыст ис, йӕ фӕстӕ кӕй цӕуынц ӕндӕр барджытӕ – уыдонӕн та сӕ бӕхты хуыз у ӕндӕр. Уыцы барджытӕ амонынц хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕм – ӕппӕт уыдӕттӕ цӕуынц, Библи фӕстаг бонтӕ кӕй хоны, уыцы дӕргъвӕтин рӕстӕджы дӕргъы. Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый мах абон нӕхи цӕстӕй уынӕм.

6. Чырыстийы ’рцыды тыххӕй Раргомады 12 сӕрӕй цы ис базонӕн?

6 Раргомады 12 сӕры ма ис ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвтыл ӕвӕрд куыд ӕрцыд, уый тыххӕй. Уырдыгӕй нӕ бон базонын у, уӕларвыл кӕй уыд хӕст. Михаил – Йесо Чырысти йӕ уӕларвон кады – ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ, ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Библи куыд дзуры, афтӕмӕй, Хӕйрӕг у тынг мӕсты – «зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Бакӕс Раргомад 12:7–12.) Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй, Чырыстийы Паддзахад уӕларвыл сфидар, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдта, зӕхх ӕмӕ адӕм тынгӕй-тынгдӕр «додой» куы кӕнынц, уыцы рӕстӕг.

7. Дыккаг псаломы дзырд цӕуыл цӕуы ӕмӕ дзы цавӕр фадаты кой ис?

7 Дыккаг псаломы дӕр пехуымпарадон хуызы дзырд цӕуы, Чырысти кӕй сси паддзах уӕларвон хох Сионыл. (Бакӕс Псалом 2:5–9; 110:1, 2.) Фӕлӕ ма ацы псалом ӕвдисы, зӕххон хицӕуттӕн ӕмӕ, кӕуыл хицауиуӕг кӕнынц, уыцы адӕмӕн Хуыцау кӕй ратдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй сӕхи Паддзах Чырыстийы дӕлбар бакӕной. Фӕдзӕхст ма цӕуынц, цӕмӕй «ӕмбаргӕ уой» ӕмӕ «сӕ зонд аивой». Ӕцӕгдӕр, «амондджын сты, йӕ зӕрдӕ [Хуыцауыл] чи дары» ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕмӕ йе ’взӕрст Паддзахӕн чи лӕггад кӕны, уыдон. О, Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн ис диссаджы фадат, цӕмӕй аивой (Пс. 2:10–12).

Чырыстийы ’рцыд чи фендзӕн

8, 9. Чырысти кӕй ӕрцыд ӕмӕ уыцы ’рцыд цы нысан кӕны, уый чи бамбардзӕн?

8 Фарисейтӕ Йесойы куы бафарстой, Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ, сымахӕн «афтӕ не ’рцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенат» (Лук. 17:20, 21). Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдон нӕ бамбардзысты, Паддзахад кӕй ӕрцыд, уый. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, фидӕны сӕ Паддзах Йесо кӕй хъуамӕ суыдаид, уый дӕр нӕ бамбӕрстой. Уӕдӕ чи бамбардзӕн, Чырысти кӕй ӕрцыд ӕмӕ уыцы ’рцыд цы нысан кӕны, уый?

9 Йесо бамбарын кодта, адӕймаг арвӕрттывд бӕлвырдӕй куыд фены, афтӕ йын кӕй фендзысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йе ’рцыд,– «арв [та] куы ферттивы, уӕд йӕ иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ... ныррухс вӕййы». (Бакӕс Лукайы 17:24–29.) Бафиппайын ма хъӕуы, Матфейы 24:23–27 стихтӕ дӕр комкоммӕ кӕй амонынц, Чырыстийы ’рцыд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уымӕ.

Чырыстийы ’рцыд чи уыны, уыцы фӕлтӕр

10, 11. а) Матфейы 24:34 «ацы дуджы адӕм» кӕнӕ «ацы фӕлтӕр» раздӕр куыд ӕмбарын кодтой? ӕ) «Ацы дуджы адӕм» кӕнӕ «ацы фӕлтӕр» чи сты, уый тыххӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд цы уыд?

10 «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» раздӕр ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, Матфейы 24:34 «ацы дуджы адӕм», кӕнӕ «ацы фӕлтӕр» («Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз), фыццаг ӕнусы амыдта, «Йесойы рӕстӕджы чи цардис, уыцы ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕм» *. Цӕмӕн афтӕ хъуыды кодтой, уый бамбарӕн ис, уымӕн ӕмӕ-иу Йесо «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ, куы дзырдта, уӕд-иу бахахх кодта, раппӕлинаг кӕй не сты, уый. Арӕхдӕр-иу сӕ схуыдта «тӕригъӕдджын» ӕмӕ «хӕлд» (Матф. 12:39; 17:17; Марчы 8:38). Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнӕн уыд, абон Йесойы ныхӕстӕ ахӕссӕн кӕй ис, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» рӕстӕг (синте́лейа) ӕмӕ ацы дунейы кӕрон (те́лос) цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг сты, уый чи уыны, уыцы ӕнӕуырнӕг ӕмӕ тӕригъӕдджын «адӕммӕ» кӕнӕ «фӕлтӕрмӕ».

11 Раст у, Йесо «ацы дуджы адӕм»-ӕй кӕнӕ «ацы фӕлтӕр»-ӕй пайда кодта хорз хъуыддӕгтыл дзургӕйӕ нӕ, фӕлӕ фыдадӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ кӕнӕ уыдоны кой кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ цымӕ Матфейы 24:34 дӕр йӕ хъуыды уый у? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, цыппар апостолы Йесомӕ хибарӕй кӕй бацыдысты (Матф. 24:3). Йесо апостолтӕн «ацы дуджы адӕмы» кой куы кодта, уӕд иу ӕфхӕрӕн ныхас дӕр кӕй нӕ загъта, уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, ӕнӕдызӕрдыгӕй, бӕлвырд уыд, сӕхӕдӕг ӕмӕ се ’муырнджытӕ кӕй сты «ацы дуджы адӕмӕй», «ӕппӕт ацы хабӕрттӕ» чи ’рӕййафдзӕн, уыдонӕй.

12. Ацы ныхӕстӕ, «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ, цы скъуыддзагӕй ист сты, уымӕй куыд зыны, Йесо кӕй кой кодта, уый?

12 Цӕмӕ гӕсгӕ ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн? Ацы ныхӕстӕ, «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ, кӕцӕй ист сты, уыцы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ. Цӕй ӕмӕ йӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм. Матфейы 24:32, 33 куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо загъта: «Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас. Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис. Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл». (Абар Марчы 13:28–30; Лукайы 21:30–32.) Матфейы 24:34 та кӕсӕм: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы дуджы адӕм дӕр ма ӕрӕййафдзысты ӕппӕт ацы хабӕрттӕ».

13, 14. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон зӕгъын, Йесо, «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты кой кӕй кодта?

13 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ тагъд хъуамӕ сӕрст ӕрцыдаиккой сыгъдӕг удӕй. Ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, растдӕр уыдонӕн уыдаид сӕ бон раст хатдзӕг скӕнын, «ӕппӕт ацы хабӕрттӕ» кӕй ӕрцыдысты, уый куы федтаиккой, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кой кӕй кодта, куы загъта: «Ацы дуджы адӕм дӕр ма ӕрӕййафдзысты ӕппӕт ацы хабӕрттӕ».

14 Ӕнӕуырнджытӕй уӕлдай Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, сӕ Хицау кӕй ӕрцыд, ӕрмӕст уый нӕ бамбардзысты, фӕлӕ йе ’рцыд цы нысан кӕны, уый дӕр. Уыдон базондзысты, йе ’рцыд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бамбардзысты, цӕмӕ амонынц, уый. Уыдон ӕй хорз бамбардзысты, Йесо кӕй «лӕууы къӕсӕрыл». Фыццаг ӕнусы ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ дӕр уыдтой, Йесойы ныхӕстӕ, кӕд иууылдӕр кӕронмӕ нӕ, уӕддӕр кӕй ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ ӕрмӕст йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн уыд сӕ бон раст хатдзӕгтӕ скӕнын, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕй.

15. а) Ныры рӕстӕджы «ацы дуджы адӕм» чи сты? ӕ) «Ацы дуджы адӕм» цас рӕстӕджы дӕргъы цӕрынц, уый бӕлвырд зӕгъӕн цӕуылнӕ ис? (Кӕс фӕлгӕты 25 фарсыл.)

15 Хуыцауы ӕцӕгдзинад чи нӕ зоны, уыдонмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йесойы ’рцыдмӕ ницы амоны, стӕй йын йе ’рцыд «цӕстӕй фенӕн» дӕр нӕй. Уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕппындӕр ницы фӕивта (2 Пет. 3:4). Фӕлӕ Чырыстийы иузӕрдион сӕрст ӕфсымӕртӕн, Иоанны къордӕн, Чырыстийы ’рцыд арвӕрттывдӕй уӕлдай нӕу – тынг хорз ӕй уынынц, ӕмӕ цы нысан кӕны, уый тынг хорз ӕмбарынц. Куыд къорд, афтӕ уыцы сӕрстытӕ сты ныры рӕстӕджы фӕлтӕр, «ацы дуджы адӕм», ӕмӕ уыдон ӕрӕййафдзысты «ӕппӕт ацы хабӕрттӕ» *. Уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ нырма зӕххыл кӕй уыдзысты.

«Цырддзаст ут»

16. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр цы кӕнын хъӕуы?

16 Фӕлӕ, Йесо кӕй ӕрцыд, ӕрмӕст уый бамбарын фаг нӕу. Йесо дарддӕр загъта: «Сымахӕн цы дзурын, уый та хауы алкӕмӕ дӕр: цырддзаст ут!» (Марчы 13:37). Абон нӕ алкӕмӕн дӕр тынг ахсджиаг у байхъусын Йесойы ныхӕстӕм – фӕнды сыгъдӕг удӕй сӕрст уӕм, фӕнды тынг бирӕ адӕмӕй уӕм. Йесо 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ рацыд 90 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ кӕд алы хатт уый ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр уӕм цӕттӕ ӕмӕ цырддзаст. Уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Чырысти уӕлӕрвты йӕ паддзахбадӕныл кӕй бады. Уый фӕрцы ма ӕдзух нӕ хъуыдыйы дардзыстӕм, Йесо тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй фесафа йе знӕгты, ӕмӕ уый уыдзӕн, «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уӕм, уыцы сахат» (Лук. 12:40).

17. Чырысти кӕй ’рцыд, уый кӕй ӕмбарӕм, уый нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

17 Чырыстийы ’рцыд цы нысан кӕны, уый куы ’мбарӕм, уӕд уыдзыстӕм ноджы къӕрцхъусдӕр. Мах ӕй зонӕм, Чырысти кӕй ӕрцыд ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухы кӕй сты. Тагъд рӕстӕджы уый ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй фесафа фыдгӕнджыты ӕмӕ зӕххыл цард цӕхгӕр фӕива. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕххӕст кӕнӕм, Йесо цы загъта, уый: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон [те́лос]» (Матф. 24:14).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Дзырд паруси́а цы нысан кӕны, уый фӕдыл фылдӕр бакӕсӕн ис «Чырыстон Грекъаг Фыстыты – Ног дунейы тӕлмац»-ы уӕлӕмхасӕны, 591–593 фф.

^ 10 абз. Кӕс 1995 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 11–15, 19, 30, 31 фф., (уыр.).

^ 15 абз. Ацы фӕлтӕр цы рӕстӕджы дӕргъы цӕры ӕмӕ, Раргомады чиныджы фыццаг цӕстылуайӕн цы рӕстӕджы ӕххӕст кӕны, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, сты иу рӕстӕг (Рарг. 1:10–3:22). Ацы цӕстылуайӕн у Хицауы боны тыххӕй. Уый ӕххӕст кӕнын райдыдта 1914 азы ӕмӕ фӕуыдзӕн, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй фӕстаг куы амӕла ӕмӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас уа, уӕд. Кӕс чиныг «Откровение: его грандиозный апогей близок!», 24 ф., 4 абз.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесойы ’рцыд дӕргъвӕтин рӕстӕг кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

• Йесойы ’рцыд цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый чи бамбӕрста?

Матфейы 24:34 «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ, ныры рӕстӕджы чи сты?

• «Ацы дуджы адӕм, кӕнӕ «ацы фӕлтӕр» цас рӕстӕджы дӕргъы цӕрынц, уый бӕлвырд зӕгъӕн цӕуылнӕ ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 25 фарсыл]

«Ацы дуджы адӕм» цас рӕстӕджы дӕргъы цӕрынц, уый бӕлвырд зӕгъӕн ис?

«Ацы дуджы адӕм», кӕнӕ «ацы фӕлтӕр», фӕзӕгъынц алыхуызон кары адӕмӕй. Уыдон цӕрынц иу рӕстӕджы кӕнӕ, исты бӕлвырд хабар куы ’рцӕуы, уыцы рӕстӕджы. Зӕгъӕм, Рацыды 1:6 фыст ис: «Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иосиф амард. Амардысты йе ’фсымӕртӕ дӕр иууылдӕр, ӕмӕ уыцы фӕлтӕрӕй ӕппындӕр ничиуал баззад». Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ уыдысты алыхуызон кары, фӕлӕ иууылдӕр цардысты, иу рӕстӕджы дӕргъы цы хабӕрттӕ цыд, уӕд. «Уыцы фӕлтӕрмӕ» хаудысты, Иосифы ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ – уыдон райгуырдысты йӕхицӕй раздӕр. Чидӕртӕ дзы амардысты Иосифӕй фӕстӕдӕр (Райд. 50:24). «Уыцы фӕлтӕрӕй» иннӕтӕ та, зӕгъӕм, Вениамин, уыдысты Иосифӕй кӕстӕр ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, цардысты йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр.

Уымӕ гӕсгӕ, кӕцыдӕр рӕстӕджы дӕргъы цы адӕм цӕры, уыдоны «фӕлтӕр» куы схонынц, уӕд бӕлвырд зӕгъӕн нӕ вӕййы, уыцы рӕстӕг цас у, уый. Зӕгъӕн ис ӕрмӕст, уыцы рӕстӕгӕн кӕй ис кӕрон ӕмӕ тынг бирӕ кӕй нӕ ахӕсдзӕн. Уӕдӕ Матфейы 24:34 цы ныхӕстӕ ис фыст, «ацы дуджы адӕм» кӕнӕ «ацы фӕлтӕр», зӕгъгӕ, уыдонмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, «фӕстаг бонтӕ» кӕд фӕуыдзысты, уый банымайӕн куыд ис. Уымӕн ӕмӕ сын Йесо йӕхӕдӕг дарддӕр загъта, «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» сӕ бон зонын кӕй нӕу (2 Тим. 3:1; Матф. 24:36).

[Ныв 22, 23 фарсыл]

1914 азы Йесо Паддзах куы сси, уӕд рацыд, цӕмӕй «фӕуӕлахиз уа»

[Ныв 24 фарсыл]

«Ацы дуджы адӕм дӕр ма ӕрӕййафдзысты ӕппӕт ацы хабӕрттӕ»