Дӕ бинонты цардӕй дӕ зӕрдӕ райӕд
Дӕ бинонты цардӕй дӕ зӕрдӕ райӕд
«Хӕдзар арӕзт цӕуы зондӕй ӕмӕ фидар кӕны ӕмбаргӕдзинадӕй» (ӔМБ. 24:3).
1. Хуыцау фыццаг адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд куыд рабӕрӕг, ӕгӕрон зонды хицау кӕй у, уый?
НӔ УӔЛАРВОН Фыд у ӕгӕрон зонды хицау, ӕмӕ зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау зыдта, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй Едемы цӕхӕрадоны «адӕймаг иунӕг» кӕй ма хъуамӕ уыдаид. Уыцы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн хъуыд, цӕмӕй адӕм бинонтӕ кодтаиккой, сывӕллӕттӕ сын гуырдаид ӕмӕ «зӕхх байдзаг кодтаиккой» (Райд. 1:28; 2:18).
2. Цӕмӕй адӕм амондджын уыдаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?
2 «Скӕнон ын [Адамӕн], йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг»,– загъта Йегъовӕ. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаджы бафынӕй кодта, йе ’ххӕст буарӕй йын иу фӕрск систа ӕмӕ дзы скодта сылгоймаджы. Уыцы ӕххӕст сылгоймаджы, Евӕйы, Адаммӕ куы ’рбакодта, уӕд Адам загъта: «Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй. Ӕмӕ хуындзӕн Сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ ист у нӕлгоймагӕй». Евӕ Адамӕн ӕцӕгдӕр уыд, йемӕ чи сфидыдта, ахӕм ӕххуысгӕнӕг. Алкӕмӕ дӕр сӕ уыд йӕхи диссаджы миниуджытӕ. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕххӕст, сӕ дыууӕйы дӕр Хуыцау сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ. Афтӕ Йегъовӕ ӕрӕвӕрдта бындур ӕмкъайадӕн. Адам ӕмӕ Евӕ тынг бацин кодтой ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕмкъайады фӕрцы сӕ кӕрӕдзийӕн уыдаиккой стыр ӕххуыс (Райд. 1:27; 2:21–23).
3. Бирӕтӕ ӕмкъайадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?
3 Хъыгагӕн, абоны дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр сты хивӕнд. Уый фыдӕй цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны Хуыцау аххосджын нӕу. Бирӕтӕ 2 Тим. 3:3). Уӕдӕ куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы адӕймагӕн йӕ бинонты цардӕй йӕ зӕрдӕ райа? Куыд ӕххуыс кӕны ӕмбаргӕдзинад, бинонты царды цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдоны сӕрты хизынӕн? Йӕ бинонты цардӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн райы, уыдонӕй нӕ бон базонын цы у?
ӕмкъайад Хуыцауы лӕварыл нӕ нымайынц. Зӕгъынц, зӕгъгӕ, бинонтӕ кӕнын модӕйы нал ис, стӕй масты хосӕй дарддӕр ницы у. Бинонтӕ чи скӕны, уыдонӕй бирӕтӕ ахицӕн вӕййынц. Арӕх сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕй рӕвдыд нӕ фӕзонынц; фыд ӕмӕ мады ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд сӕ дыууӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй сывӕллӕтты руаджы, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ бакӕна. Бирӕ ныййарджытӕ сӕхи ныхасыл ныллӕууынц, бинонты фарн ӕмӕ амондыл хъуыды дӕр нӕ акӕнынц, афтӕмӕй (Хъусут Йегъовӕйы разамындмӕ
4. а) Ӕмкъайады тыххӕй Павел цавӕр уынаффӕ радта? ӕ) Коммӕгӕс чырыстӕттӕ Павелы уынаффӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?
4 Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, кӕд идӕдз сылгоймаджы ногӕй смой кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ смой кӕна, «Хицауыл чи ӕууӕнды, [ӕрмӕст] ахӕммӕ» (1 Кор. 7:39). Дзуттӕгтӕй чырыстон дин чи райста, уыдонмӕ уый диссаг нӕ фӕкаст, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Закъон израилӕгтӕн комкоммӕ дзырдта, цӕмӕй, сӕ алыварс цы адӕм цард, уыдонӕй сӕхицӕн макӕй «агуырдтаиккой хӕстӕгӕн». Йегъовӕ сын бамбарын кодта, йӕ фӕдзӕхстмӕ йын куы нӕ байхъуыстаиккой, уӕд сын тӕссаг цӕмӕй уыдаид, уый: «Уымӕн ӕмӕ дын [ӕндӕр адӕмӕй чи у, уый] дӕ фырты мӕнӕй аздахдзӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕндзысты. Ӕмӕ дӕм уӕд Йегъовӕйы маст рафыцдзӕн ӕмӕ дӕ уайтагъд фесафдзӕн» (Дык. з. 7:3, 4). Уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ абон та йӕ лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг йӕхицӕн цардӕмбалӕн хъуамӕ равзара, «Хицауыл чи ӕууӕнды», Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, ахӕм адӕймаджы. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн не ’мбаргӕдзинадыл.
5. Йегъовӕ ӕмӕ бинонджын чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кӕсынц, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уымӕ?
5 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый Хуыцауы цӕсты у табуйаг. Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти фыццаг ӕмкъайады кой кӕнгӕйӕ загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). Псаломзарӕггӕнӕг нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, дзырд раттын гыццыл хъуыддаг кӕй нӕу, уый: «Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕсс бузныджы ныхӕстӕ ӕмӕ, Иунӕг Стыр Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн» (Пс. 50:14). Кӕд бинонты цард дыууӕ удӕн стыр циндзинад хӕсдзӕн, уӕддӕр, чындзӕхсӕвы бон сӕ кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг ӕмӕ баст у бирӕ алыхуызон хӕстимӕ (Дык. з. 23:21).
6. Иеффайы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
6 Ӕркӕсӕм Иеффайы хабармӕ. Уый уыд тӕрхонгӕнӕг Израилы н. э. размӕ 12-ӕм ӕнусы. Мӕнӕ цы дзырд радта Иеффай Йегъовӕйӕн: «Аммоны фыртты мын мӕ къухтӕм куы радтай ӕмӕ Аммоны фырттӕй фарнимӕ куы ӕрыздӕхон, уӕд мӕ хӕдзары дуарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рахиза, уый уыдзӕн Йегъовӕйы, ӕмӕ йӕ ӕз ӕрхӕсдзынӕн, судзгӕ кӕй бакӕнынц, уыцы нывондӕн». Иеффай Массифӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ размӕ рацыд йӕ чызг – йӕ иунӕг хъӕбул. Куыд бакодта Иеффай, уый куы федта, уӕд? Цымӕ ма йӕ дзырд сӕххӕст кодта? О. Иеффай загъта: «Ӕз Йегъовӕйы раз дзырд радтон ӕмӕ йӕ ныр мӕ бон фӕсайын нал у» (Тӕрх. 11:30, 31, 35). Иеффай йӕ ныхас сӕххӕст кодта, кӕд уый нысан кодта, ӕнӕ байзӕддагӕй кӕй баззайдзӕн ӕмӕ, йӕ бынтӕ кӕмӕн ныууадза, уый йын кӕй нӕ уыдзӕн. Иеффай цы дзырд радта ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уыдон тынг хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ Иеффай йӕ ныхасы хицау кӕй разынд, уымӕй фӕзминаг у, кӕрӕдзийӕн дзырд чи радта, уыцы лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн.
Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы вӕййынц?
7. Сӕ цард чи баиу кӕны, уыдон цӕмӕ хъуамӕ уой цӕттӕ?
7 Бирӕтӕн ӕхсызгон вӕййы, уарзӕттӕ ма куы уыдысты, уыцы рӕстӕджытӕ мысын. Куыд цин кодтой, кӕрӕдзийы хуыздӕр зонын куы райдыдтой, уӕд! Бонӕй-бонмӕ тыхджындӕр кодта сӕ уарзондзинад. Фӕлӕ сӕ цард баиу кӕныны размӕ бирӕ рӕстӕг ӕмбӕлдысты ӕви ӕппындӕр не ’мбӕлдысты, уӕддӕр хъуамӕ цӕттӕ уыдаиккой, сӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ сӕ царды цыдӕртӕ кӕй аивдзӕн, уымӕ. Иу нӕлгоймаг зӕгъы: «Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд нын ӕппӕты зынддӕр уый уыди бамбарын, ныр дыууӕйӕ кӕй стӕм. Цасдӕр рӕстӕг нын зын уыд сбӕлвырд кӕнын, нӕ царды Ӕмб. 13:10).
не ’мбӕлттӕн ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕн цы бынат хъуамӕ уа, уый». 30 азы бӕрц бинонтӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг дзуры, зӕгъгӕ, йӕ усимӕ иумӕ цӕрын куы райдыдтой, уӕд ӕй бамбӕрста, кӕй йӕ хъуыдис, иу нӕ, фӕлӕ дыууӕ адӕймагыл хъуыды кӕнын, цӕмӕй йын алчидӕр йӕхи бынаты уыдаид. Уазӕгуаты сӕ куы фӕхонынц кӕнӕ исты хъуыддаг саразын куы фӕхъӕуы, уӕд уыцы нӕлгоймаг фыццаг аныхас кӕны йӕ усимӕ ӕмӕ стӕй, сӕ дыууӕйӕн дӕр куыд хуыздӕр у, афтӕ бакӕны. Ахӕм хъуыддаджы стыр ӕххуыс вӕййы, иу иннӕйыл куы фӕхъуыды кӕны, уый (8, 9. а) Ӕргом ныхас кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Адӕймаг ӕмбаргӕ куы уа, уӕд ын уый цавӕр хъуыддӕгты у ӕххуыс ӕмӕ цӕмӕн?
8 Хатт сӕ цард баиу кӕнынц, алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст чи вӕййы, ахӕм адӕм. Уыдоны уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы ӕргом ныхас кӕнын. Ныхас кӕнӕн ис алыхуызӕтты. Дӕ цардӕмбал йӕ хӕстӕджытимӕ куыд ныхас кӕны, уымӕ куы байхъусай, уӕд ӕй хуыздӕр ӕмбардзынӕ. Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый хатт бамбарӕн вӕййы, цы фӕзӕгъы, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ куыд фӕзӕгъы, уымӕ гӕсгӕ. Бирӕ базонӕн вӕййы ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр (Ӕмб. 16:24; Кол. 4:6). Бинонты амонд баст у лӕг ӕмӕ усы ӕмбаргӕдзинадыл дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 24:3.)
9 Бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй тынг ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг ӕмбаргӕ уа, улӕфты рӕстӕг цы кусат ӕмӕ уӕхи куыд аирхӕфсат, уый ӕвзаргӕйӕ. Дӕ цардӕмбалӕн раздӕр, чи зоны, йӕ уӕгъд рӕстӕг цыд спортыл кӕнӕ ӕндӕр истӕуыл. Цымӕ ныр исты аивын хъӕуы? (1 Тим. 4:8). Ацы фарст ма хауы, лӕг ӕмӕ ус сӕ хӕстӕджытимӕ цас рӕстӕг фервитынц, уымӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бинонтӕн хъуамӕ уа рӕстӕг иумӕ Библи ахуыр кӕнынӕн, уацамынды цӕуынӕн ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕн (Матф. 6:33).
10. Цӕмӕй ныййарджытӕ ӕмӕ, сӕхицӕн бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы сывӕллӕттӕ кӕрӕдзи ӕмбарой, уый тыххӕй сӕ ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн хъӕуы?
10 Иуӕй-иу рӕтты, сылгоймаг куы смой кӕны, уӕд ныууадзы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады. Хатт йӕ фыды хӕдзарӕй ацӕуы нӕлгоймаг дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы фӕдзӕхст, кад кӕн дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадӕн, зӕгъгӕ, ӕххӕст кӕнын хъӕуы алкӕддӕр. Уӕдӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ардзысты сӕ ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕн дӕр. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы хорз цӕуыл уаид ахъуыды кӕнӕн? (Бакӕс Райдиан 2:24.) Йӕ усимӕ 25 азы бӕрц чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр дзуры: «Дӕ бинойнаг, дӕ ныййарджытӕ, дӕ мадызӕнӕг, дӕ каистӕ – алкӕй дӕр дзы цыдӕр фӕнды ӕмӕ йӕ цыдӕр хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хатт зын вӕййы, растдӕр куыд уыдзӕн, уый бамбарын. Уыцы хъуыддаджы мын тынг баххуыс кодта Райдиан 2:24. Адӕймаг йӕ усӕй дарддӕр хъуамӕ хъуыды кӕна ӕмӕ тыхса йӕ иннӕ хиуӕттыл дӕр. Фӕлӕ ацы стихӕй бамбӕрстон, сӕйраджыдӕр мӕ бинойнагыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнон». Афтӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ дӕр зонынц, иугӕр сӕ цот бинонтӕ скодтой, уӕд ныр хицӕн бинонтӕ кӕй сты ӕмӕ уыцы бинонтӕн дзуапп сӕйраджыдӕр кӕй дӕтты лӕг.
11, 12. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус иумӕ Библи ахуыр кӕной ӕмӕ кувой?
11 Ӕдзух Библи иумӕ ахуыр кӕнын дӕр у тынг ахъаз бинонты амондӕн. Уый бӕрӕг у бирӕ чырыстӕтты цардӕй. Иуӕй-иу бинонтӕн, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцон нӕу, цӕмӕй иудадзыг иумӕ Библи ахуыр кӕной. Мӕнӕ цы загъта иу ӕфсымӕр: «Рӕстӕг раздахӕн ӕмӕ исты аивӕн куы уаид, уӕд, нӕ цард куыддӕр баиу кодтам, афтӕ фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ Библи иумӕ ахуыр кодтаиккам». Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, ӕмӕ дзы исты цымыдисаг хъуыды куы ссарӕм, уӕд, мӕ ус куыд фӕцин кӕны, уымӕ кӕсын вӕййы диссаг».
12 Бинонты амондӕн ма хорз ӕххуыс у иумӕ кувын дӕр (Ром. 12:12). Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы уой, уӕд сӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уыдзысты, Хуыцауимӕ ӕнгом кӕй сты, уый фӕрцы (Иак. 4:8). Иу нӕлгоймаг дзуры: «Кӕрӕдзи истӕмӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд уайтагъд кӕрӕдзийӕ хатыр ракурӕм ӕмӕ, Йегъовӕмӕ иумӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ рӕдыдтыты кой дӕр ракӕнӕм. Уымӕй ӕвдисӕм, кӕй фӕсмон кӕнӕм, нӕ циндзинад нын чи фӕкъахыр кӕны, уыцы рӕдыдтыты тыххӕй, цыфӕнды гыццыл ма уой, уӕддӕр. Адӕймаг йӕ рӕдыдтыты тыххӕй уайтагъд хатыр куы кура ӕмӕ йӕ цардӕмбалимӕ иумӕ кувгӕйӕ сӕ кой куы кӕна, уӕд уымӕй ӕвдисдзӕн, фӕсмон кӕй кӕны. Ӕмӕ афтӕ кӕнын хъӕуы, цыфӕнды гыццыл хъуыддаджы тыххӕй ма фӕхъыг уой кӕрӕдзимӕ, уӕддӕр» (Еф. 6:18).
Ӕмбаргӕ ут
13. Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сусӕг ахастытӕ вӕййы, уыдоны фӕдыл Павел цавӕр уынаффӕ радта?
13 Чырыстӕттӕ сӕхи хъуамӕ хизой, цӕмӕй, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сусӕг ахастытӕ вӕййы, уыдон ма фӕчъизи уой, ацы дунейы адӕм ӕфсис цы ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд митӕй нӕ зонынц, уыдонӕй. Уый фӕдыл Павел радта ахӕм уынаффӕ: «Лӕг ӕххӕст кӕнӕд, йӕ усы раз ыл цы хӕс ис, уый, ӕмӕ афтӕ ус дӕр ӕххӕст кӕнӕд, йӕ лӕджы раз ыл цы хӕс ис, уый. Усӕн йӕхицӕн йӕ буарыл йӕ бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ лӕджы бар. Афтӕ лӕгӕн дӕр йӕхицӕн йӕ буарыл йӕ бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ усы бар». Уый фӕстӕ Павел ӕргом загъта: «Уыцы хъуыддаджы уӕ кӕрӕдзийӕн „нӕ“ ма дзурут, ӕрмӕст, дыууӕйӕ дӕр разы куы уат, уӕд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр бӕлвырд рӕстӕгмӕ». Цӕмӕн афтӕ? «Цӕмӕй уыцы рӕстӕг уӕ бон уа Хуыцаумӕ кувын, ӕмӕ та ногӕй иумӕ уат, цӕмӕй, уӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй уӕ Сайтан ма рӕдийын кӕна» (1 Кор. 7:3–5). Павел кувыны кой кӕй скодта, уымӕй равдыста, чырыстӕттӕн сӕйрагдӕр цы у, уый. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай ӕмбарын кӕны, чырыстӕттӕй алчидӕр йӕ цардӕмбалы домӕнтӕм лӕмбынӕг кӕй хъуамӕ уа.
14. Библийы уагӕвӕрдтӕ лӕг ӕмӕ усӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, се ’хсӕн чи вӕййы, уыцы сусӕг ахастыты?
Филиппӕгтӕм 2:3, 4; абар Матфейы 7:12). Хатт афтӕ вӕййы, лӕг ӕмӕ усӕй иу йеддӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм бинонты ’хсӕн. Кӕд иуы цы фӕнды, уый иннӕйы нӕ фӕфӕнды, уӕддӕр чырыстонӕн уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын йӕ бон у йӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй, йӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадӕй. (Бакӕс 1 Петры 3:1, 2.) Ацы хъуыддаджы адӕймагӕн баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ цардӕмбалы кӕй уарзы, стӕй ӕрмӕст йӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый.
14 Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ӕргом уой ӕмӕ ӕмбарой, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый куы не ’ххӕст кӕной, уӕд сӕ уый исты бӕллӕхтӕм дӕр ӕркӕндзӕн. (Бакӕс15. Цардӕмбалы нымайын бинонты амондӕн цы ’ххуыс у?
15 Фӕлмӕнзӕрдӕ лӕг йӕ усӕн аргъ кӕны ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, йӕ усы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕндзӕн суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр. 47 азы чи цӕры йӕ усимӕ, иу ахӕм ӕфсымӕр дзуры: «Ууыл ныры онг дӕр ахуыр кӕнын». Сылгоймӕгты Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ лӕгты нымайой (Еф. 5:33). Йӕ лӕгыл иннӕты раз чи худы ӕмӕ йӕ фыдкой чи кӕны, ахӕм ус йӕ лӕджы ӕппындӕр нӕ нымайы. Ӕмбисӕндты 14:1 нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Зондджын сылгоймаг хӕдзараразӕг у, ӕнӕзонд та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы».
Хӕйрӕгӕн ма басӕттут
16. Ефесӕгтӕм 4:26, 27 цы уынаффӕ ис, уымӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон пайда кӕнын куыд у?
16 «Куы смӕсты уат, уӕддӕр-иу тӕригъӕд ма ӕруадзут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, стӕй-иу Хӕйрӕгӕн бынат ма ныууадзут» (Еф. 4:26, 27). Ацы ныхӕстӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу нӕ цардӕмбалимӕ куы фӕхыл уӕм, уӕд-иу кӕрӕдзи бамбарӕм кӕнӕ та ӕппындӕр ма хыл кӕнӕм. Иу хо дзуры: «Афтӕ никуы уыд, цӕмӕй мӕ лӕгимӕ нӕ кӕрӕдзи фӕхъыг кодтаиккам ӕмӕ стӕй уыцы хъуыддаг афтӕ ныууагътаиккам, кӕд-иу нын ныхас кӕныныл цалдӕр сахаты дӕр ацыд, уӕддӕр». Сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд баныхас кодтой, зӕгъгӕ-иу цалынмӕ, кӕрӕдзимӕ цӕй тыххӕй фӕхъыг сты, ууыл нӕ аныхас кӕной, уӕдмӕ-иу кӕй не схуысдзысты. «Мах аскъуыддзаг кодтам, кӕрӕдзийӕн алцыдӕр кӕй хатыр кӕндзыстӕм, нӕ хылы сӕр-иу кӕй ферох кӕндзыстӕм ӕмӕ ивгъуыд боны сагъӕстӕ дыккаг бонмӕ нӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уадздзыстӕм». Афтӕ кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ «Хӕйрӕгӕн бынат нӕ уадзынц».
17. Лӕг ӕмӕ усмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ кӕрӕдзи не ’мбарынц, уӕддӕр сын кӕрӕдзимӕ баввахс кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
17 Фӕлӕ, зӕгъӕм, цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ фӕрӕдыдтӕ. Чи зоны дӕм ныр афтӕ кӕсы, иннӕтӕ куыд амондджын сты, ды афтӕ амондджын нӕ дӕ. Ахӕм уавӕры дӕр дын цы баххуыс кӕндзӕн? Дӕ зӕрдыл дар, Сфӕлдисӕг бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Апостол Павел чырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Йӕ бинонты цард сымахӕй алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзут. 13:4). Зӕрдыл дарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ дӕр: «Ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн тагъд не скъуыйы» (Еккл. 4:12). Лӕгӕн ӕмӕ усӕн сӕйрагдӕр Йегъовӕйы ном рухс кӕнын куы уа, уӕд ӕввахсдӕр кӕндзысты Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзимӕ дӕр. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарой, уымӕй кӕй хӕссынц кад Йегъовӕйӕн – бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕн (1 Пет. 3:11).
18. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ бинонтӕ амондджын уой, уый гӕнӕн ис?
18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бинонтӕ амондджын уой, уый гӕнӕн ис. Фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы фыдӕбон кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма адӕймагмӕ хъуамӕ уа чырыстон миниуджытӕ, ӕмӕ уыдонӕй иу у ӕмбаргӕдзинад. Абон ӕгас зӕххы къорийыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты ис тынг бирӕ амондджын бинонтӕ ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ фидарӕй зӕгъӕн ис: бинонты цардӕй зӕрдӕ райа, уый ӕрмӕст бӕллиц нӕу.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Бинонтӕ амондджын уой, уый гӕнӕн цӕмӕн ис?
• Цы хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой?
• Лӕг ӕмӕ усы цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 9 фарсыл]
Исты уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал ӕмбаргӕ лӕг ӕмӕ ус аныхас кӕнынц
[Ныв 10 фарсыл]
Иу уӕ иннӕйы куы фӕхъыг кӕна, уӕд бацархайут, цӕмӕй уыцы бон бафидауат ӕмӕ «Хӕйрӕгӕн бынат ма ныууадзат»