Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕмӕ «ӕххуысмӕ куы фӕдзыназӕм, уӕд нӕ хъусы»

Йегъовӕмӕ «ӕххуысмӕ куы фӕдзыназӕм, уӕд нӕ хъусы»

Йегъовӕмӕ «ӕххуысмӕ куы фӕдзыназӕм, уӕд нӕ хъусы»

«Йегъовӕ йӕ цӕст дары рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзыназынц, уӕд сӕ хъусы» (ПС. 34:15).

1, 2. а) Абон бирӕтӕ сӕхи куыд хатынц? ӕ) Махмӕ уый диссаг цӕуылнӕ кӕсы?

ЗЫНДЗИНӔДТӔ дӕ, мыййаг, сӕ быны скодтой? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст ды нӕ дӕ ахӕм уавӕры. Милуантӕ тох кӕнынц сӕ зындзинӕдтимӕ ӕмӕ ацы фыддунейы уӕззау цардимӕ. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы царды хъизӕмӕрттӕ сфӕразӕн нӕй. Уыдон дӕр сӕхи хатынц псаломзарӕггӕнӕг Давидау: «Ӕз бандзыг дӕн, ме уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты, хъӕр кӕнын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй. Мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыппӕй мӕ риу тоны, тых мӕ нал ис; мӕ цӕстыты рухс нал ис» (Пс. 38:8, 10).

2 Мах стӕм чырыстӕттӕ, ӕмӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, бирӕтӕ кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый. Ӕмбарӕм ӕй, «тухитӕ» дӕр кӕй хауынц, Йесойы ӕрцыд цы цаутӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдонмӕ (Марчы 13:8; Матф. 24:3). «Тухитӕ»-й цы грекъаг дзырд раивтой, уый амоны, сылгоймаг аргӕ-арын цы стыр рыст февзары, уымӕ. Куыд хорз ӕвдисы ацы дзырд, адӕм ацы «тынг уӕззау» рӕстӕджы куыд хъизӕмар кӕнынц, уый! (2 Тим. 3:1).

Йегъовӕ нын ӕмбары нӕ зындзинӕдтӕ

3. Хуыцауы адӕм хорз цы зонынц?

3 Йегъовӕйы адӕм хорз зонынц, царды зындзинӕдтӕй хызт кӕй не сты, ӕмӕ ’мбарынц, уавӕртӕ дарддӕр ноджы фыддӕр кӕй кӕндзысты. Иннӕтӕ цы зындзинӕдтӕ ’взарынц, уымӕй уӕлдай ма махӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн, нӕ цард зын кӕны «не знаг, Хӕйрӕг» – уый цыфӕнды дӕр бакӕндзӕн, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ фӕиппӕрд кӕна (1 Пет. 5:8). Давидау махӕй дӕр бирӕтӕ зӕгъиккой: «Фыдкойӕ мӕ зӕрдӕ асаст, ӕмӕ мӕ хъӕдгомӕн сдзӕбӕх кӕнӕн нӕй. Ныфс мӕ уыдис, исчи мын кӕй фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, фӕлӕ ахӕм нӕ разынд. Ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныфсы ныхӕстӕ мын чи зӕгъдзӕн, фӕлӕ никӕй ссардтон» (Пс. 69:20).

4. Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ нын ныфсы хос цы уыдзӕн?

4 Цымӕ Давиды уый зӕгъын фӕндыд, ӕппындӕр ӕй ныфс кӕй ницӕмӕйуал уыд? Нӕ, уый зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, дарддӕр цы дзуры, уымӕ: «Йегъовӕ мӕгуырты хъусы, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн, йӕ адӕмӕй ахст чи у, уыдонмӕ» (Пс. 69:33). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хатт нӕ сагъӕсты ахӕсты бахауӕм ӕмӕ нӕ уӕгъд нал фӕуадзынц. Чи зоны фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ нын иннӕтӕ нӕ уавӕр не ’мбарынц – ӕмӕ, гӕнӕн ис, афтӕ дӕр вӕййы. Фӕлӕ махӕн дӕр Давидау ныфсы хос у, Йегъовӕ нӕ хорз кӕй ӕмбары (Пс. 34:15).

5. Соломоны фидар ныфс цӕмӕй уыд?

5 Давиды фырт Соломон дӕр куывта уый тыххӕй, Иерусалимы кувӕндон Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд. (Бакӕс 2 Азфыст 6:29–31.) Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй-иу байхъуыстаид, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй йӕм «йӕ маст ӕмӕ йӕ рысты» тыххӕй чи куывтаид, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр. Цымӕ Хуыцау уыцы адӕмы куывдтытӕ фехъусдзӕн? Соломон фидарӕй загъта, Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ ӕрмӕст хъусгӕ кӕй нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ ма-иу сын ӕххуыс дӕр кӕй бакӕндзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зоны, цы ис «адӕмы зӕрдӕты».

6. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сагъӕсты бын ма фӕуӕм ӕмӕ нӕ фидар ныфс цӕмӕй хъуамӕ уа?

6 Махӕн дӕр нӕ бон у кувын Йегъовӕмӕ «нӕ маст ӕмӕ нӕ рысты» тыххӕй. Цас ныфс нӕ уадзы, Хуыцауы нын нӕ зындзинӕдтӕ кӕй зоны ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый! Апостол Петр фидарӕй загъта: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Пет. 5:7). Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Куыд нӕ уарзы ӕмӕ ныл куыд тыхсы, уый зыны Йесойы ныхӕстӕй: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матф. 10:29–31).

Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл

7. Нӕ зӕрдӕ фидарӕй кӕй ӕххуысыл дарӕм?

7 Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды махӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ нын зын уавӕрты ӕнӕмӕнгӕй кӕй баххуыс кӕндзӕн. «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн бынат ӕмӕ нӕ тых, бӕллӕхы рӕстӕджы уайтагъд нӕ уӕлхъус чи ’рбалӕууы, уыцы ӕххуыс» (Пс. 34:15–18; 46:1). Куыд нын ӕххуыс кӕны Хуыцау? Ӕркӕсӕм, цы фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 10:13: «Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕмӕн нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат». Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ уавӕртӕ фӕива кӕнӕ та нын фаг тых ратта, цӕмӕй алцыдӕр сфӕразӕм. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ ӕнӕ ’ххуысӕй нӕ ныууадздзӕн.

8. Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нын Йегъовӕ баххуыс кӕна?

8 Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нын Йегъовӕ баххуыс кӕна? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библи куыд зӕгъы: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут». Ӕндӕр ныхӕстӕй, цӕуыл тыхсӕм, цӕуыл мӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ Йегъовӕйы къухмӕ раттӕм ӕмӕ стӕй бацархайӕм, цӕмӕй мауал мӕт кӕнӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕд нын баххуыс кӕндзӕн, уымӕ (Матф. 6:25–32). Уый тыххӕй хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг, нӕхи хъару ӕмӕ нӕхи зондыл нӕ ныфс ма дарӕм. «Хъомысджын Хуыцауы раз» нӕхи куы ’рныллӕг кӕнӕм, уӕд уымӕй равдисӕм, кӕй ӕмбарӕм, ӕнӕ уымӕй нӕ бон кӕй ницы у. (Бакӕс 1 Петры 5:6.) Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн цыфӕнды бӕллӕх сфӕразынӕн дӕр. Чи зоны нӕ тынг фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ нӕ зындзинӕдтӕй тагъддӕр фервӕзын кӕна. Фӕлӕ йыл мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ ’мбарӕм, уымӕй хуыздӕр кӕй ничи зоны, кӕд ӕмӕ нын куыд хъӕуы баххуыс кӕнын (Пс. 54:7; Ис. 41:10).

9. Давид Йегъовӕйыл цавӕр уаргъ сӕвӕрдта?

9 Ӕркӕсӕм-ма, Давиды ныхӕстӕм Псалом 55:22: «Сӕвӕр дӕ уаргъ Йегъовӕйыл, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн. Уый рӕстгӕнӕджы фӕцудын никуы бауадздзӕн». Давид ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд уыд тынг уӕззау уавӕры (Пс. 55:4). Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Давид ацы псалом ныффыста, йӕ фырт Авессалом ын йӕ паддзахы бынат хинӕй байсынмӕ куы хъавыд, уӕд. Уӕд ма Давидӕн йӕ ныхмӕ рацыд, йӕ ныфс ӕппӕты тынгдӕр кӕуыл дардта, уый дӕр – йӕ уынаффӕгӕнӕг Ахитофел. Йӕ цард бахъхъӕныны тыххӕй Давиды Иерусалимӕй лидзын бахъуыд (2 Сам. 15:12–14). Фӕлӕ суанг уыцы зын уавӕрты дӕр Давид йӕ ныфс Хуыцауыл дардта, ӕмӕ фыдӕнхъӕл нӕ фӕци.

10. Зын уавӕрты цы хъуамӕ кӕнӕм?

10 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй мах дӕр Давидау не ’ппӕт зындзинӕдты тыххӕй дӕр Йегъовӕмӕ кувӕм. Ӕркӕсӕм-ма, ахӕм уавӕры цы кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй апостол Павел цы дзырдта, уымӕ. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.) Афтӕ зӕрдиагӕй куы кувӕм, уӕд нын уый цы ’ххуыс фӕуыдзӕн? «Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд».

11. «Хуыцауы фарн» нын нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд куыд хъахъхъӕны?

11 Цымӕ Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дӕ уавӕр фӕивдзӕн? Гӕнӕн ис. Фӕлӕ хъуамӕ ’мбарӕм, Йегъовӕ нын алкӕддӕр, мах куыд фӕнды, афтӕ кӕй нӕ баххуыс кӕны. Фӕлӕ йӕм куы фӕкувӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм, ӕмӕ нӕ нӕ сагъӕстӕ сӕ быны ма фӕкӕной. Истӕуыл тынг куы мӕт кӕнӕм, уӕд нын «Хуыцауы фарн» нӕ зӕрдӕ ’рсабыр кӕндзӕн. Ӕфсӕддонтӕ горӕт знӕгтӕй куыд фӕхъахъхъӕнынц, афтӕ нын «Хуыцауы фарн» хъахъхъӕндзӕн нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд. Уый фӕрцы фервӕздзыстӕм ӕвзӕр хъуыдытӕй, дызӕрдыг нал кӕндзыстӕм ӕмӕ нал тӕрсдзыстӕм. Уый ма нӕ хиздзӕн талф-тулф ӕмӕ ӕнӕрхъуыды митӕй дӕр (Пс. 145:18).

12. Нӕ зӕрдӕйы фарн уа, уый гӕнӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

12 Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ зӕрдӕйы фарн уа? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Кусӕгӕн йӕ мастер у тынг ӕгъатыр ӕмӕ дӕрзӕг адӕймаг. Фӕлӕ заводы директор у тынг фӕлмӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ. Кусӕг ӕм бацыд ӕмӕ йын йӕ хъаст ракодта. Директор ын загъта, кӕй йӕ ’мбары ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы мастеры тагъд йӕ куыстӕй кӕй арвитдзӕн. Кусӕгыл уый куыд фӕзындзӕн? Ныр ӕй зоны, тагъд рӕстӕджы йӕ уавӕр кӕй аивдзӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ къухтӕ нӕ ауадздзӕн, ноджы зындӕр ын куы уа, уӕд дӕр. Афтӕ мах дӕр. Зонӕм ӕй, Йегъовӕ нын нӕ уавӕр кӕй ӕмбары ӕмӕ тагъд «ацы дунейы хицау тард [кӕй] ӕрцӕудзӕн» (Иоан. 12:31). Куыд стыр удӕнцой нын хӕссы уый!

13. Кувынӕй дарддӕр ма нӕ цы кӕнын хъӕуы?

13 Цымӕ уӕд, цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ скувын йеддӕмӕ ницы хъӕуы? Хъӕуы. Ӕрмӕст уый фаг нӕу. Хуыцауӕй цы курӕм, архайгӕ дӕр хъуамӕ уымӕ гӕсгӕ кӕнӕм. Паддзах Саул Давидмӕ хӕдзармӕ марджыты куы арвыста, уӕд Давид куывта: «Фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгтӕй, мӕ Хуыцау, мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй мӕ бахъахъхъӕн. Фыддзинад чи кӕны, уыдонӕй мӕ фервӕзын кӕн ӕмӕ, адӕмы туг чи калы, уыдонӕй мӕ бахиз» (Пс. 59:1, 2). Давид ӕрмӕст кувгӕ нӕ кодта, фӕлӕ цӕмӕй фервӕзтаид, уый тыххӕй йӕ усмӕ байхъуыста ӕмӕ, цы хъуыд, уый дӕр бакодта (1 Сам. 19:11, 12). Афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ зонды тыххӕй кувын, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразӕм ӕмӕ кӕд гӕнӕн уа, уӕд нӕ уавӕрты дӕр исты фӕивӕм (Иак. 1:5).

Фидар лӕууынӕн тых кӕм ссарӕм

14. Зын уавӕры нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

14 Нӕ уавӕр, чи зоны, ӕвиппайды ма фӕхуыздӕр уа ӕмӕ афтӕ ахӕсса цасдӕр рӕстӕг. Цы нын баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн? Фыццаджыдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕйӕн цыфӕнды зын уавӕрты дӕр дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый (Ап. хъ. 14:22). Рох дӕ ма уӕд, Сайтан Иовы тыххӕй цы загъта: «Исты ӕнӕхъуаджы тӕрсы Иов Хуыцауӕй? Йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр ын ды дӕхӕдӕг нӕ хъахъхъӕныс? Йӕ къухвӕллойӕн ын раарфӕ кодтай ӕмӕ йӕ фос зӕххыл ахӕлиу сты. Фӕлӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух ӕм сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал – кӕддӕра дӕ комкоммӕ нӕ ралгъитид» (Иов 1:9–11). Йӕ иузӕрдиондзинадӕй Иов равдыста, уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты. Мах дӕр зындзинӕдты рӕстӕджы фидар куы уӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Сайтан сайӕгой кӕй у. Уымӕй уӕлдай ма фидар куы лӕууӕм, уӕд Йегъовӕйыл нӕ ныфс тынгдӕр дардзыстӕм ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Иак. 1:4).

15. Кӕй цӕвиттонтӕ нӕ бафидар кӕндзысты?

15 Дыккаг, хъуамӕ ма рох кӕнӕм, «ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр» (1 Пет. 5:9). Ӕцӕгдӕр, «цы фӕлварӕнты бахауӕм, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕу, ӕмӕ адӕмыл чи не ’рцӕуы» (1 Кор. 10:13). Уӕдӕ ӕдзух нӕхи зындзинӕдтыл хъуыды кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид, куы хъуыды кӕниккам нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты цӕвиттонтыл – уый нын дӕтдзӕн тых ӕмӕ ныфс (1 Фес. 1:5–7; Дзут. 12:1). Чи зоны сӕ искӕимӕ зонгӕ дӕр дӕ. Уӕдӕ рӕстӕг арӕм, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, уыдон стыр зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй нӕ ивынц, ууыл. Нӕ литературӕйы арӕх бакӕсӕн вӕййы, дӕ зындзинӕдты хуызӕн зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты царды хабӕрттӕ. Уыдон дӕ ныфс бауадздзысты ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад тынг бафидар кӕндзысты.

16. Зындзинӕдты нӕ Хуыцау куыд фидар кӕны?

16 Ӕртыккаг, алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ кӕй у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау. Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау цы удӕнцой дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын» (2 Кор. 1:3, 4). Уый афтӕ у, цыма Хуыцау нӕ фарсмӕ лӕууы, цӕмӕй нын ныфс дӕтта ӕмӕ нӕ фидар кӕна, ӕмӕ ӕрмӕст нӕ абоны зындзинӕдты нӕ, фӕлӕ «не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр». Ӕмӕ уый фӕрцы махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтӕн «цыфӕнды зындзинады дӕр» удӕнцой дӕттын. Павел йӕхиуыл бавзӕрста уыцы ныхӕсты рӕстдзинад (2 Кор. 4:8, 9; 11:23–27).

17. Библи нын царды зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

17 Цыппӕрӕм, ис нӕм Хуыцауы Ныхас Библи. Уый «пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тим. 3:16, 17). Хуыцауы Ныхас нын «алцыдӕр ӕмбарын кӕны» ӕмӕ «нӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ кӕны». Уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны царды зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн дӕр. «Алцӕмӕй дӕр цӕттӕ»-йӕ цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ амоны «ифтонг уын». Ацы дзырдӕй пайда кодтой, балцы цӕуынӕн ӕнӕмӕнг цы хъуыд, ӕппӕт уыдӕттӕй ифтонг науы кой кӕнгӕйӕ кӕнӕ-иу цавӕрдӕр куыст кӕнынмӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодтой, ахӕм кусӕнгарзы кой кӕнгӕйӕ. Афтӕ нын Йегъовӕ дӕр йӕ Ныхасы уылты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ дӕтты, цӕмӕй цыфӕнды уавӕры дӕр нӕ бон фидар фӕлӕууын уа. Уый тыххӕй у нӕ бон ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъын: «Кӕд ацы хъуыддаг ӕрцыд, уӕд ӕй Хуыцауы фӕрцы фӕразгӕ дӕр скӕндзынӕн».

Фервӕздзыстӕм не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр

18. Цӕмӕй фидар ӕмӕ иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй нӕ рох кӕнын цы нӕ хъӕуы?

18 Фӕндзӕм хъуыддаг: макуы рох кӕнӕм, Йегъовӕ тагъд адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 34:19; 37:9–11; 2 Пет. 2:9). Уыцы диссаджы хъуыддаг куы сӕххӕст уа, уӕд ӕрмӕст нӕ абоны зындзинӕдтӕй нӕ фервӕздзыстӕм, фӕлӕ ма ӕнустӕм дӕр цӕрдзыстӕм – чи уӕларвыл Йесо Чырыстиимӕ, чи та зӕххыл Дзӕнӕты.

19. Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй фидар уӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм?

19 Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ ацы фыддунейы зындзинӕдтимӕ тох кӕнын хъӕуы. Куыд тынг бӕллӕм, куы сӕ фервӕзӕм, уыцы рӕстӕгмӕ! (Пс. 55:6–8). Уӕдӕ макуы рох кӕн: фидар куы уай, уӕд уымӕй бӕлвырд кӕныс, Хӕйрӕг кӕй у сайӕгой. Дӕ уырнындзинад дын фидар кӕнӕнт ӕмӕ дын нӕ тыхыл тых ӕфтауӕнт дӕ куывдтытӕ, стӕй, дӕ фӕлварӕнты хуызӕн фӕлварӕнтӕ цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ’взарынц, уыдоны цӕвиттонтӕ! Амӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауы Ныхасы разамындмӕ хъус, цӕмӕй «алцыдӕр ӕмбарай» ӕмӕ «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уай». Макуы фӕдызӕрдыг у, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дыл кӕй тыхсы, ууыл. Дӕ зӕрдыл дар, «Йегъовӕ йӕ цӕст [кӕй] дары рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзыназынц, уӕд сӕ [кӕй] хъусы» (Пс. 34:15).

Дӕ бон дзуапп раттын у?

• Давид зын уавӕрты куы уыд, уӕд цы ’нкъардта?

• Паддзах Соломон фидарӕй цы загъта?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алцыдӕр сфӕразӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Соломон зыдта, Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны, йӕ адӕмӕй зын уавӕры чи ис, уыдонӕн

[Ныв 15 фарсыл]

Давид йӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдта ӕмӕ стӕй йӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайдта