Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у?»

«Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у?»

«Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у?»

«Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у? Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй – йӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахастӕй» (ИАК. 3:13).

1, 2. Цы ис зӕгъӕн, йӕхи зондджыныл чи нымайы, уыдонӕй бирӕты тыххӕй?

ЗОНДДЖЫН адӕймаг кӕй схонис? Дӕ ныййарджыты, ацӕргӕтӕй искӕй, цавӕрдӕр профессоры? Зондджыныл кӕй нымайыс, ууыл, чи зоны, ӕндавы, кӕм, цавӕр адӕмы ’хсӕн ӕмӕ цавӕр уавӕрты схъомыл дӕ, уый. Фӕлӕ чырыстӕттӕн сӕйрагдӕр у, ацы хъуыддагмӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы.

2 Дуне искӕй зондджыныл куы нымайа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ Хуыцау дӕр зондджыныл нымайы. Зӕгъӕм, Иовимӕ чи ныхас кодта, уыдонмӕ афтӕ каст, цыма тынг зондджын сты. Фӕлӕ сын Иов загъта: «Уе ’хсӕн уын зондджын адӕймаг нӕ уынын» (Иов 17:10). Хуыцауы зонын кӕй нӕ фӕндыд, уыдоны тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Сӕхи зондджын хонынц, афтӕмӕй та сӕ зонд фӕцыд» (Ром. 1:22). Пехуымпар Исайы уылты та Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Додой сӕ къона, йӕхи зондджыныл чи нымайы» (Ис. 5:21).

3, 4. Адӕймаг зондджын цӕй фӕрцы суыдзӕн?

3 Уӕдӕ хъуамӕ базонӕм, куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй ӕцӕг зондджын суӕм ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм. Ӕмбисӕндты 9:10 кӕсӕм: «Йегъовӕйӕ тӕрс – уымӕй райдайы зонд. Сыгъдӕг Хуыцауы базон – уый у ӕмбарындзинад». Зондджын адӕймаг хъуамӕ тӕрса Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕн аргъ кӕна. Фӕлӕ Хуыцау кӕй ис ӕмӕ нӕм цӕмӕдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕмбарын фаг нӕу. Уымӕ нын не ’ргом здахы ахуыргӕнинаг Иаков. (Бакӕс Иаковы 3:13.) Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм: «Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй». Зондджын кӕй стӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй.

4 Ӕцӕг зондджын адӕймаг алцӕуыл лӕмбынӕг хъуыды кӕны, йӕ зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын зоны, раст цы у, уый ӕмбары, ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразы. Ахӕм зонд нӕм кӕй ис, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг? Иаков дзуры, зондджын адӕймагмӕ цы миниуджытӕ вӕййы, уыдоны тыххӕй *. Цӕмӕй не ’мчырыстӕттимӕ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ дӕр хӕларӕй цӕрӕм, уый тыххӕй нын йӕ ныхӕстӕ куыд баххуыс кӕндзысты?

Зондджын адӕймаг кӕй ис схонӕн

5. Зондджын адӕймаг кӕй ис схонӕн?

5 Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ зонд ӕмӕ хорз уагахаст кӕрӕдзийыл баст сты. Зонды райдиан у Йегъовӕйӕ тӕрсын. Ӕмӕ зондджын адӕймаг дӕр фӕархайы йӕ цард Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразыныл. Хуыцауы хорзӕх нӕ бон ссарын кӕй фӕрцы у, ахӕм зонд нӕ туджы нӕ рахастам. Фӕлӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыцы зонд ссардзыстӕм. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕххӕст кӕнын, Ефесӕгтӕм 5:1 цы уынаффӕ ис, уый: «Фӕзмут Хуыцауы». Йегъовӕйы цас хуыздӕр фӕзмӕм, уыйас тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕй, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй кӕй архайӕм. Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ адӕймаджы фӕндӕгтимӕ абарӕн дӕр нӕй (Ис. 55:8, 9). Алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы куы фӕзмӕм, уӕд, нӕ алыварс чи ис, уыцы адӕм уындзысты, кӕй сӕ хицӕн кӕнӕм.

6. Фӕлмӕн адӕймагӕй афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы фӕзмы ӕмӕ уыцы миниуӕгмӕ цы хауы?

6 Иаков загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн уӕм, уый тыххӕй нын хъуамӕ уа «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахаст». Фӕлмӕн адӕймаг кӕд хӕларзӕрдӕ у, уӕддӕр удыхъӕдӕй у фидар. Уый йын алы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕны, куыд хуыздӕр у, афтӕ архайынӕн. Хуыцау у ӕгӕрон тыхы хицау, фӕлӕ у фӕлмӕн, ӕмӕ йӕм мах ӕввахс кӕнын нӕ тӕрсӕм. Хуыцауӕн йӕ Фырт дӕр уыд йӕхи хуызӕн фӕлмӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой» (Матф. 11:28, 29; Фил. 2:5–8).

7. Моисейы фӕлмӕн адӕймаг схонӕн цӕмӕн ис?

7 Библийы ис, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн уыд, ахӕм адӕмы кой. Уыдонӕй иу у Моисей. Хуыцау ын йӕ бӕрны бакодта стыр хъуыддӕгтӕ, фӕлӕ Библи дзуры, Моисей кӕй уыд, «зӕххы цъарыл цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг» (Нымӕц. 11:29; 12:3). Ӕмӕ-ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй йын Моисей йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй йын Йегъовӕ цас тых радта. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн пайда кодта, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн уыд, ахӕм адӕмӕй.

8. Ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон куыд у «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахаст» ӕвдисын?

8 Куыд зыны, афтӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон у «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахаст» ӕвдисын. Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Ацы миниуӕг нӕ бон хуыздӕр ӕвдисын куыд у? Фӕлмӕн удыхъӕд у, Йегъовӕйы сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй иу (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ нӕ бон у Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй кувын ӕмӕ зӕрдиагӕй архайын уыцы миниуджытӕ ӕвдисыныл. Хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм, Хуыцау нын кӕй баххуыс кӕндзӕн нӕ удыхъӕды фӕлмӕндзинад хъомыл кӕнынӕн. Ӕмӕ мах ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг фидарӕй загъта: «[Хуыцау] фӕлмӕн адӕмы сахуыр кӕндзӕн йӕ фӕндагыл цӕуын» (Пс. 25:9).

9, 10. Цӕмӕй фӕлмӕн удыхъӕд ӕвдисӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

9 Фӕлӕ цӕмӕй ацы хъуыддаджы фӕхуыздӕр уӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, хъӕуа бафыдӕбон кӕнын. Иуӕй-иутӕ ахӕм уавӕрты схъомыл сты, ӕмӕ иннӕтимӕ фӕлмӕн уой, уый сын зын у. Уымӕй уӕлдай ма, ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр сты бынтон ӕндӕр зондыл хӕст. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ дын иннӕтӕ куыд сты, ды дӕр сын афтӕ у. Фӕлӕ цымӕ уый раст у? Дӕ хӕдзары исты куы ссудза, уӕд ӕй артагӕй хуыссын кӕндзынӕ ӕви донӕй? Артаг ыл куы кӕнай, уӕд ноджы тынгдӕр ссудздзӕн, донӕй та хуысгӕ акӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудздзӕн» (Ӕмб. 15:1, 18). Иннӕ хатт не ’мчырыстӕттӕ кӕнӕ ӕнӕуи ӕндӕр искӕимӕ истӕй тыххӕй кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд цымӕ нӕ бон нӕ бауаид нӕхи зондджын ӕмӕ фӕлмӕнӕй равдисын? (2 Тим. 2:24).

10 Уӕлдӕр куыд банысан кодтам, афтӕмӕй, ацы дунейы зонд кӕуыл бандӕвта, уыдоны фӕлмӕнзӕрдӕ, фарнуарзаг ӕмӕ сабыр адӕм схонӕн нӕй. Тынг бирӕтӕ сты ӕгъатыр ӕмӕ сӕрбӕрзонд. Иаков хорз зыдта, дунейы зонд куыд тӕссаг у, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй дзы ма фӕхъӕстӕ уыдаиккой. Иаковы ныхӕстӕй ма нӕ бон зондӕн райсын цы у?

Кӕй ис схонӕн ӕнӕзонд адӕймаг

11. Цавӕр миниуджытӕ сты уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды ныхмӕ?

11 Иаков ӕргом дзуры, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды ныхмӕ чи у, уыцы миниуджытыл. (Бакӕс Иаковы 3:14.) Хӕлӕг кӕнын ӕмӕ загъд агурын сты, хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы миниуджытӕ. Хъуыддӕгтӕм адӕймаджы цӕстӕй кӕсын цӕмӕ ’ркӕны, уый хорз ӕвдисы иу хабар. Ӕхсӕз чырыстон аргъуанӕй алкӕцыдӕр йӕхи схицау кодта, Хицауы марды чырыны кувӕндон (храм Гроба Господня), зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уымӕн йӕ кӕцыдӕр хайӕн. Уыцы кувӕндон ис Иерусалимы, куыд дзурынц, афтӕмӕй Йесо Чырыстийы кӕм амардтой ӕмӕ йӕ кӕм баныгӕдтой, уым. Уыцы ӕхсӕз аргъуаны бирӕ азты дӕргъы дӕр нӕма бафидыдтой. 2006 азы журнал «Тайм» фыста, ахӕм рӕстӕг кӕй уыд, ӕмӕ-иу моладзантӕ «сахатгай хыл кодтой... стыр цырагъдарӕнтӕй-иу сӕ кӕрӕдзийы фӕхостой». Кӕрӕдзийыл ӕппындӕр кӕй не ’ууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕппынфӕстаг кувӕндоны дуары дӕгъӕлтӕ радтой пысылмон лӕгмӕ.

12. Адӕм зондджын куы нӕ уой, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны?

12 Ӕцӕг чырыстон ӕмбырды ахӕм хъуыддӕгтӕн хъуамӕ бынат ма уа. Фӕлӕ адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хатт чидӕртӕ сӕхи ныхасыл ныллӕууынц. Уый, гӕнӕн ис, хыл ӕмӕ загъд дӕр расайа. Апостол Павел ахӕм хъуыддаг бафиппайдта Коринфы ӕмбырды чырыстӕтты ’хсӕн ӕмӕ сӕм ныффыста: «Кӕд кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут ӕмӕ хыл кӕнут, уӕд зӕххон зондӕй нӕ цӕрут? Ӕмӕ иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ нӕ кӕнут?» (1 Кор. 3:3). Хъыгагӕн, уыцы ӕмбырды хъуыддаг афтӕ ахаста иу цасдӕр рӕстӕг. Уӕдӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ӕмбырд ахӕм зондӕй ма фӕхъӕстӕ уа.

13, 14. Иуӕй-иутӕ хъуыддӕгтӕм адӕймаджы цӕстӕй куыд фӕкӕсынц, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

13 Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ ӕмбырд ахӕм зондахастӕй фӕхъӕстӕ уа? Алцыдӕр райдайы гыццыл хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, Паддзахады зал куы фӕаразынц, уӕд дзы куыд цы аразын хъӕуы, уый тыххӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ иу ӕфсымӕр иухуызон хъуыды кӕна, иннӕ та ӕндӕрхуызон. Йӕ уынаффӕйыл кӕмӕн не сразы сты, уыцы ӕфсымӕр, чи зоны, фаутӕ ’вӕрын райдайа, иннӕтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдоныл. Ахӕм адӕймаг уыйонг дӕр ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Паддзахады зал аразынӕн ӕппындӕр нал баххуыс кӕндзӕн! Афтӕ чи кӕны, уый рох кӕны иу хъуыддаг: ӕмбырдӕн йӕ хъуыддаг йӕ къухы бафты, арӕзтады цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, фылдӕр уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ иууылдӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй фӕархайынц, уый фӕрцы. Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕ зӕрдӕ загъд кӕмӕн агуры, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уыдонӕн (1 Тим. 6:4, 5).

14 Ис ма ӕрхӕссӕн ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынынц, цалдӕр азы хистӕр нӕлгоймаг чи у, уыцы ’фсымӕрмӕ кӕй нал ис, Фыстадмӕ гӕсгӕ йӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон. Кӕд уыцы ’фсымӕрӕн раздӕр уынаффӕ радтой, фӕлӕ йӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уӕд районон цӕстдарӕг иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ сразы уыдзӕн, цӕмӕй филиалмӕ фыстӕг ныффыссой ӕмӕ уыцы ӕфсымӕры йӕ хӕстӕй ссӕрибар кӕной. Цы цӕстӕй ракӕсдзӕн ӕфсымӕр уыцы хъуыддагмӕ? Фӕлмӕн удыхъӕд равдисдзӕн ӕмӕ сӕрныллӕгӕй сразы уыдзӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмвӕндӕй цы аскъуыддзаг кодтой ӕмӕ йын Фыстадмӕ гӕсгӕ цы уынаффӕ радтой, уыимӕ? Йӕхиуыл кусдзӕн, цӕмӕй та Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ ногӕй хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныны аккаг суа? Ӕви фӕтӕргай уыдзӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕсдзӕн, уыцы кадджын хӕстӕй ӕнӕхай кӕй фӕцис, уый тыххӕй? Цӕмӕн хъуамӕ ныллӕууа ӕфсымӕр цӕхгӕр, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныны аккаг дӕн, кӕд иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, уӕд? Цас хуыздӕр уаид, ӕфсымӕр сӕрныллӕгдзинад куы равдисид, хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕйыл куы сразы уаид ӕмӕ йын цы дзурынц, уымӕ куы байхъусид!

15. Иаковы 3:15, 16 цы фыст ис, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

15 Чидӕр хъуыддӕгтӕм адӕймаджы цӕстӕй кӕй кӕсы, уый рабӕрӕг вӕййы алыхуызӕтты. Фӕлӕ цыфӕнды ма уа, мах хъуамӕ ахӕм зондахастӕй нӕхи хизӕм. (Бакӕс Иаковы 3:15, 16.) Ахуыргӕнинаг Иаков уыцы зондахаст схуыдта «зӕххон», уымӕн ӕмӕ уый у адӕймаджы зонд, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондимӕ йын иумӕйагӕй ницы ис. «Хъӕддаг» та уыцы хуызы у, ӕмӕ цӕуы буары фӕндтӕй, йӕ митӕ йын абарӕн ис цӕрӕгойты митимӕ. У «хӕйрӕджытӕй», уымӕн ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст сты Хуыцауы знӕгтӕ. Чырыстӕттӕн ахӕм зондахаст хъуамӕ ма уа!

16. Цы аразын нӕ хъӕуы ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

16 Хорз уаид, алы чырыстон дӕр-иу йӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсид ӕмӕ уыцы зондахастӕй йӕхи куы хизид. Цӕстдарджытӕ ӕмбырд кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ уыдоны уӕлдай тынгдӕр хъӕуы сӕхи уыцы зондахастӕй хизын. Уый ӕнцон нӕу, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ ныл ацы дуне кӕй ӕндавы, уый тыххӕй. Райсӕм ахӕм цӕвиттон: бырынцъаг къуылдымыл хӕрдмӕ фӕцӕуӕм. Куы ницӕуыл хӕцӕм, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбырдзыстӕм. Уӕдӕ Библийы уынаффӕтыл фидар куы хӕцӕм ӕмӕ чырыстон ӕмбырды ’ххуысӕй нӕхи куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд нын размӕ цӕуын ӕнтысдзӕн (Пс. 73:23, 24).

Цавӕр миниуджытӕм тырны зондджын адӕймаг

17. Зондджын адӕймаг исты цыбӕлдзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд куыд бакӕны?

17 Бакӕс Иаковы 3:17. Ӕркӕсӕм, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» цавӕр миниуджытӕй бӕрӕг у, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Адӕймаг сыгъдӕг вӕййы, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг куы вӕййынц ӕмӕ фыддзинадмӕ ӕмгӕрон дӕр куы нӕ фӕцӕуы, уӕд. Уый йын хъуамӕ афтӕ уайа, ӕмӕ йыл хъуыды дӕр ма кӕна. Ӕвӕццӕгӕн дыл ахӕм хабар искуы ’рцыд, ӕмӕ дын чидӕр дӕ цӕсты йӕ къух фӕцӕйтъыста. Ды уайтагъд дӕ сӕр иуырдӕм фӕкодтай ӕмӕ дӕ къухтӕй дӕхи амбӕхстай. Уый дын рауад йӕхихъӕдӕй, хъуыды дӕр ыл нӕ акодтай. Афтӕ хъуамӕ уа хабар, исты цыбӕлдзинӕдтыл-иу куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр. Нӕ чырыстон ӕфсарм ӕмӕ нӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгӕй баззайын кӕй фӕнды, уый нын хъарутӕ дӕтдзӕн цӕмӕй ӕвзӕрдзинадӕй нӕхи артау хизӕм (Ром. 12:9). Библийы фыст ис, уыцы хъуыддаджы фӕзминаг чи у, ахӕм адӕмы тыххӕй, зӕгъӕм Иосиф ӕмӕ Йесо Чырысти (Райд. 39:7–9; Матф. 4:8–10).

18. Цы нысан кӕны, адӕймаг а) кӕй у фарнуарзаг? ӕ) иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрынмӕ кӕй тырны?

18 Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд ма домы, цӕмӕй уӕм фарнуарзаг. Хъуамӕ нӕхи хизӕм хылтӕй, гуырымыхъхъ ныхасӕй, ӕмӕ нын иннӕтимӕ нӕ фарн чи фехала, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй. Иаков уыцы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кодта, куы загъта: «Рӕстдзинады мыггаг байтыдӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым, ӕмӕ фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иак. 3:18). Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм, «фарн чи уарзы», зӕгъгӕ. Ӕмбырды нӕ фарнуарзджытӕй зонынц ӕви фарнхалджытӕй? Цымӕ иннӕтимӕ кӕрӕдзи арӕх нӕ бамбарӕм? Ӕнцонтӕй фӕхӕрам вӕййӕм искӕмӕ кӕнӕ арӕх фӕхъыг кӕнӕм иннӕты? Цымӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй домӕм, цы хуызӕн дӕн, ахӕмӕй мӕ уарзут, зӕгъгӕ, ӕви сӕрныллӕгӕй архайӕм, цӕмӕй, иннӕты зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ныууадзӕм? Иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрынмӕ чи тырны, искӕмӕн йӕ рӕдыд уайтагъд чи ныххатыр кӕны ӕмӕ йӕ чи ферох кӕны, ахӕмтӕй нӕ зонынц? Нӕхи куы нӕ сайӕм, афтӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсӕм, уӕд ӕй бамбардзыстӕм, цы ма нӕ хъӕуы аивын, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгты хуыздӕр зына уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд.

19. Адӕймаг ӕмбаргӕ кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

19 Иаков ма загъта, зӕгъгӕ, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд у ӕмбаргӕ. Дзырд Библийы уагӕвӕрдтыл куы нӕ фӕцӕуы, уӕд цымӕ ӕнцонтӕй сразы вӕййӕм иннӕты хъуыдыйыл? Мыййаг нӕхи ныхасыл цӕхгӕр нӕ ныллӕууӕм? Цымӕ нӕ иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц: немӕ ныхас кӕнын ӕнцон у ӕмӕ фӕлмӕн адӕймӕгтӕ стӕм? Уыдӕттӕ дзурӕг сты, адӕймаг ӕмбаргӕ кӕй у, ууыл.

20. Иаков цы миниуджыты кой кодта, уыдон ӕвдисын нын цы пайда у?

20 Цӕй стыр цины хос вӕййы адӕймагӕн ӕмбырд, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, Иаков цы миниуджыты кой кодта, уыдон ӕвдисыныл куы фӕархайынц! (Пс. 133:1–3). Фӕлмӕн, фарнуарзаг ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд уый фӕрцы ӕнгомдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ бӕрӕг уыдзӕн, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» нӕм кӕй ис. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын цӕмӕн хъӕуы.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Стих цы скъуыддзагӕй ист у, уымӕй бӕрӕг у, Иаков фыццаджыдӕр ӕмбырды хистӕр лӕгты, кӕнӕ «ахуыргӕнджыты» кой кӕй кодта (Иак. 3:1). Сӕйраджыдӕр уыцы ’фсымӕртӕ хъуамӕ ӕвдисой, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд сӕм кӕй ис, уый. Фӕлӕ Иаковы уынаффӕ пайда у махӕй алкӕмӕн дӕр.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Зондджын адӕймаг кӕй ис схонӕн?

• Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нӕ бон хуыздӕр ӕвдисын куыд у?

• Цавӕр миниуджытӕ ис, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» кӕмӕ нӕй, уыдонмӕ?

• Цавӕр миниуджытыл дӕ фӕнды бакусын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Цӕй тыххӕй рауайы загъд?

[Ныв 24 фарсыл]

Ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи артау хизыс?