Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын иу бонмӕ

Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын иу бонмӕ

Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын иу бонмӕ

ТЫНГ ӕнхъӕлмӕ кӕсын иу бонмӕ. Ӕмӕ мӕ фӕнды радзурын, цавӕр боны кой кӕнын, уый тыххӕй.

Ӕз райгуырдтӕн Испанийы. Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ мӕ ныййарджыты хӕдзары мӕ сабийы бонтӕ хъӕлдзӕгӕй арвыстон. Нӕ бинонтыл ӕрцыд стыр зиан – ӕнӕнхъӕлӕджы фӕмард мӕ 4-аздзыд ӕфсымӕр. Уымӕй уӕлдай ма, нӕ фыд сӕ сабыртӕй кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй нӕ мадӕн йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ нӕ рухс кодта. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр ме ’фсымӕримӕ ахуыр кодта, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уыдаиккам.

Куы бахъомыл стӕм, уӕд ме ’фсымӕр ус ӕрхаста. Уый фӕстӕ ӕз дӕр смой кодтон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ мад ракӕй фӕрынчын ӕмӕ амард. Фӕлӕ нын йӕ мӕлӕты размӕ балӕвар кодта иу стыр хӕзна.

Йӕ зонгӕтӕй йын иу загъта, Фыстады афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Ӕмӕ мӕ мад дӕр Библи ахуыр кӕныныл сразы ис. Уыцы диссаджы ныфсы фӕрцы бамбӕрста, адӕймаг цӕмӕн цӕры ӕмӕ амонд цы у, уый.

Нӕ мад Библийӕ цы базыдта, уый йыл тынг фӕзынд, ӕмӕ уый фенгӕйӕ ӕз ӕмӕ ме ’фсымӕр дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтам. Донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, иу мӕйы фӕстӕ та мын райгуырд дыккаг сывӕллон – хуры тыны хуызӕн чызг, ӕмӕ йӕ схуыдтам Лусия.

Донаргъуыд цы бон истон, уый мын хуымӕтӕг бон нӕ уыд. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ йын дзырд радтон, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Дыккаджы та уымӕн, ӕмӕ ныр мӕ бон уыди мӕ лӕппу ӕмӕ мӕ чызджы афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй сын фидар уырнындзинад уа.

Фӕлӕ мӕ цин бирӕ нӕ ахаста. Лусияйыл цыппар азы куы сӕххӕст, уӕд йӕ ахсӕн тынг риссын райдыдта. Рентген ын чи скодта, уыцы дохтыр нын загъта, йӕ игӕрыл апельсиныйас къуыбар кӕй ис. Дохтыр нын бамбарын кодта, Лусияйы низ кӕй хуыйны нейробластома – буарыл тагъд чи ахӕлиу вӕййы, ахӕм рак. Уыцы низимӕ Лусия тох кодта авд азы ӕмӕ-иу мӕйгӕйтты хуыссыд рынчындоны.

Цавӕр сывӕллон уыд Лусия

Уыцы уӕззау азты дӕргъы мӕ Лусия арӕх фидар кодта: мӕ хъуырыл мын-иу ныттыхст ӕмӕ-иу мын пъатӕ кодта, цӕмӕй ма ’нкъард кодтаин. Йӕ низимӕ куыд хъӕддыхӕй тох кодта, ууыл дохтыртӕ дисӕй мардысты. Лусия тынг уарзта медицинон хотӕн ӕххуыс кӕнын, семӕ-иу иннӕ палатӕтӕм рынчын сывӕллӕттӕн хаста йогурттӕ ӕмӕ адджын дӕттӕ. Дохтыртӕ ма йын балӕвар кодтой урс халат дӕр, «Медицинон хойы ӕххуысгӕнӕг», зӕгъгӕ, ахӕм фыстимӕ.

«Мӕ удыйас бауарзтон Лусияйы,– дзырдта, уыцы рынчындоны чи куыста, иу ахӕм сылгоймаг.– Диссаджы сывӕллон уыд: цӕрдӕг, зӕрдӕргъӕвд, бирӕ уарзта ныв кӕнын. Тынг хъӕлдзӕг уыди, стӕй ӕмбаргӕ,– йе ’мгӕрттӕй бирӕ ӕмбаргӕдӕр».

Лусияйӕн тых ӕмӕ ныфс лӕвӕрдта Хуыцауы Ныхас (Дзут. 4:12). Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ног дунейы кӕй «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4). Лусия хъуыды кодта адӕмыл ӕмӕ йын-иу фадат куы фӕци, уӕд-иу сын Библийы тыххӕй дзырдта. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый йӕ фидарӕй уырныдта, ӕмӕ никуы тыхст, никуы ӕнкъард кодта, кӕд ӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый зыдта, уӕддӕр (Ис. 25:8). Ӕмӕ афтӕ уыди йӕ фӕстаг бонмӕ дӕр.

Растдӕр уӕд баныхас кодтон, райдианы кӕй кой скодтон, уыцы боны тыххӕй. Лусия ма тыхӕй фыдӕй гом кодта йӕ цӕстытӕ. Йӕ иу къухыл ын хӕцыд йӕ фыд, йӕ иннӕ къухыл та ӕз. «Ма тӕрс, ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн,– сабырӕй йӕм сдзырдтон ӕз.– Ӕрмӕст сабыргай улӕф. Куы райхъал уай, уӕд дӕ ницыуал рисдзӕн, ӕз та уыдзынӕн дӕ фарсмӕ».

Ныр хъуамӕ мӕ ныхас сӕххӕст кӕнон. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ фидарӕй зонын, Йегъовӕйыл мӕ ныфс куы дарон ӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ куы нӕ сивон, уӕд мӕ чызджы фендзынӕн, куы райгас уа, уӕд.

Цы нын ныууагъта Лусия

Лусия куыд хъӕбатыр разынди ӕмӕ нын ӕмбырд цы стыр ӕххуыс бакодта, уый тынг бандӕвта мӕ лӕгыл (уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд). Лусия цы бон амард, уыцы бон мын загъта, бирӕ цӕуылдӕрты мӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ не ’мбырдӕй иу хистӕр нӕлгоймагӕн загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ иу ӕмбырд дӕр нал цух кодта. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ тамако дӕр ныууагъта,– раздӕр ын уый никуы бантыст.

Мӕ хъӕбулы мардыл ныр дӕр ма мӕ зӕрдӕ риссы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, Лусия нын цы ныууагъта, уый тыххӕй. Мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ лӕгӕн дӕр стыр ныфс у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Арӕх фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ гыццыл хуры тыны та ногӕй кӕд фендзыстӕм, уыцы рӕстӕгыл,– ӕмӕ нӕ цӕстытыл фӕуайы йӕ худӕндзаст стыр цӕстытӕй нӕм куыд кӕсдзӕн ӕмӕ-иу йӕ хӕмпус рустыл йӕ адджын мидбылхудтӕй дыууӕ гыццыл дзыхъхъы куыд фӕзындзӕн.

Нӕ чызджы мӕлӕтыл ма нын тынг фӕхъыг кодта, бынтон хӕстӕг нӕм чи нӕ цӕры, иу ахӕм сылгоймаг дӕр. Йӕ лӕппу ӕмӕ Лусия ахуыр кодтой иу скъолайы. Иу къӕвда сабатбоны нӕм райсомӕй ӕрбацыд. Уыцы сылгоймагӕн дӕр йӕ иннӕ лӕппу 11-аздзыдӕй амард, Лусия цы низӕй рынчын уыд, уымӕй. Лусия амард, уый куы фехъуыста, уӕд нӕм тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ ’рбацыд. Стӕй ма мын загъта, зӕгъгӕ, дам, цӕй ӕмӕ ахӕм къорд скӕнӕм, ӕмӕ мах хуызӕн уавӕры чи ис, уыцы мадӕлтӕн ӕххуыс кӕнӕм.

Ӕз ын загътон, мӕнӕн стыр ныфсы хос кӕй у, Библийы цы ис фыст, уый. Адӕм цӕмӕйфӕнды зӕрдӕ ма ӕвӕрой, уӕддӕр уыцы ныфсӕн абарӕн ницӕимӕ ис. Иоанны 5:28, 29 стихтӕ йын куы бакастӕн, уӕд йӕ цӕстыты ныфсы рухс ссыгъд. Библи ахуыр кӕныныл сразы ӕмӕ тагъд рӕстӕджы йӕхиуыл банкъардта «Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый» (Фил. 4:7). Ныр иумӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд арӕх фӕныхас кӕнӕм ног дунейыл ӕмӕ нӕ цӕстытыл фӕуайы, нӕ хъӕбултӕ куы райгас уой, уӕд сыл куыд цин кӕндзыстӕм, уый.

Лусия бирӕ нӕ фӕцард, фӕлӕ йӕ фӕстӕ цы ныууагъта, уымӕн йӕ аргъ ӕнусты дӕргъы дӕр нӕ фесӕфдзӕн. Йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн ӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр фӕнды кӕронмӕ фидарӕй фӕлӕууын. Бирӕтӕ нӕ ’нхъӕлмӕ кӕсынц, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты, уымӕ. Ӕмӕ йӕ фидарӕй зонын, уыцы бон нӕ алкӕмӕндӕр ӕнӕмӕнгӕй кӕй ’рцӕудзӕн.

[Ныв 20 фарсыл]

Дзӕнӕт Лусияйы конд нывы