Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы вӕййы?

Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы вӕййы?

Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы вӕййы?

«Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн» (ЕККЛ. 12:13).

1, 2. Екклесиасты чиныгыл хъуыды кӕнын цы пайда у?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, ӕппындӕр чи ницы хъуаг у, ахӕм адӕймаджы. Йӕ бӕстӕйы стыр бынат ахсы, у зӕххы къорийы хъӕздыгдӕр адӕймӕгтӕй иу, зондӕй та йын ӕмбал дӕр нӕй. Фӕлӕ йын уӕддӕр ӕнцой нӕ дӕтты иу фарст: «Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы вӕййы?»

2 Ахӕм адӕймаг ӕцӕгдӕр уыд. Уый цардис ӕртӕ мин азы размӕ. Йӕ ном хуынди Соломон. Соломон хъуыды кодта, зӕгъгӕ, адӕймаг цӕмӕн цӕры. Екклесиасты чиныджы дзырд цӕуы, уыцы фарстӕн дзуапп куыд агуырдта, ууыл (Еккл. 1:13). Соломоны цардӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. Екклесиасты чиныджы цы арф зонд ис, уый нын баххуыс кӕндзӕн нӕ размӕ ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн, цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа.

«Дымгӕ сурынау»

3. Цы хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл?

3 Соломон дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцау зӕххыл утӕппӕт диссӕгтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй. Адӕймаг сын сӕ уындӕй нӕ фефсӕды, йӕ дисӕн та кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдон раиртасынӕн нын рӕстӕг нӕ фаг кӕны – нӕ цард у ӕгӕр цыбыр (Еккл. 3:11; 8:17). Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй нӕ цӕрӕнбонтӕ сты тынг гыццыл ӕмӕ уайтагъд аивгъуыйынц (Иов 14:1, 2; Еккл. 6:12). Уӕдӕ уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ цард куыд аразӕм, ууыл. Уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ, чи зоны, ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕмӕй нӕ Сайтаны дуне раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕна.

4. а) Цӕмӕ амоны дзырд «дзӕгъӕлы»? ӕ) Цӕуыл уыдзӕн нӕ ныхас?

4 Цард ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл хардз кӕнын тӕссаг кӕй у, уый равдисыны тыххӕй Соломон Екклесиасты чиныджы дзырд «дзӕгъӕлы»-йӕ спайда кодта 30 хатты. Рагон дзуттаг дзырд «дзӕгъӕлы» амоны, афтид, ӕнӕпайда, ӕнӕхъуаджы цы у ӕмӕ, йӕ аргъ тагъд кӕмӕн ӕрхауы, ахӕм цӕмӕдӕр (Еккл. 1:2, 3). Иуӕй-иу рӕтты дзырд «дзӕгъӕлы»-йы бӕсты Соломон спайда кодта дзырдбаст «дымгӕ сурынау»-ӕй (Еккл. 1:14; 2:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дымгӕ ӕрцахсӕн нӕй. Ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъава, уый ӕнӕ ницӕмӕй баззайдзӕн. Ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл цӕуын дӕр уымӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаджы цард тынг цыбыр у, ӕмӕ йӕ рӕстӕгсафӕн хъуыддӕгтыл куыд хъуамӕ хардз кӕнӕм? Цӕмӕй нӕхи ахӕм рӕдыдӕй бахизӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Соломоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм арӕхдӕр цӕмӕ фӕтырнынц, уымӕ. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, адӕймагӕн сӕйрагдӕр хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ мулк куы уой, ууыл. Уый фӕстӕ та нӕ ныхас уыдзӕн, цавӕр куыст хӕссы ӕцӕг удӕнцой, ууыл.

Хиирхӕфсӕнтӕ нын амонд ӕрхӕсдзысты?

5. Соломон удӕнцой куыд агуырдта?

5 Нӕ рӕстӕджы чи цӕры, уыдонӕй бирӕтау Соломон дӕр удӕнцой ссарынмӕ хъавыд хиирхӕфсӕнты. Мӕнӕ цы фыссы: «Иунӕг циндзинадӕй дӕр мӕхицӕн „нӕ“ нӕ дзырдтон» (Еккл. 2:10). Цӕмӕй ирхӕфста йӕхи? Екклесиасты 2 сӕры куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ «зӕрдӕ сӕнӕй рӕвдыдта» (фӕлӕ дзы бӕрц зыдта), галуантӕ арӕзта, дыргъдӕттӕ ӕмӕ парктӕ скодта, музыкӕмӕ хъуыста ӕмӕ равзаргӕ хӕринаг хордта.

6. а) Царды хорздзинӕдтӕй хайджын уай, уый ӕвзӕр цӕуылнӕ у? ӕ) Улӕфын ӕмӕ хи ирхӕфсыны хъуыддаджы адӕймаг ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?

6 Ӕмбӕлттимӕ хи аирхӕфсын Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу? Куыннӕ ма у раст! Зӕгъӕм, Соломон загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг уӕззау куысты фӕстӕ йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн куы фӕминас кӕна ӕмӕ йӕ фӕллад куы суадза, уӕд уый у Хуыцауы лӕвар. (Бакӕс Екклесиаст 2:24; 3:12, 13.) Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры ӕрыгӕттӕн, цӕмӕй цин кӕной ӕмӕ сӕ зӕрдӕ райгонд уа, фӕлӕ ма рох кӕной, ӕмбаргӕ кӕй хъуамӕ уой, уый (Еккл. 11:9). Улӕфын ӕмӕ нӕ нӕхи ирхӕфсын куыннӕ хъӕуы. (Абар Марчы 6:31.) Фӕлӕ нын хиирхӕфсӕнтӕ сӕйраг бынаты хъуамӕ ма уой. Хъуамӕ ӕнӕуи хӕринӕгты хуызӕн ма уой, фӕлӕ, хӕрды фӕстӕ цы адджинӕгтӕ ӕрӕвӕрынц, уыдонау. Адӕймаг адджинаг цыфӕнды тынг ма уарза, уӕддӕр дзы тагъд сфӕлмӕцдзӕн, ӕндӕр куы ницы хӕра, уӕд. Стӕй адджинаг тынг пайда дӕр нӕу. Уӕдӕ Соломон дӕр бамбӕрста, адӕймаджы хиирхӕфсӕнтӕ йеддӕмӕ куы ницы хъӕуа, уӕд йӕ цард кӕй у «дымгӕ сурынау» (Еккл. 2:10, 11).

7. Хиирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

7 Уымӕй уӕлдай, хиирхӕфсӕнтӕ иууылдӕр пайда не сты. Бирӕтӕ дзы сты тынг тӕссаг нӕ уырнындзинадӕн дӕр ӕмӕ не ’гъдауӕн дӕр. Цас адӕм фӕкодтой сӕхи бӕллӕхы хай, сӕ рӕстӕг сӕ хъӕлдзӕгӕй арвитын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй-иу куы райдыдтой наркотиктӕ кӕнын, фыднозт кӕнын ӕмӕ ӕхцайыл хъазын! Йегъовӕ ныл тыхсы ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, нӕ зӕрдӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы кӕнӕм, уӕд хорзӕй кӕй ницы ӕркӕрддзыстӕм (Гал. 6:7).

8. Нӕ цардыл нӕ ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

8 Стӕй ма хиирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд нӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм нал ӕвдӕлдзӕн. Рох дӕ ма уӕд, цард цыбыр кӕй у, ӕмӕ нӕм ӕппынӕдзух йӕ мидбылты кӕй нӕ худдзӕн, не ’нӕниздзинад та алкӕддӕр хорз кӕй нӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, Соломон дарддӕр куыд загъта, афтӕмӕй, «цины хӕдзармӕ» цӕуыны бӕсты хуыздӕр у цӕуын зианмӕ – уӕлдайдӕр та нӕ иузӕрдион хотӕ кӕнӕ ӕфсымӕртӕй исчи куы фӕзиан уа, уӕд. (Бакӕс Екклесиаст 7:2, 4.) Цӕмӕн? Зианы раныхасмӕ куы фӕхъусӕм ӕмӕ, чи амард, уый Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куыд лӕггад кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм нӕхи цардыл дӕр. Уый фӕрцы, чи зоны, ахӕм хатдзӕгмӕ ’рцӕуӕм, нӕ царды нӕ цыдӕр аивын кӕй хъӕуы, цӕмӕй ма нын цы рӕстӕг баззад, уый дзӕгъӕлы ма ацӕуа (Еккл. 12:1).

Мулк адӕймагӕн удӕнцой хӕссы?

9. Соломон хъӕздыгдзинады тыххӕй цавӕр хатдзӕг скодта?

9 Соломон Екклесиасты чиныг куы фыста, уӕд уыд зӕххы къорийы хъӕздыгдӕр адӕймӕгтӕй иу (2 Аз. 9:22). Цы йӕ бахъуыдаид ӕмӕ цы нӕ самал кодтаид! «Мӕ цӕстытӕ цӕмӕфӕнды ма бабӕллыдаиккой – „нӕ“ сын ницӕмӕй дзырдтон»,– фыста Соломон (Еккл. 2:10). Фӕлӕ йӕ бамбӕрста, адӕймагмӕ мулк куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ удӕнцой ссардта. «Ӕвзист чи уарзы, уый нӕ бафсӕддзӕн ӕвзистӕй, ӕмӕ мулк чи уарзы, уый – йӕ ӕфтиагӕй» (Еккл. 5:10).

10. Адӕймаг ӕцӕг удӕнцой кӕд ссары ӕмӕ ӕцӕг хъӕздыг кӕд вӕййы?

10 Хъӕздыгдзинад ахӕм хъуыддаг у, ӕмӕ абон ис, райсом та – нал. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхимӕ тынг ӕлвасы. Иу ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, Иугонд Штатты университетты фыццаг курсы студенттӕн сӕ 75 проценты загътой, царды сӕ хъӕздыгдзинадӕй тынгдӕр кӕй ницы хъӕуы. Ӕмӕ цымӕ уӕд амондджын уаиккой? Уый зын зӕгъӕн у. Иртасджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, адӕймаг хъӕздыгдзинадмӕ куы фӕтырны, уӕд ын амонд ӕмӕ удӕнцой ссарын зындӕр вӕййы. Соломон дӕр йӕ рӕстӕджы ахӕм хъуыдымӕ ’рцыд. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ӕз ӕрӕмбырд кодтон ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон мулк – паддзӕхтӕ... мын кӕй радтой, уый... фӕлӕ федтон, ӕппӕтдӕр кӕй у дзӕгъӕлы – дымгӕ сурынау» * (Еккл. 2:8, 11). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нын куы арфӕ кӕна, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг хъӕздыг. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:22.)

Цавӕр куыст хӕссы ӕцӕг удӕнцой?

11. Кусын хорз кӕй у, уый тыххӕй Фыстад цы дзуры?

11 Йесо загъта: «Мӕ Фыд ныронг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:17). Дызӕрдыггаг нӕу, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кусын кӕй уарзынц. Библийӕ уынӕм, Йегъовӕйӕн йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ кӕй радис: «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райд. 1:31). Зӕдтӕ «хъӕрӕй кадджын кодтой» Йегъовӕйы, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ куы федтой, уӕд (Иов 38:4–7). Соломон дӕр аргъ кодта, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ кӕмӕй фӕрайы, ахӕм куыстӕн (Еккл. 3:13).

12, 13. а) Зӕрдиагӕй кусын ӕхсызгон кӕй у, уый тыххӕй дыууӕ нӕлгоймаджы цы загътой? ӕ) Адӕймагӕн йӕ куыст хатт масты хос цӕмӕн свӕййы?

12 Зӕрдиагӕй кусын ӕхсызгон кӕй у, уый бирӕтӕ хорз зонынц. Мӕнӕ цы дзуры Хосе, иу курдиатджын нывгӕнӕг: «Адӕймаг йӕ сӕрымагъзы цы сфӕлынды, уый йӕ бон ахорӕнтӕй сныв кӕнын куы бавӕййы, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма хохы цъупмӕ схызт». Мигель * та у бизнесмен. Уый зӕгъы: «Куыстӕй зӕрдӕ уымӕн райы, ӕмӕ уый фӕрцы дарыс дӕ бинонты. Уымӕй уӕлдай ма уыныс, дӕ фыдӕбоны руаджы дын цы бантыст, уый».

13 Фӕлӕ бирӕ куыст вӕййы уыцы иугъӕдон, зӕрдӕ дзы нӕ фӕрухс кӕны ӕмӕ дзы адӕймагӕн йӕ курдиӕттӕ равдисынӕн фадат нӕ вӕййы. Хатт та нын нӕ куыст свӕййы масты хос, суанг ма дзы ӕнӕраст хъуыддӕгтыл дӕр сӕмбӕлӕм. Соломон куыд дзуры, афтӕмӕй, зивӕггӕнаг адӕймаг, фӕхӕцӕг ыл куы вӕййы, уӕд йӕхи бакӕны, ӕцӕг ӕнувыд кусӕгмӕ цы ’мбӕлы, уый (Еккл. 2:21). Ӕмӕ ӕрмӕст уый куы уаид. Ай диссаджы куыст уыдзӕн, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, уымӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕппындӕр мацыуал рауайа, экономикон уавӕр ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕивы, уый аххосӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. (Бакӕс Екклесиаст 9:11.) Царды бӕрзӕндтӕм чи тырны, уыдон арӕх масты хай фӕвӕййынц ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты, «дымгӕйӕн фӕфыдӕбон кодтой», уый куы бамбарынц, уӕд (Еккл. 5:16).

14. Цавӕр куыст хӕссы ӕцӕг удӕнцой?

14 Уӕдӕ цымӕ ахӕм куыст ис, адӕймаджы фыдӕнхъӕл чи никуы фӕкӕндзӕн? Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нывгӕнӕг Хосе дзуры: «Рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд нывтӕ хӕлгӕ дӕр фӕкӕнынц. Гӕнӕн ис, давгӕ дӕр сӕ акӕной. Фӕлӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнӕм, уыдонӕн тас ницӕмӕй у. Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсын ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнын, уымӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой – уый та сын пайда уыдзӕн ӕнустӕм. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа?» (1 Кор. 3:9–11). Мигель дӕр зӕгъы, йӕ куыстӕй йын Паддзахады хабар хъусын кӕнын бирӕ ӕхсызгондӕр кӕй у. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ницӕмӕй ис баивӕн уыцы циндзинад, куы йӕ уынай, Библийы хабар адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ кӕй бацагайдта».

«Дӕ дзул... ауадз»

15. Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы вӕййы?

15 Уӕдӕ адӕймаг йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы вӕййы? Ацы цардӕвӕрдӕн ма цы гыццыл рӕстӕг баззад, уымӕй афтӕ куы пайда кӕнӕм, цӕмӕй хорздзинад аразӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уӕд ссардзыстӕм ӕцӕг удӕнцой. Нӕ бон у, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ сывӕллӕттӕн амонӕм, адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл тыхсӕм (Гал. 6:10). Ацы хъуыддӕгтӕн сӕ пайда нӕ фесӕфдзӕн ӕнустӕм дӕр. Ӕмӕ кӕй къухы бафтынц, уыдон ссарынц Хуыцауы хорзӕх. Хорздзинад кӕнын цы пайда у, уый равдисыны тыххӕй Соломон ӕрхаста иу диссаджы цӕстуынгӕ цӕвиттон: «Дӕ дзул доны ауадз, уымӕн ӕмӕ бирӕ бонтӕ куы рацӕуа, уӕд ӕй ногӕй ссардзынӕ» (Еккл. 11:1). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты» (Лук. 6:38). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, иннӕтӕн хорздзинад чи кӕна, уыдоны. (Ӕмб. 19:17; бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10.)

16. Царды цавӕр фӕндаг равзарӕм, ууыл ахъуыды кӕнын хуыздӕр кӕд уаид?

16 Библи нын дзуры, цӕмӕй, цалынмӕ ӕвзонг стӕм, уӕдмӕ дӕр хъуыды кӕнӕм, царды цавӕр фӕндаг равзарӕм, ууыл. Уый нӕ фӕстӕдӕр бахъахъхъӕндзӕн бирӕ мӕстытӕй (Еккл. 12:1). Адӕймаг йӕ хуыздӕр азтӕ ацы дунейы хъуыддӕгтыл куы бахардз кӕнид ӕмӕ стӕй куы бамбарид, йӕ рӕстӕг дымгӕ ахсыныл кӕй ацыд, уӕд уым хорзӕй цы уаид?

17. Царды дын хуыздӕр фӕндаг равзарынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Уарзӕгой фыдау Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цардыл цин кӕнӕм, хорздзинад аразӕм ӕмӕ нӕхи ӕнӕхъуаджы мӕстытӕй хизӕм (Еккл. 11:9, 10). Куыд дын бантысдзӕн уый? Хуыцауы хъуыддаджы дын фылдӕр аразын чи ӕххуыс кӕна, ахӕм нысӕнттӕ дӕ разы куы ӕвӕрай ӕмӕ, цӕмӕй дӕ къухы бафтой, ууыл куы архайай. Иу-20 азы размӕ Хавьеры хъуыд равзарын, номдзыд дохтыр суа ӕви ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайа. «Дохтыры куыст ӕвзӕр нӕу. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты ӕцӕгдзинад базонынӕн кӕй баххуыс кодтон, уый мын ахӕм циндзинад хӕссы, ӕмӕ йӕ абарӕн дӕр ницӕимӕ ис,– дзуры Хавьер.– Ӕххӕстрӕстӕг куы нӕ лӕггад кӕнин, уӕд мӕ цардӕй афтӕ райгонд нӕ уаин. Фӕсмон кӕнын ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагыл – раздӕр цӕуылнӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын».

18. Йесойӕн йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ цӕмӕн радис?

18 Уӕдӕ уӕд цӕмӕ хъуамӕ тырнӕм? Екклесиасты чиныджы фыст ис: «Ном зынаргъ сойӕ хуыздӕр у, ӕмӕ мӕлӕты бон – райгуырӕн бонӕй» (Еккл. 7:1). Уый афтӕ кӕй у, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у Йесойы цард. Йесо йӕхицӕн Йегъовӕйы раз скодта диссаджы хорз ном. Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй сбӕлвырд кодта, Йегъовӕ кӕй у Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй адӕмӕн ирвӕзындзинадмӕ фӕндаг байгом кодта (Матф. 20:28). Кӕд зӕххыл бирӕ нӕ фӕцард, уӕддӕр йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ радис. Йесо нын равдыста, нӕ цард куыд хъуамӕ аразӕм, уый (1 Кор. 11:1; 1 Пет. 2:21).

19. Цавӕр зондджын уынаффӕ радта Соломон?

19 Махӕн дӕр Хуыцауы раз нӕ бон у нӕхицӕн хорз ном скӕнын. Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нын цыфӕнды хӕзнатӕй дӕр зынаргъдӕр у. (Бакӕс Матфейы 6:19–21.) Алы бон дӕр кӕнӕн ис, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ тынгдӕр райдзӕн. Уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты: адӕмӕн хорз хабар дзурын, не ’мкъайад фидар кӕнын ӕмӕ нӕ бинонтыл тыхсын, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ фембӕлдтӕм цӕуын, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнын (Еккл. 11:6; Дзут. 13:16). Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕ цардӕй райгонд уай? Кӕд о, уӕд кӕн, Соломон куыд зӕгъы, афтӕ: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Еккл. 12:13).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 10 абз. Соломоны афӕдзы ӕфтиаг уыд 666 таланты (22 000 килограммӕй фылдӕр) сызгъӕрин (2 Аз. 9:13).

^ 12 абз. Ном ивд у.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Царды цӕмӕ тырнӕм, ууыл лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

• Хиирхӕфсӕнтӕм ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Адӕймаг цавӕр куыстӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн?

• Цӕмӕ хъуамӕ тырнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Улӕфыныл нын цас рӕстӕг хъуамӕ цӕуа?

[Ныв 24 фарсыл]

Хорз хабар хъусын кӕнын нын зӕрдӕрухсы хос цӕмӕн у?