Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алы хъуыддаджы дӕр агурут Хуыцауы разамынд

Алы хъуыддаджы дӕр агурут Хуыцауы разамынд

Алы хъуыддаджы дӕр агурут Хуыцауы разамынд

«Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцау у нӕ Хуыцау ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ. Уый нӕ кӕндзӕн нӕ мӕлӕты онг» (ПС. 48:14.)

1, 2. Нӕ ныфс нӕ зондыл дарыны бӕсты Йегъовӕйы разамындмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры уый фӕдыл?

ДЗЫРД ӕнӕпайда, йе та тӕссаг хъуыддӕгтыл куы фӕцӕуы, уӕд фӕрӕдийынӕн бирӕ нӕ фӕхъӕуы (Ӕмб. 12:11). Чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддаг бакӕнын нӕ ӕцӕгӕйдӕр куы фӕфӕнды, уӕд нын нӕ зӕрдӕ бирӕ ӕфсӕнттӕ ’рхӕссы, афтӕ бакӕнын раст цӕмӕн уыдзӕн, уый тыххӕй (Йер. 17:5, 9). Фӕлӕ псаломзарӕггӕнӕг стыр зонд равдыста, Йегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд: «Рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ ӕцӕгдзинад. Уыдон мӕ кӕнӕнт» (Пс. 43:3). Уый йӕ ныфс дардта йӕхи ӕнӕххӕст зондыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл, ӕмӕ йын уымӕй хуыздӕр разамонӕг нӕ уыд. Псаломзарӕггӕнӕгау мах дӕр хъуамӕ разамынд агурӕм Хуыцауӕй.

2 Фӕлӕ Йегъовӕйы разамынд ӕппӕты хуыздӕр цӕмӕн у? Кӕд нӕ фӕхъӕуы йӕ разамынд агурын? Цавӕр миниуджытӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй нын уыцы разамынд пайда уа, ӕмӕ нын Йегъовӕ абон разамынд куыд дӕтты? Ацы ахсджиаг фарстытӕ равзардзыстӕм ацы статьяйы.

Йегъовӕйы разамындыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

3–5. Йегъовӕйы разамындыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

3 Йегъовӕ у нӕ уӕларвон Фыд (1 Кор. 8:6). Алкӕй дӕр нӕ тынг хорз зоны ӕмӕ, нӕ зӕрдӕты цы ис, уый уыны (1 Сам. 16:7; Ӕмб. 21:2). Паддзах Давид Хуыцауӕн загъта: «Ды зоныс, кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын; мӕ хъуыдытӕ мын дардӕй уыныс. Мӕ дзыхӕй ныхас нӕма ссӕуы, фӕлӕ йӕ ды, Йегъовӕ, фӕзоныс» (Пс. 139:2, 4). Кӕд нӕ Йегъовӕ афтӕ хорз зоны, уӕд куыд хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр разамынд нын кӕй ничи ратдзӕн, ууыл? Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ у ӕгӕрон зонды хицау. Басусӕг кӕнӕн дзы ницы ис, уый уыны, адӕймагӕн йӕ бон фенын цы нӕу, уый ӕмӕ райдианӕй фӕзоны, цы уыдзӕн кӕронӕй (Ис. 46:9–11; Ром. 11:33). Йегъовӕ у «иунӕг зондджын Хуыцау» (Ром. 16:27).

4 Стӕй ма нӕ Йегъовӕ уарзгӕ дӕр кӕны ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ зӕгъы, хуыздӕр цы у, уый (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:8). Уый у уарзӕгой ӕмӕ рӕдау Хуыцау. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ чи скодта ӕмӕ аууонау чи нӕ ивы, уыцы Фыдӕй» (Иак. 1:17). Хуыцауы разамындмӕ чи хъусы, уыдон сӕхицӕй зонынц, куыд рӕдау у, уый.

5 Йегъовӕ ма у ӕгӕрон тыхы хицау дӕр. Псаломзарӕггӕнӕг уый тыххӕй загъта: «Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынаты чи цӕры, уый уыдзӕн Ӕппӕтхъомысджыны аууоны. Ӕз зӕгъдзынӕн Йегъовӕйӕн: „Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн бынат ӕмӕ мӕ фидар, мӕ Хуыцау – мӕ ныфс кӕуыл дардзынӕн, уый“» (Пс. 91:1, 2). Йегъовӕйы разамындмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд ӕмбӕхсӕн бынат фӕагурӕм, ныфс дарӕн кӕуыл ис, уыцы Хуыцаумӕ. Суанг нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дӕр нын Йегъовӕ баххуыс кӕны. Уый нӕ никуы ныууадздзӕн. (Пс. 71:4, 5; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:19–26.) О, Йегъовӕ зоны, хуыздӕр нын цы у, уый, стӕй нын ӕй йӕ зӕрдӕ дӕр зӕгъы, ӕмӕ йӕм ахӕм хъару дӕр ис, цӕмӕй ныл батыхса, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ. Куыд ӕнӕзонд ми уаид, йӕ разамынд ын куы ницӕмӕ дариккам! Фӕлӕ нӕ кӕд фӕхъӕуы йӕ разамынд?

Разамынд нӕ кӕд фӕхъӕуы?

6, 7. Йегъовӕйы разамынд нӕ кӕд фӕхъӕуы?

6 Хуыцауы разамынд нӕ хъӕуы алкӕддӕр – нӕ гыццылӕй нӕ зӕронды онг. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцау у нӕ Хуыцау ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ. Уый нӕ кӕндзӕн нӕ мӕлӕты онг» (Пс. 48:14). Псаломзарӕггӕнӕгау ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ дӕр Хуыцауы разамындмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы фӕкӕсынц.

7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, вӕййы ахӕм рӕстӕджытӕ, Хуыцауы ’ххуыс нӕ уӕлдай тынгдӕр куы фӕхъӕуы. Хатт ныл ӕрцӕуы цавӕрдӕр бӕллӕхтӕ, зӕгъӕм, нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, исты уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ ӕнӕ куыстӕй куы баззайӕм (Пс. 69:16, 17). Ахӕм рӕстӕджыты нын стыр удӕнцой вӕййы, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм ӕмӕ нӕ фидарӕй куы фӕуырны, нӕ зындзинад сфӕразынӕн нын тых кӕй ратдзӕн ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, растдӕр куыд уыдзӕн, афтӕ бакӕнӕм. (Бакӕс Псалом 102:17.) Фӕлӕ ма нӕ йе ’ххуыс фӕхъӕуы ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕйы разамынд фӕхъӕуы, цӕмӕй нын адӕм нӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Куыд баулӕфӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, цавӕр ӕмбӕлттӕ равзарӕм, кӕм бакусӕм, ахуыр кӕнынмӕ кӕдӕм бацӕуӕм кӕнӕ ма ӕндӕр цӕуылдӕрты куы цӕуа дзырд, уӕд раст уынаффӕ ӕрмӕстдӕр уӕд рахӕсдзыстӕм, Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусӕм. Разамынд нӕ кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм хъуыддаг нӕй.

Ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрын тӕссаг цӕмӕй у

8. Хуыцау цы бӕласмӕ нӕ уагъта ’вналын, уый дыргътӕй Евӕ куы бахордта, уӕд уымӕй цы рабӕрӕг?

8 Рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ фӕнда. Хуыцау нын тыхӕй ницы аразын кӕны. Адӕмӕй фыццаг Хуыцауы коммӕ чи нӕ бакаст, уый уыд Евӕ. Ӕмӕ йӕ хабарӕй бӕрӕг у, ахӕм уынаффӕтӕ цавӕр бӕллӕхтӕм ӕркӕнынц, уый. Ахъуыды-ма кӕнӕм, афтӕ цӕмӕн бакодта, ууыл дӕр. Евӕ бахордта, Хуыцау цы бӕласмӕ нӕ уагъта ’вналын, уый дыргътӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй «суыдаид Хуыцауы хуызӕн» (Райд. 3:5). Афтӕмӕй йӕхи Хуыцауы бынаты сӕвӕрдта, ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ хъусыны бӕсты йӕхӕдӕг райдыдта скъуыддзаг кӕнын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Уӕдӕ Евӕ Йегъовӕйы хицауыл нал нымадта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йӕ цардӕн хицау уыдаид йӕхӕдӕг. Хуыцауы ныхмӕ рацыд йӕ лӕг Адам дӕр (Ром. 5:12).

9. Йегъовӕйы разамындмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн ӕмӕ уый тынг ӕнӕзонд ми цӕмӕн у?

9 Уӕдӕ кӕд Йегъовӕйы разамындмӕ нӕ хъусӕм, уӕд ӕй мах дӕр нӕ хицауыл нӕ нымайӕм. Зӕгъӕм, чидӕр хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕм кӕсын фӕцахуыр. Кӕд ӕмбырдтӕм цӕуы, уӕд ӕй зоны, Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Чъизи хъуыддӕгтӕн сӕ кой кӕнын дӕр не ’мбӕлы, ӕмӕ сӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мондагӕй кӕсӕн дӕр нӕй (Еф. 5:3). Ахӕм адӕймаг Йегъовӕйы разамындмӕ кӕй нӕ хъусы, уымӕй ӕвдисы, йӕ хицаудзинады ныхмӕ кӕй у ӕмӕ йӕ йӕ хицауыл кӕй нӕ нымайы (1 Кор. 11:3). Уый у тынг ӕнӕзонд ми, уымӕн ӕмӕ, Йереми куыд загъта, афтӕмӕй, «лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ... нӕу» (Йер. 10:23).

10. Нӕ сӕрибардзинадӕй куыд пайда кӕнӕм, уымӕ бӕрнон цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

10 Иуӕй-иутӕ, чи зоны, разы не сты Йеремийы ныхӕстимӕ, афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ нын иугӕр Йегъовӕ сӕрибардзинад радта, уӕд дзы куыд пайда кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ’фхӕргӕ хъуамӕ ма кӕна. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, сӕрибардзинад лӕвар дӕр кӕй у, ӕмӕ бӕрндзинад дӕр. Не ’ппӕты дӕр Хуыцауы раз хъӕудзӕн дзуапп дӕттын, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, уый тыххӕй (Ром. 14:10). Йесо дзырдта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны». Стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн, фауӕн ныхӕстӕ» (Матф. 12:34; 15:19). Уӕдӕ нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ӕвдисынц, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕвдисынц, ӕцӕгдӕр цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм. Ӕмбаргӕ чырыстон алы хъуыддаджы дӕр раст уый тыххӕй агуры Йегъовӕйы разамынд. Уымӕн ӕй нымайы Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагыл, ӕмӕ йын «хорздзинад ракӕндзӕн» (Пс. 125:4).

11. Израилы адӕмы цардӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Израилы адӕмы цард. Раст-иу куы бакодтой, Йегъовӕйы коммӕ-иу куы кастысты, уӕд-иу сӕ хъахъхъӕдта (Йес. Н. 24:15, 21, 31). Фӕлӕ-иу арӕх сӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кодтой. Йеремийы бонты Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй загъта: «Уыдон нӕ хъуыстой ӕмӕ се ’ргом не здӕхтой, фӕлӕ сын сӕ ӕгоммӕгӕс зӕрдӕ цы хивӕнд митӕ кӕнын кодта, уыдон нӕ уагътой, ӕмӕ цыдысты размӕ нӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ» (Йер. 7:24–26). Цӕй ӕвзӕр хабар уыд уый! Уӕдӕ макуы кӕнӕм хивӕнд митӕ ӕмӕ ныл афтӕ макуы ’рцӕуӕд, цӕмӕй Йегъовӕйы разамынд мацӕмӕ дарӕм ӕмӕ нӕхи фӕнд тӕрӕм. Цӕй ӕмӕ цӕуӕм фӕстӕмӕ нӕ, фӕлӕ размӕ!

Цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы разамындмӕ хъусӕм?

12, 13. а) Цавӕр миниуӕг хъӕуы мах, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын фӕнда? ӕ) Уырнындзинад ӕнӕмӕнг цӕмӕн у?

12 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, йӕ разамындмӕ хъусын дӕр нӕ уымӕн фӕнды (1 Иоан. 5:3). Фӕлӕ ма нӕ уымӕй уӕлдай цы хъӕуы, уый тыххӕй Павел загъта: «Мах, цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй» (2 Кор. 5:6, 7). Уырнындзинад ахсджиаг цӕмӕн у? Йегъовӕ нӕ кӕны «рӕстдзинады фӕндӕгтыл», фӕлӕ нӕ уыцы фӕндӕгтӕ ацы дунейы хъӕздыгдзинадмӕ кӕнӕ бӕрзонд бынатмӕ нӕ кӕнынц (Пс. 23:3). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уырнындзинады цӕстӕй кӕсӕм, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы цы диссаджы лӕвар райсдзыстӕм, уымӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:17, 18.) Уырнындзинад та нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фагыл нымайӕм, цы нӕм ис, уый – бирӕ нӕм куы нӕ уа, уӕд дӕр (1 Тим. 6:8).

13 Йесо равдыста, раст диныл чи хӕцы, уый кӕй хъуамӕ уа удуӕлдай адӕймаг. Уыцы миниуӕг дӕр баст у уырнындзинадимӕ (Лук. 9:23, 24). Иуӕй-иу иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц, мӕгуыр цард фӕкӕнынц, стӕй, сӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй сӕм кӕй фӕкӕсынц ӕмӕ сӕ карзӕй кӕй фефхӕрынц, уымӕн фӕбыхсынц (2 Кор. 11:23–27; Рарг. 3:8–10). Ӕрмӕстдӕр фидар уырнындзинады фӕрцы сфӕразынц уыцы фӕлварӕнтӕ ӕмӕ сӕ уый фӕрцы нымайынц сӕхицӕн стыр амондыл дӕр (Иак. 1:2, 3). Фидар уырнындзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы разамындмӕ хъусынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ууыл. Уый нын алкӕддӕр хӕссы арфӕдзинӕдтӕ. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, иузӕрдион чи у, уыдонӕн сӕ лӕвар бирӕ стырдӕр кӕй уыдзӕн, абон рӕстӕгмӕ цы зындзинӕдтӕ ’взарынц, уыдонӕй (Дзут. 11:6).

14. Агары сӕрныллӕгдзинад равдисын цӕмӕн бахъуыди?

14 Ныр та ӕркӕсӕм, сӕрныллӕгдзинад та куыд ’ххуыс кӕны Йегъовӕйы разамындмӕ хъусынӕн. Уый бӕрӕг у Саррӕйы лӕггадгӕнӕг Агары хабарӕй. Саррӕйӕн сывӕллон куы нӕ цыд, уӕд Агары Авраамӕн радта, ӕмӕ Агар басывӕрджын. Уӕд Агар Саррӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Саррӕ дӕр ӕй «райдыдта ӕфхӕрын», ӕмӕ дзы Агар фӕлыгъди. Йегъовӕйы зӕд Агармӕ фӕзынди ӕмӕ йын загъта: «Фӕстӕмӕ дӕ хицау Сарӕмӕ аздӕх ӕмӕ йӕ разы дӕхи ӕрныллӕг кӕн» (Райд. 16:2, 6, 8, 9). Чи зоны, Агары фӕндыд, зӕд ын ӕндӕр уынаффӕ куы радтаид. Цӕмӕй йын зӕд куыд загъта, афтӕ бакодтаид, уый тыххӕй йӕ фервӕзын хъуыди йе ’нӕрвӕссон ахастӕй. Фӕлӕ Агар сӕрныллӕгдзинад равдыста, ӕмӕ зӕды коммӕ бакаст. Ӕмӕ йӕ фырт Измаил райгуырд, тас ын кӕм ницӕмӕй уыдаид, уым – йӕ фыды цатырты.

15. Цӕмӕй Йегъовӕйы разамындмӕ хъусӕм, уый тыххӕй сӕрныллӕгдзинад цавӕр хъуыддӕгты фӕхъӕуы?

15 Цӕмӕй Йегъовӕйы разамындмӕ хъусӕм, уый тыххӕй мах дӕр фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад равдисын. Иуӕй-иуты бахъӕуы сӕ цӕстӕнгас аивын, бирӕ кӕй уарзынц, фӕлӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хиирхӕфсӕнмӕ. Кӕнӕ та чидӕр кӕйдӕр фӕхъыг кодта, ӕмӕ йӕ ныр хъӕуы хатыр ракурын. Йе та цыдӕр раст нӕ бакодта ӕмӕ хъуамӕ йӕ рӕдыд сраст кӕна. Ӕмӕ исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд та? Хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдиса ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй радзура. Кӕйдӕр та, гӕнӕн ис, ацух кодтой ӕмбырдӕй. Цӕмӕй фӕстӕмӕ ’мбырды уӕнгыл нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдиса – йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ зондахаст фӕива. Ахӕм ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты адӕймагӕн баххуыс кӕндзӕн, Ӕмбисӕндты 29:23 цы фыст ис, уый: «Адӕймаджы йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕрсӕтдзӕн, сӕрныллӕг чи у, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы кад».

Йегъовӕ нын разамынд куыд дӕтты?

16, 17. Библи нын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?

16 Хуыцау нын разамынд дӕтты сӕйраджыдӕр йӕ Ныхас Библийы уылты. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.) Библи нын фылдӕр пайда уӕд хӕсдзӕн, зын уавӕры кӕд бахаудзыстӕм, уымӕ куы не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ рагацау Фыстады разамынд куы агурӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм (Пс. 1:1–3). Уӕд-иу ӕнцонтӕй ӕрлӕудзӕн нӕ зӕрдыл, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый. Мах дӕр хъуыды кӕндзыстӕм, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы исты зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд дӕр ӕм цӕттӕ уыдзыстӕм.

17 Уымӕй уӕлдай, тынг ахсджиаг у, Библийы цы кӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй кувын. Библийы стихтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, цавӕрдӕр уавӕрты сӕ куыд ис спайда кӕнӕн, уый (1 Тим. 4:15). Исты зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд Йегъовӕмӕ фӕкувӕм ӕмӕ дзы разамынд фӕкурӕм. Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты, Библийы кӕнӕ нӕ литературӕйы кӕй кастыстӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕй нын нӕ уавӕры чи баххуыс кӕндзӕн, уыдон. (Бакӕс Псалом 25:4, 5.)

18. Йегъовӕ нын разамынд нӕ чырыстон ӕфсымӕрады уылты куыд дӕтты?

18 Йегъовӕ ма нын разамынд дӕтты нӕ чырыстон ӕфсымӕрады уылты дӕр. Сӕйраджыдӕр та, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» номӕй чи дзуры, уыцы Разамонӕг советы уылты. Уый нын афоныл дӕтты монон хӕринаг: мыхуыр кӕны литературӕ ӕмӕ цӕттӕ кӕны ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты программӕтӕ. (Матф. 24:45–47; абар Хъуыддӕгтӕ 15:6, 22–31.) Уымӕй уӕлдай ма не ’хсӕн ис фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ – уыдон нын баххуыс кӕнынц ӕмӕ нын Фыстадмӕ гӕсгӕ уынаффӕ раттынц (Ис. 32:1). Ӕрыгон чырыстӕттӕн ма Хуыцау радта ӕндӕр ӕххуыс дӕр – сӕ уырнӕг ныййарджыты. Уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ разамынд алкӕддӕр агурой уыдонӕй (Еф. 6:1–3).

19. Алкӕддӕр Йегъовӕйы разамынд куы агурӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

19 Йегъовӕ нын разамынд дӕтты алыхуызӕтты, ӕмӕ раст кӕндзыстӕм, алкӕддӕр йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд. Израилӕгтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты, уыцы рӕстӕджы кой кӕнгӕйӕ паддзах Давид загъта: «Дӕуыл сӕ ныфс дардтой нӕ фыдӕлтӕ; сӕ ныфс дыл дардтой, ӕмӕ сӕ ды ирвӕзын кодтай. Дӕумӕ дзынӕзтой ӕмӕ сӕрӕгас уыдысты, дӕуыл сӕ ныфс дардтой ӕмӕ нӕ фӕхудинаг сты» (Пс. 22:3–5). Нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд мах дӕр «нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм». Нӕ ныфс дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн. Нӕ ныфс нӕхи зондыл куы нӕ дарӕм, фӕлӕ нӕ фӕндаг Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд абон дӕр уыдзыстӕм арфӕгонд (Пс. 37:5). Ӕмӕ уыцы фӕндагӕй куы нӕ ахизӕм, уӕд нын Хуыцау арфӕ кӕндзӕн ӕнустӕм дӕр. Паддзах Давид фыста: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн. Ӕнустӕм хъахъхъӕд уыдзысты... Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ йыл ӕнустӕм цӕрдзысты» (Пс. 37:28, 29).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йегъовӕйы разамындыл цӕмӕн ӕууӕндӕм?

• Йегъовӕйы разамындмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

• Чырыстоны сӕрныллӕгдзинад цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы?

• Йегъовӕ нын абон разамынд куыд дӕтты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ хъусыс?

[Ныв 9 фарсыл]

Евӕ Йегъовӕйы йӕ хицауыл нал нымадта

[Ныв 10 фарсыл]

Цавӕр миниуӕг хъуыд Агары, цӕмӕй зӕдмӕ байхъуыстаид?