Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй

Йегъовӕйы Ныхасу ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй

ИОАНН уыди, «Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг». Чырыстийы цард ӕмӕ лӕггады тыххӕй чи фыста, уыдонӕй уыд фӕстаг (Иоан. 21:20). Иоанн йӕ Евангели фыст фӕцис н. э. 98 азы. Уым цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй иннӕ ӕртӕ Евангелийы бирӕты кой нӕй.

Апостол Иоанн йӕ Евангели куы фыста, уӕд йӕ разы уыд бӕлвырд нысан. Мӕнӕ цы загъта: «Адӕттӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй сымах уырна, Йесо кӕй у Чырысти, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ уӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ уын йӕ номы фӕрцы цард уа» (Иоан. 20:31). Иоанны Евангели нын у стыр пайда (Дзут. 4:12).

«УӔРТӔ ХУЫЦАУЫ УӔРЫКК»

(Иоанны 1:1–11:54)

Йесойы фенгӕйӕ Аргъауӕг Иоанн дзуры: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дуне йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн!» (Иоан. 1:29). Йесо цӕуы Самарийыл, Галилейыл, Иудейыл ӕмӕ, Иорданы цӕугӕдоны хурскӕсӕн фарс цы зӕхх ис, ууыл, ӕмӕ хъусын кӕны хорз хабар, адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ диссӕгтӕ аразы. Чи йӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕй йыл бирӕтӕ баууӕндынц (Иоан. 10:41, 42).

Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй иу уыд, Лазӕры кӕй райгас кодта, уый. Цыппар боны мард чи уыд, уыцы адӕймаджы бирӕтӕ ногӕй удӕгасӕй куы федтой, уӕд Йесойыл баууӕндыдысты. Фӕлӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ сфӕнд кодтой Йесойы амарын. Уымӕ гӕсгӕ Йесо «ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ хӕстӕг бӕстӕм, Ефремы сахармӕ» (Иоан. 11:53, 54).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:35, 40 – Аргъауӕг Иоаннимӕ ма Андрейӕ уӕлдай чи лӕууыд? Аргъауӕг Иоанны фыссӕг хоны ӕнӕуи «Иоанн», йӕхи номы кой та иу ран дӕр нӕ кӕны. Уӕдӕ дыккаг ахуыргӕнинаг, ӕвӕццӕгӕн, у, Евангели чи ныффыста, уыцы Иоанн йӕхӕдӕг.

2:20 – Цавӕр кувӕндон арӕзтой цыппор ӕхсӕз азы? Дзуттӕгтӕ кодтой Зоровавелы кувӕндоны кой. Уыцы кувӕндон цалцӕг кодта Иудейы паддзах Ирод. Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ райдыдтой, Ирод паддзах куы сси, уымӕй 18 азы куы рацыд, уӕд, кӕнӕ та н. э. размӕ 18–17 азты. Кувӕндоны сыгъдӕг бынат ӕмӕ йӕ иннӕ сӕйраг хӕйттӕ сцалцӕг кӕныныл ацыд аст азы. Фӕлӕ ма кувӕндоны бӕстыхӕйттӕй иуӕй-иутӕ арӕзт цыдысты н. э. 30 азы Куадзӕны фӕстӕ дӕр – уӕд загътой дзуттӕгтӕ Йесойӕн, зӕгъгӕ, кувӕндон арӕзтой 46 азы.

5:14 – Цымӕ адӕймаг уымӕн фӕрынчын вӕййы, ӕмӕ тӕригъӕд ракӕны? Алы хатт нӕ. Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы нӕлгоймаг 38 азы рынчын уыд, адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый аххосӕй (Иоан. 5:1–9). Йесойы ныхӕстӕ нысан кодтой, ацы нӕлгоймаг, кӕй сдзӕбӕх, уый тыххӕй хъуамӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл цыдаид ӕмӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕд мауал кодтаид, цӕмӕй йыл фыддӕр бӕллӕх ма ’рцыдаид. Фӕстӕдӕр, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд куы ракодтаид, уӕд амардаид ӕмӕ йӕ райгасдзинады ныфс нӕ уыдаид (Матф. 12:31, 32; Лук. 12:10; Дзут. 10:26, 27).

5:24, 25 – Чи сты, мӕлӕтӕй чи аирвӕзт ӕмӕ цардмӕ чи бацыд, уыдон? Йесо дзырдта, раздӕр Хуыцауӕй иппӕрд чи уыд, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕм чи байхъуыста, ӕмӕ йыл чи баууӕндыд ӕмӕ йӕ тӕригъӕдджын фӕндаг чи ныууагъта, уыдоны тыххӕй. Уыдон мӕлӕтӕй цардмӕ уыцы хуызы бацыдысты, ӕмӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар сты ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд ӕнустӕм цӕрыны ныфс (1 Пет. 4:3–6).

5:26; 6:53 – Цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ, «йӕхи мидӕг уа цард», зӕгъгӕ? Йесо Чырыстийӕн уый нысан кӕны, Хуыцау ын кӕй радта хъару, цӕмӕй, фыццаджыдӕр, адӕмӕн Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн баххуыс кӕна, дыккаджы та – адӕмы райгас кӕна, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн та ацы ныхӕстӕ, «йӕхи мидӕг уа цард», зӕгъгӕ, нысан кӕнынц ӕххӕст цардӕй цӕрын. Сӕрст чырыстӕттӕ уыцы цард райсынц, Хуыцау сӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас кӕны, уӕд. Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ та уыцы цард фендзысты, Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон чи уыдзӕн, уыцы фӕстаг фӕлварӕн куы сфӕразой, ӕрмӕстдӕр уӕд (1 Кор. 15:52, 53; Рарг. 20:5, 7–10).

6:64 – Йесо Иудӕ Искариоты куы равзӕрста, уӕд ӕй зыдта, Иудӕ йӕ кӕй ауӕй кӕндзӕн, уый? Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ зыдта. Фӕлӕ иухатт н. э. 32 азы Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Уӕ иу у фыдгойгӕнӕг». Ӕвӕццӕгӕн, уӕд Йесо бафиппайдта, Иудӕ Искариот ӕвзӕр фӕндагыл кӕй слӕууыд, уый (Иоан. 6:66–71).

Зондзонӕнтӕ махӕн

2:4. Йесо Марийӕйӕн бамбарын кодта, донаргъуыд кӕй райста ӕмӕ Хуыцауы сӕрст Фырт кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ йын разамынд кӕй хъуамӕ лӕвӕрдтаид йӕ уӕларвон Фыд. Йесо лӕггад кӕнын нырма уӕд райдыдта, фӕлӕ уӕддӕр хорз зыдта, Хуыцауы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕныны ӕмӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыны рӕстӕг кӕд хъуамӕ ’рцыдаид, уый. Суанг йӕ бинонтӕн дӕр, зӕгъӕм, йӕ мад Марийӕйӕн дӕр, уый бар нӕ уыд, цӕмӕй йӕ хъыгдардтаиккой Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Мах дӕр хъуамӕ ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕ Хуыцауӕн.

3:1–9. Никодимы хабарӕй райсӕн ис дыууӕ зондзонӕны. Никодим, дзуттӕгты разамонджытӕй иу, уыд сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ. Уый равдыста, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый хорз кӕй ӕмбӕрста – хуымӕтӕг хъӕддӕсныйы фырты банымадта Хуыцауӕй ӕрвыст ахуыргӕнӕгыл. Сӕрныллӕгдзинад абон дӕр хъӕуы ӕцӕг чырыстӕтты. Фӕлӕ ма Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Никодим йӕ ахуыргӕнинаг не сси. Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ тарст адӕмӕй, нӕ йӕ фӕндыд, Синедрионы йын цы кадджын бынат уыди, уый фесафын, йе та, хъӕздыгдзинад кӕй уарзта, уый тыххӕй. Ацы хабар нын у хорз зондзонӕн: ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ хъуамӕ ма бахъыгдарой нӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсын ӕмӕ ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын (Лук. 9:23).

4:23, 24. Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ лӕггадӕй разы уа, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм, Библийӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ хъусӕм сыгъдӕг уды разамындмӕ.

6:27. «Сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл» фыдӕбон кӕнын нысан кӕны архайын, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонӕм. Уымӕй кӕнгӕ у амонд (Матф. 5:3).

6:44. Йегъовӕ тыхсы махӕй алкӕуылдӕр. Уый нӕ йӕ Фыртмӕ ’ввахс кӕны хорз хабары фӕрцы, стӕй нын сыгъдӕг уды уылты Библийы ӕцӕгдзинад ӕмбарынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы.

11:33–36. Адӕймаг йе ’нкъарӕнтӕ ӕвдиса, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ лӕмӕгъ у.

ДАРДДӔР ДӔР ЙӔ ФӔДЫЛ ЦУ

(Иоанны 11:55–21:25)

Н. э. 33 аз. Ӕрӕввахс кӕны Куадзӕн, ӕмӕ Йесо фӕстӕмӕ Вифанимӕ ’рцыд. 9 нисаны къӕлӕуыл бацыд Иерусалиммӕ. 10 нисаны Йесо ногӕй бацыд кувӕндонмӕ. Уым кувы, цӕмӕй йӕ Фыды ном скадджын уа, ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоан. 12:28).

Куадзӕны рӕстӕджы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕтты фӕстаг амындтӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ кувы уыдоны тыххӕй. Фӕстӕдӕр ӕй йе знӕгтӕ ’рцахстой, хъизӕмӕрттӕ йын бавзарын кодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой, уый фӕстӕ йӕ Хуыцау райгас кодта.

Фарстытӕн дзуаппытӕ

14:2 – Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн уӕлӕрвты бынат куыд хъуамӕ ’рцӕттӕ кодтаид? Йесо хъуамӕ сфидар кодтаид ног бадзырд, уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы размӕ бацыдаид ӕмӕ йӕм йӕ туджы аргъ бахастаид. Чырысти ма хъуамӕ райстаид паддзахы бартӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъуамӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты уӕларвон цардмӕ ӕгас кӕнын райдыдтаид (1 Фес. 4:14–17; Дзут. 9:12, 24–28; 1 Пет. 1:19; Рарг. 11:15).

19:11 – Йесо Пилатӕн, «мӕн дӕ къухмӕ чи радта», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд Иудӕ Искариоты кой кодта? Йесо ӕрмӕст Иудӕ кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр адӕймаджы кой нӕ кодта, фӕлӕ йӕ марынмӕ чи радта, ӕппӕт уыдоны кой. Иудӕйӕ уӕлдай ма дзы уыдысты «сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон ӕгасӕй дӕр», стӕй ма сауджынтӕ кӕй сардыдтой, зӕгъгӕ, дзурут, цӕмӕй Вараввӕйы рауадза, уыцы адӕм дӕр (Матф. 26:59–65; 27:1, 2, 20–22).

20:17 – Йесо Марийӕ Магдалинӕйӕн цӕмӕн загъта, «ма мыл хӕц», зӕгъгӕ? Марийӕ Йесойыл, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн хӕцыд, ӕмӕ ӕнхъӕлдта, ныртӕккӕ уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ кӕй никуыуал фендзӕн. Уӕлӕрвтӕм нырма кӕй нӕ цӕуы, уый цӕмӕй Марийӕйы бауырныдтаид, уый тыххӕй йын Йесо загъта, зӕгъгӕ мыл ма хӕц, фӕлӕ ацу ӕмӕ ӕфсымӕртӕн радзур, кӕй райгас дӕн, уый тыххӕй.

Зондзонӕнтӕ махӕн

12:36. Цӕмӕй «рухсы хъӕбултӕ», кӕнӕ рухсхӕсджытӕ, суӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа раст зонындзинӕдтӕ Хуыцауы Ныхас Библийӕ. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ уыцы зонындзинӕдтӕй пайда кӕнӕм, цӕмӕй адӕмӕн талынгӕй Хуыцауы рухсмӕ цӕуынӕн ӕххуыс кӕнӕм.

14:6. Хуыцауы хорзӕх ссарын нӕ бон у ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы уылты. Йегъовӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд баввахс уыдзыстӕм, Йесойыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм (1 Пет. 2:21).

14:15, 21, 23, 24. Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ Хуыцау дӕр ӕмӕ йӕ Фырт дӕр уарздзысты (1 Иоан. 5:3).

14:26; 16:13. Йегъовӕйы сыгъдӕг уд нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ, цы базыдтам, уыдӕттӕ нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны. Уый ма нын ӕргом кӕны Библийы ӕцӕгдзинӕдтӕ. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕной, зондджындӕр кӕнӕм, ӕмбаргӕ ӕмӕ арфуынӕг суӕм, хъуыды кӕнын сахуыр уӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр кувӕм ӕмӕ дзы сыгъдӕг уд курӕм (Лук. 11:5–13).

21:15, 19. Йесо Петры куы бафарста, зӕгъгӕ мӕ «адонӕй» фылдӕр уарзыс, уӕд ын дзырдта, сӕ разы цы кӕсӕгтӕ уыд, уыдоны тыххӕй. Уымӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, цӕмӕй Петр равзӕрстаид, йӕ рӕстӕг иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ратдзӕн ӕви кӕсагахсыны хъуыддагӕн. Уӕдӕ, Иоанны Евангели кӕй равзӕрстам, уый нын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй Йесойыл ноджы ӕнувыддӕр уӕм, уарзӕм ӕй ӕмӕ уыцы уарзондзинад ӕрмынӕг кӕнын мацӕмӕн бауадзӕм – тынг зынаргъ нын цы у, уымӕн дӕр. Цӕй ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ дарддӕр дӕр йӕ фӕдыл цӕуӕм.

[Ныв 31 фарсыл]

Никодимы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?