Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

• Стъалыдӕснытӕ Йесомӕ кӕд ӕрбацыдысты?

Библийы тӕлмацтӕй иуы фиппаинаджы фыст ис: «Йесо цы ӕхсӕв райгуырд, стъалыдӕснытӕ йӕм уыцы ӕхсӕв не ’рбацыдысты, ӕрбацыдысты йӕм ӕрмӕст фыййӕуттӕ. Стъалыдӕснытӕ та ӕрбацыдысты, сывӕллоны райгуырдыл дзӕвгар куы рацыд, уӕд». Уӕдмӕ гыццыл Йесо цард йӕ хӕдзары (Матф. 2:7–11). Йесо куы райгуырд, уыцы ’хсӕв стъалыдӕснытӕ сызгъӕринтимӕ ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ лӕвӕрттимӕ куы ’рбацыдаиккой, уӕд цымӕ Марийӕ 40 боны фӕстӕ кувӕндоны нывондӕн дыууӕ бӕлоны ӕрхастаид? (январь–мартъи, 31 фарс).

• Бирӕтӕ сӕ цард куыд фӕхуыздӕр кодтой?

Адӕймагӕн йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕ бон у мӕ уавӕртӕ аивын ӕмӕ мӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын?» Эмийы бон баци. Хъуаг ӕппындӕр ницӕмӕй уыд, фӕлӕ амондджын нӕ уыд. Уый бамбӕрста, ацы дунейы уӕлдӕр бынатмӕ схизынмӕ кӕй тырныдта, уый аххосӕй, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты сӕвӕрдта ӕмӕ ныр лӕггад кӕны пионерӕй. Эми дзуры: «Мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр куыстыл куы цыди, уӕд афтӕ амондджын никуы уыдтӕн» (15.1., 19 фарс).

• Иуӕй-иу мадӕлтӕн стыр удӕнцой цы фӕцис?

Бирӕ мадӕлтӕ кӕнынц кусгӕ. Иуӕй-иутӕ кусынц уый тыххӕй, цӕмӕй, сӕ бинонты ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый фаг сӕм ӕхца уа, иннӕтӕ та – цӕмӕй макӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсой кӕнӕ сӕхицӕн зынаргъ дзаумӕттӕ ’лхӕной. Ис ма ахӕмтӕ дӕр, йӕ куыст бирӕ чи уарзы. Чырыстон ӕгъдау куыд домы, уымӕ гӕсгӕ мадыл ис стыр хӕс, уӕлдайдӕр та, сывӕллон гыццыл куы уа, уӕд. Иуӕй-иутӕ сӕ куысты рӕстӕг фӕкъаддӕр кодтой кӕнӕ та сӕ куыст бынтондӕр ныууагътой, цӕмӕй сын сӕ бинонтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид, ӕмӕ сын уый стыр удӕнцой фӕцис (апрель–июнь, 28–31 фӕрстӕ).

Матфейы 24:34 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесо «ацы дуджы адӕм» кӕй хуыдта?

Йесо ныхӕстӕй, «ацы дуджы адӕм», кӕнӕ «ацы фӕлтӕр», зӕгъгӕ, пайда кодта фыдадӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ кӕнӕ уыдоны кой кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ (тагъд сыгъдӕг удӕй сӕрст чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдонимӕ) куы ныхас кодта, уӕд дӕр спайда кодта ацы ныхӕстӕй, ӕцӕг ын ныр уыд ӕндӕр нысаниуӕг. Ӕрмӕстдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыдаид сӕ бон раст хатдзӕг скӕнын, Матфейы 24:32, 33 цӕй кой цӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ Йесо «ацы дуджы адӕм», зӕгъгӕ, схуыдта йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты – фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр (15.2., 23, 24 фӕрстӕ).

Иаковы 3:17 гӕсгӕ нӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа?

Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фыддзинадмӕ ӕмгӕрон дӕр ма цӕуӕм (Райд. 39:7–9). Хъуамӕ уӕм фарнуарзаг, нӕхи хизӕм хылтӕй ӕмӕ нын нӕ фарн чи фехала, уыцы митӕй. Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ йӕхи куы бафӕрсид: «Фарнуарзагӕй мӕ зонынц ӕви фарнхалӕгӕй? Цымӕ иннӕтимӕ арӕх фӕбыцӕу вӕййын? Ӕнцонтӕй фӕхӕрам вӕййын искӕмӕ кӕнӕ арӕх фӕхъыг кӕнын иннӕты? Ӕви цӕттӕ вӕййын ныххатыр кӕнынмӕ ӕмӕ мӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууын?» (15.3., 24, 25, фӕрстӕ).