Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд, уӕ зӕрдыл дарут уе Сфӕлдисӕджы

Фӕсивӕд, уӕ зӕрдыл дарут уе Сфӕлдисӕджы

Фӕсивӕд, уӕ зӕрдыл дарут уе Сфӕлдисӕджы

«Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕджы де ’рыгон бонты» (ЕККЛ. 12:1).

1. Йегъовӕ йе ’рыгон лӕггадгӕнджытыл йӕ зӕрдӕ кӕй дары, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ цӕсты ӕрыгӕттӕ сты рӕсугъд ӕмӕ сӕууон ӕртӕхау ӕхсызгон. Рагзаманты Йегъовӕ загъта, йӕ Фырт йе ’фсад куы ракӕна, уӕд лӕппу ӕмӕ чызг фӕсивӕд цӕттӕ кӕй уыдзысты Чырыстийӕн лӕггад кӕнынмӕ (Пс. 110:3). Ацы пехуымпарад хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы куы ницӕмӕ дарой, хиуарзон, ӕхцауарзаг ӕмӕ ӕгоммӕгӕс куы уой, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, йе ’рыгон лӕггадгӕнджытӕ ахӕм кӕй нӕ уыдзысты. Не ’рыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, куыд тынг уыл дары Хуыцау йӕ зӕрдӕ!

2. Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дарай, уый цы нысан кӕны?

2 Ахъуыды-ма кӕн, куыд фӕцин кӕны Йегъовӕ, фӕсивӕд се Сфӕлдисӕджы сӕ зӕрдыл кӕй дарынц, уый уынгӕйӕ (Еккл. 12:1). Фӕлӕ, Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дар, зӕгъгӕ, уый афтӕ ’мбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ ӕрмӕст хъуамӕ дӕ хъуыдыйы дарай. Хъӕуы ма дзы хъуыддӕгтӕ дӕр – йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Уымӕй уӕлдай ма йыл хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ зонӕм, нӕ хорздзинад ӕй кӕй фӕнды (Пс. 37:3; Ис. 48:17, 18). Ахӕм цӕстӕй кӕсыс де Сфӕлдисӕгмӕ ды дӕр?

«Дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл»

3, 4. Йесо йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд ӕмӕ йыл мах дӕр нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

3 Йесо Чырыстийы хуызӕн Йегъовӕйыл йӕ ныфс ничи дардта. Йӕ цардыл ӕххӕст кодтой Ӕмбисӕндты 3:5, 6 ныхӕстӕ: «Дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн». Йесойы донаргъуыдӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Сайтан архайын райдыдта, цӕмӕй йӕ фӕрӕдийын кодтаид, ӕмӕ йын уый тыххӕй лӕвӕрдта ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ кады фидыцимӕ (Лук. 4:3–13). Фӕлӕ йын Йесо йӕхи сайын нӕ бауагъта. Зыдта, «хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» ӕрмӕст, «сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый [кӕй] ссардзӕн» (Ӕмб. 22:4).

4 Адӕм абоны хуызӕн зыд ӕмӕ хиуарзон никуы уыдысты. Ӕмӕ ахӕмты ’хсӕн кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, Йесойы куы фӕзмиккам. Рох дӕ ма уӕд уый дӕр, Сайтан цыфӕнды дӕр кӕй бакӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕиппӕрд кӕна раст фӕндагӕй – цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагӕй. Йе стырдӕр бӕллиц у, адӕм иууылдӕр мӕлӕтмӕ кӕнӕг уӕрӕх фӕндагыл куы цӕуиккой. Ма йын бауадз дӕхи сайын! Ӕдзух дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕджы! Дӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр дар ӕмӕ фидар хӕц, тынг тагъд чи ӕрцӕудзӕн, уыцы «ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:19).

Фӕсивӕд, зондджын ут!

5. Ацы дунейы фидӕны тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

5 Йе Сфӕлдисӕджы йӕ зӕрдыл чи дары, уыцы фӕсивӕд, се ’мгӕрттимӕ абаргӕйӕ, сты бирӕ зондджындӕр. (Бакӕс Псалом 119:99, 100.) Уыдон цардмӕ кӕсынц Хуыцауы цӕстӕй ӕмӕ хорз ӕмбарынц, ацы дунейӕн фидӕн кӕй нӕй. Кӕд дыл бирӕ нӕма цӕуы, уӕддӕр ӕй уыныс, адӕм тынгӕй-тынгдӕр кӕй тӕрсынц ӕмӕ кӕй мӕт кӕнынц, сомбон цы уыдзӕн, зӕгъгӕ. Скъолайы, ӕвӕццӕгӕн, фехъусыс, ӕрдз кӕй чъизи кӕнынц, климӕт кӕй фӕхъармдӕр, хъӕдтӕ кӕй цӕгъдынц ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Адӕмӕн уыдӕттыл сӕ зӕрдӕ тынг риссы. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, уыдӕттӕ иууылдӕр, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уымӕ кӕй амонынц (Рарг. 11:18).

6. Фӕсивӕдӕй иуӕй-иуты цы фӕсайдта?

6 Хъыгагӕн, Хуыцауы ӕрыгон лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ айрох кодтой, ацы дунейӕн бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад (2 Пет. 3:3, 4). Иннӕтӕ та уӕззау тӕригъӕд ракодтой, ӕвзӕр адӕмимӕ кӕй слымӕн сты кӕнӕ хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕм кӕсыныл кӕй фӕцайдагъ сты, уый аххосӕй (Ӕмб. 13:20). Куыд ӕнӕзонд ми уаид Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуын, кӕрон афтӕ хӕстӕг куы у, уӕд! Ӕркӕс-ма, н. э. размӕ 1473 азы израилӕгтыл цы ’рцыд, уымӕ. Уыцы заман уыдон сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Моавы дӕлвӕзты, тӕккӕ дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуӕны. Цы сыл ӕрцыд уӕд?

Бабын сты, бирӕ сӕ куы нал хъуыди, уӕд

7, 8. а) Моавы дӕлвӕзты Сайтан цы бакодта? ӕ) Абон Сайтан куыд архайы?

7 Уыцы рӕстӕг Сайтаны тынг фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕвӕрд бынтӕ ма райстаиккой. Уый фӕндыд, цӕмӕй пехуымпар Валаам Хуыцауы адӕмы ралгъыстаид, фӕлӕ йӕ фӕндӕй ницы рауад. Уӕд Сайтан ӕрымысыд ноджы хиндӕр ми: афтӕ бакодта, цӕмӕй израилӕгтӕ Йегъовӕйы арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой. Моавы рӕсугъд ӕмӕ хӕлд сылгоймӕгтӕ сӕ фӕсайдтой, ӕмӕ ацы хатт Хӕйрӕгӕн фылдӕр бантыст. Израилы нӕлгоймӕгтӕ райдыдтой моавитаг сылгоймӕгтимӕ хӕтын ӕмӕ Фегоры Ваалӕн кувын. Сӕ диссаджы бынтӕм, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ сӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд израилӕгтӕй 24 мины бӕрц сӕхи бабын кодтой. Уымӕй стырдӕр бӕллӕх ма цы уа! (Нымӕц. 25:1–3, 9).

8 Хуыцау махӕн зӕрдӕ бавӕрдта бирӕ хуыздӕр «зӕххӕй» – ног дунейӕ. Ӕмӕ абон мах лӕууӕм йӕ къӕсӕрыл. Ӕмӕ та Сайтан ногӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕм ӕнӕгъдаудзинады къӕппӕджы баппара. Ацы дунейы ӕгъдау нал ис, хӕтындзинад худинаг нал у ӕмӕ, дыууӕ сылгоймаджы кӕнӕ дыууӕ нӕлгоймаджы лӕг ӕмӕ усы цард кӕной, уый диссаг дӕр никӕмӕуал кӕсы – алкӕмӕндӕр йӕ бар йӕхи у, зӕгъгӕ. Мӕнӕ цы дзуры иу хо: «Мӕ сывӕллӕттӕ ӕрмӕст хӕдзары ӕмӕ Паддзахады залы фехъусынц, гомосексуализм ӕмӕ хӕтындзинад Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг кӕй сты».

9. «Ӕгӕр ӕрыгонӕй» адӕймагмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ вӕййы ӕмӕ йын сӕ рохтыл хӕцынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

9 Се Сфӕлдисӕджы сӕ зӕрдыл цы чырыстон фӕсивӕд дарынц, уыдон зонынц, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн сусӕг ахастытӕ кӕй сты Хуыцауы диссаджы лӕвар – баст сты цардимӕ ӕмӕ зӕнӕг кӕнынимӕ. Уыдон ӕмбарынц, Хуыцау куыд загъта, афтӕмӕй ахӕм ахастытӕ кӕй хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн (Дзут. 13:4). Фӕлӕ «ӕгӕр ӕрыгонӕй», буары монцтӕ тынг тыхджын куы вӕййынц ӕмӕ адӕймаджы раст хъуыды кӕнын куы нӕ фӕуадзынц, уӕд тынг зын вӕййы сыгъдӕгӕй баззайын (1 Кор. 7:36). Цы у дӕ бон бакӕнын, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕм куы фӕзына, уӕд? Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, сыгъдӕг цы у, ууыл хъуыды кӕнынӕн. Йегъовӕ алкӕддӕр хъусы, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕм чи кувы, уыдоны. (Бакӕс Лукайы 11:9–13.) Ахӕм хъуыдытӕй фервӕзынӕн ма дын баххуыс кӕндзӕн, искӕимӕ куы ныхас кӕнай, сыгъдӕг цы у ӕмӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, уыцы хъуыддӕгтыл.

Раст нысӕнттӕ ӕвӕр дӕ разы!

10. Цавӕр зондахастӕй нӕ хъӕуы нӕхи хизын ӕмӕ нӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

10 Ацы дунейы фӕсивӕдӕй бирӕтӕ сӕхицӕн «нӕ» ницӕмӕй дзурынц ӕмӕ сӕ буары монцты фӕдыл цӕуынц. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ цӕрынц ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ныфс нӕй (Ӕмб. 29:18). Сты, Исайы бонты чи цард, уыцы ӕнӕхуыцау израилӕгты хуызӕн. Уыдоны дӕр ӕндӕр ницы хъуыди, ӕрмӕст цӕмӕй «хъӕлдзӕг уыдаиккой ӕмӕ цин кодтаиккой... дзидза хордтаиккой ӕмӕ сӕн нуӕзтаиккой» (Ис. 22:13). Ахӕм адӕммӕ хӕлӕг кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид хъуыды кӕнын нӕ диссаджы ныфсыл – Йегъовӕ йӕ иузӕрдион адӕмӕн цы ’рцӕттӕ кодта, ууыл. Ног дунемӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Дӕ тых, дӕ бонӕй архайыс, цӕмӕй «уай ӕмбаргӕ... цалынмӕ дӕ диссаджы ныфс нӕ сӕххӕст уа», уӕдмӕ? (Тит. 2:12, 13). Ацы фарстытӕн цы дзуаппытӕ раттай, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, цы нысӕнттӕ ӕвӕрыс дӕ разы ӕмӕ дын царды сӕйрагдӕр цы у, уый.

11. Ӕрыгон чырыстӕттӕ скъолайы хорз цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной?

11 Ацы дунейы фӕнды, фӕсивӕд ын се ’рыгон хъарутӕ иууылдӕр куы дӕттиккой. Кӕд нырма скъолайы ахуыр кӕныс, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ архайай, цӕмӕй хорз ахуыр кӕнай. Фӕлӕ хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, дӕ нысан ӕрмӕст хорз куыст ссарын кӕй нӕу. Хъуамӕ дӕ бон уа ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Паддзахады хабар хъусын кӕнынмӕ арӕхсын. Уый тыххӕй та хъуамӕ сахуыр уай иннӕтимӕ ныхас кӕнын, раст хатдзӕгтӕ кӕнын, стӕй сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй дӕ хъуыдытӕ ӕмбарын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр чырыстон фӕсивӕд ӕппӕты хуыздӕр ахуырад райсынц ӕмӕ сӕ фидӕнӕн хорз бындур сӕвӕрынц, Библи куы фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕ цард йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕаразынц, уӕд. (Бакӕс Псалом 1:1–3.) *

12. Чырыстон ныййарджытӕ кӕй хъуамӕ фӕзмой?

12 Рагон Израилы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынмӕ сӕ хъус тынг дардтой. Амыдтой сын алцыдӕр, уӕлдайдӕр та Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ Хуыцауӕн кувын куыд хъӕуы, уый (Дык. з. 6:6, 7). Йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм хистӕртӕм чи хъуыста, уыцы сывӕллӕттӕм-иу ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ нӕ уыд. Уыдон-иу ссардтой зонд, систы-иу ӕмбаргӕ ӕмӕ-иу базыдтой арф хъуыды кӕнын. Ацы диссаджы миниуджытӕ адӕймагмӕ фӕзынынц, Хуыцау цы ахуырад дӕтты, уый фӕрцы (Ӕмб. 1:2–4; 2:1–5, 11–15). Чырыстон бинонтӕ дӕр ахуырадмӕ хъуамӕ кӕсой ахӕм цӕстӕй.

Чи дӕ уарзы, уыдонмӕ хъус

13. Цавӕр уынаффӕтӕ фӕдӕттынц иуӕй-иу ӕрыгӕттӕн ӕмӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уой?

13 Ӕрыгӕттӕн уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ вӕййы. Уыдонмӕ хауынц сӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр. Фӕнды сӕ, цӕмӕй сӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ацы дунейы бирӕ бантыса. Фӕлӕ тагъд ма кӕн. Хуыцаумӕ скув ӕмӕ дын цы дзурынц, уый абар, Хуыцауы Ныхасы, стӕй ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы цы фыст ис, уыимӕ. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтай, Сайтан сӕйраджыдӕр кӕй хъавы, ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд чи у, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, Едемы цӕхӕрадоны ӕвӕлтӕрд Евӕ байхъуыста Сайтанмӕ, ӕцӕгӕлонмӕ, ӕппындӕр ыл чи нӕ мӕт кодта, уымӕ. Йегъовӕ та иу ӕмӕ дыууӕ хъуыддагӕй нӕ равдыста, кӕй йӕ уарзы, уый. Уӕдӕ йӕ чи уарзта, уымӕ куы байхъуыстаид, уӕд йӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон ацыдаид (Райд. 3:1–6).

14. Цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм Йегъовӕмӕ ӕмӕ нӕ уырнӕг ныййарджытӕм?

14 Де Сфӕлдисӕг дӕу дӕр бирӕ уарзы ӕмӕ дӕ йӕхицӕн ницы агуры. Фӕнды йӕ, цӕмӕй ӕрмӕст абон ма уай амондджын, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр! Фӕлмӕн ныййарӕгау дыл тыхсы, ӕмӕ дӕуӕн дӕр ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуры: «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл» (Ис. 30:21). Кӕд дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕ уарзынц, уӕд уый стыр арфӕдзинад у. Дӕ разы исты нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд сын сӕ ныхасмӕ байхъус (Ӕмб. 1:8, 9). Уыдоны фӕнды, цӕмӕй ссарай цард – ацы дунейы хъӕздыгдзинад ӕмӕ кадӕй бирӕ зынаргъдӕр цы у, уый (Матф. 16:26).

15, 16. а) Цавӕр ныфс нӕ ис Йегъовӕйӕ? ӕ) Варухы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 Йе Сфӕлдисӕджы йӕ зӕрдыл чи дары, уыдон кӕнынц хуымӕтӕг цард, зонынц ӕй, Йегъовӕ сӕ кӕй «никуы... ныууадздзӕн» ӕмӕ сӕ кӕй «никуы ферох кӕндзӕн». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.) Ахӕм раст зондахастӕн дунейы зондимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй мах дӕр дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм (Еф. 2:2). Ӕркӕсӕм Варухы хабармӕ. Варух уыд Йеремийы писыр ӕмӕ цард уӕззау рӕстӕг – н. э. размӕ 607 азы знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уый размӕ.

16 Ӕвӕццӕгӕн, Варух бабӕллыд хуыздӕр цардмӕ. Йегъовӕ уый бафиппайдта ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, цӕмӕй йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» ма домдтаид. Варухмӕ разынд фаг сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ зонд: Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд фервӕзт (Йер. 45:2–5). Варухы рӕстӕг чи цард, уыдонӕй та бирӕтӕ ӕрӕмбырд кодтой «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ», ома бирӕ мулк, фӕлӕ Йегъовӕйы ферох кодтой. Ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр сӕ мулк иууылдӕр халдейӕгты (вавилойнӕгты) амӕттаг бацис. Бирӕтӕ дзы мӕлгӕ дӕр акодтой (2 Аз. 36:15–18). Варухы хабарӕй уынӕм, Хуыцауы хӕлар уай, уый бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у ацы дунейы хъӕздыгдзинад ӕмӕ кадӕй.

Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут

17. Йесо, Павел ӕмӕ Тимофей Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн абон фӕзминаг цӕмӕй сты?

17 Хуыцауы Ныхас нын ӕххуыс кӕны царды фӕндагыл цӕуынӕн: бирӕ фӕзминаг адӕмы кой нын кӕны. Зӕгъӕм, Йесойӕ курдиатджындӕр адӕймаг никуы уыд, фӕлӕ йын ӕппӕты сӕйрагдӕр уыди, адӕмӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ цы ’рхастаид, уый – «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Лук. 4:43). Апостол Павелы дӕр фӕндыд, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый Йегъовӕйӕн дӕттын. Уый тыххӕй йӕ къух систа, разӕй йӕм цы кад ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ сарӕзта хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Тимофей фӕзмыдта Павелы ӕмӕ йын «уырнындзинады фӕрцы... ӕцӕг хъӕбулау... сси» (1 Тим. 1:2). Цымӕ Йесо, Павел ӕмӕ Тимофей, ахӕм цард кӕй равзӕрстой, ууыл фӕфӕсмон кодтой? Ӕппындӕр нӕ! Павел ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цӕй стыр кад у, уыимӕ абаргӕйӕ ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ иууылдӕр сты «бырон» (Фил. 3:8–11).

18. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр йӕ царды цы аивта ӕмӕ ууыл цӕуылнӕ фӕсмон кӕны?

18 Абон чырыстон фӕсивӕдӕй бирӕтӕ фӕзмынц Йесо, Павел ӕмӕ Тимофейы уырнындзинад. Мӕнӕ цы дзуры, хорз куыст кӕмӕн уыд, иу ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр: «Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цардтӕн, уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕбынӕй куыстон ӕмӕ мӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ уӕлдӕр бынатмӕ раивтой. Ӕхцахъуаг бӕргӕ нӕ уыдтӕн, фӕлӕ мӕм афтӕ каст, цыма дымгӕ ахстон. Куыстуаты хистӕртӕм бацыдтӕн ӕмӕ сын загътон, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды. Цӕмӕй баззадаин, уый тыххӕй мын уайтагъд ныфс бавӕрдтой, мӕ мызд мын кӕй фӕфылдӕр кӕндзысты. Фӕлӕ мӕ фӕнд нӕ аивтон. Бирӕтӕ йӕ нӕ бамбӕрстой, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй ахӕм хорз куыст куыд ныууагътон, уый. Ӕз та афтӕ уымӕн бакодтон, ӕмӕ мӕ фӕнды, Хуыцауӕн цы дзырд радтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Ныр мын ӕппӕты сӕйрагдӕр у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ ныр куыд амондджын дӕн ӕмӕ мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ куыд райы, уый мын ницавӕр ӕхца ӕмӕ кад радтаиккой».

19. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цавӕр зондджын уынаффӕ у рахӕссын?

19 Ӕгас дунейы ӕрыгӕттӕй минтӕ рахастой ахӕм зондджын уынаффӕ. Фӕсивӕд, уӕ фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ, уӕ зӕрдыл дарут Йегъовӕйы бон! (2 Пет. 3:11, 12) Ацы дунейы бирӕ кӕй хъӕуы, уыцы адӕммӕ ма хӕлӕг кӕнут, фӕлӕ уӕ ӕцӕгдӕр чи уарзы, уыдонмӕ хъусут. Ӕмбырд кӕнут «хӕзнатӕ... уӕлӕрвты», уымӕн ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ницы ис ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ссардзыстут ӕнусон цард. (Матф. 6:19, 20; бакӕс 1 Иоанны 2:15–17.) Уӕдӕ уе Сфӕлдисӕджы уӕ зӕрдыл дарут, ӕмӕ уын арфӕ кӕндзӕн.

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ куыст ӕвзарыны тыххӕй кӕс 2005 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 27–32 фф.

Хъуыды ма кӕныс?

• Нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

• Цавӕр ахуырад у ӕппӕты хуыздӕр?

• Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Варухы хабарӕй?

• Фӕзминаг нын чи сты ӕмӕ цӕмӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Йегъовӕ дӕтты ӕппӕты хуыздӕр ахуырад

[Ныв 15 фарсыл]

Варух Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд фервӕзт. Йӕ хабарӕй йын цӕуыл ахуыр кӕныс?