Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмкъайад ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ацы фӕстаг бонты

Ӕмкъайад ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ацы фӕстаг бонты

Ӕмкъайад ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ацы фӕстаг бонты

«Рӕстӕг бирӕ нал баззад» (1 КОР. 7:29).

1. а) Ацы «тынг уӕззау рӕстӕджы» царды цы ивы? ӕ) Бинонтӕ кӕрӕдзи кӕй нал ӕмбарынц, ууыл нӕ цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ рагацау фыст ӕрцыд, «кӕроны рӕстӕджы» кӕй уыдзӕн хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ (Дан. 8:17, 19; Лук. 21:10, 11). Библи ма дзырдта, уыцы «тынг уӕззау рӕстӕджы» адӕм тынг кӕй аивдзысты ӕмӕ уый кӕй фӕзындзӕн бинонты цардыл дӕр – кӕрӕдзи нал ӕмбардзысты (2 Тим. 3:1–4). Цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм уыдӕттыл мах дӕр? Ацы «фӕстаг бонты» цард дӕр ӕмӕ адӕмы зондахаст дӕр тынг ивынц. Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ уый фӕзына, чырыстӕттӕ ӕмкъайадмӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл. Куыд?

2. Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕмкъайадмӕ ӕмӕ хицӕн кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

2 Хицӕн кӕнын абон бирӕтӕм ӕппындӕр ницыуал кӕсы. Бирӕ бӕстӕты фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, чи ахицӕн, ахӕм бинонты нымӕц. Фӕлӕ мах хъуамӕ рох ма кӕнӕм, Хуыцау ӕмкъайадмӕ ӕмӕ хицӕн кӕнынмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсы. Уӕдӕ цы цӕстӕй кӕсы Йегъовӕ ӕмкъайадмӕ?

3. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕмкъайадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

3 Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус, чындзӕхсӕвы бон кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый макуы фӕсайой. Фыццаг нӕлгоймагӕн ус куы радта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаг... баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Фӕстӕдӕр Йесо Чырысти уыцы ныхӕстӕ адӕмы зӕрдыл ногӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ сӕм стӕй бафтыдта: «Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд». Йесо ма афтӕ дӕр загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Райд. 2:24; Матф. 19:3–6, 9). Уӕдӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы хъуыдымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус иумӕ хъуамӕ цӕрой цӕрӕнбонтӕм – мӕлӕт йеддӕмӕ сӕ хъуамӕ мацы ахицӕн кӕна (1 Кор. 7:39). Хуыцау ӕмкъайад табуйагыл кӕй нымайы, уымӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны, лӕг ӕмӕ усӕн Фыстадмӕ гӕсгӕ бындур куы нӕ уа, афтӕмӕй куы ахицӕн уой, уыцы хъуыддагӕй *. (Бакӕс Малахи 2:13–16; 3:6.)

Ӕмкъайадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй

4. Ус курыныл (мой кӕныныл) чи фӕтагъд кодта, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕфӕсмон кодтой?

4 Ацы ӕнӕхуыцау дуне у тынг хӕлд. Алы бон дӕр ӕмӕ алырдыгӕй дӕр адӕймаджы алыхуызон нывтӕй ӕнӕгъдау митӕм цыбӕл кӕнынц. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уый махыл нӕ фӕзындзӕн. Ӕмӕ уӕлдай тӕссагдӕр та у ӕмбырды фӕсивӕдӕн. Адӕймаджы фӕндгӕ дӕр куы нӕ кӕна, уӕддӕр ын ацы дуне йӕ буары монцтӕ цырен кӕндзӕн. Ӕрыгӕттӕ уыцы ӕндӕвдадӕй сӕхи куыд бахизой? Иуӕй-иутӕ хӕрзӕрыгонӕй ус ракуырдтой (смой кодтой). Афтӕмӕй сӕ фӕндыд сӕхи хӕтындзинадӕй бахъахъхъӕнын. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи фӕсмонӕй хӕрын райдыдтой. Цӕмӕн? Сӕ фыццаг цинтӕ куы фесты, уӕд бамбӕрстой, ӕмхуызонӕй сӕм ӕппындӕр кӕй ницы ис ӕмӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгты дӕр цардмӕ иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц. Диссаг нӕу, ахӕм бинонтӕн ӕнцон кӕй нӕ вӕййы.

5. Цы баххуыс кӕндзӕн лӕг ӕмӕ усӕн, цӕмӕй, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый ма фӕсайой?

5 Дӕ цардӕмбал чырыстон дӕр куы уа, фӕлӕ йын ды куыд ӕнхъӕл уыдтӕ, ахӕм куы нӕ разына, уӕд дын йемӕ цӕрын ӕнцон нӕ уыдзӕн (1 Кор. 7:28). Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ уавӕр цыфӕнды уӕззау ма уа, уӕддӕр уыдон зонынц: Библимӕ гӕсгӕ сын хицӕн кӕныны бар куы нӕ уа, афтӕмӕй куы ахицӕн уой, уӕд уый раст нӕ уыдзӕн. Тынг чи архайы, цӕмӕй йӕ бинонты цард бахъахъхъӕна ӕмӕ, йӕ къайӕн цы дзырд радта, уый ма фӕсайа, уыдонӕн та хъӕуы аргъ кӕнын ӕмӕ ӕххуыс кӕнын *.

6. Ӕрыгӕттӕ ус курынмӕ (мой кӕнынмӕ) цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

6 Чи зоны, нырма ӕрыгон дӕ ӕмӕ ус нӕма ракуырдтай (мой нӕма скодтай). Ацы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай? Цалынмӕ дӕ рӕзгӕ карӕй ахизай, раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уай ӕмӕ дӕ уырнындзинад сфидар кӕнай, уӕдмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын куы нӕ райдайай, уӕд дӕхи уӕлдай мӕстытӕй бахиздзынӕ. Библийы ницы фыст ис, бинонтӕ цал аздзыдӕй скӕнӕн ис, уый тыххӕй *. Фӕлӕ дын дзуры, хорз кӕй уаид, куы банхъӕлмӕ кӕсис, буары монцтӕ тынг тыхджын куы вӕййынц, уыцы карӕй цалынмӕ нӕ ахизай, уӕдмӕ (1 Кор. 7:36). Цӕмӕн? Буары монцтӕ адӕймаджы раст хъуыды кӕнын нӕ фӕуадзынц. Уый аххосӕй ӕнӕрхъуыды митӕ бакӕны, ӕмӕ йын стӕй уыдон стыр масты хос свӕййынц. Дӕ зӕрдыл дар: Библийы уылты Йегъовӕ ӕмкъайады тыххӕй цы зондджын уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ цард амондджын уа ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уай. (Бакӕс Исай 48:17, 18.)

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй

7. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц иуӕй-иу ӕрыгон бинонтӕ ӕмӕ уый тыххӕй кӕрӕдзи цӕуылнӕуал фембарынц?

7 Иуӕй-иу ӕрыгон устытӕ ӕмӕ лӕгтӕ – сӕхӕдӕг зноны сывӕллӕттӕ – ныййарджытӕ свӕййынц. Кӕрӕдзи рӕстмӕ дӕр нӕма базонынц, афтӕмӕй сын фӕзыны сывӕллон, ӕмӕ йӕм кӕсын фӕхъӕуы суткӕйы мидӕг 24 сахаты. Мадӕн йӕ фылдӕр рӕстӕг фӕцӕуы ноггуырдыл ӕмӕ лӕг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ усмӕ фӕмӕсты кӕны. Уымӕй уӕлдай ма сыл фӕзынынц ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ницӕй тыххӕй дӕр хӕрам кӕнын райдайынц. Уӕд дыууӕйӕ дӕр бамбарынц, раздӕрау сӕрибар кӕй нал сты, уый. Сӕ рӕстӕг раздӕр куыд ӕрвыстой, ныр ӕй афтӕ ӕрвитын сӕ бон нал у. Куыд хъуамӕ кӕсой, сӕ уавӕр кӕй фӕивта, уымӕ?

8. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

8 Ӕмкъайадмӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, ахӕм цӕстӕй хъӕуы кӕсын сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы кадджын хӕс ныййарджытӕн лӕвӕрд у Хуыцауӕй. Сывӕллоны райгуырдӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ царды цыфӕнды ма фӕива, уӕддӕр хъуамӕ сӕ хӕстӕм уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсой ӕмӕ архайой, цӕмӕй сӕ ног уавӕртыл сахуыр уой. Адӕмӕн сывӕллӕттӕ уымӕн гуыры, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ афтӕ сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны хъуамӕ нымайой «Йегъовӕйы лӕварыл» (Пс. 127:3). Чырыстон бинонтӕ архайдзысты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕной, Хицау куыд зӕгъы, афтӕ (Еф. 6:1).

9. а) Сывӕллон хъомыл кӕнынмӕ цы хауы? ӕ) Лӕгӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй усӕн йӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уа?

9 Сывӕллон схъомыл кӕнынӕн хъӕуы бирӕ азты дӕргъы удуӕлдайӕ фыдӕбон кӕнын. Уымӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ хъарутӕ. Чырыстон лӕг хъуамӕ ӕмбара, цалынмӕ сывӕллон гыццыл у, уӕдмӕ йӕ усӕн, чи зоны, фембӕлдты лӕмбынӕг хъусын ӕнцон ма уа, стӕй ма хъуамӕ ӕмбара, фаг рӕстӕг ын кӕй нӕ уыдзӕн, цӕмӕй Библи кӕса ӕмӕ йыл хъуыды кӕна. Уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕзына йӕ уырнындзинадыл. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй чи нӕ кӕсы, уыцы нӕлгоймаг йӕ усӕн сывӕллонмӕ кӕсынӕн ӕххуыс кӕндзӕн. Гӕнӕн ис йӕ ус ӕмбырды алцы ма фехъуса. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, лӕг йемӕ хӕдзары кӕцыдӕр ахсджиаг хъуыдытыл куы аныхас кӕнид. Йӕ бон ма уаид фӕкӕсын сывӕллонмӕ, цӕмӕй йӕ ус уацамынды зӕрдӕбынӕй архайа. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3, 4.)

10, 11. а) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы зондыл куыд хъуамӕ аразой? ӕ) Бирӕ ныййарджытӕ раппӕлинаг цӕмӕн сты?

10 Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны хӕринаг ӕмӕ дарӕсхъуаг ма уадзой ӕмӕ йын йе ’нӕниздзинадыл тыхсой. Ацы уӕззау фӕстаг бонты ныййарджыты уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинадыл ахуыр кӕной. Хъуамӕ сӕ хъомыл кӕной, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Уый та афтӕ ’мбарын хъӕуы, ӕмӕ сын Йегъовӕйы хъуыдытӕ сӕ зонды фидар кӕной сӕ сабийы бонты дӕр, стӕй сӕ рӕзгӕ кары азты дӕр (2 Тим. 3:14, 15).

11 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ «мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ». Йӕ ныхӕстӕ хаудысты ныййарджытӕм дӕр: ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕной, цӕмӕй уыдон дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матф. 28:19, 20). Уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ ацы дуне ӕрыгӕттыл тынг ӕндавы. Уымӕ гӕсгӕ, раппӕлинаг сты, сӕ сывӕллӕттӕн сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынӕн чи баххуыс кодта, уыцы ныййарджытӕ. Уыдон ацы дунейыл «фӕуӕлахиз сты» сӕ уырнындзинады фӕрцы ӕмӕ ныййарӕджы хӕстӕ иузӕрдионӕй кӕй ӕххӕст кодтой, уый фӕрцы (1 Иоан. 5:4).

Ӕнӕ къай ӕмӕ ӕнӕ сывӕллон – хорз хъуыддаджы тыххӕй

12. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ус курыныл (мой кӕныныл) цӕуылнӕ тагъд кӕнынц?

12 «Рӕстӕг бирӕ нал баззад» ӕмӕ «ацы дуне ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ». Уымӕ гӕсгӕ нын Хуыцауы Ныхас дзуры, ӕнӕ къайӕ цӕргӕйӕ адӕймагӕн цы фадӕттӕ ис, ууыл куы ахъуыды кӕниккам (1 Кор. 7:29–31). Уый тыххӕй иуӕй-иу чырыстӕттӕ аскъуыддзаг кодтой, ацы дунейы ус кӕй нӕ ракурдзысты (мой кӕй не скӕндзысты), иннӕтӕ та загътой, цалдӕр азы уал кӕй банхъӕлмӕ кӕсдзысты. Уыдоны сӕрибардзинад хиуарзон хъуыддӕгты тыххӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын «мацы... хъыгдара», ӕмӕ уый тыххӕй раппӕлинаг сты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:32–35.) Иуӕй-иутӕ сӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй кӕнӕ Вефилты. Бирӕты та фӕнды Йегъовӕйы организацийӕн фылдӕр пайда хӕссын ӕмӕ уый тыххӕй Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы сахуыр кӕнын. Ӕххӕстрӕстӕг цалдӕр азы чи фӕлӕггад кодта ӕмӕ стӕй ус чи ракуырдта (мой чи скодта), уыдонӕй бирӕтӕ загътой, бинонты царды сын тынг кӕй баххуыс кодта, уыцы азты дӕргъы цӕуыл сахуыр сты, уый.

13. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ зӕнӕг цӕуылнӕ уадзынц?

13 Абон иуӕй-иу бӕстӕты бирӕты сывӕллӕттӕ нӕ хъӕуы. Кӕйдӕрты нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ зын цӕрӕн у. Иннӕтӕ та тӕрсынц, сывӕллон сын куы уа, уӕд сӕ уый сӕ куысты уӕлдӕр бынатмӕ схизын куы бахъыгдара. Чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ зӕнӕг нӕ уадзынц. Фӕлӕ афтӕ уымӕн аскъуыддзаг кӕнынц, цӕмӕй сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм бинонтӕ ӕххӕст бинонтӕ не сты. Фӕлӕ уыдон цӕттӕ сты Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгты тыххӕй сӕхи цавӕрдӕр циндзинӕдтӕй фӕцух кӕнынмӕ (1 Кор. 7:3–5). Ахӕм къӕйттӕй иуӕй-иутӕ лӕггад кӕнынц районон кӕнӕ облӕстон цӕстдарджытӕй кӕнӕ та Вефилы. Чидӕртӕ та сты пионертӕ кӕнӕ миссионертӕ. Йегъовӕ сын нӕ ферох кӕндзӕн сӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый (Дзут. 6:10).

Сӕ царды сын уыдзӕн бирӕ мӕт

14, 15. Ныййарджытӕн сӕ царды цавӕр мӕт вӕййы?

14 Апостол Павел дзырдта, ус чи ракуырдта (мой чи скодта), уыцы чырыстӕттӕн сӕ царды кӕй «уыдзӕн бирӕ мӕт» (1 Кор. 7:28). Зӕгъӕм, мӕт кӕндзысты, сӕ дыууӕйӕ исчи, сӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ куы фӕрынчын уой, уӕд. Уӕдӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ дӕр цӕуылдӕрты куыннӕ мӕт кӕндзысты. Статьяйы райдианы дӕр загътам, Библийы рагацау фыст кӕй ӕрцыд, «фӕстаг бонты» кӕй скӕндзӕн «тынг уӕззау рӕстӕг». Ӕмӕ ныййарджытӕн рӕстӕг уӕззау вӕййы, сӕ сывӕллӕттӕ сӕ коммӕ кӕй нӕ фӕкӕсынц, уый тыххӕй дӕр (2 Тим. 3:1–3).

15 Сывӕлӕттӕ хъомыл кӕнын у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Ацы уӕззау рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр йӕхи ничи бахъахъхъӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ тох кӕнынц, цӕмӕй сын «ацы дуне» сӕ сывӕллӕтты йӕхи зондыл ма акӕна ӕмӕ ма фесӕфой (Еф. 2:2, 3). Фӕлӕ уыцы тохы алы хатт ныййарджытӕ нӕ фӕуӕлахиз вӕййынц. Сӕ цоты Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цы ныййарджытӕ фӕхъомыл кӕнынц, уыдонӕй искӕмӕн йӕ сывӕллон Йегъовӕйӕн куы нал фӕлӕггад кӕны, уӕд сын уый вӕййы стыр зӕрдӕниз (Ӕмб. 17:25).

«Уӕд уыдзӕн... стыр бӕллӕх»

16. Цавӕр бӕллӕхы кой кодта Йесо?

16 Ӕмкъайады кӕнӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ адӕймаг цы мӕстытӕ бавзары, уыдон абарӕн дӕр нӕй, адӕммӕ цы стыр бӕллӕх ӕнхъӕлӕмӕ кӕсы, уыимӕ. Йесо йе ’рцыды ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕроны кой куы кодта, уӕд загъта: «Уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыд, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матф. 24:3, 21). Фӕстӕдӕр Йесо загъта, тынг бирӕ адӕм кӕй фервӕздзӕн уыцы «стыр бӕллӕхы». Фӕлӕ Сайтаны къухы цы дуне ис, уый фӕстаг хатт Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд йӕ тыхтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Дызӕрдыггаг нӕу, уый кӕй уыдзӕн тынг уӕззау рӕстӕг махӕй алкӕмӕндӕр – стыртӕн дӕр ӕмӕ гыццылтӕн дӕр.

17. а) Фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ныфсджын цӕмӕн стӕм? ӕ) Ӕмкъайадмӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл цы хъуамӕ ’ндава?

17 Фӕлӕ нӕ фидӕны хабӕрттӕй ӕгӕр тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыцы ныййарджыты хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ се ’нахъом сывӕллӕтты дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Исай 26:20, 21; Соф. 2:2, 3; 1 Кор. 7:14.) О, ныр сты фӕстаг бонтӕ, у тынг уӕззау рӕстӕг. Ӕмӕ уый кӕй ӕмбарӕм, уый хъуамӕ ’ндава, ӕмкъайадмӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл (2 Пет. 3:10–13). Уӕдӕ нын цардӕмбал ис ӕви нӕ, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнӕм ӕви нӕ – цӕй ӕмӕ нӕ цардыуагӕй кад кӕнӕм Йегъовӕйӕн ӕмӕ чырыстон ӕмбырдӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Кӕс чиныг «Помни о дне Иеговы», дӕлсӕргонд «Я ненавижу развод», 125 ф.

^ 5 абз. Йӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонӕн хорз ӕххуыс фӕуыдзӕн, ногӕй сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕной бинонты царды тыххӕй статьятӕ 2003 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй ӕмӕ 2001 азы 8 январы «Райхъал ут!»-ӕй (уыр.).

^ 6 абз. Кӕс чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы», 30 сӕр, «Подготовлен ли я к вступлению в брак?».

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Ӕрыгон чырыстӕттӕ цӕуылнӕ хъуамӕ тагъд кӕной сӕ цард искӕимӕ баиу кӕныныл?

• Сывӕллон хъомыл кӕнынмӕ цы хауы?

• Чырыстӕттӕй бирӕтӕ ус цӕуылнӕ курынц (мой цӕуылнӕ кӕнынц) ӕмӕ бинонджынтӕ та зӕнӕг цӕуылнӕ уадзынц?

• Чырыстон ныййарджытӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Ӕрыгон чырыстӕттӕ цӕуылнӕ хъуамӕ тагъд кӕной сӕ цард искӕимӕ баиу кӕныныл?

[Ныв 18 фарсыл]

Лӕгӕн йӕ бон у йӕ усӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгты фылдӕр архайа

[Ныв 19 фарсыл]

Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ зӕнӕг цӕуылнӕ уадзынц?