Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн ӕрыгонӕй лӕггад кӕн

Йегъовӕйӕн ӕрыгонӕй лӕггад кӕн

Йегъовӕйӕн ӕрыгонӕй лӕггад кӕн

«Цы базыдтай ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц» (2 ТИМ. 3:14).

1. Цы цӕстӕй кӕсы Йегъовӕ ӕрыгон Ӕвдисӕнты лӕггадмӕ?

ӔРЫГӔТТЫ лӕггад Йегъовӕйӕн афтӕ зынаргъ у, ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕгӕн ныффыссын кодта: «Дӕ адӕм цӕттӕ уыдзысты, де ’фсад тохмӕ куы ракӕнай, уыцы бон. Тӕмӕнкалгӕ сыгъдӕгдзинады, сӕууон ӕртӕхау цӕуы дӕумӕ бирӕ фӕсивӕд» (Пс. 110:3). О, Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕнӕзивӕгӕй йын чи лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕн.

2. Цӕмӕ разӕнгард кӕнынц ацы дунейы адӕм ӕрыгӕтты?

2 Ӕрыгӕттӕ, уӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтат? Цӕттӕ стут иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ? Бирӕтӕм уый кӕсы тынг зын. Зындгонд бизнесментӕ, ахуыргӕнджытӕ, хатт хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ дӕр ӕрыгӕтты фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕ сӕйраг куыст ӕхца кусын ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕнын суа. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕфӕнды, уыдоныл ацы дунейы адӕм фӕхудынц. Фӕлӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр фӕндаг царды нӕй (Пс. 27:4). Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын: цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнай Хуыцауӕн? Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн, иннӕтӕ цыфӕнды куы дзурой кӕнӕ куы аразой, уӕддӕр? Цавӕр диссаджы фадӕттӕ дын ис Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн?

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын – уымӕй растдӕр ницы ис

3. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм нӕ зӕрдӕ цы хъуамӕ дзурид?

3 Цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн? Раргомады 4:11 нын ӕмбарын кӕны, сӕйраджыдӕр цӕмӕн, уый: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд». Цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сты не Сфӕлдисӕг Йегъовӕйы къухты конд. Куыд рӕсугъд у нӕ Зӕхх! Бӕлӕстӕ, дидинджытӕ, цӕрӕгойтӕ, денджызтӕ, хӕхтӕ ӕмӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ – иууылдӕр сӕ сфӕлдыста Йегъовӕ. «Зӕхх йедзаг у, [Хуыцау] цы скодта, уыдӕттӕй»,– фыст ис Псаломы 104:24. Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, кӕй нын радта ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ зонд, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса! Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уый тыххӕй дзы кӕд бузныг стӕм, уӕд нӕ уый хъуамӕ ма разӕнгард кӕнид, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм?

4, 5. Йесо Навин Йегъовӕйыл тынгдӕр цӕй фӕрцы баууӕндыд?

4 Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уый ма зыны израилӕгты разамонӕг Йесо Навины ныхӕстӕй дӕр. Йӕ мӕлӕтмӕ ’ввахс Хуыцауы адӕмӕн загъта: «Сымах уӕхӕдӕг дӕр хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты. Иу ныхас дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14). Цӕмӕн загъта афтӕ Йесо Навин?

5 Йесо Навин схъомыл Египеты ӕмӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдта, Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, зӕгъгӕ уын зӕхх ратдзынӕн (Райд. 12:7; 50:24, 25; Рац. 3:8). Йӕхи цӕстӕй федта, Йегъовӕ йӕ ныхас ӕххӕст кӕнын куыд райдыдта, уый. Йегъовӕ Египетыл дӕс ӕфхӕрды ’руагъта, ӕмӕ хивӕнд фараонӕн израилӕгты ауадзын кодта. Йесо Навин уыд, Сырх денджызы уылты чи ахызт ӕмӕ чи фервӕзт, уыцы адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ стӕй федта, фараон ӕмӕ йе ’фсад куыд фӕдӕлдон сты, уый дӕр. Йегъовӕ израилӕгты Синайы ӕдзӕрӕг быдырыл, «стыр ӕмӕ ӕвирхъау ӕдзӕрӕг быдырыл» куы кодта, уӕд Йесо Навин уыдта, Йегъовӕ сыл куыд тыхсти. Иунӕг адӕймаг дӕр дзы нӕ амард дойны кӕнӕ ӕххормагӕй (Дык. з. 8:3–5, 14–16; Йес. Н. 24:5–7). Хъомысджын ханаайнаг адӕмтимӕ схӕцынӕн ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсынӕн рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд та Йесо Навин федта, сӕ Хуыцау сын куыд ӕххуыс кодта, уый (Йес. Н. 10:14, 42).

6. Цӕй фӕрцы дӕ бафӕнддзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын?

6 Йесо Навин зыдта, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзарвӕндаг та лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (Йес. Н. 24:15). Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та? Ӕцӕг Хуыцау цы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодта ӕмӕ ма ноджыдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕу дӕр Йесо Навинау Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бафӕнды?

7. Донаргъуыд ахсджиаг къахдзӕф цӕмӕн у?

7 Йегъовӕ цы сфӕлдыста, ууыл ӕмӕ йӕ диссаджы зӕрдӕвӕрдтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ уый Йегъовӕйӕн ӕрмӕст дӕ цард снывонд кӕнынмӕ не сразӕнгард кӕндзӕн, фӕлӕ ма донаргъуыд райсынмӕ дӕр. Донаргъуыд у ахсджиаг къахдзӕф. Уыцы къахдзӕф ӕнӕмӕнгӕй скӕнын хъӕуы, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕйдӕр. Уый хорз зыны Йесойы цардӕй – кӕй хъуамӕ фӕзмӕм, уый цардӕй. Цалынмӕ Мессийӕ не сси, уӕдмӕ ’рцыд Аргъауӕг Иоаннмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Цӕмӕн? «Ӕз уӕларвӕй уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон,– загъта Йесо,– фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоан. 6:38). Йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый равдыста, донаргъуыд кӕй райста, уымӕй (Матф. 3:13–17).

8. Тимофейы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цӕмӕн бафӕндыд ӕмӕ дӕу та цы хъӕуы саразын?

8 Ӕркӕсӕм Тимофейы хабармӕ. Ацы ’взонг чырыстонӕн Йегъовӕ фӕстӕдӕр йӕ бӕрны бирӕ хӕслӕвӕрдтӕ бакодта. Цӕмӕн бафӕндыд Тимофейы ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын? Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, Тимофей «базыдта ӕмӕ фидарӕй... баууӕндыд» (2 Тим. 3:14). Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр Тимофейау Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕныс ӕмӕ дӕ фидарӕй бауырныдта, йӕ ахуырӕдтӕ раст кӕй сты. Ныр дӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, дарддӕр цы араздзынӕ. Хорз уаид, уый тыххӕй дӕ ныййарджытимӕ куы аныхас кӕнис. Дӕ ныййарджытӕ ӕмӕ дын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бамбарын кӕндзысты, донаргъуыд райсыны тыххӕй дӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕ царды цы аивын хъӕуы. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:12.)

9. Донаргъуыд куы райсай, уӕд уымӕ иннӕтӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты?

9 Донаргъуыд райсын у диссаджы фадат Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайынӕн. Уыцы къахдзӕф куы скӕнай, уӕд ӕрлӕудзынӕ даргъ фӕндаджы райдианы. Ууыл чи згъоры, уымӕ кӕронӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы лӕвар – ӕнусон цард. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕныс, уый дын ныридӕгӕн дӕр хӕсдзӕн циндзинад (Дзут. 12:2, 3). Уый стыр цины хос уыдзӕн, дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мбӕлттӕй царды фӕндагыл чи «згъоры», уыдонӕн дӕр. Ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та – барухс кӕндзынӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 23:15.) Иннӕтӕ та, гӕнӕн ис, ма бамбарой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕ цӕмӕн бафӕндыд, уый ӕмӕ дӕ уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа. Чи зоны дӕ ’фхӕргӕ дӕр кӕной. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд! Дӕ бон бауыдзӕн сӕ ныхмӕ фӕлӕууын!

Куы дӕ фӕрсой кӕнӕ дӕ куы ӕфхӕрой

10, 11. а) Цавӕр фарстытӕ дӕм дӕтдзысты адӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй сфӕнд кодтай, уый фӕдыл? ӕ) Дӕ дины тыххӕй дӕ куы фӕрсой, уӕд дын Йесойы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

10 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй сфӕнд кодтай, уый, чи зоны, ӕнахуыр фӕкӕса де ’мкъласонтӕ, дӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджытӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ фӕрсой, уыцы фӕндаг цӕмӕн равзӕрстай, зӕгъгӕ, кӕнӕ дӕм дӕ дины тыххӕй исты фарстытӕ дӕттой. Цавӕр дзуапп сын ратдзынӕ? Зӕгъӕм, бафарстой дӕ, уыцы фӕндаг цӕмӕн равзӕрстай, уымӕй. Цӕмӕй дӕ бон дзуапп раттын уа, уый тыххӕй рагацау ахъуыды кӕн, уыцы къахдзӕфмӕ дӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ сразӕнгард кодтой, ууыл. Дӕ дины тыххӕй дӕ куы фӕрсой, уӕд ӕппӕты хуыздӕр у, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнын.

11 Иудейты дины разамонджытӕ Йесойы куы бафарстой, адӕм куыд ӕгас кӕндзысты, зӕгъгӕ, уӕд сын сӕ хъус ӕрдардта, Фыстады цы нӕ бафиппайдтой, уымӕ (Рац. 3:6; Матф. 22:23, 31–33). Ӕндӕр хатт та иу чиныджыдӕсны Йесойы куы бафарста, ӕппӕты стырдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, уымӕй, уӕд ын Йесо ӕрхаста, Фыстады уый фӕдыл цы фыст уыд, уыцы ныхӕстӕ. Йӕ дзуапп уыцы лӕджы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд (Лев. 19:18; Дык. з. 6:5; Марчы 12:28–34). Адӕм уыдтой, Йесо Фыстадӕй куыд пайда кодта ӕмӕ хъуыстой, куыд дзырдта, уымӕ ӕмӕ-иу уый тыххӕй «кӕрӕдзийы ныхмӕ систы». Уымӕ гӕсгӕ йын йе знӕгтӕн сӕ бон ницы уыд бакӕнын (Иоан. 7:32–46). Дӕ уырнындзинады тыххӕй дӕ дзурын куы хъӕуа, уӕд Библийӕ пайда кӕн ӕмӕ «дзуапп дӕтт сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Фарстӕн дзуапп куы нӕ зонай, уӕд ыл басӕтт ӕмӕ зӕгъ, дзуапп куы бацагурай, уӕд кӕй аныхас кӕндзыстут дарддӕр. Дзуапп ссарынӕн дын баххуыс кӕндзӕн «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы индекс» кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕ» компакт-дискыл. Дӕхи хорз куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд зондзынӕ, «кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:6).

12. Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

12 Фӕлӕ хъуыддаг, гӕнӕн ис, ӕрмӕст фарстытыл ма ахицӕн уа. Ацы дуне ис Хуыцауы знаг Хӕйрӕджы къухы. (Бакӕс 1 Иоанны 5:19.) Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕудзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ ныхмӕ дӕр цӕуой. Чидӕртӕ дӕ, чи зоны, «ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕной» (1 Пет. 4:4). Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, иунӕг кӕй нӕ дӕ. Йесо Чырысти дӕр хъизӕмӕрттӕ ’взӕрста. Апостол Петры ныхмӕ дӕр цыдысты. Уый фыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй уе ’хсӕн цы арт судзы, ууыл дис ма кӕнут, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уыйау. Фӕлӕ цин кӕнут, сымах дӕр Чырыстийау кӕй хъизӕмар кӕнут, ууыл» (1 Пет. 4:12, 13).

13. Чырыстӕттӕ цӕмӕн фӕцин кӕнынц, куы сӕ фефхӕрынц, уӕд?

13 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ куы ’фхӕрой кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд хъуамӕ цин кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ ацы дуне райгонд куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы зондыл нӕ, фӕлӕ Хӕйрӕджы зондыл кӕй цӕуӕм. Йесо фӕдзӕхста: «Мӕгуыр уӕ бон, иууылдӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр мӕнг пехуымпартӕй хорз дзырдтой» (Лук. 6:26). Куы дӕ ’фхӕрой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй дӕм Сайтан ӕмӕ йӕ дуне мӕстӕй кӕй мӕлынц. (Бакӕс Матфейы 5:11, 12.) Уӕдӕ дын «Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ [куы] кӕной», уӕд дын уый цины хос уӕд (1 Пет. 4:14).

14. Чырыстоны ныхмӕ куы фӕцӕуынц, фӕлӕ Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ куы нӕ сивы, уӕд уый ахъаз цӕмӕн вӕййы?

14 Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ куы нӕ сивай, уӕд уый ахъаз уыдзӕн, ӕппынкъаддӕр, цыппар хъуыддаджы: Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй иннӕтӕн дзурдзынӕ. Зындзинӕдты фидар фӕлӕугӕйӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты хъарутыл хъарутӕ бафтаудзынӕ. Ӕцӕг Хуыцауы чи нӕ зоны, уыдонӕй искӕйты, гӕнӕн ис, дӕумӕ кӕсгӕйӕ бафӕнда Йегъовӕйы базонын. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:12–14.) Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ фӕлварӕнты куыд фидар кӕны, уый куы ’нкъарай, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ.

«Стыр дуар» дын байгом

15. Цавӕр «стыр дуар» байгом апостол Павелӕн?

15 Апостол Павел Ефесы куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй фыста: «Стыр дуар [мын] байгом, ӕмӕ куыст бирӕ ис» (1 Кор. 16:8, 9). Уым ын байгом «стыр дуар»: фӕзынд ын бирӕ фадӕттӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕнгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Павел уыцы дуарыл куы бахызт, уӕд бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы базыдтаиккой ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдтаиккой.

16. 1919 азы цы «дуар байгом», ууыл, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон куыд бахызтысты?

16 1919 азы кадджын Йесо Чырысти «дуар байгом кодта», сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонӕн (Рарг. 3:8). Уыцы дуарыл бахизгӕйӕ, уыдон, уӕдмӕ куыд никуыма уыд, афтӕ зӕрдиагӕй райдыдтой хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмӕн Библийы ахуырӕдтӕ амонын. Цы сын бантыст? Абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт зӕххыл дӕр ӕмӕ иу-7 милуан адӕймагӕн ис ныфс, Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты.

17. Куыд у дӕ бон «стыр дуарыл» бахизын?

17 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр «стыр дуар» нырма гом у. Уыцы дуарыл чи ахизы, уыдон хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр архайын райдайынц ӕмӕ ссарынц стыр циндзинад ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕны. Йегъовӕйы ӕрыгон лӕггадгӕнджытӕ, ӕмбарут ӕй, иннӕтӕн «хорз хабарыл баууӕндынӕн» кӕй ӕххуыс кӕнут, уый цӕй стыр кад у? (Марчы 1:14, 15). Искуы ӕххӕстрӕстӕг пионер кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныныл хъуыды кодтат? Уӕ фылдӕрӕн гом сты ӕндӕр фадӕттӕ дӕр: Паддзахады залтӕ аразын, Вефилы, йе та миссионертӕй кӕнӕ сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнын. Сайтаны хӕлд дунейӕн йӕ рӕстӕг кӕй фӕуд кӕны, уымӕ гӕсгӕ бонӕй-бон ахсджиагдӕр у Хуыцауы хъуыддаджы лӕггад кӕнын. Цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ уыцы «стыр дуарыл» бахиздзынӕ?

«Фенут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у»

18, 19. а) Давиды тынг цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Давид кӕй никуы фӕфӕсмон кодта, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта, ууыл?

18 Псаломзарӕггӕнӕг дзырдта: «Фенут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый» (Пс. 34:8). Давид, рагон Израилы паддзах, ӕрыгонӕй уыди фыййау. Уыцы заманы йӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдта хъӕддаг сырдтӕй. Ӕххуыс ын кодта, Голиафимӕ куы схӕцыд, уӕд ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта бирӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕй дӕр (1 Сам. 17:32–51; Пс. 18, разныхас). Давид Йегъовӕйӕ йе ’нувыд уарзты тыххӕй бузныг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ныффыста: «Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй. Ничи у дӕу хуызӕн!» (Пс. 40:5).

19 Давид Йегъовӕйы тынг уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ кадджын кодтаид. (Бакӕс Псалом 40:8–10.) Давид никуы фӕфӕсмон кодта, иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта, ууыл. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивта, уымӕй зынаргъдӕр ын ницы уыд – уый уыд йе стырдӕр цин. Давид куы базӕронд, уӕд загъта: «Ды дӕ мӕ ныфс, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дыл мӕ зӕрдӕ дарын. Ма мӕ ныууадз, мӕ Хуыцау, куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр» (Пс. 71:5, 18). Кӕд бонӕй-бонмӕ Давид ӕдыхдӕр кодта, уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ ныфс тынгдӕр дардта ӕмӕ сӕ хӕлардзинад фидарӕй-фидардӕр кодта.

20. Царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цӕмӕн у?

20 Йесо Навин, Давид ӕмӕ Тимофейы цӕвиттонтӕ ма нын уӕлдай хатт ӕвдисынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. Ацы дунейы рӕстӕгмӕйы хорз цард абарӕн дӕр нӕй, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггадгӕнгӕйӕ цы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ райсдзынӕ, уыдонимӕ (Йес. Н. 22:5). Кӕд нырма Йегъовӕйӕн дӕхи не снывонд кодтай, уӕд ахъуыды кӕн: «Цы мӕ хъыгдары, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон?» Кӕд донаргъуыд дӕ, уӕд дӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй дын дӕ цард фылдӕр циндзинад хӕсса? Уӕдӕ уӕд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕн ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Иннӕ статьяйӕ базондзынӕ, куыд у дӕ бон апостол Павелау дӕ уырнындзинад фидар кӕнын.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн?

• Тимофейы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цӕмӕн бафӕндыд?

• Куы нӕ ’фхӕрой, уӕд дӕр фидар цӕмӕн хъуамӕ фӕлӕууӕм?

• Цавӕр фадӕттӕ дын ис Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

[Ныв 19 фарсыл]

Дӕ дины тыххӕй дӕ куы фӕрсой, уӕд дӕ бон бауыдзӕн дзуапп раттын?