Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд хъуамӕ уӕм иннӕтӕн?

Куыд хъуамӕ уӕм иннӕтӕн?

Куыд хъуамӕ уӕм иннӕтӕн?

«Ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (ЛУК. 6:31).

1, 2. а) Уӕлхох уацамынд цы у? ӕ) Цӕуыл цӕудзӕн дзырд ацы ӕмӕ, йӕ фӕстӕ цы статья ис, уым?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ ӕцӕгдӕр уыд Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг. Дины разамонджытӕ хъахъхъӕнджыты куы арвыстой, цӕмӕй Йесойы ’рцахстаиккой, уӕд уыдон ӕнӕ уымӕй ӕрбаздӕхтысты. «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта»,– загътой хъахъхъӕнджытӕ (Иоан. 7:32, 45, 46). Йесо куыд дӕсны дзырдта, уый бӕрӕг у, Уӕлхох уацамынд кӕй хонынц, уыцы раныхасӕй дӕр. Фыст ис Матфейы Евангелийы 5–7 сӕрты, стӕй Лукайы 6:20–49 *.

2 Уыцы уацамынды, ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕты зындгонддӕр у, хи дарын куыд хъӕуы, уый тыххӕй дзы цы уагӕвӕрд ис, уый. Ацы уагӕвӕрд хауы, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уымӕ. Йесо загъта: «Ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Лук. 6:31). Цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта адӕмӕн Йесо йӕхӕдӕг! Рынчынты дзӕбӕх кодта, суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Фӕлӕ адӕмӕн ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад уыди, цы хорз хабар хъусын кодта, уый-иу сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый. (Бакӕс Лукайы 7:20–22.) Махӕн дӕр ӕхсызгон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ацы статьяйӕ ӕмӕ, йӕ фӕстӕ цы статья ис, уымӕй базондзыстӕм, Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды, хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй ӕмӕ, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй цы загъта, уый.

Фӕлмӕн удыхъӕд уын уӕд

3. Куыд бамбарын кӕнис, цы у фӕлмӕн удыхъӕд?

3 Йесо загъта: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матф. 5:5). Фыстад куыд ӕвдисы, афтӕмӕй фӕлмӕн удыхъӕд лӕмӕгъдзинад нӕу. Уый у, Хуыцау адӕмӕй цы фӕлмӕн ахаст домы, уый. Ӕмӕ хъуамӕ зына, адӕмимӕ куыд стӕм, уымӕй. Зӕгъӕм, хъуамӕ «ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидӕм» (Ром. 12:17–19).

4. Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уыдон амондджын цӕмӕн сты?

4 Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уыдон амондджын сты, «уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн». Йесо уыд «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг», ӕмӕ Йегъовӕ «ӕппӕт дӕр бынӕн уымӕн радта». Уымӕ гӕсгӕ Йесо у зӕххы сӕйраг Бындар (Матф. 11:29; Дзут. 1:2; Пс. 2:8). Рагзагъд ма уыд, «адӕймаджы Фыртимӕ» ма уӕларвон Паддзахады кӕй уыдзӕн ӕндӕр хицӕуттӕ дӕр (Дан. 7:13, 14, 21, 22, 27). «Чырыстиимӕ иумӕ» бынтӕй хай кӕмӕн ис, уыцы 144 мин сӕрст чырыстоны, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уыдон Йесоимӕ райсдзысты бынтӕ зӕххыл (Ром. 8:16, 17; Рарг. 14:1). Фӕлмӕн удыхъӕд ма кӕмӕн ис, ӕндӕр ахӕм адӕм та ӕнустӕм цӕрдзысты зӕххыл, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл хицауиуӕг кӕнын куы райдайа, уӕд (Пс. 37:11).

5. Адӕймаг куы архайа, цӕмӕй Чырыстийау фӕлмӕн уа, уӕд ыл уый куыд фӕзындзӕн?

5 Исчи тызмӕг куы уа, схъӕл ныхас куы кӕна, уӕд иннӕтӕн йемӕ зын уыдзӕн ӕмӕ дзы сӕхи хиздзысты. Фӕлӕ Чырыстийау фӕлмӕн чи у, уый уыдзӕн, ӕмбырды кӕй уарзынц ӕмӕ йӕ уырнындзинад фӕзминаг кӕмӕн у, ахӕм чырыстон. Сыгъдӕг уды коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ нын куыд амоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕм уыдзӕн, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы фӕлмӕн удыхъӕд. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:22–25.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды, цӕмӕй уӕм фӕлмӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй кӕна.

Амондджын сты, фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдон!

6. Цавӕр хорз миниуджытӕ ис фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагмӕ?

6 Уӕлхох уацамынды ма Йесо загъта: «Амондджын сты, иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн дӕр фӕтӕригъӕд кӕндзысты» (Матф. 5:7). Ацы ран «иннӕтӕн тӕригъӕд чи кӕны»-йӕ цы дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн ма ис ахӕм нысаниуӕг дӕр, «фӕлмӕнзӕрдӕ», зӕгъгӕ. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл зӕрдӕйӕ тыхсы, тӕригъӕд сын кӕны. Йесо-иу адӕмы диссаджы хуызы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кодта, уымӕн ӕмӕ-иу сын «фӕтӕригъӕд кодта» (Матф. 14:14; 20:34). Адӕмӕн куы тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сыл куы тыхсӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм (Иак. 2:13).

7. Йесо адӕмӕн кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уымӕ гӕсгӕ цы сарӕзта?

7 Йесо йӕ фӕллад уадзынмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд адӕм йӕ размӕ фесты. Уый «сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау». Чырысти йӕ фӕллад дӕр ферох кодта ӕмӕ сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Марчы 6:34). Куыд тынг фӕцин кӕнӕм мах дӕр, иннӕтӕн Хуыцауы Паддзахады хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ сын куы фӕдзурӕм, Хуыцау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый тыххӕй!

8. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг амондджын цӕмӕн у?

8 Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг амондджын у, уымӕн ӕмӕ йын йӕхимӕ дӕр уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ. Мах иннӕтӕм хорз цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕм уыдон дӕр хорз цӕстӕй кӕсдзысты (Лук. 6:38). Йесо ма загъта: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн» (Матф. 6:14). Фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, ӕрмӕст уыдон уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕудзысты ӕмӕ хайджын уыдзысты Хуыцауы хорзӕхӕй.

«Иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры», уый амондджын цӕмӕн у

9. Иннӕтимӕ хӕларӕй куы цӕрӕм, уӕд цы араздзыстӕм?

9 Йесо дарддӕр загъта: «Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон, уымӕн ӕмӕ сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ» (Матф. 5:9). «Иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры»-йӕ цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «фарнхӕсджытӕ». Фарнхӕсджытӕ куы уӕм, уӕд, хорз ӕмбӕлтты цы фӕхицӕн кӕна, ахӕмӕй никуы ницы сараздзыстӕм, зӕгъӕм, никӕй фыдкой кӕндзыстӕм ӕмӕ фыдкойгӕнджытӕм дӕр нӕ хъусдзыстӕм (Ӕмб. 16:28). Цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хӕларӕй цӕрдзыстӕм не ’мчырыстӕттимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр (Дзут. 12:14). Уӕлдай тынгдӕр та архайдзыстӕм, цӕмӕй хӕларӕй цӕрӕм Йегъовӕимӕ. (Бакӕс 1 Петры 3:10–12.)

10. «Иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры», уыдон амондджын цӕмӕн сты?

10 Йесо загъта, зӕгъгӕ, «иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры», уыдон амондджын сты, «уымӕн ӕмӕ сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ». Сӕрст чырыстӕттӕ, Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл кӕй ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд «уый бар, цӕмӕй суой Хуыцауы хъӕбултӕ» (Иоан. 1:12; 1 Пет. 2:24). Цы зӕгъӕн ис, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, Йесойы уыцы «иннӕ фыстӕй» та? Йесо суыдзӕн сӕ «Ӕнусон Фыд», уӕлӕрвты мин азы дӕргъы йе ’мбындартимӕ куы хицауиуӕг кӕна, уӕд (Иоан. 10:14, 16; Ис. 9:6; Рарг. 20:6). Йӕ Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд фарнхӕсджытӕ ӕцӕгдӕр нымад ӕрцӕудзысты Хуыцауы зӕххон хъӕбултыл (1 Кор. 15:27, 28).

11. «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондмӕ» гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд иннӕтӕн куыд уыдзыстӕм?

11 Цӕмӕй «Фарны Хуыцау» не ’ввахс ӕмбал суа, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ миниуджытӕ фӕзмӕм, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм (Фил. 4:9). «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондмӕ» гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм (Иак. 3:17). Афтӕмӕй уыдзыстӕм фарнхӕсджытӕ ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын.

«Уӕ рухс... кӕлӕд»

12. а) Цы загъта Йесо Хуыцауы ӕцӕгдзинады рухсы тыххӕй? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ рухс кӕла?

12 Нӕ бон ӕппӕты хуыздӕр саразын цы у, уый адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы ӕцӕгдзинады рухс уынын райдайой (Пс. 43:3). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты схуыдта «ацы дунейӕн рухс» ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕ рухс афтӕ кӕла, адӕм сын сӕ «хорз хъуыддӕгтӕ» куыд уыной. Уыдон хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ сӕ рухс калдаид ӕппӕт адӕммӕ. (Бакӕс Матфейы 5:14–16.) Абон мах рухс дӕр кӕлы, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн хорздзинад аразӕм ӕмӕ «ӕгас дунейӕн» дӕр, ома, «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» хорз хабар хъусын кӕнӕм (Матф. 26:13; Марчы 13:10). Цӕй кадджын куыст у уый!

13. Адӕм нӕ цы бафиппайынц?

13 «Хохы сӕр цы сахар лӕууа, уый зындзӕн алкӕмӕ дӕр»,– загъта Йесо. Хохы сӕр сахар куы уа, уӕд ӕй алчидӕр уындзӕн. Мах стӕм Паддзахады хъусынгӕнджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ нын адӕм уынынц нӕ хорз хъуыддӕгтӕ, стӕй, алцӕмӕй дӕр бӕрц кӕй зонӕм ӕмӕ хӕдӕфсарм кӕй стӕм, уый дӕр (Тит. 2:1–14).

14. а) Фыццаг ӕнусы цавӕр цырӕгътӕ уыд? ӕ) Куыд ӕмбарын хъӕуы, Хуыцауы ӕцӕгдзинады рухс «къусы» бын ма ’мбӕхсут, зӕгъгӕ?

14 Йесо загъта, цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй къусы бын кӕй нӕ бавӕрынц, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл кӕй сӕвӕрынц, цӕмӕй хӕдзары йӕ рухс алкӕмӕ дӕр кӕла. Рухсгӕнӕн мигӕнӕнтӕ фыццаг ӕнусы арӕзтой ӕлыгӕй. Йӕ мидӕг-иу нывӕрдтой фител, кӕнгӕ та-иу дзы арӕхдӕр ныккодтой оливӕйы сой. Сӕвӕрдтой-иу ӕй хъӕдын кӕнӕ ӕфсӕн цырагъдарӕныл ӕмӕ-иу йӕ рухс хӕдзары алкӕмӕ дӕр калд. Адӕм-иу цырагъ куы ссыгътой, уӕд-иу ӕй «къусы» бын нӕ бавӕрдтой, ома 9 литры кӕм цыд, ахӕм стыр мигӕнӕны бын. Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы ӕцӕгдзинады рухс афтӕ ӕмбӕхстаиккой. Уӕдӕ, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, нӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ нӕ дзурын куы нӕ уадзой, уӕд дӕр нӕ рухс алкӕддӕр хъуамӕ кӕла – хъуамӕ Библийы ӕцӕгдзинад ма ’мбӕхсӕм.

15. Нӕ «хорз хъуыддӕгтӕ» иуӕй-иутыл куыд фӕзынынц?

15 Йесо судзгӕ цырагъы кой куы ракодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной». Нӕ хорз хъуыддӕгтӕ нын чи фены, уыдонӕй чидӕртӕ Хуыцауы скадджын кӕнынц – лӕггад кӕнын ын райдайынц. Уӕдӕ уӕд куыннӕ хъуамӕ ӕрттивӕм «ацы дунейы... рухсау»! (Фил. 2:15).

16. «Ацы дунейӕн рухс» стут, зӕгъгӕ, уый цы нысан кӕны?

16 «Ацы дунейӕн рухс» стут, зӕгъгӕ, нысан кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. «Гъемӕ уӕдӕ, рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут,– фыста апостол Павел,– уымӕн ӕмӕ, рухс кӕм ис, уым ис алы хорздзинад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад» (Еф. 5:8, 9). Нӕ уагахаст хъуамӕ уа фӕзминаг. Хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм апостол Петры уынаффӕ: «Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй ут фӕзминаг, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ, Хуыцауы скадджын кӕной, уый хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы бон» (1 Пет. 2:12). Фӕлӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд цы хъуамӕ бакӕной?

«Бафидау уал де ’фсымӕримӕ»

17–19. а) Матфейы 5:23, 24 цы «кувинаджы» кой цӕуы, уый цы уыд? ӕ) Ӕфсымӕримӕ бафидауын куыд ахсджиаг у ӕмӕ уый Йесо куыд равдыста?

17 Уӕлхох уацамынды Йесо фӕдзӕхста йӕ ахуыргӕнинӕгты, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ма мӕсты кӕной ӕмӕ кӕрдзимӕ ӕвзӕр зӕрдӕ ма дарой. Уый бӕсты хъуамӕ архайдтаиккой, чи сӕ фӕхъыг кодта, уыимӕ ӕвӕстиатӕй бафидауыныл. (Бакӕс Матфейы 5:21–25.) Лӕмбынӕг ма нӕ хъус ӕрдарӕм Йесойы уынаффӕмӕ. Цы бакӕнын дӕ хъӕуы, дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд? Уӕд уал дӕ кувинаг уым, нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ уал де ’фсымӕримӕ бафидау. Уый фӕстӕ дӕ бон у ӕрбаздӕхын ӕмӕ дӕ кувинаджы кой бакӕнын.

18 «Кувинаг» уыд, Йегъовӕйы кувӕндонмӕ цы нывонд хастой, уый. Фосы нывӕндтӕн уыд стыр нысаниуӕг. Израилӕгтӕ хъуамӕ нывӕндтӕ хастаиккой, Хуыцау сын Моисейы уылты цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ, зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд йе ’фсымӕр ӕм цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхӕрам, уӕд уал ӕй фыццаг хъуыд уыцы хъуыддаг банывыл кӕнын, стӕй та кувинаг ӕрхӕссын. «Дӕ кувинаг уым, нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу»,– загъта Йесо,– бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн». Уӕдӕ Закъон цы домдта, уый сӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр уыд ӕфсымӕримӕ бафидауын.

19 Йесо цавӕрдӕр бӕлвырд нывӕндтӕ кӕнӕ тӕригъӕдты кой нӕ кодта. Адӕймаг цыфӕнды кувинаг дӕр хъуамӕ ныууагътаид, йе ’фсымӕр ӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый йӕ зӕрдыл куы ’рлӕууыдаид, уӕд. Йӕ кувинаг кӕд кусӕрттаг уыд, уӕд ӕй хъуамӕ судзинаг нывондӕн ныууагътаид «нывондхӕссӕны раз» – сауджынты кӕрты бахизӕны раз. Йе ’фсымӕримӕ йӕ хъуыддаг куы банывыл кодтаид, уӕд йӕ бон уыд ӕрбаздӕхын ӕмӕ йӕ кувинаг ӕрхӕссын.

20. Не ’фсымӕрмӕ мӕсты куы уӕм, уӕд кӕрӕдзи бамбарыныл ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

20 Не ’фсымӕртимӕ куыд стӕм, уый хауы, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уымӕ. Уый Хуыцау нымайы тынг ахсджиаг хъуыддагыл. Нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ницы уыдысты, чи сӕ хаста, уыдон-иу иннӕтӕм хорз цӕстӕй куы нӕ кастысты, уӕд (Мих. 6:6–8). Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ӕвӕстиатӕй «кӕрӕдзи бамбӕрстаиккой» (Матф. 5:25). Павел дӕр фыста: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр-иу тӕригъӕд ма ӕруадзут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, стӕй-иу Хӕйрӕгӕн бынат ма ныууадзут» (Еф. 4:26, 27). Кӕд дзӕгъӕлы не смӕсты стӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм кӕрӕдзи бамбарыныл, цӕмӕй нӕ маст нӕ зӕрдӕйы ма баззайа ӕмӕ афтӕмӕй Хӕйрӕджы къух ма саразӕм (Лук. 17:3, 4).

Иннӕтӕн аргъ кӕнут кӕддӕриддӕр

21, 22. а) Йесойы уынаффӕйӕ куыд ис спайда кӕнӕн? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

21 Йесойы Уӕлхох уацамындӕй цы хъуыдытӕм ӕркастыстӕм, уыдон нын хъуамӕ баххуыс кӕной, цӕмӕй иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ уӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм. Кӕд иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у ацы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын, уымӕн ӕмӕ нӕ Йесо дӕр ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд дӕр, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ домынц. Куы кувӕм, зӕрдиагӕй куы архайӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ куы ӕххуыс кӕна, уӕд нӕ удыхъӕд уыдзӕн фӕлмӕн, уыдзыстӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм. О, махӕн нӕ бон у Хуыцауы рухс тӕмӕн кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй бӕрзонд кӕнын Йегъовӕйы кад. Уымӕй уӕлдай, не ’фсымӕримӕ истӕй тыххӕй кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд, не ’хсӕн цы фарн ис, уый фехалын нӕ бауадздзыстӕм.

22 Цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтӕм хорз цӕстӕй кӕсӕм (Марчы 12:31). Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кодтам, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ алчидӕр йӕхи бафӕрсӕд: «Цымӕ иннӕтӕн хорз дӕн?» Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Уӕлхох уацамындӕй ӕндӕр хъуыдытӕм. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕтӕн алкӕддӕр хорздзинад аразӕм.

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Ацы статья ӕмӕ, йӕ фӕстӕ цы статья ис, уыдон ахуыр кӕныны размӕ уал хорз уаид, Библийӕ ацы скъуыддзӕгтӕ куы бакӕсис.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Фӕлмӕн удыхъӕды хицау уай, уый цы нысан кӕны?

• Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг амондджын цӕмӕн у?

• Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ рухс кӕла?

• Не ’фсымӕримӕ-иу ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуамӕ бафидауӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 4 фарсыл]

Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ «рухс фӕкӕлы»

[Ныв 5 фарсыл]

Чырыстӕтты уагахаст хъуамӕ уа фӕзминаг

[Ныв 6 фарсыл]

Бацархай де ’фсымӕримӕ бафидауыныл