Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Павелау дӕ уырнындзинад фидар кӕн

Павелау дӕ уырнындзинад фидар кӕн

Павелау дӕ уырнындзинад фидар кӕн

«Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 ТИМ. 4:7).

1, 2. Савл йӕ цард куыд фӕивта ӕмӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг райдыдта аразын?

УЫЙ уыд ахуыргонд ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Фӕлӕ цардис, «йӕ буары монцтӕ йын куыд дзырдтой, афтӕ» (Еф. 2:3). Фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «Хуыцауы фаудтон, ӕмбырд ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн» (1 Тим. 1:13). Уыцы адӕймаг уыд Савл.

2 Цасдӕры фӕстӕ Савл йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууагъта ӕмӕ райдыдта архайын, цӕмӕй йӕхи пайдайыл мауал хъуыды кодтаид, фӕлӕ «бирӕты пайдайыл» (1 Кор. 10:33). Сси хӕларзӕрдӕ ӕмӕ, раздӕр мӕстӕй кӕмӕ сыгъд ӕмӕ кӕй фӕдыл зылд, уыцы адӕмы райдыдта фӕлмӕн уарзтӕй уарзын. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8.) «Ӕз... хъусынгӕнӕг сдӕн,– фыста, уый фӕстӕдӕр.– Ӕз, сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕр, уыцы стыр хорзӕхӕй уый тыххӕй схайджын дӕн, цӕмӕй Чырыстийы ӕнӕбын хӕзнаты тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнон ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн» (Еф. 3:7, 8).

3. Павелы фыстӕджытӕ ӕмӕ, куыд лӕггад кодта, уыцы хабӕрттӕ куы иртасӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

3 Савлӕн, хуыдтой ма йӕ Павел дӕр, Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ бантыст (Ап. хъ. 13:9). Йӕ фыстӕджытӕ, стӕй йӕ лӕггады тыххӕй Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ куы иртасӕм, ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад куы фӕзмӕм, уӕд нӕ уырнындзинад зынгӕ фӕфидардӕр уыдзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 11:1; Дзуттӕгтӕм 13:7.) Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, Павелы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхӕдӕг иудадзыг Библи ахуыр кӕнӕм, адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм.

Павел Фыстад лӕмбынӕг иртӕста

4, 5. Павел Фыстад кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы йын цы бантыст?

4 Павел уыд фарисей, «ахуыр... кодта... Гамалиилмӕ, ӕмӕ йын бацамыдтой фыдӕлты Закъон лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнын», ӕмӕ Фыстад зыдта (Ап. хъ. 22:1–3; Фил. 3:4–6). Донаргъуыд куы райста, уӕд «ацыд Аравимӕ» – уый уыдаид Сириаг ӕдзӕрӕг быдыр кӕнӕ Аравийы ӕрдӕгсакъадахы ахӕм хибар ран, хъуыды кӕнын ӕй кӕм ничи бахъыгдардтаид (Гал. 1:17). Павелы, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд ахъуыды кӕнын, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый Фыстады цы бынӕттӕ бӕлвырд кодтой, уыдӕттыл. Уымӕй уӕлдай ма йӕ фӕндыд йӕхи бӕстон бацӕттӕ кӕнын, цы куыст ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 9:15, 16, 20, 22.) Бӕрӕг у, Павел фаг рӕстӕг кӕй ардта Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн.

5 Павел йӕхӕдӕг Фыстад иудадзыг кӕй ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ хорз зыдта ӕмӕ дзы цы арф хъуыдытӕ ис, уыдон хорз ӕмбӕрста. Уый фӕрцы уыд дӕсны ахуыргӕнӕг. Зӕгъӕм, Писидийы Антиохийы дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны Павел адӕмӕн куы ӕмбарын кодта, Йесо Мессийӕ кӕй у, уӕд Дзуттаг Фыстытӕй ӕрхаста ӕппынкъаддӕр фондз бынаты. Стӕй ма сын Фыстытӕм ӕнӕуи дӕр се ’ргом цалдӕр хатты аздӕхта. Фыстадӕй ахӕм фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, ӕмӕ «дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста ӕмӕ Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл ацыдысты», цӕмӕй фылдӕр базоной (Ап. хъ. 13:14–44). Цалдӕр азы фӕстӕ Павелмӕ Ромы цӕрӕг дзуттӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын бӕстон «ӕмбарын кодта Хуыцауы паддзахады хабар ӕмӕ сын Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Моисейы закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй» (Ап. хъ. 28:17, 22, 23).

6. Фӕлварӕнты Павелӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уыдаид?

6 Фӕлварӕнты рӕстӕджы дӕр Павел Фыстад иртӕста ӕмӕ йӕхи фидар кодта Хуыцауы ныхӕстӕй (Дзут. 4:12). Ромы ахст куы уыд ӕмӕ тӕрхонмӕ куы ӕнхъӕлмӕ каст, уӕд Тимофейӕн загъта, цӕмӕй йын ӕрбахастаид «чингуытӕ... уӕлдайдӕр та, цармӕй конд чи сты, уыдон» (2 Тим. 4:13). Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Дзуттаг Фыстыты тыхтӕттӕ ӕмӕ Павелы хъуыдысты, цӕмӕй сӕ кастаид ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг иртӕстаид. Павел Фыстад иудадзыг кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад уыд фидар.

7. Библи иудадзыг ахуыр кӕнын цы пайда у?

7 Библи ӕппынӕдзух куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн (Дзут. 5:12–14). Хуыцауы Ныхас куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Ды цы закъон радтай, уый мӕ пайдайӕн у, мингай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист ӕхцайӕ дӕр бирӕ хуыздӕр у. Дӕ фӕдзӕхст мӕ ме знӕгтӕй зондджындӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ мӕн у ӕнустӕм. Алы ӕвзӕр фӕндагӕй мӕ къӕхтӕ уромын, цӕмӕй дын дӕ ныхас ӕххӕст кӕнон» (Пс. 119:72, 98, 101). Библи иудадзыг ахуыр кӕныс? Алы бон дӕр Библи кӕсыс ӕмӕ, цы бакӕсыс, ууыл фӕхъуыды кӕныс, ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи цӕттӕ кӕныс, цӕмӕй дын фӕстӕдӕр Хуыцауы хъуыддаджы дӕ бӕрны исты хӕслӕвӕрдтӕ бакӕной?

Савл сахуыр адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзын

8. Цы цӕстӕй каст Савл, ӕндӕр диныл хӕст чи уыд, уыдонмӕ?

8 Савл цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ тынг ӕнувыд уыд йӕ диныл. Ӕндӕр диныл хӕст чи уыд, уыдон та йӕм нымады дӕр нӕ уыдысты (Ап. хъ. 26:4, 5). Савл растыл нымадта, дзуттӕгтӕ Стефаны дуртӕй кӕй амардтой, уый. Уыцы хабар ӕй ноджы тынгдӕр баразӕнгард кодта, цӕмӕй чырыстӕтты фӕдыл зылдаид (Ап. хъ. 6:8–14; 7:54–8:1). Библийы фыст ис: «Савл... байдыдта ӕмбырды ныхмӕ ӕгъатырӕй тох кӕнын. Хӕдзӕрттӕм-иу бабырста, нӕлгоймӕгты ӕмӕ-иу сылгоймӕгты ӕддӕмӕ раласта, ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта» (Ап. хъ. 8:3). Уый «сӕ фӕдыл зылди ӕндӕр сахарты дӕр» (Ап. хъ. 26:11).

9. Цавӕр хабары фӕстӕ райдыдта Савл адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын?

9 Хицау Йесо Савлмӕ куы фӕзынд, уӕд Савл цыд Дамаскмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты ахсынмӕ. Хуыцауы Фыртӕй цы ирд рухс цыд, уымӕй Савл бакуырм ӕмӕ ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй йӕ бон акъахдзӕф кӕнын дӕр нал уыд. Йегъовӕ Ананийӕн Савлы цӕстырухс фӕстӕмӕ куы раздахын кодта, уӕдмӕ Савл йӕ зондахаст аивта ӕмӕ адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта (Ап. хъ. 9:1–30). Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куы сси, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архайдта адӕммӕ Йесойы цӕстӕй кӕсыныл. Раздӕр знӕт адӕймаг чи уыд, уый ныр «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цард». (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17–21.)

10, 11. Павел адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй уарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

10 Фӕлӕ Павел ӕрмӕст ууыл нӕ архайдта, цӕмӕй адӕмимӕ хӕларӕй цардаид. Уый ма фӕндыд, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ куы уарзтаид. Йӕ уарзондзинад равдисын та йӕ бон уыди, хорз хабар сын кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы. Йӕ фыццаг уацамындон балцы Павел хъусын кодта Къаннӕг Азийы. Кӕд Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр сӕрныллӕг адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой. Уыдон Листрӕ ӕмӕ Иконимӕ дӕр фӕстӕмӕ ’рыздӕхтысты, кӕд уый размӕ, уыцы сахарты сӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон Павелы амарынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр (Ап. хъ. 13:1–3; 14:1–7, 19–23).

11 Фӕстӕдӕр Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ хъусын кодтой македойнаг сахар Филиппты ӕмӕ дзы агуырдтой сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы. Уыцы сахары цард, дзуттаг дин чи райста, иу ахӕм сылгоймаг, Лидийӕ, зӕгъгӕ. Лидийӕ байхъуыста хорз хабармӕ ӕмӕ сси чырыстон. Уыцы сахары хицӕуттӕ Павел ӕмӕ Силӕйы фӕнӕмын кодтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны баппӕрстой. Фӕлӕ Павел йӕ хъуыддаг уым дӕр нӕ ныууагъта: ахӕстонгӕсӕн хорз хабар радзырдта, ӕмӕ уыцы лӕг ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ донаргъуыд райстой ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ систы (Ап. хъ. 16:11–34).

12. Сӕрбӕрзонд Савл куыд сси Йесо Чырыстийы уарзӕгой апостол?

12 Савл, раздӕр йӕхӕдӕг кӕй ’фхӕрдта, уыдоны дин цӕмӕн райста? Уыцы сӕрбӕрзонд адӕймаг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой апостол куыд сси? Афтӕ тынг ӕй цы аивын кодта, ӕмӕ йӕ цард раттыныл дӕр разы уыд, цӕмӕй адӕм базыдтаиккой ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы? Павел йӕхӕдӕг загъта: «Йе стыр хорзӕхы фӕрцы [мӕ] чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы... бафӕндыд йӕ Фырты мӕн уылты раргом кӕнын» (Гал. 1:15, 16). Павел ма ныффыста: «Йесо Чырысти [мӕм] фӕлмӕнзӕрдӕдзинад уый тыххӕй равдыста, цӕмӕй мӕн уылты, тӕригъӕдджынтӕн сӕ фыццаджы уылты, равдиса йӕ бирӕфӕразондзинад иууылдӕр, ӕмӕ уый уа цӕвиттонӕн, чи йыл баууӕнда ӕмӕ ӕнустӕм чи цӕра, уыдонӕн» (1 Тим. 1:16). Йегъовӕ Павелӕн ныххатыр кодта. Ахӕм стыр хорзӕх ӕм кӕй равдыста, уый Павелӕн йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ уый дӕр адӕммӕ йӕ уарзондзинад ӕвдыста – хорз хабар сын хъусын кодта.

13. Иннӕты уарзынмӕ нӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна ӕмӕ сӕм нӕ бон куыд у уарзондзинад ӕвдисын?

13 Йегъовӕ махӕн дӕр хатыр кӕны нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕ (Пс. 103:8–14). «Не ’нӕзакъон хъуыддӕгтӕм нын куы кӕсис, о Йагъ, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ?» (Пс. 130:3). Йегъовӕ Хуыцау нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы нӕ уаид, уӕд ын махӕй иу дӕр нӕ лӕггад кӕнид ӕмӕ нӕ ӕнусон царды ныфс дӕр нӕ уаид. Алкӕйдӕр нӕ Хуыцау хайджын кӕны йе стыр хорзӕхӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр Павелау хъуамӕ иннӕтӕм нӕ уарзондзинад ӕвдисӕм – хорз хабар сын хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын ӕцӕгдзинад амонӕм, стӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уырнындзинад дӕр фидар кӕнӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:21–23.)

14. Нӕ бон куыд у фылдӕр лӕггад кӕнын?

14 Апостол Павелы фӕндыд фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ хорз хабар хуыздӕр хъусын кӕнын. Уымӕн та йын баххуыс кодта Йесойы цӕвиттон. Хуыцауы Фырт адӕмы кӕй уарзта, уый фыццаджыдӕр ӕвдыста, хорз хабар сын кӕй хъусын кодта, уымӕй. Йесо загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:35–38). Павел дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй куывта ӕмӕ зӕрдӕбынӕй архайдта, цӕмӕй ӕнувыд кусӕг уыдаид. Ды та куыд кӕныс? Дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй хуыздӕр хъусын кӕнай? Кӕнӕ дӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ суанг пионерӕй дӕр лӕггад кӕнын райдайын? Цӕй ӕмӕ адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм «царды дзырдыл фидар ныххӕцынӕн» (Фил. 2:16).

Йӕхимӕ раст цӕстӕй каст

15. Цы цӕстӕй каст Павел йӕхимӕ ӕмӕ йе ’мчырыстӕттӕм?

15 Павел ма нын фӕзминаг у ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Чырыстон ӕмбырды йын кӕд бирӕ хӕстӕ уыд, уӕддӕр уый тынг хорз ӕмбӕрста, уыцы арфӕдзинӕдтӕ йӕ къухы йӕ хъару кӕнӕ йӕ курдиӕтты фӕрцы кӕй нӕ бафтыдысты. Уый ӕмбӕрста, Хуыцау ын сӕ йе стыр хорзӕхӕй кӕй радта. Павел зыдта, иннӕ чырыстӕттӕ дӕр хорз хъусынгӕнджытӕ кӕй уыдысты. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы адӕмы ’хсӕн кадджын хӕстӕ ’ххӕст кодта, уӕддӕр уыд сӕрныллӕг. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:9–11.)

16. Сунӕт кӕныны фарст ӕвзаргӕйӕ, Павел куыд равдыста, бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уый?

16 Ӕркӕсӕм, сириаг сахар Антиохийы ӕмбырды ’фсымӕртӕ сунӕт кӕныны фарсты фӕдыл быцӕу кӕнын куы райдыдтой, уӕд Павел хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕ (Ап. хъ. 14:26–15:2). Павел ӕрвыст уыд ӕнӕсунӕтгонд адӕмтӕм, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдтаид. Уыцы адӕмтӕн сӕ зондахаст хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, сунӕт кӕныны фарст мӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕндзынӕн. (Бакӕс Галатӕгтӕм 2:8, 9.) Фӕлӕ йын дзы куы ницы рауад, уӕд бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕгӕй ӕфсымӕртимӕ сразы, цӕмӕй бафарстаиккой, Иерусалимы разамонӕг советы цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны. Уыцы фарсты фӕдыл разамонӕг советы уӕнгтӕ сӕ хъуыдытӕ куы дзырдтой ӕмӕ уынаффӕ куы хастой, уӕд Павел семӕ ’мгуыст кодта. Павел ма сразы, цӕмӕй, цы уынаффӕ рахастой, уый иннӕ ’фсымӕртимӕ Антиохийы ӕмбырдӕн фехъусын кодтаиккой (Ап. хъ. 15:22–31). Афтӕмӕй Павел скад кодта йе ’фсымӕртӕн (Ром. 12:10ӕ).

17, 18. а) Цы зӕрдӕ дардта Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм? ӕ) Павелы тыххӕй цы базыдтам, Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ куыд фӕндараст кодтой, уымӕй?

17 Павел уыд сӕрныллӕг ӕмӕ ’мбырдты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ каст. Тынг ӕнувыд сыл уыди. Ромӕгтӕм фыстӕджы кӕрон Павел номхуындӕй салӕмттӕ ’рвыста 20 адӕймагӕй фылдӕрӕн. Уыдонӕн сӕ фылдӕры кой Фыстады ӕндӕр никуы ’мбӕлы, бӕрнон хӕстӕ та дзы цалдӕр йеддӕмӕ ничи ӕххӕст кодта. Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ Павел фӕлмӕн уарзтӕй уарзта (Ром. 16:1–16).

18 Павел сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый фӕрцы йын ӕнцон уыд ӕмбырдтӕ фидар кӕнын. Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ фӕстаг хатт куы фӕндараст кодтой, уӕд ын «хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ сын уӕлдай зын уыди, афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ». Павел сӕрбӕрзонд кӕнӕ уазалзӕрдӕ адӕймаг куы уыдаид, уӕд ын йӕ ацыдыл афтӕ нӕ фӕхъыг кодтаиккой (Ап. хъ. 20:37, 38).

19. Сӕрныллӕг куыд уӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ?

19 Йӕ уырнындзинад фидар кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ Павелау сӕрныллӕг уа. Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй «мацы аразой загъдгӕнгӕйӕ кӕнӕ кадмондагӕй, фӕлӕ уой сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрой» (Фил. 2:3). Куыд у нӕ бон ацы уынаффӕ ӕххӕст кӕнын? Хъуамӕ не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕнӕм, сӕ разамындмӕ сын хъусӕм ӕмӕ, исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уый фӕдыл цы уынаффӕ рахӕссой, уыимӕ разы кӕнӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ тынг аргъ кӕнӕм ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Йегъовӕйы ӕмбырдты чи ис, уыдон арӕх вӕййынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй, фӕхицӕн кӕнынц сӕ буары хуызӕй ӕмӕ, кӕм ӕмӕ куыд схъомыл сты, уымӕй. Цымӕ сӕм уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ Павелау иухуызон цӕстӕй ма кӕсӕм ӕмӕ сӕ иухуызон ма уарзӕм? (Ап. хъ. 17:26; Ром. 12:10а). Цӕй уӕдӕ, «Чырысти махыл куыд баузӕлыд, мах дӕр нӕ кӕрӕдзийыл афтӕ узӕлӕм, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа» (Ром. 15:7).

Царды фӕндагыл «фӕразонӕй згъорӕм»

20, 21. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй царды фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм?

20 Чырыстоны цард дард фӕндагыл згъорынӕй уӕлдай нӕу. Павел ныффыста: «Мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон. Нырӕй фӕстӕмӕ мын ӕвӕрдӕй лӕууы рӕстдзинады кадыхуд – уыцы кадыхуд мын нӕ Хицау, рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, хӕрзиуӕгӕн ратдзӕн уыцы бон. Стӕй ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын йӕ фӕзындмӕ чи бӕллы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр» (2 Тим. 4:7, 8).

21 Павелы куы фӕзмӕм, уӕд уыцы фӕндагыл кӕронмӕ азгъордзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цард фендзыстӕм (Дзут. 12:1). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, ӕмӕ уый тыххӕй иудадзыг Библи ахуыр кӕнӕм, адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ сӕрныллӕг уӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Павел иудадзыг Фыстад кӕй ахуыр кодта, уый йын куыд баххуыс кодта?

• Ӕцӕг чырыстӕттӕ адӕмы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ уарзой?

• Цавӕр миниуджытӕ дын баххуыс кӕндзысты адӕммӕ иухуызон цӕстӕй кӕсынӕн?

• Павелы цӕвиттон дын куыд баххуыс кӕндзӕн де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ’мгуыст кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Павелау ды дӕр Фыстадӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕн

[Ныв 24 фарсыл]

Адӕмы уарз ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кӕн

[Ныв 25 фарсыл]

Зоныс ӕй, ӕфсымӕртӕ Павелы цӕмӕн уарзтой?