Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорздзинад аразут

Хорздзинад аразут

Хорздзинад аразут

«Хорзы цӕут» (ЛУК. 6:35).

1, 2. Иннӕтӕн хорздзинад аразын арӕх ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

ИННӔТӔН хорздзинад аразын ӕнцон нӕ вӕййы. Нӕ хорздзинад сын, гӕнӕн ис, ӕмӕ бӕсты ма цӕуа. Адӕмӕн, нӕ бон ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый аразӕм – «амондджын Хуыцауӕй» ӕмӕ йӕ Фыртӕй «чи цӕуы, уыцы диссаджы хорз хабар» сын дзурӕм. Фӕлӕ йӕ бирӕтӕ ницӕмӕ ӕрдарынц ӕмӕ йын нӕ саргъ кӕнынц (1 Тим. 1:11). Чидӕртӕ та нӕ ныхмӕ дӕр фӕцӕуынц, ӕмӕ афтӕмӕй равдисынц, «Чырыстийы хъизӕмӕртты хъӕды знӕгтӕ кӕй сты» (Фил. 3:18). Куыд хъуамӕ уӕм ахӕм адӕмӕн?

2 Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уарзут уе знӕгты, [ӕмӕ] хорзы цӕут» (Лук. 6:35). Цӕй уӕдӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм ацы уынаффӕмӕ. Нӕ хъус ма ӕрдардзыстӕм, Йесо ма иннӕтӕн хорздзинад аразыны тыххӕй ноджыдӕр цы загъта, уымӕ.

«Уарзут уе знӕгты»

3. а) Цӕуыл сты, Матфейы 5:43–45 фыст ныхӕстӕ? ӕ) Фыццаг ӕнусы иудейаг дины разамонджытӕ цавӕр цӕстӕй кастысты дзуттӕгтӕм ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдонмӕ?

3 Уӕлхох уацамынды Йесо адӕмӕн загъта, цӕмӕй се знӕгты уарзой ӕмӕ се ’фхӕрджыты тыххӕй кувой. (Бакӕс Матфейы 5:43–45.) Чи йӕм хъуыста, уыдон уыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ хорз зыдтой Хуыцауы фӕдзӕхст: «Дӕ маст макӕмӕй ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм зӕрдӕ ма хӕсс. Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (Лев. 19:18). Фыццаг ӕнусы иудейаг дины разамонджытӕ «сӕ адӕмы фырттыл» ӕмӕ «хионыл» нымадтой ӕрмӕстдӕр дзуттӕгты. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ иннӕ адӕмтимӕ хъуамӕ ма хӕццӕ кодтаиккой. Фӕлӕ куыд фӕстагмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдоны иууылдӕр се знӕгтыл нымайын райдыдтой ӕмӕ сӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кастысты.

4. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ се знӕгтӕн куыд хъуамӕ уыдаиккой?

4 Йесо та загъта: «Уарзут уе знӕгты дӕр ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матф. 5:44). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ уарзтаиккой се знӕгты. Лука йӕ Евангелийы куыд фыссы, афтӕмӕй Йесо загъта: «Ӕз сымахӕн, чи мӕм хъусы, уыдонӕн, зӕгъын: уарзут уе знӕгты, йе сӕфт уӕ чи уыны, уыдонӕн хорзы цӕут, чи уӕ ӕлгъиты, уыдонӕн арфӕ кӕнут ӕмӕ уӕ чи ӕфхӕры, уыдоны тыххӕй кувут» (Лук. 6:27, 28). Фыццаг ӕнусы Йесойы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонау мах дӕр, «йе сӕфт нӕ чи уыны, уыдонӕн хорзы цӕуӕм» ӕмӕ нӕм кӕд тызмӕгӕй дзурынц, уӕддӕр сӕм хӕларзӕрдӕ стӕм. «Чи [нӕ] ӕлгъиты, уыдонӕн арфӕ кӕнӕм» ӕмӕ семӕ уӕзданӕй фӕныхас кӕнӕм. Нӕмгӕ нӕ чи фӕкӕны кӕнӕ нӕ ӕндӕр хуызы «чи ӕфхӕры, уыдоны тыххӕй кувӕм». Ахӕм куывдтытӕй ӕвдисӕм, не ’фхӕрджыты кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы уаг фӕивой ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссарыныл бацархайой.

5, 6. Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм не знӕгты?

5 Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм не знӕгты? «Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ»,– загъта Йесо (Матф. 5:45). Ацы уынаффӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ свӕййӕм Хуыцауы «фырттӕ», ома фӕзмӕм Йегъовӕйы – «уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр». Лука куыд фыссы, уымӕ гӕсгӕ, «хорздзинад чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у» Хуыцау (Лук. 6:35).

6 Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, се знӕгты уарзын сӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй хъӕуы, уый тыххӕй загъта: «Кӕд сымах, чи уӕ уарзы, уыдоны уарзут, уӕд уын цӕй хӕрзиуӕг уыдзӕн? Исты хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц? Ӕмӕ кӕд ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртыл бацин кӕнут, уӕд уадиссагӕй цы аразут? Исты афтӕ нӕ кӕнынц иннӕ адӕмыхӕттытӕ дӕр?» (Матф. 5:46, 47). Мах чи уарзы, ӕрмӕст уыдоны куы уарзӕм, уӕд уыцы хъуыддаг Хуыцауы «хӕрзиуӕджы» аккаг нӕ уыдзӕн. Ӕгӕрыстӕмӕй ма хъалонисджытӕ дӕр, адӕм се сӕфт кӕмӕй уыдтой, уыдон, уарзтой, чи сӕ уарзта, уыдоны (Лук. 5:30; 7:34).

7. Ӕрмӕст-иу нӕ ӕфсымӕртыл куы бацин кӕнӕм, уӕд уый уадиссаг хъуыддаг цӕуылнӕ уыдзӕн?

7 Дзуттӕгтӕн сӕ саламы ныхӕстӕй бирӕты уыдис дзырд «фарн» (Тӕрх. 19:20; Иоан. 20:19). Уый нысан кодта, адӕймаг салам кӕмӕн лӕвӕрдта, уымӕн йӕ цӕст кӕй уарзта ӕнӕниздзинад, бӕркад ӕмӕ хорз цард. Уӕдӕ ӕфсымӕртыл кӕй нымайӕм, ӕрмӕст-иу уыдоныл куы бацин кӕнӕм, уӕд уым «уадиссагӕй» ницы уыдзӕн. Йесо бамбарын кодта, ахӕм зӕрдӕ кӕй хъуамӕ дарӕм, «иннӕ адӕмыхӕттытӕй» чи у, уыдонмӕ дӕр.

8. Йесо йӕ хъусджыты цӕмӕ разӕнгард кодта, «ут ӕххӕст», зӕгъгӕ сын куы загъта, уӕд?

8 Адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ӕнаипп ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст не сты (Ром. 5:12). Фӕлӕ Йесо йӕ ныхасы уыцы хай фӕцис афтӕ: «Ут ӕххӕст, уӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ» (Матф. 5:48). Ацы ныхӕстӕй йӕ хъусджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй уарзондзинадӕй ӕххӕст уыдаиккой ӕмӕ афтӕмӕй фӕзмыдтаиккой сӕ «уӕларвон Фыд» Йегъовӕйы. Сӕ уарзондзинад та ӕххӕст уӕд уыдаид, се знӕгты дӕр куы уарзтаиккой. Уый хауы махмӕ дӕр.

Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

9. Йесойы куывдмӕ гӕсгӕ ма нӕ бон хорздзинад аразын куыд у?

9 Хорздзинад ма араздзыстӕм, нӕ ныхмӕ исчи куы фӕрӕдийа, уӕд ын ӕй куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, кувын куыд хъӕуы, уый куы амыдта, уӕд загъта: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ» (Матф. 6:12).

10. Хатыр кӕныны хъуыддаджы нӕ бон Хуыцауы фӕзмын куыд у?

10 Хуыцау зӕрдӕйӕ хатыр кӕны, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн, ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы мах дӕр хъуамӕ фӕзмӕм. Апостол Павел фыста: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:32). Псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ стыр у йе ’нувыд уарзт [...] Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм гӕсгӕ нӕ бафиды... Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ уый махӕй адард кодта нӕ фыдхъуыддӕгтӕ. Фыд йӕ фырттӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ вӕййы, афтӕ Йегъовӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ у, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ. Уымӕн ӕмӕ уый зоны не сконд, рох дзы нӕу, кӕй стӕм сыджыт» (Пс. 103:8–14).

11. Кӕмӕн хатыр кӕны Хуыцау?

11 Хуыцау адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕндзӕн, сӕхӕдӕг дӕр, сӕ ныхмӕ чи фӕрӕдийы, уыдонӕн куы ныххатыр кӕной, ӕрмӕстдӕр уӕд (Марчы 11:25). Уый тыххӕй загъта Йесо дӕр: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ сымах куы нӕ хатыр кӕнат адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матф. 6:14, 15). Ӕцӕгдӕр, Хуыцау хатыр кӕны, иннӕтӕн зӕрдӕйӕ чи хатыр кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Уӕдӕ мах хорздзинад аразӕм, кӕд ӕмӕ ӕххӕст кӕнӕм апостол Павелы уынаффӕ: «Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнут» (Кол. 3:13).

«Макӕй кой кӕнут»

12. Йесо цавӕр уынаффӕ радта?

12 Уӕлхох уацамынды Йесо бамбарын кодта, куыд ма ис ноджыдӕр хорздзинад аразӕн. Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн загъта, цӕмӕй макӕй кой кӕной ӕмӕ сын ӕрхаста хорз цӕстуынгӕ цӕвиттон. (Бакӕс Матфейы 7:1–5.) Цӕй уӕдӕ базонӕм, Йесойы цы зӕгъын фӕндыд ацы ныхӕстӕй, «макӕй кой кӕнут», зӕгъгӕ.

13. Йесомӕ чи хъуыста, уыдоны цы аразын хъуыд?

13 Матфейы Евангелийы кӕсӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн» (Матф. 7:1). Лукайы Евангелийы та кӕсӕм: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ уӕ кой никуы ничи ракӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ сымах дӕр никуы ничи рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын уыдзӕни хатыр» (Лук. 6:37). Ацы стихты «макӕй кой кӕнут»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн ма йӕ хъуыды у «ма тӕрхон кӕнут» дӕр. Фыццаг ӕнусы фарисейтӕ адӕмыл карзӕй тӕрхон кодтой сӕ ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Кӕд Йесойы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй искӕмӕ хаудысты, уӕд афтӕ хъуамӕ мауал кодтаид. Уый бӕсты уыдон хъуамӕ иннӕтӕн хатыр кодтаиккой сӕ рӕдыдтытӕ. Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй ма хатыр кӕныны тыххӕй ахӕм уынаффӕ радта апостол Павел дӕр.

14. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн кӕй хатыр кодтаиккой, уымӕй сӕ цӕмӕ разӕнгард кодтаиккой?

14 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн кӕй хатыр кодтаиккой, уымӕй сын сӕхи дӕр хатыр кӕнынмӕ разӕнгард кодтаиккой. «Иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр,– загъта Йесо,– ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Матф. 7:2). Иннӕтӕн куыд стӕм, уый тыххӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ, цы байтауӕм, уый ӕркӕрддзыстӕм (Гал. 6:7).

15. Йесо куыд равдыста, иннӕты кой кӕнын ӕвзӕр кӕй у?

15 Иннӕты кой кӕнын ӕвзӕр кӕй у, уый равдисыны тыххӕй Йесо бафарста: «Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс? Науӕд де ’фсымӕрӕн афтӕ куыд зӕгъыс: „Ӕри-ма, ӕз дын дӕ цӕстӕй хъӕмпыхал райсон“, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты хъӕд ис?» (Матф. 7:3, 4). Искӕуыл фаутӕ ’вӕрын чи уарзы, уый йе ’фсымӕры «цӕсты» гыццыл хъӕндзинад дӕр суыны. Ахӕм адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, йе ’фсымӕр раст кӕй нӕ хъуыды кӕны. Кӕд йе ’фсымӕры рӕдыд «хъӕмпыхалы йас» йеддӕмӕ нӕу, уӕд дӕр йӕ «райсынмӕ» фӕрӕвдз вӕййы. Иннӕты цӕстмӕ йын йӕхи зондамонӕг скӕны.

16. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ фарисейты цӕсты уыди «хъӕд»?

16 Иудейты дины разамонджытӕ иннӕтыл фаутӕ куыд ӕвӕрдтой, афтӕ ничи. Зӕгъӕм, Чырысти кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы куырм лӕг афтӕ куы загъта, Йесо Хуыцауӕй ӕрцыд, зӕгъгӕ, уӕд фарисейтӕ рамӕсты сты: «Ды ӕнӕхъӕнӕй дӕр тӕригъӕдты куы райгуырдтӕ, уӕд мах ахуыр кӕныс?» (Иоан. 9:30–34). Фарисейтӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст цы у, уый кӕй не ’мбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ цӕсты уыди «хъӕд», уыдысты куырм. Йесо дӕр уымӕн загъта: «Цӕстмӕхъус! Раздӕр уал дӕхи цӕстӕй хъӕд раппар, ӕмӕ уӕд, де ’фсымӕры цӕстӕй хъӕмпыхал куыд райсай, уый дӕр фендзынӕ» (Матф. 7:5; Лук. 6:42). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразӕм ӕмӕ сын хорз уӕм, уӕд не ’фсымӕры цӕсты «хъӕмпыхал» нӕ агурдзыстӕм. Уый бӕсты алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты рӕдыдтыты кой ма кӕнӕм ӕмӕ сӕм фаутӕ ма хӕссӕм.

Иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм

17. Матфейы 7:12 гӕсгӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм?

17 Уӕлхох уацамынды Йесо равдыста, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм фыды зӕрдӕ кӕй дары. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, сӕ куывдтытӕ сын кӕй хъусы, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 7:7–12.) Зӕрдыл бадаринаг у, нӕ уагахасты тыххӕй Йесо кӕй радта ахӕм уагӕвӕрд: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матф. 7:12). Адӕмӕн афтӕ куы уӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн бӕрӕг, Йесо Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уый.

18. Нӕхицӕн нӕ куыд фӕнды, иннӕтӕн дӕр афтӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уый «Закъон» куыд ӕмбарын кодта?

18 Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ма сӕм бафтыдта: «Уый мидӕг ис Закъон ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕн сӕ хъуыды». Уӕдӕ, Йесо куыд загъта, афтӕ куы уӕм иннӕтӕн, уӕд ӕххӕст кӕндзыстӕм «Закъон» – Райдианӕй Дыккаг закъоны онг Библийы цы чингуытӕ ис, уыдон. Ацы чингуыты ӕрмӕст уый фыст нӕй, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ фӕзындаид, фыддзинадӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы байзӕддаг, фӕлӕ ма, Хуыцау н. э. размӕ 1513 азы Моисейы уылты израилӕгтӕн цы Закъон радта, уый дӕр (Райд. 3:15). Закъон ӕмбарын кодта алыхуызон хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, израилӕгтӕ кӕй хъуамӕ кодтаиккой раст тӕрхон, макӕй хъулон кодтаиккой ӕмӕ, сӕ бӕстӕйы цы ’фхӕрд ӕмӕ цы ’рцӕуӕггаг адӕм уыд, уыдонӕн хорздзинад арӕзтаиккой (Лев. 19:9, 10, 15, 34).

19. Хорздзинад аразын кӕй хъӕуы, уый «пехуымпарты ныхӕстӕй» куыд зыны?

19 Йесо, «пехуымпарты ныхӕстӕ», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд кодта Дзуттаг Фыстыты пехуымпарадон чингуыты кой. Уым фыст ис, Чырыстийыл чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕ. Уыцы фыстытӕ ма ӕмбарын кӕнынц, Хуыцау йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны, йӕ цӕсты раст цы у, уый куы фӕкӕнынц ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинад куы фӕаразынц, уӕд. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Исайы уылты израилӕгтӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Мӕнӕ Йегъовӕ цы дзуры: „Рӕстдзинадыл хӕцут ӕмӕ раст кӕнут... Амондджын у, афтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг, ӕмӕ адӕймаджы фырт, фидар ыл чи хӕцы... ӕмӕ цыфӕнды ӕвзӕрдзинадӕй дӕр йӕхи чи уромы“» (Ис. 56:1, 2). О, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм хорздзинад аразой.

Алкӕддӕр хорздзинад аразут

20, 21. Адӕм Йесойы Уӕлхох уацамындмӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ йыл дӕу дӕр цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын?

20 Мах равзӕрстам, Йесо Чырысти Уӕлхох уацамынды цы бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕ загъта, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр. Ӕмӕ ӕрмӕст уый дӕр фаг у, цӕмӕй бамбарӕм, Йесойы ныхӕстӕ адӕмы дисы цӕмӕн ӕфтыдтой, уый. Библи дзуры: «Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ уый чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас» (Матф. 7:28, 29).

21 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо Чырысти ӕцӕгдӕр кӕй уыд, пехуымпар кӕй кой кодта, уыцы «Диссаджы Уынаффӕгӕнӕг» (Ис. 9:6). Йӕ уӕларвон Фыд алцӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый хорз кӕй зыдта, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у Уӕлхох уацамынд. Цӕуыл ӕрныхас кодтам, уымӕй уӕлдай ма Уӕлхох уацамынды кой цӕуы, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, нӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй куыд бахизӕм, рӕстӕй куыд архайӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын ӕдас ӕмӕ хъӕлдзӕг фидӕн уа, стӕй ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл дӕр. Хорз уаид, Хуыцаумӕ куы скувис ӕмӕ ногӕй лӕмбынӕг куы бакӕсис Матфейы Евангели 5 сӕрӕй 7 сӕры онг. Ахъуыды кӕн Йесойы диссаджы уынаффӕтыл ӕмӕ сӕ дӕ царды пайда кӕн. Уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ тынгдӕр рухс кӕндзынӕ, иннӕтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсдзынӕ ӕмӕ алкӕддӕр хорздзинад араздзынӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Не знӕгтӕн куыд хъуамӕ уӕм?

• Иннӕтӕн цӕмӕн хъуамӕ хатыр кӕнӕм?

• Цы загъта Йесо искӕй кой кӕныны тыххӕй?

Матфейы 7:12 гӕсгӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]

Йесо цӕмӕн загъта: «Макӕй кой кӕнут»?

[Ныв 8 фарсыл]

Цӕмӕн хъуамӕ кувӕм не ’фхӕрджыты тыххӕй?

[Ныв 10 фарсыл]

Куыд дӕ фӕнды, ӕмӕ дын адӕм уой, афтӕ сын дӕ дӕхӕдӕг дӕр?