Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад цы ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн, уый ӕввахс у!

Хуыцауы Паддзахад цы ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн, уый ӕввахс у!

Хуыцауы Паддзахад цы ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн, уый ӕввахс у!

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (МАТФ. 6:10).

1. Йесо Чырысти адӕмы сӕйраджыдӕр цӕуыл ахуыр кодта?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын бацамыдта, Хуыцаумӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уыцы куывды равдыста, цы у йӕ ахуырӕдты сӕйраг хъуыды: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9–13). Йесо «зылди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (Лук. 8:1). Чырысти ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матф. 6:33). Ацы статья куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ахъуыды кӕн, ацы ӕрмӕгӕй дӕ бон уацамынды спайда кӕнын куыд уыдзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, цавӕр дзуапп раттис ацы фарстытӕн: Хуыцауы Паддзахады хабар куыд ахсджиаг у? Адӕмы цӕмӕй хъӕуы фервӕзын кӕнын? Хуыцауы Паддзахад адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн?

2. Хуыцауы Паддзахады хабар куыд ахсджиаг у?

2 Йесо загъта: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар у тынг ахсджиаг. Уымӕй ахсджиагдӕр хабар дунейы нӕй! Зӕххы къорийыл 100 минӕй фылдӕр ӕмбырды ис 7 милуанмӕ ’ввахс Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Уыдон иууылдӕр архайынц, чи никуыма уыд, ахӕм стыр куысты – адӕмӕн дзурынц, Хуыцау йӕ Паддзахад ныридӕгӕн кӕй сфидар кодта. Уый у хорз хабар, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уӕларвыл сӕвӕрдта йӕ хицауад, ӕмӕ йын зӕххы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ бар бакодта. Уыцы Паддзахады разамындӕй Йегъовӕйы фӕндон зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕндзӕн, куыд уӕларвыл, афтӕ.

3, 4. Зӕххыл Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст уа, уӕд цард куыд аивдзӕн?

3 Зӕххыл Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст уа, уӕд уый адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн? Йегъовӕ сын «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4). Адӕм нал дӕр рынчын кӕндзысты ӕмӕ нал дӕр мӕлгӕ, уымӕн ӕмӕ нал уыдзӕн туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Хуыцау, йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын фадат ратдзӕн ӕнустӕм цӕрынӕн. Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Ап. хъ. 24:15). Нал уыдзӕн хӕстытӕ, низтӕ ӕмӕ ӕххормагдзинад, ӕмӕ зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн. Абон тӕрсгӕ кӕмӕй кӕнӕм, суанг уыцы сырдтӕ дӕр адӕмӕн дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дӕр зиан нал хӕсдзысты (Пс. 46:9; 72:16; Ис. 11:6–9; 33:24; Лук. 23:43).

4 Ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахад. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг цы цард уыдзӕн, уый тыххӕй Библийы дӕр дзӕгъӕлы фыст нӕй ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Сабыр адӕм зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ сабырдзинадӕй бафсӕддзысты». Ӕмӕ уӕд фыдгӕнджытӕ та? Уыдоны тыххӕй Фыстад дзуры: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн». Фӕлӕ «йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты» (Пс. 37:9–11).

5. Цы ’рцӕудзӕн ацы цардӕвӕрдыл?

5 Цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст уой, уый тыххӕй уал хъуамӕ фесӕфа ацы цардӕвӕрд, ӕдзух кӕрӕдзиимӕ чи быцӕу кӕны, уыцы хицауӕдтимӕ, динтимӕ ӕмӕ йӕ коммерциимӕ. Ӕмӕ растдӕр уыцы куыст бакӕндзӕн уӕларвон хицауад. Пехуымпар Данел ныффыста: «[Абон чи ис], уыцы паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм [уӕларвон] паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн [абоны] паддзахӕдты иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Дан. 2:44). Хуыцауы Паддзахад – ног уӕларвон хицауад – разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл цы ног адӕм цӕрдзӕн, уыдонӕн. Хуыцау скӕндзӕн, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхх» (2 Пет. 3:13).

Ирвӕзындзинад абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуы

6. Ацы фыддунейы цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

6 Сайтан, Адам ӕмӕ Евӕйы бафӕндыд, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты. Уыцы хабарӕй 1 600 азӕй фылдӕры фӕстӕ, Доны хъаймӕты размӕ «адӕм бынысӕфт... фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр... уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл» (Райд. 6:5). Уымӕй иу-1 300 азы фӕстӕдӕр адӕм афтӕ тынг хъизӕмар кодтой, ӕмӕ Соломон ныффыста: «Чи амард, уыдон мӕм фӕкастысты, нырма ӕгас чи у, уыдонӕй амондджындӕр. Фӕлӕ уыдонӕй хуыздӕр та у, чи нӕма райгуырд ӕмӕ, хуры бын цы ’намонд хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон чи нӕ федта, уымӕн» (Еккл. 4:2, 3). Уӕдӕй фӕстӕмӕ рацыд иу-3 000 азы, ӕмӕ фыддзинад фылдӕр цы кӕны, уый йеддӕмӕ къаддӕр нӕ кӕны.

7. Абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕна?

7 Кӕд фыддзинад рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ис, уӕддӕр, Хуыцауы Паддзахад цы ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн, уый абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуы. Уавӕртӕ фӕстаг 100 азы хуызӕн ӕвзӕр никуы уыдысты ӕмӕ кӕнынц ноджы ӕвзӕрдӕр. Зӕгъӕм, иу институты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, «н. э. 1 ӕнусӕй 19 ӕнусы кӕронмӕ ӕппӕт хӕстыты цы адӕм фӕмард, уымӕй ӕртӕ хатты фылдӕр бабын [20] ӕнусы хӕстыты». 1914 азӕй фӕстӕмӕ хӕстыты чи фӕмард, уыдон сты 100 милуанӕй фылдӕр. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, 60 милуан адӕймагӕй фылдӕр амард Дыккаг дунеон хӕсты. Иуӕй-иу бӕстӕтӕм ядерон хӕцӕнгарз кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у фесафын зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕры. Ӕмӕ кӕд наукӕ ӕмӕ медицинӕйы къухы гыццыл нӕ бафтыд, уӕддӕр алы аз дӕр ӕххормагдзинад ӕмӕ низты аххосӕй амӕлы 5 милуан сывӕллоны бӕрц. (Кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 9 сӕр.)

8. Адӕм мин азты дӕргъы куыд къухдариуӕг кӕнынц, уымӕй цы рабӕрӕг?

8 Адӕмӕн сӕ бон фыддзинад бауромын нӕу. Ацы дунейы политиктӕ, базарады ӕмӕ дины кусджытӕ никуы скӕндзысты адӕмӕн сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕт цард, никуы сӕ фервӕзын кӕндзысты сӕ низтӕй. Сӕ бӕллӕхтӕм ма сын ӕфтаугӕ цы бакодтой, уымӕй уӕлдай сын ӕххуыс ницы фесты. Адӕм мин азты дӕргъы сӕхӕдӕг куыд къухдариуӕг кӕнынц, уымӕй рабӕрӕг, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ... нӕу. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Йер. 10:23). Ӕцӕгдӕр, «адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы» (Еккл. 8:9). Уымӕй уӕлдай, «Хуыцауы сконд дуне ӕгасӕй дӕр тухӕнӕй... мӕлы ӕмӕ... удхар кӕны» (Ром. 8:22).

9. «Фӕстаг бонты» цавӕр уавӕртӕ уыдзӕн?

9 Нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библи дзуры: «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг». Ацы пехуымпарады нымад цӕуынц, адӕм сӕхӕдӕг куы къухдариуӕг кӕной, уӕд фӕстаг бонты зӕххыл цы уавӕртӕ уыдзӕн, уыдон. Уымӕй уӕлдай ма дзы фыст ис: «Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–5, 13.) Чырыстӕттӕ ууыл дис нӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ мах хъусын кӕнӕм хорз хабар, зӕгъгӕ, Хуыцау тагъд фервӕзын кӕндзӕн, чи йӕ уарзы, уыдоны. Уыцы адӕм фервӕздзысты, фыддӕрӕй-фыддӕр чи кӕны, уыцы дунейӕ.

Чи нӕ фервӕзын кӕндзӕн

10. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, Йегъовӕ йеддӕмӕ нӕ кӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн?

10 Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ адӕмӕн дзур, Йегъовӕ йеддӕмӕ нӕ кӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн. Ӕрмӕстдӕр уымӕ ис уыцы хъару, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕт бӕллӕхтӕй дӕр фервӕзын кӕна, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны (Ап. хъ. 4:24, 31; Рарг. 4:11). Мах ӕй хорз зонӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмы алкӕддӕр кӕй ирвӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕндон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырд радта: «Ӕз куыддӕриддӕр сфӕнд кодтон, афтӕ уыдзӕн». Йӕ ныхас ӕм «фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхы». (Бакӕс Исай 14:24, 25; 55:10, 11.)

11, 12. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

11 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавӕрдта зӕрдӕ, фыдгӕнджыты куы сафа, уӕд уыдоны та кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕй. Пехуымпар Йеремийы куы ’рвыста, цӕмӕй хъӕбатырӕй дзырдтаид, стыр тӕригъӕдтӕ чи кодта, уыдонимӕ, уӕд ын загъта: «Ма тӕрс». Йеремийы ӕцӕгдӕр тӕрсын нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон» (Йер. 1:8). Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы фесафынвӕнд куы скодта, уӕд та дыууӕ зӕды арвыста, цӕмӕй Лоты ӕмӕ йын йӕ бинонты ӕдас бынатмӕ ракодтаиккой. Уый фӕстӕ «Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл ныккалдта сондон ӕмӕ зынг» (Райд. 19:15, 24, 25).

12 Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ фӕндон ын чи ’ххӕст кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр – зӕххыл кӕмфӕнды ма цӕрой. Рагзаманты фыдгӕнджыты Доны хъаймӕты куы фесӕфта, уӕд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта» (2 Пет. 2:5). Ӕмӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд дӕр та Йегъовӕ рӕстгӕнджыты фервӕзын кӕндзӕн. Йӕ Ныхас нын дзуры: «Зӕххыл цы сӕрныллӕг адӕм ис... агурут Йегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ. Чи зоны, Йегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат» (Соф. 2:3). Уӕд «рӕстгӕнджытӕ цӕрдзысты зӕххыл... фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн» (Ӕмб. 2:21, 22).

13. Цы ис зӕгъӕн, Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй?

13 Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ амардысты – иуты дзы маргӕ акодтой, чидӕртӕ та дзы амардысты низӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕй аххосӕй (Матф. 24:9). Уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ап. хъ. 24:15). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕнын ницы бахъыгдардзӕн!

Рӕстаг хицауад

14. Хуыцауы Паддзахад рӕстаг хицауад цӕмӕн у?

14 Хорз хабар куы хъусын кӕнай, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнай, Йегъовӕйы уӕларвон Паддзахад кӕй у рӕстаг хицауад. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уымӕн ӕмӕ уыцы хицауады чи ис, уыдон хайджын сты Хуыцауы диссаджы миниуджытӕй, зӕгъӕм, рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинадӕй (Дык. з. 32:4; 1 Иоан. 4:8). Хуыцау йӕ Паддзахады сӕргъы сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы, зӕххӕн разамынд ӕппӕты хуыздӕр чи дӕтдзӕн, уый. Йегъовӕ ма афтӕ дӕр сарӕзта, цӕмӕй 144 мин сӕрст чырыстоны зӕххӕй уӕларвон цардмӕ ист ӕрцӕуой. Уыдонӕн дӕр хай ис Чырыстиимӕ ӕмӕ йемӕ иумӕ кӕсдзысты зӕххы хъуыддӕгтӕм (Рарг. 14:1–5).

15. Хуыцауы Паддзахады хицаудзинад ӕнӕххӕст адӕмы хицаудзинадӕй куыд хицӕн кӕны?

15 Куыд тынг хицӕн кӕндзӕн Чырысти ӕмӕ 144 мины хицаудзинад ӕнӕххӕст адӕмы хицаудзинадӕй! Ацы дунейы цы хицӕуттӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты ӕгъатыр, хӕстытӕ ракъахынц ӕмӕ сӕ бӕстӕйы адӕмы сӕ цӕхӕры баппарынц. Уый аххосӕй милуангай адӕймӕгтӕ фӕцагъды вӕййынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библи кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ ныфс ма ӕвӕрӕм адӕймагыл, «йӕ бон [нӕ] фервӕзын кӕнын» кӕмӕн нӕу, ууыл (Пс. 146:3). Чырысти та уыдзӕн бынтон ӕндӕрхуызон хицау. «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут,– загъта Йесо,– ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30).

Фӕстаг бонтӕ тагъд фӕуыдзысты!

16. Куыд фӕуыдзысты ацы фӕстаг бонтӕ?

16 1914 азӕй фӕстӕмӕ ацы дунейӕн райдыдтой йӕ фӕстаг бонтӕ, ома ныр у «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» (Матф. 24:3). Тынг тагъд уыдзӕн, Йесо кӕй кой кодта, уыцы «стыр бӕллӕх». (Бакӕс Матфейы 24:21.) Зӕххыл чи никуыма уыд, уыцы бӕллӕх кӕрон скӕндзӕн Сайтаны дунейӕн. Фӕлӕ куыд райдайдзӕн стыр бӕллӕх ӕмӕ йӕ кӕрон цы уыдзӕн?

17. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй стыр бӕллӕх цӕмӕй райдайдзӕн?

17 Стыр бӕллӕх райдайдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы. О, «Йегъовӕйы бон» ӕрцӕудзӕн ӕваст, «афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“». (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3.) Уыцы бӕллӕх райдайдзӕн, адӕмтӕ афтӕ куы хъуыды кӕной, се стыр зындзинӕдтӕй фервӕзынмӕ сӕ бирӕ нал хъӕуы, уӕд. «Стыр Вавилон» (дунейы цы мӕнг динтӕ ис, уыдон иууылдӕр) ӕвиппайды пырхгонд куы ’рцӕуа, уӕд ӕгас дуне дӕр хорзау нал фӕуыдзӕн. Паддзӕхтӕ ӕмӕ иннӕ адӕм дис кӕндзысты, Стыр Вавилонӕн цы тӕрхон хаст ӕрцыд, ууыл (Рарг. 17:1–6, 18; 18:9, 10, 15, 16, 19).

18. Йегъовӕ цы бакӕндзӕн, Сайтан ын йӕ адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд?

18 Уыцы тыхст рӕстӕг «адӕм уындзысты ӕнахуыр диссӕгтӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл» ӕмӕ «Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл». Уӕд нӕхи сӕмраст кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ сӕртыл схӕцдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг (Лук. 21:25–28; Матф. 24:29, 30). Сайтан, кӕнӕ Гог, йӕ тыхтӕ сараздзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. Фӕлӕ йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ныхмӕ чи рацӕуы, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ дзуры: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мӕ цӕсты гагуымӕ ӕвналы» (Зах. 2:8). Сайтаны фӕндтӕй ницы рауайдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕнынмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕндзӕн (Иез. 38:9, 18).

19. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы зӕдтӕ Сайтаны дуне кӕй фесафдзысты?

19 Хуыцау адӕмты ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд базондзысты, уый Йегъовӕ кӕй у (Иез. 36:23). Йегъовӕ арвитдзӕн йе ’фсад – мингай зӕдты, сӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй – цӕмӕй ныппырх кӕна, зӕххыл ма Сайтаны фыддунейӕ цы баззайа, уый (Рарг. 19:11–19). Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр иу зӕд иунӕг ӕхсӕвмӕ Хуыцауы знӕгтӕй кӕй «амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин адӕймаджы». Уӕдӕ дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, Армагеддоны, стыр бӕллӕхӕн йӕ тӕмӕны, уӕларвон ӕфсад Сайтаны дунейӕ фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (2 Пад. 19:35; Рарг. 16:14, 16). Сайтан ӕмӕ дӕлимонтӕ иу мин азмӕ «дӕлдзӕхмӕ» ӕппӕрст ӕрцӕудзысты. Фӕстагмӕ та сӕ Йегъовӕ бынтондӕр фесафдзӕн (Рарг. 20:1–3).

20. Йегъовӕ йӕ Паддзахады руаджы цы сараздзӕн?

20 Арв ӕмӕ зӕхх ссыгъдӕг уыдзысты фыддзинадӕй ӕмӕ рӕстаг адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты зӕххыл. Йегъовӕ равдисдзӕн, Хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у (Пс. 145:20). Йӕ Паддзахады руаджы сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы иунӕг хицау уый кӕй у, скадджын кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг ном ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Цӕй уӕдӕ цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнӕм хорз хабар ӕмӕ, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базоной, Хуыцауы Паддзахад цы ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн, уый ӕввахс кӕй у! (Ап. хъ. 13:48).

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ахсджиаг кӕй у, уый Йесо куыд равдыста?

• Ирвӕзындзинад абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы?

• Цавӕр хабӕрттӕ цӕудзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕджы?

• Йегъовӕ куыд ӕвдисы, Хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 12, 13 фарсыл]

Хуыцауы Ныхасы фыст ис, нӕ рӕстӕджы хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн ӕгас дунейы дӕр

[Ныв 15 фарсыл]

Йегъовӕ фервӕзын кодта Ной ӕмӕ йӕ бинонты, ӕмӕ мах дӕр фервӕзын кӕндзӕн

[Ныв 16 фарсыл]

Йегъовӕ ныссӕрфдзӕн адӕмӕн «сӕ цӕссыгтӕ, нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Рарг. 21:4)