Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм»

«Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм»

«Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм»

БИБЛИ Йегъовӕ Хуыцауы хоны алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг. Уым фыст ис: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ» (Ис. 6:3; Рарг. 4:8). Дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзагӕй дзырд «сыгъдӕг»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, ӕнӕкъӕм цы у, чъизидзинадӕй хызт цы у, мӕнг дины хъуыддӕгтӕй хъӕстӕ цы нӕу, уый. Хуыцау сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уый амоны, алцӕмӕйдӕр ӕххӕст кӕй у.

Цымӕ уӕд сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр хъуамӕ сыгъдӕг ма уой – ӕнӕуи дӕр, ӕгъдауӕй дӕр ӕмӕ дины хъуыддӕгты дӕр? Библи комкоммӕ дзуры, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм сыгъдӕг уой. 1 Петры 1:16 кӕсӕм: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг». Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймаг Йегъовӕйы хуызӕн сыгъдӕг уа? О, кӕд бынтон уый хуызӕн нӕ, уӕддӕр. Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уыдзыстӕм, йе ’ввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм ӕмӕ нӕхи мӕнг дины хъуыддӕгтӕй куы нӕ чъизи кӕнӕм, уӕд.

Уӕдӕ нӕхи сыгъдӕгӕй куыд дарӕм ацы ӕнӕгъдау, чъизи дунейы? Цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи? Цы нӕ хъӕуид аивын нӕ ныхасы ӕмӕ нӕ уагахасты? Ацы фарстытӕн дзуапп ссарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, н. э. размӕ 537 азы иудейтӕ Вавилонӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уыцы хабармӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау уыдонӕй цы домдта, ууыл.

«Уым уыдзӕн Сыгъдӕгдзинады фӕндаг»

Йегъовӕ рагацау загъта, йӕ адӕм Вавилоны уацарӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты. Уыцы пехуымпарады ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уым уыдзӕн стыр фӕндаг, о, фӕндаг, ӕмӕ йӕ схондзысты Сыгъдӕгдзинады фӕндаг» (Ис. 35:8а). Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕрмӕст фӕндаг байгом кӕнынӕй нӕ бавӕрдта, фӕлӕ сӕ уыцы фӕндагыл кӕй хъахъхъӕндзӕн, уымӕй дӕр.

Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕххыл байгом кодта «Сыгъдӕгдзинады фӕндаг» ӕмӕ сӕ ракодта Стыр Вавилонӕй – дунейы цы мӕнг динтӕ ис, уыдонӕй. 1919 азы сӕрст чырыстӕтты ссӕрибар кодта мӕнг дины уацарӕй ӕмӕ сабыргай сӕхи ссыгъдӕг кодтой ӕппӕт мӕнг ахуырӕдтӕй. Ӕмӕ абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ӕмбырдтӕ сты сыгъдӕг, йӕ адӕмы ’хсӕн ис фарн. Уый фӕрцы Йегъовӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ хӕларӕй цӕрӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнӕм.

Сӕрст чырыстӕттӕ, ома «гыццыл дзуг», ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр чи кӕнынц, уыцы «тынг бирӕ адӕм», кӕнӕ «ӕндӕр фыстӕ», равзӕрстой сыгъдӕг фӕндаг ӕмӕ иннӕты дӕр семӕ хонынц (Лук. 12:32; Рарг. 7:9; Иоан. 10:16). «Сыгъдӕгдзинады фӕндаг» гом у, «удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн» йӕхи раттынмӕ цӕттӕ чи у, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр (Ром. 12:1).

«Сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм адӕймаг ыл нӕ цӕудзӕн»

Н. э. размӕ 537 азы фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтыл уыд иу ахсджиаг хӕс. «Сыгъдӕгдзинады фӕндагыл» цӕуыны аккаг чи уыди, уыдоны тыххӕй Исайы 35:8 стихы дыккаг хайы фыст ис: «Сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм адӕймаг ыл нӕ цӕудзӕн. Уыцы фӕндаг уыдзӕн, чи йыл цӕуа, уыдонӕн, ӕмӕ йыл ӕнӕзонд адӕм нӕ рацу-бацу кӕндзысты». Иудейтӕ Иерусалиммӕ ’рыздӕхтысты раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕныны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи сӕрмагонд хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты кӕмӕн уыдысты, табуйаг хъуыддӕгтӕн аргъ чи нӕ кодта кӕнӕ чъизи митӕ чи кодта, уыдонӕн дзы бынат нӕ уыд. Иудейтӕ хъуамӕ цардаиккой, Йегъовӕ ӕгъдау ӕмӕ ’фсармы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ сӕвӕрдта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Абон Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдон дӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕной уыцы домӕнтӕ. Хъуамӕ «Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕной» (2 Кор. 7:1). Уӕдӕ цавӕр чъизи хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи?

Апостол Павел фыста: «Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ та бӕлвырд сты: хӕтын, чъизи митӕ, хӕлд хъуыддӕгтӕ» (Гал. 5:19). Хӕтындзинад у ӕмкъайӕ дарддӕр искӕй ӕфсӕрмыйаг буары уӕнгтӕм ӕвналын кӕнӕ ӕндӕр исты ӕнӕгъдау митӕ кӕнын. Хӕлд хъуыддӕгтӕм та хауы «ӕнӕуаг, ӕнаккаг, ӕнӕфсарм, ӕдзӕсгом уагахаст». Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ хӕтындзинад дӕр ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгтӕ дӕр йӕ цӕсты сты чъизи. Уымӕ гӕсгӕ, йе ’взӕр митӕ чи нӕ уадзы, уымӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа. Ахӕм митӕ чырыстон куы кӕна, уӕд уый та ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты. Афтӕ у йӕ хабар, ӕлгъаг митӕ, ома «ӕнӕфсисӕй алы чъизи митӕ кӕны» чи кӕны, ахӕм адӕймагӕн дӕр (Еф. 4:19).

«Чъизи митӕм» хауы тынг бирӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Грекъаг ӕвзагыл ацы дзырд амоны цыфӕнды чъизидзинадмӕ дӕр – уагахасты уа, ныхасы ӕви дины хъуыддӕгты. Чъизи митӕм цы хъуыддӕгтӕ хауы, уыдонӕй алкӕцы ахӕм нӕу, цӕмӕй уый тыххӕй адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕной *. Фӕлӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахӕм митӕ чи кӕны, уый сыгъдӕгдзинады фӕндагыл цӕуы?

Зӕгъӕм, чырыстон сусӕгӕй кӕсын райдыдта хӕлд нывтӕ кӕнӕ кинонывтӕм. Сабыргай-сабыргай йӕ чъизи фӕндтӕ тыхджындӕр кӕнынц ӕмӕ раздӕрау тынг нал архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа. Чи зоны, нырма уыйонг не ’рцыд, ӕмӕ ӕлгъаг чъизи ми бакӕна. Фӕлӕ, ӕрмӕст сыгъдӕг цы у, хорз цӕмӕй фӕзӕгъынц, цы у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг, уыдӕттыл раздӕрау нал хъуыды кӕны (Фил. 4:8). Хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинонывтӕ сты чъизи ӕмӕ адӕймаджы Хуыцауӕй адард кӕнынц. Чъизи хъуыддӕгтӕн не ’хсӕн сӕ кой дӕр хъуамӕ ма уа (Еф. 5:3).

Райсӕм ӕндӕр цӕвиттон. Зӕгъӕм, чырыстон йӕхи ӕфсӕрмыйаг буары уӕнгтӕм ӕвналы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ буары монцтӕ цырен кӕны (мастурбация) – фӕнды хӕлд нывтӕ кӕнӕ кинонывтӕм кӕсгӕйӕ, фӕнды ӕнӕуи. Уый тыххӕй Библийы комкоммӕ ницы фыст ис. Фӕлӕ дызӕрдыггаг нӕу, уый аххосӕй адӕймагмӕ чъизи хъуыдытӕ кӕй фӕзыны ӕмӕ йын йе ’фсарм ӕнцой кӕй нал фӕдӕтты. Уыцы чъизи хъуыддаг куы нӕ ныууадза, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзӕн ӕмӕ йӕ цӕсты сыгъдӕг нал уыдзӕн. Уӕдӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм апостол Павелы уынаффӕйыл, зӕгъгӕ, «нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ уд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй» ӕмӕ «амарӕм нӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй уӕд зыд» (2 Кор. 7:1; Кол. 3:5).

Хӕйрӕджы къухы цы дуне ис, уый ӕнӕгъдау митӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайы. Ӕмӕ уый цы, фӕлӕ ма сыл адӕмы ардаугӕ дӕр кӕны. Фидар фӕлӕууын ӕмӕ ӕвзӕр ми ма бакӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ, «ацы дунейы адӕмтӕ се ’нӕзондӕй цытӕ кӕнынц», уыдӕттӕ хъуамӕ ма кӕной (Еф. 4:17). Йегъовӕ нӕ «Сыгъдӕгдзинады фӕндагыл» цӕуын ӕрмӕстдӕр уӕд бауадздзӕн, ӕнӕгъдау митӕ – сусӕгӕй уа ӕви ӕргомӕй – куы нӕ кӕнӕм, уӕд.

«Домбай уым нӕ уыдзӕн»

Цӕмӕй нын сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕ арфӕ кӕна, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, нӕ уагахаст ӕмӕ нӕ ныхас тынг аивын бахъӕуа. Исайы 35:9 фыст ис: «Домбай уым нӕ уыдзӕн, ӕмӕ уыцы фӕндагыл тугдзых сырдтӕ сӕ къах дӕр не ’рӕвӕрдзысты». Уыцы фӕндаг у «Сыгъдӕгдзинады фӕндаг». Тугдзых сырдтимӕ абарӕн ис, хылмондаг чи у ӕмӕ тыхми чи уарзы, ахӕм адӕмы. Уыдонӕн бынат нӕ уыдзӕн Хуыцауы ног рӕстаг дунейы (Ис. 11:6; 65:25). Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ се ’взӕр миниуджытӕ ныууадзой ӕмӕ сыгъдӕгдзинадмӕ тырной.

«Фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныууадзут»,– фӕдзӕхсы нӕ Фыстад (Еф. 4:31). Колоссӕгтӕм 3:8 кӕсӕм: «Ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас, ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас дӕр макуы схауӕд». Дзырдбаст, «ӕфхӕрӕн ныхас», зӕгъгӕ, ацы дыууӕ стихы сӕйрагдӕр амоны хынджылӕг, схъӕл кӕнӕ Хуыцауы фауӕн ныхӕстӕм.

Абон арӕх ис фехъусӕн схуыст ӕмӕ ӕнӕгъдау ныхӕстӕ, суанг бинонты ’хсӕн дӕр. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ дӕр кӕнынц рӕхуыст, дӕрзӕг ныхас, се ’взагыл ӕдзух ис уайдзӕфы ныхӕстӕ. Чырыстӕтты хӕдзары хъуамӕ ахӕм ныхас ма хъуыса (1 Кор. 5:11).

Арфӕдзинад у «Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнын»!

Цӕй стыр амонд у сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! (Йес. Н. 24:19) Хуыцау нӕ ныридӕгӕн дӕр ӕрбакодта дзӕнӕтмӕ, ӕмӕ уый у стыр хӕзна. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уымӕй хуыздӕр фӕндаг царды нӕй.

Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, ӕмӕ нӕ уыцы рӕстӕгмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал хъӕуы (Ис. 35:1, 2, 5–7). Чи йӕм бӕллы ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон дзы ӕнӕмӕнгӕй цӕрдзысты (Ис. 65:17, 21). Уӕдӕ дарддӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕмӕ не ’гъдау сыгъдӕгӕй хъахъхъӕнӕм ӕмӕ Хуыцауимӕ хӕларӕй цӕрӕм.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. «Ӕнӕфсисӕй... чъизи митӕ кӕнын» ӕнӕуи «чъизи митӕй» цӕмӕй хицӕн кӕны, уый базоныны тыххӕй кӕс 2006 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 29–31 фф., (уыр.).

[Ныв 26 фарсыл]

Иудейты цы кӕнын хъуыди, цӕмӕй цыдаиккой «Сыгъдӕгдзинады фӕндагыл»?

[Ныв 27 фарсыл]

Хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинонывтӕ адӕймаджы Йегъовӕйӕ адард кӕнынц

[Ныв 28 фарсыл]

«Хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас... ныууадзут»