Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы куыст кӕны Разамонӕг совет

Цы куыст кӕны Разамонӕг совет

Цы куыст кӕны Разамонӕг совет

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ Разамонӕг советы чи ис, уыдон иууылдӕр сты, йӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта ӕмӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст чи у, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон архайынц «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» номӕй. Уыцы цагъарӕн та йӕ хӕс у, цӕмӕй уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтта, ӕгас зӕххыл Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтта ӕмӕ Хуыцауы адӕмы зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕна (Матф. 24:14, 45–47).

Разамонӕг советӕн алы къуыри дӕр вӕййы фембӕлд, арӕхдӕр ӕртыццӕджы. Уый фӕрцы уыцы ’фсымӕрты ’хсӕн ис иудзинад (Пс. 133:1). Разамонӕг советы уӕнгтӕ лӕггад кӕнынц алыхуызон комитетты. Алы комитет дӕр йӕ цӕст дары цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддӕгтӕм ӕмӕ дзы алкӕй куыст дӕр баст у хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагимӕ.

▪ КООРДИНАТОРТЫ КОМИТЕТ. Ацы комитеты сты Разамонӕг советы комитетты координатортӕ иууылдӕр ӕмӕ секретарь, уый дӕр у Разамонӕг советӕй. Ацы комитет йӕ хъус дары, цӕмӕй комитетты куыст цӕуа хорз, ӕнӕ къуылымпыйӕ. Комитеты хӕстӕм ма хауы, ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, сӕ фӕдыл куы фӕзилынц кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд, йе та, ӕвӕстиатӕй архайын кӕм фӕхъӕуы, ӕндӕр ахӕм уавӕрты.

▪ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ НЫСАН КӔНЫНЫ КОМИТЕТ. Ацы комитеты ӕфсымӕртӕ тыхсынц, ӕгас дунейы дӕр цы Вефилтӕ ис, уыдоны бинонты уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕниздзинадыл. Ацы комитет снысан кӕны Вефилы бинонты ног уӕнгты ӕмӕ лыг кӕны Вефилы лӕггад кӕнынимӕ баст фарстатӕ.

▪ РАУАГЪДАДЫ КОМИТЕТ. Ацы комитет йӕ цӕст дары, библион литературӕ мыхуыр куыд цӕуы ӕмӕ ӕмбырдтӕм куыд хӕццӕ кӕны, уымӕ. Йӕ бӕрны ма сты типографитӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийӕн ӕгас дунейы дӕр цы исбон ис, уый. Ацы комитет ма архайы, цӕмӕй, Паддзахады хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдонӕй, куыд хуыздӕр у, афтӕ пайда кӕной.

▪ УАЦАМЫНДӔН ДЗУАПДӔТТӔГ КОМИТЕТ. Ацы комитет йӕ цӕст дары хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Йӕ бӕрны ма сты ӕмбырдтӕ, пионертӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Цӕттӕ кӕны «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтӕ, хоны студентты Галаады ӕмӕ Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолатӕм ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ алы рӕттӕм снысан кӕны.

▪ АХУЫРАДОН КОМИТЕТ. Ацы комитет цӕттӕ кӕны конгрессты ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты ахуырадон программӕтӕ. Йӕ хъус дары, цӕмӕй Вефилты бинонтӕн сӕ уырнындзинад фидар уа. Йӕ бӕрны сты алыхуызон скъолӕтӕ (Галаады скъола, Пионерты скъола). Цӕттӕ кӕны алыхуызон аудио- ӕмӕ видеопродукци.

▪ ФЫСДЖЫТЫ КОМИТЕТ. Ацы комитет разамынд дӕтты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ иннӕ адӕм цы литературӕ исынц, уый цӕттӕ кӕнынӕн. Ацы комитет ма дзуапп дӕтты библион фарстытӕн ӕмӕ цӕттӕ кӕны драмӕты сценаритӕ ӕмӕ раныхӕсты конспекттӕ. Йӕ цӕст ма дары тӕлмацгӕнджыты куыстмӕ ӕгас дунейы дӕр.

Апостол Павел сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ ӕмӕ равдыста, алы уӕнг дӕр ахсджиаг кӕй у. Равдыста ма, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй сӕрст ӕфсымӕртӕ, Хуыцау сын цы куыст бахӕс кодта, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмгуыст кӕной, кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа (Ром. 12:4, 5; 1 Кор. 12:12–31). Ӕмбырды Сӕр Йесо Чырысти йӕ хъус дары, цӕмӕй ацы буары уӕнгтӕн кӕрӕдзи ӕмбарынӕн ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн алцыдӕр уа (Еф. 4:15, 16; Кол. 2:19). Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Разамонӕг совет, Йегъовӕ йын сыгъдӕг уды уылты разамынд кӕй дӕтты, уый фӕрцы Хуыцауы адӕмӕн разамынд дӕтты.