Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

АПОСТОЛ Павел йе ’ртыккаг уацамындон балцы рӕстӕджы ’рцыд Коринфмӕ. Уый уыд н. э. 56 азмӕ ’ввахс. Павел базыдта, дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чырыстон дин чи райста, уыдон цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц. Павелы фӕндыд, цӕмӕй сӕ Чырыстийы мидӕг ӕркодтаид иудзинадмӕ, ӕмӕ сӕм фыстӕг ныффыста.

Йӕ фыстӕджы Павел бамбарын кодта, адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад цӕмӕ гӕсгӕ ’рцӕуы ӕмӕ ахӕм адӕймаг куыд хъуамӕ цӕра, уый. Уыцы фыстӕг нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хуыздӕр базонӕм Хуыцауы ӕмӕ йӕ Ныхас. Ӕмбарын нын кӕны, Хуыцауы стыр хорзӕх цы у, уый ӕмӕ нын ӕвдисы, нӕ ирвӕзындзинад Чырыстиимӕ куыд баст у, уый (Дзут. 4:12).

КУЫД ӔРЦЫДЫСТЫ РӔСТГӔНДЖЫТЫЛ НЫМАД?

(Ром. 1:1–11:36)

«Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ ӕнӕхай фесты Хуыцауы кадӕй»,– фыссы Павел. «Рӕстгӕнджытыл нымад кӕй ӕрцыдысты, уый сын у лӕвар – [Хуыцауы] стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы». Павел ма афтӕ дӕр дзуры: «Адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуы йӕ уырнындзинады фӕрцы – закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон кӕны ӕви нӕ, уӕддӕр» (Ром. 3:23, 24, 28). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» ӕууӕндынц, «иу раст хъуыддаджы фӕрцы» алыхуызон адӕм рӕстгӕнджытыл нымад кӕй цӕуынц, ууыл. Ӕмӕ уыцы уырнындзинады фӕрцы сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл: фыццӕгтӕ – цӕмӕй Чырыстийы ӕмбындартӕ суой ӕмӕ цӕрой уӕлӕрвты, дыккӕгтӕ та – цӕмӕй суой Хуыцауы хӕлӕрттӕ ӕмӕ фервӕзой «стыр бӕллӕхы» (Ром. 5:18; Рарг. 7:9, 14; Иоан. 10:16; Иак. 2:21–24; Матф. 25:46).

«Иугӕр закъоны дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы дӕлбар стӕм, уӕд хъуамӕ тӕригъӕдтӕ аразӕм?» – фӕрсы Павел. «Уымӕн гӕнӕн нӕй!» – дзуапп дӕтты йӕхӕдӕг. Павел ма ӕмбарын кӕны: «Кӕнӕ тӕригъӕды цагъартӕ уыдзыстут, ӕмӕ уӕ кӕрон у мӕлӕт, кӕнӕ та – коммӕгӕсдзинады цагъартӕ, ӕмӕ уӕд та суыдзыстут рӕстгӕнджытӕ» (Ром. 6:15, 16). «Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куы марат, уӕд... цӕрдзыстут»,– дзуры Павел (Ром. 8:13).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:24–32 – Ацы ӕнӕгъдау митӕ дзуттӕгтӕ кодтой ӕви ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ? Кӕд сӕ иутӕ дӕр кодтой ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, уӕддӕр Павел бӕлвырдӕй кӕны, рагзаманты Йегъовӕйӕ чи аздӕхт, уыцы израилӕгты кой. Уыдон Хуыцауы рӕстаг закъон зыдтой, фӕлӕ, «Хуыцау чи у, уый сӕ бӕлвырдӕй базонын... нӕ бафӕндыд». Уымӕ гӕсгӕ бафхӕрыны аккаг уыдысты.

3:24, 25 – Уый гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй адӕмӕн, «ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой», уыдон хатыргонд цыдаиккой, кӕд сӕ уӕд «Йесо Чырысти... [нӕма] балхӕдта»? Мессийӕйы тыххӕй фыццаг пехуымпарад фыст ис Райдианы 3:15. Уый сӕххӕст н. э. 33 азы, Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдыл куы амардтой, уӕд (Гал. 3:13, 16). Фӕлӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, адӕм ӕлхӕд ӕрцыдысты, уыцы пехуымпарад куы загъта, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн. Уӕдӕ Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй хъуамӕ ’рхастаид, уымӕ гӕсгӕ, Адамы байзӕддӕгтӕй уыцы ныхасыл чи ӕууӕндыд, уыдонӕн Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд хатыр кӕнын сӕ тӕригъӕдтӕ. Чырысти ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы райгас уыдзысты, рагзаманты чи цард, уыдон дӕр (Ап. хъ. 24:15).

6:3–5 – Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг аргъуыд райста, ӕмӕ ныр Йесо Чырыстиимӕ иудзинады ис ӕмӕ йӕ аргъуыдӕй Йесо Чырыстиимӕ амард? Йегъовӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытыл йӕ сыгъдӕг уд куы ӕруадзы, уӕд баиу вӕййынц Йесоимӕ ӕмӕ свӕййынц сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды уӕнгтӕ, ома Чырысти йӕ Сӕр кӕмӕн у, уыцы «буары уӕнгтӕ» (1 Кор. 12:12, 13, 27; Кол. 1:18). Растдӕр уый нысан кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг аргъуыд райста ӕмӕ ныр Йесо Чырыстиимӕ иудзинады ис. Сӕрст чырыстӕттӕ ма аргъуыд райсгӕйӕ «[Чырыстиимӕ] амӕлынц» уыцы хуызы, ӕмӕ удуӕлдай цард фӕкӕнынц, стӕй ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсӕй «нӕ» фӕзӕгъынц. Уымӕ гӕсгӕ, уыдон дӕр Йесойау сӕ цард нывондӕн ӕрхӕссынц, кӕд афтӕмӕй мӕлӕтӕй балхӕнын сӕ бон никӕй у, уӕддӕр. Чырыстиимӕ амӕлыны тыххӕй цы аргъуыд райсынц, уый кӕронмӕ сӕххӕст вӕййы, куы амӕлынц ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд.

7:8–11 – Фӕдзӕхст тӕригъӕды куыд сызмӕлын кодта? Закъон ӕвдыста, цы у тӕригъӕд, уый, ӕмӕ уый фӕрцы адӕм ӕмбӕрстой, тӕригъӕдджын кӕй сты. Уыдон-иу Закъоны руаджы хуыздӕр бамбӕрстой, кӕм рӕдыдысты ӕмӕ-иу фылдӕр адӕм ӕмбарын райдыдтой, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Закъон сызмӕлын кодта тӕригъӕды.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:14, 15. Мах хъуамӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм. Иу уымӕн, ӕмӕ хӕсджын стӕм, Чырыстийы тугӕй ӕлхӕд чи у, уыцы адӕмӕй, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм Хуыцауы базонынӕн.

1:18–20. Ӕнӕхуыцау ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕм «сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты», уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, Хуыцауы уыцы миниуджытӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты.

2:28; 3:1, 2; 7:6, 7. Павел-иу, дзуттӕгты зӕрдӕмӕ цы нӕ фӕцыдаид, ахӕмӕй исты куы загъта, уӕд-иу стӕй йӕ ныхас фӕфӕлмӕндӕр кӕныныл архайдта. Уый махӕн хорз цӕвиттон у, дзырддаг фарстытыл уӕздан ӕмӕ ӕмбаргӕ ныхас кӕнын куыд хъӕуы, уымӕн.

3:4. Адӕм цы дзурынц ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уыдон кӕрӕдзийӕ куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд мах Библийыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, «Хуыцау [кӕй] нӕ сайы». Хуыцауы Паддзахады хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базоной, Хуыцау кӕй нӕ сайы, уый.

4:9–12. Авраам йӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд, 99-аздзыдӕй сунӕтгонд куы ’рцыд, уымӕй бирӕ раздӕр (Райд. 12:4; 15:6; 16:3; 17:1, 9, 10). Уымӕй Хуыцау ирдӕй равдыста, адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл цӕй тыххӕй банымайы, уый.

4:18. Уырнындзинад кӕмӕ ис, уымӕ хъуамӕ уа ныфс дӕр. Нӕ уырнындзинады бындур у ныфс (Дзут. 11:1).

5:18, 19. Павел равдыста, Йесо ӕмӕ Адам ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты, уый, ӕмӕ цалдӕр хуымӕтӕг ныхасӕй бамбарын кодта, иу адӕймагӕн йӕ бон куыд уыд «йӕ уд раттын бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ мах дӕр хъуамӕ Павелы фӕзмӕм: бирӕ ма дзурӕм ӕмӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уа (1 Кор. 4:17).

7:23. Нӕ буары уӕнгтӕн, зӕгъӕм, нӕ къухтӕ, нӕ къӕхтӕ ӕмӕ не ’взагӕн сӕ бон у, ӕмӕ нӕ тӕригъӕды закъоны уацайраг кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ сӕ раст пайда кӕнӕм.

8:26, 27. Ахӕм тыхст уавӕры куы вӕййӕм, ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый дӕр куы нӕ фӕзонӕм, уӕд «сыгъдӕг уд йӕхӕдӕг фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты». Уӕд Йегъовӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», Библийы цы куывдтытӕ фыст ис ӕмӕ нӕ уавӕрмӕ ахӕссӕн кӕй ис, уыдон афтӕ нымайдзӕн, цыма мах куывдтытӕ сты (Пс. 65:2).

8:38, 39. Цыфӕнды бӕллӕхтӕ ма цӕуа, стӕй хӕйрӕджытӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ дӕр цыфӕнды ма кӕной, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ уарздзӕн. Ӕмӕ хъуамӕ мах дӕр ма бахъыгдарой Йегъовӕйы уарзын.

9:22–28; 11:1, 5, 17–26. Израил ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ загъд уыд, уыдонӕй бирӕтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдыл – «ӕрмӕст дзуттӕгтӕй нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕй дӕр кӕй ӕрхуыдта, уыдоныл».

10:10, 13, 14. Зӕрдиагӕй хъусын кӕнынмӕ нӕ разӕнгард кӕндзӕн, Хуыцау ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Стӕй ма Йегъовӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый дӕр.

11:16–24, 33. «Хуыцау хӕларзӕрдӕ дӕр у ӕмӕ тызмӕг дӕр». Фӕлӕ дзы иу хъуыддаджы дӕр ӕгӕр нӕу. О, «уый Хох у, йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты» (Дык. з. 32:4).

КУЫД ХЪУАМӔ ЦӔРОЙ, РӔСТГӔНДЖЫТЫЛ НЫМАД ЧИ ӔРЦЫД, УЫДОН

(Ром. 12:1–16:27)

«Гъемӕ уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый номӕй уын лӕгъстӕ кӕнын: уӕхи раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн»,– дзуры Павел (Ром. 12:1). «Гъемӕ уӕдӕ» – чырыстӕттӕ рӕстгӕнджытыл нымад сӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй ӕрцӕуынц, уымӕ гӕсгӕ – Павел дарддӕр цы дзуры, уый хъуамӕ зына, сӕхимӕ, иннӕтӕм ӕмӕ хицӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл.

«Алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут»,– фыссы Павел. «Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин» (Ром. 12:3, 9). «Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд» (Ром. 13:1). Алчидӕр йӕхи ’фсарммӕ гӕсгӕ кӕй скъуыддзаг кӕны, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй Павел чырыстӕттӕн дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн тӕрхонгӕнджытӕ ма уой (Ром. 14:13).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

12:20 – Не знаджы «сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ» куыд калӕм? Библи куы фыстой, уыцы рӕстӕджыты-иу ӕрзӕт (руда) сӕвӕрдтой донгӕнӕн пецы ӕвзалыйыл, стӕй йын-иу йӕ сӕрыл дӕр ӕвзалы ӕркалдтой. Ӕрзӕт-иу тад, йӕ сӕрыл чи уыд, уыцы судзгӕ ӕвзалыйы фӕрцы ӕмӕ йе ’нӕпайда уӕлдӕйттӕ хицӕн кодтой. Афтӕ мах дӕр не знаджы сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ калӕм, хорзы йын кӕй цӕуӕм, уымӕй, ӕмӕ нӕ ныфс вӕййы, уый фӕрцы йӕ тызмӕг ахаст кӕй фӕфӕлмӕндӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ хорз миниуджытӕ кӕй рабӕрӕг уыдзысты.

12:21 – «Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй» куыд уӕлахиз кӕнӕм? Зӕгъӕм, Хуыцау нын цы куыст бахӕс кодта, уый зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм – хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм уӕларвон Паддзахады тыххӕй хорз хабар, цалынмӕ Йегъовӕйы фӕнда, уӕдмӕ (Марчы 13:10).

13:1 – Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ хицӕуттӕн «цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты»? Хицӕуттӕн «цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты» уыцы хуызы, ӕмӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй хицауиуӕг кӕной. Иуӕй-иу хицӕутты тыххӕй рагацау зӕгъгӕ дӕр кодта. Уый бӕлвырд кӕнынц, Библийы иуӕй-иу хицӕутты тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон.

Зондзонӕнтӕ махӕн

12:17, 19. Искӕмӕй нӕ маст куы исӕм, уӕд нӕхимӕ исӕм Йегъовӕйы бартӕ. Ӕмӕ, «ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй» куы фидӕм, уӕд ӕгӕр ныфсхаст нӕ уыдзыстӕм?

14:14, 15. Не ’фсымӕры раз цы хӕринаг кӕнӕ цы нозт ӕрӕвӕрӕм, уымӕй йӕ хъуамӕ ма фӕхъыг кӕнӕм, ома йын цӕлхдур ма суӕм.

14:17. Хуыцауы зӕрдӕ ссарын уымӕй кӕнгӕ нӕу, адӕймаг цы хӕры ӕмӕ цы нуазы кӕнӕ цы нӕ хӕры ӕмӕ цы нӕ нуазы. Уый кӕнгӕ у рӕстдзинад, фарн ӕмӕ циндзинадӕй.

15:7. Ӕмбырдмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй хъуамӕ макӕй хъулон кӕнӕм ӕмӕ, рӕстдзинад чи агуры, уыдонӕй алкӕуыл дӕр узӕлӕм. Ӕмӕ, уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнӕм.

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Цалынмӕ ахӕсты аргъ фыст не ’рцыд, уӕдмӕ дзы адӕмы тӕригъӕдтӕ балхӕнӕн уыдис?