Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы дӕ Хицауыл нымай

Йегъовӕйы дӕ Хицауыл нымай

Йегъовӕйы дӕ Хицауыл нымай

«Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 ИОАН. 5:3).

1, 2. а) Абон бирӕты цӕуылнӕ фӕнды искӕмӕ хъусын? ӕ) Йӕхи сӕрибар чи хоны, уыдон ӕцӕгдӕр сӕрибар сты? Бамбарын ӕй кӕн.

АБОН бирӕты нӕ фӕнды искӕй коммӕ кӕсын, искӕй зондмӕ хъусын. «Ӕз уый бар никӕмӕн ратдзынӕн, цӕмӕй мын дзура, цы кӕнын мӕ хъӕуы, уый» – ахӕм зондыл хӕст сты, йӕхи сӕрибар чи хоны, уыцы адӕм. Фӕлӕ цымӕ ахӕм адӕмы ӕцӕгдӕр сӕрибар схонӕн ис? Зынтӕй! Сӕ фылдӕр цӕрынц, тынг бирӕтӕ куыд цӕрынц, афтӕ. Ӕмӕ уыдон та цӕрынц «ацы дунейы ӕгъдаумӕ» гӕсгӕ (Ром. 12:2). Уыдон сӕрибар не сты, фӕлӕ сты, апостол Петры загъдау, «ӕнӕгъдаудзинады цагъартӕ» (2 Пет. 2:19). Цӕрынц «ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нӕ алыварс уӕлдӕфау кӕй зонд ахъардта... уыцы хицауы [Хӕйрӕджы] фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Еф. 2:2).

2 Иу зындгонд юрист уыцы сӕрыстырӕй загъта: «Ӕз никӕй уынаффӕ хъуаг дӕн – нӕдӕр мӕ ныййарджыты, нӕдӕр сауджыны, нӕдӕр хицауы, нӕдӕр Библийы». Ӕнӕуи иуӕй-иутӕ, ӕцӕгдӕр, сӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕнынц ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕуал фӕдарынц. Фӕлӕ цымӕ, никӕй разамынд нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд алцыдӕр хорз уыдзӕн? Ӕрмӕст газеттыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд уый дӕр фаг у, цӕмӕй бамбарӕм, уый афтӕ кӕй нӕу. Адӕмы абон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы разамынд, фӕлӕ, хъыгагӕн, абон сӕ фылдӕрӕн искӕй коммӕ кӕсынӕй зындӕр ницы у.

Цы цӕстӕй кӕсӕм мах хицӕуттӕм

3. Цӕмӕй бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы-иу чырыстӕттӕн хицӕуттӕ цыдӕриддӕр загътой, уый кӕй не ’ххӕст кодтой?

3 Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр хицӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсынц, чырыстӕттӕ сӕм ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсынц. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын цыдӕриддӕр дзурынц, уый ӕххӕст кӕнӕм. Хатт хицӕуттӕн «нӕ» дӕр фӕзӕгъӕм. Афтӕ уыд сӕ хабар чырыстӕттӕн фыццаг ӕнусы дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр сауджын ӕмӕ Синедрионы иннӕ уӕнгтӕ апостолты хъусын кӕнын куы нал уагътой, уӕд сӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ коммӕ нӕ бакастысты. Зӕххон хицӕутты зӕрдӕ ссарыны тыххӕй сӕ Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахызтысты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:27–29.)

4. Рагзаманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕхи иннӕ адӕмау кӕй нӕ дардтой, уый кӕй цӕвиттонтӕй у бӕрӕг?

4 Афтӕ кодтой Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ рагзаманты дӕр. Зӕгъӕм, Моисейы «нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын, ӕмӕ... равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын», кӕд ӕй уый тыххӕй «паддзахы фыдӕх» баййӕфта, уӕддӕр (Дзут. 11:24, 25, 27). Иосиф Потифары усы ӕнӕгъдау фӕндыл не сразы, кӕд ӕй зыдта, ӕмӕ йӕ коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд дзы ус йӕ маст кӕй райсдзӕн (Райд. 39:7–9). Данел «йӕ мидзӕрдӕйы ууыл хъӕбӕр ныллӕууыд, паддзахы хӕринӕгтӕй... йӕхи куыд нӕ фӕчъизи кӕна», кӕд Вавилоны паддзахы галуаны лӕггадгӕнджыты хистӕры зӕрдӕмӕ уый нӕ фӕцыд, уӕддӕр (Дан. 1:8–14). Ахӕм цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауы адӕм, раст цы у, уый фарс фидар кӕй лӕууыдысты, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй цы ’нхъӕлмӕ каст, уымӕй кӕй нӕ тарстысты. Адӕмы зӕрдӕ ссарыны тыххӕй уыдон Хуыцауы закъӕтты сӕрты никуы ахызтысты. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ макуы бакӕнӕм.

5. Хицӕуттӕм мах цы цӕстӕй кӕсӕм, уый куыд хицӕн кӕны, ацы дунейы адӕм сӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй?

5 Растыл цы нымайӕм, ууыл фидарӕй кӕй лӕууӕм, уый хивӕнддзинад нӕу. Уӕдӕ йӕ бӕстӕйы хицӕуттӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн нӕ цӕуынц ӕмӕ уый тыххӕй чи змӕнты, уыдоны хуызӕн дӕр не стӕм. Мах Йегъовӕйы нымайӕм ӕппӕты уӕлдӕр хицауыл. Ӕмӕ адӕм цы закъӕттӕ ныффыстой, уыдон Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд нын зын равзарӕн нӕ вӕййы, кӕй закъон ӕххӕст кӕндзыстӕм, уый. Фыццаг ӕнусы апостолтау махӕн нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъусӕм уымӕ, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ.

6. Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын нын алы хатт дӕр ӕппӕты хуыздӕр цӕмӕн вӕййы?

6 Цы нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы нӕ хицауыл нымайӕм? Мах разы стӕм, Ӕмбисӕндты 3:5, 6 цы фыст ис, уыимӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн». Мах уырны, Хуыцау нӕ цы домы, уыдон иууылдӕр нӕ пайдайӕн кӕй сты. (Бакӕс Дыккаг закъон 10:12, 13.) Йегъовӕ йӕхи тыххӕй израилӕгтӕн загъта, кӕй у, «пайда сын цы у, уый сын чи амоны, цы фӕндагыл сӕ хъӕуы цӕуын, ууыл сӕ чи кӕны», уый. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусиккат! Уӕд уӕ фарн уаид цӕугӕдонау, уӕ рӕстад та – денджызы уылӕнтау» (Ис. 48:17, 18). Ацы ныхӕстыл мах дызӕрдыг нӕ кӕнӕм. Фидарӕй нӕ уырны, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын нын алы хатт дӕр ӕппӕты хуыздӕр кӕй вӕййы.

7. Хуыцауы Ныхасы цавӕрдӕр фӕдзӕхст кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

7 Мах Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, кӕд йӕ Ныхасы фыст фӕдзӕхстытӕй иуӕй-иутӕ кӕронмӕ нӕ фембарӕм, уӕддӕр. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм, уый нӕхӕдӕг дӕр не ’мбарӕм. Уымӕй бӕрӕг кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, хуыздӕр нын цы у, уый Йегъовӕ кӕй зоны. Йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый ма дзурӕг у, кӕй йӕ уарзӕм, ууыл дӕр. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм» (1 Иоан. 5:3). Цы ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй коммӕгӕс уӕм?

«Нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» ахуыр кӕнӕм

8. «Нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайынӕн?

8 Библи нын дзуры, кӕй хъуамӕ сахуыр кӕнӕм «нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» (Дзут. 5:14). Уӕдӕ нӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттыл хъуыды дӕр ма кӕнӕм, афтӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнӕм. Мах фӕнды ӕмбарын, Йегъовӕйы цӕсты «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый». Фӕнды нӕ уынын, Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ куыд зондджын сты, уый, цӕмӕй махӕн дӕр нӕ бон уа псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8).

9. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй нӕм не ’фсарм дӕр, Йегъовӕ цы дзуры, уый дзура ӕмӕ афтӕ кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

9 Цӕмӕй мах дӕр псаломзарӕггӕнӕгау Хуыцауы закъӕттӕн аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Библийӕ цы бакӕсӕм, ууыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы домӕнтӕй ногӕй исты куы базонӕм, уӕд нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ацы фӕдзӕхст кӕнӕ закъон зондыл дзурӕг цӕмӕн у? Куыд фыст дзы ис, афтӕ куы бакӕнон, уӕд мын уый цы пайда фӕуыдзӕн? Ацы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцау цы дзуры, уый коммӕ-иу чи нӕ бакаст, уыдон-иу цавӕр бӕллӕхты бахаудысты?» Не ’фсарм дӕр нӕм, Йегъовӕ цы дзуры, уый куы дзура, уӕд нӕ хъуыддӕгтӕ уыдзысты Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Нӕ бон уыдзӕн «ӕмбарын, цӕй мидӕг ис Йегъовӕйы фӕндон» ӕмӕ уӕд коммӕгӕс уыдзыстӕм (Еф. 5:17). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы.

Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Хуыцауы нӕ хицауыл ма нымайӕм

10. Цӕмӕй адӕм Хуыцауы сӕ хицауыл ма нымайой, уый тыххӕй Хӕйрӕг цавӕр хъуыддагӕй пайда кӕны?

10 Хӕйрӕг рагӕй архайы ууыл, цӕмӕй адӕм Хуыцауы сӕ хицауыл ма нымайой. Йӕ хивӕнд зондахаст бӕрӕг у бирӕ хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, адӕм нӕ аргъ кӕнынц ӕмкъайадӕн. Ӕмӕ ӕмкъайадӕн та бындурӕвӕрӕг у Хуыцау. Иуӕй-иутӕ бацӕрынц, сӕ къухтӕ не ’рфыссынц, афтӕмӕй. Иннӕтӕ та архайынц, сӕ цардӕмбалӕй куыд ахицӕн уой, ууыл. Сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр сразы уыдзысты иу зындгонд актрисӕйы ныхӕстимӕ: «Цӕрӕнбонты уыциу адӕймагимӕ нӕдӕр нӕлгоймаг фӕцӕрдзӕн, нӕдӕр сылгоймаг. Иунӕг ахӕм адӕймаг дӕр нӕ зонын, йӕ цардӕмбалыл иузӕрдион чи у, кӕнӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион уа». Ӕндӕр зындгонд артист дӕр, йӕ цард цал адӕймагимӕ нӕ рауад, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ зӕгъы афтӕ: «Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ нӕ удыхъӕд ӕцӕгдӕр афтӕ конд у, цӕмӕй нӕ царды кӕронмӕ уыциу адӕймагимӕ уӕм». Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Ӕмкъайады фарстайы Йегъовӕйы мӕ хицауыл нымайын ӕви мын мӕ зондахастыл ацы дуне бандӕвта?»

11, 12. а) Ӕрыгӕттӕн хатт Йегъовӕйы сӕ хицауыл нымайын, йӕ коммӕ кӕсын зын цӕмӕн вӕййы? ӕ) Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ халын ӕнӕзонд ми кӕй у, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

11 Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг йӕ нысан дӕу скӕна, цӕмӕй Йегъовӕйы дӕ хицауыл ма нымайай. «Ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны», уыдоны аххосӕй, стӕй дын де ’мгӕрттӕ цы дзурынц, уый аххосӕй, чи зоны, хъуыды кӕнын райдайай, зӕгъгӕ, Хуыцауы закъӕттӕ уаргъ сты (2 Тим. 2:22). Уыцы зонд дӕ ма фӕсайӕд. Архай, цӕмӕй фенай, Хуыцауы уагӕвӕрдты цас зонд ис, уый. Зӕгъӕм, Библи дын дзуры: «Дард лидз хӕтындзинадӕй» (1 Кор. 6:18). Ногӕй та дӕхимӕ ратт ацы фарстытӕ: «Ацы фӕдзӕхст зондыл дзурӕг цӕмӕн у? Цӕмӕн ӕм хъӕуы хъусын?» Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ зоныс ахӕм кӕйдӕр, Хуыцауы уынаффӕмӕ чи нӕ байхъуыста ӕмӕ стӕй фӕсмойнаг чи фӕци. Цымӕ ныр ӕцӕгдӕр амондджын у? Йегъовӕйы организацийы куы уыд, уымӕй ныр йӕ цард хуыздӕр у? Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ амонд цӕй мидӕг ис, уый уыцы адӕймаг базыдта ӕмӕ йӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ та нӕ базыдтой? (Бакӕс Исай 65:14.)

12 Иу хо, Шэрон, зӕгъгӕ, ӕрӕджы радзырдта: «Йегъовӕйы закъонмӕ кӕй нӕ байхъуыстон, уый тыххӕй СПИД-ӕй фӕрынчын дӕн. Арӕх ӕрымысын, бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ куыд амондджын уыдтӕн, уый». Шэрон бамбӕрста, Йегъовӕйы закъӕттӕ халын куыд ӕнӕзонд ми уыд ӕмӕ сын тынгдӕр кӕй хъуамӕ аргъ кодтаид. Йегъовӕ нын йӕ закъӕттӕ уый тыххӕй радта, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕной. Шэрон амард, ацы ныхӕстӕ куы ныффыста, уымӕй авд къуырийы фӕстӕ. Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, ацы фыддунемӕ чи аздӕхы, уыдонӕн Хӕйрӕг хорзӕй кӕй ницы ратты. Уый у «мӕнгдзинады фыд». Зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бавӕры, фӕлӕ дзы ӕххӕст ницы скӕны, раст Евӕйӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта ӕмӕ йӕ куыд фӕсайдта, афтӕ (Иоан. 8:44). Уӕдӕ цас хуыздӕр у алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсын, нӕ хицауыл ӕй нымайын!

Нӕхи хизӕм хивӕнд зондахастӕй

13. Цавӕр хъуыддаджы нӕ хъӕуы нӕхи хивӕнд зондахастӕй хизын?

13 Цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайӕм, йӕ коммӕ кӕсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хивӕнд зондахастӕй нӕхи хизӕм. Сӕрбӕрзонд куы уӕм, уӕд нӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ нӕ никӕй разамынд хъӕуы. Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд нал хъусдзыстӕм, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонмӕ. Хуыцау батыхст ууыл, цӕмӕй ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар хӕринаг афоныл дӕтта (Матф. 24:45–47). Мах хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, уыдӕттӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕ кӕй цӕуынц. Уӕдӕ у иузӕрдион апостолты хуызӕн. Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ куы нӕ бамбӕрстой ӕмӕ йемӕ куы нал цыдысты, уӕд йӕ апостолты бафарста: «Мыййаг, сымах дӕр нӕ фӕнды ацӕуын?» Петр ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Ӕнусон царды ныхӕстӕ дӕумӕ куы сты» (Иоан. 6:66–68).

14, 15. Библийы уынаффӕтӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

14 Кӕд Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм, йӕ Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, ӕууӕнкджын ӕмӕ нын зондджын цагъар дзуры, цӕмӕй «уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» (1 Фес. 5:6). Ацы уынаффӕ тынг ахсджиаг у ацы фӕстаг бонты, бирӕтӕ «хиуарзон, ӕхцауарзаг» куы систы, уӕд (2 Тим. 3:1, 2). Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл ахӕм зондахаст бандава? Ис. Ӕнӕуи хъуыддӕгтӕ нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр куы суой, уӕд Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм кӕнӕ цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм (Лук. 12:16–21). Уӕдӕ куыд раст у Библийы уынаффӕтӕм хъусын ӕмӕ, Хӕйрӕджы дуне цы хиуарзон цардмӕ разӕнгард кӕны, уымӕй хи хизын! (1 Иоан. 2:16).

15 Ӕууӕнкджын ӕмӕ нын зондджын цагъар цы хӕринаг дӕтты, уый ӕмбырдты исӕм хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Библи нын дзуры: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдӕрухсӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзут. 13:17). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ никуы фӕрӕдийынц? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Ӕмӕ сын кӕд Хуыцау сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ цыфӕнды адӕймагӕй дӕр хуыздӕр уыны, уӕддӕр ӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ коммӕ кӕсӕм. О, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты ӕнӕххӕст, фӕлӕ семӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы нӕ хицауыл кӕй нымайӕм.

Цӕмӕн хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг

16. Ӕмбырды Сӕр Йесойӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

16 Мах хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмбырды Сӕр Йесо кӕй у, уый (Кол. 1:18). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ кӕсӕм, ӕмӕ сын «сӕ фыдӕбоны тыххӕй... стыр аргъ кӕнӕм» (1 Фес. 5:12, 13). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕрныллӕг кӕй сты, уый ӕвдисынц уымӕй, ӕмбырды сӕхи хъуыдытӕ кӕй нӕ дзурынц, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ бӕстон кӕй ӕмбарын кӕнынц. Уыдон, «фыст цы у, уымӕй уӕлдай» ницы дзурынц (1 Кор. 4:6).

17. Сӕрбӕрзонддзинад тӕссаг цӕмӕн у?

17 Иууылдӕр хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй нӕхицӕн кад агурын ма райдайӕм (Ӕмб. 25:27). Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм къӕппӕджы бахауд Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу. Апостол Иоанн уый тыххӕй ныффыста: «Диотреф,– алы хъуыддаджы сӕм фыццаг уа, уымӕ чи бӕллы, уый,– нӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр ницӕмӕ дары. Гъемӕ уӕм куы ’рцӕуон, уӕд ӕркӕсдзынӕн, цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уыдонмӕ. Ӕмӕ ма нӕ фыдкой дӕр кӕны» (3 Иоан. 9, 10). Ацы хабарӕй зонд райсӕн ис махӕн дӕр. Нӕхимӕ иу гыццыл дӕр сӕрбӕрзонддзинад куы бафиппайӕм, уӕд хъуамӕ уыцы миниуӕг ӕвӕстиатӕй ӕдбындзар нӕ зӕрдӕйӕ стонӕм. Библийы фыст ис: «Адӕймаг сӕрбӕрзонд куы свӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы». Хуыцауы йӕ хицауыл чи нымайы, уый хъуамӕ йӕхи хиза, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса, кӕннод фегад уыдзӕн (Ӕмб. 11:2; 16:18).

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайӕм?

18 Уӕдӕ дӕхи хиз дунейы хивӕнд зондахастӕй ӕмӕ Йегъовӕйы дӕ хицауыл нымай. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цӕй стыр кад у, уый ма рох кӕн. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн кӕй дӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕхимӕ ’рбакодта (Иоан. 6:44). Йегъовӕимӕ дӕ цы бӕтты, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй макуы кӕс. Дӕ алы хъуыддагӕй дӕр ӕвдис, хивӕнд зондӕй дӕхи кӕй хизыс ӕмӕ Йегъовӕйы дӕ хицауыл кӕй нымайыс.

Бахъуыды кодтай?

• Цы нысан кӕны Йегъовӕйы хицауыл нымайын?

• «Нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайынӕн, йӕ коммӕ кӕсынӕн?

• Цавӕр хъуыддӕгты архайы Хӕйрӕг, цӕмӕй Хуыцауы нӕ хицауыл ма нымайӕм, йӕ коммӕ ма кӕсӕм?

• Сӕрныллӕгдзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ хицауыл нымайӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

«Нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ»

[Ныв 20 фарсыл]

Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын зондыл дзурӕг у