Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Апостол Павел загъта, кӕй «фервӕздзӕн ӕгас Израил дӕр» (Ром. 11:26). Цымӕ уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ дзуттӕгтӕ хъуамӕ иууылдӕр чырыстӕттӕ суыдаиккой?

Нӕ, Павел уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд. Куыд адӕмыхатт, афтӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ Йесойы Мессийӕйыл нӕ банымадтой. Ӕмӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ рабӕрӕг, дзуттӕгтӕ иууылдӕр чырыстӕттӕ кӕй не суыдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр Павелы ныхӕстӕ, «фервӕздзӕн ӕгас Израил дӕр», зӕгъгӕ, сӕххӕст сты. Куыд?

Йесо дзуттӕгты дины разамонджытӕн загъта: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн» (Матф. 21:43). Израил ӕмткӕй райсгӕйӕ Йесойыл нӕ баууӕндыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ скодта ног адӕм. Уыдон сты сыгъдӕг удӕй сӕрст. Павел сӕ схуыдта «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16).

Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕндӕр стихтӕй бӕрӕг у, «Хуыцауы Израилы» кӕй ис 144 мин сӕрст чырыстоны (Ром. 8:15–17; Рарг. 7:4). Уыдон ӕрмӕст дзуттӕгтӕ кӕй не сты, фӕлӕ ма се ’хсӕн ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дӕр кӕй ис, уый хорз зыны Раргомады 5:9, 10. Уым фыст ис, сӕрст чырыстӕттӕ кӕй уыдзысты «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмӕй ӕмӕ алы адӕмыхаттӕй». Хуыцау уӕларвон Израилмӕ кӕй равзӕрста, уыдон уыдзысты «паддзахад ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ». Кӕд Йегъовӕ Израилы йе ’взӕрст адӕмыл нал нымадта, уӕддӕр дзуттӕгтӕй кӕмӕндӕрты сӕ бон уыд, ӕмӕ йемӕ бафидыдтаиккой. Афтӕ уыд сӕ хабар апостолтӕн ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй бирӕтӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр ӕппӕт иннӕ адӕмтау хъуамӕ ӕлхӕд ӕрцыдаиккой Йесо Чырыстийы тугӕй (1 Тим. 2:5, 6; Дзут. 2:9; 1 Пет. 1:17–19).

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕн кӕд сӕ фылдӕр уыцы фадатӕй не спайда кодтой, цӕмӕй Йесойы ӕмпаддзӕхтӕ суыдаиккой, уӕддӕр уый Хуыцауы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын нӕ бахъыгдардта. Йегъовӕ цы сфӕнд кодта, уый ӕнӕсӕххӕстӕй никуы баззайы. Йӕ пехуымпары уылты Йегъовӕ загъта: «Мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Ис. 55:11).

Уӕдӕ раст афтӕ сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауӕн йӕ ацы фӕндон дӕр – равзарын 144 мин адӕймаджы, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой. Библийӕ хорз зыны, сӕрстытӕ ӕдӕппӕтӕй кӕй хъуамӕ уой 144 мины. Иу адӕймаг цух дӕр нӕ уыдзысты! (Рарг. 14:1–5).

Уӕдӕ Павел афтӕ куы ныффыста, ӕгас Израил дӕр фервӕздзӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ дзуттӕгтӕ иууылдӕр чырыстӕттӕ суыдзысты. Павел дзырдта уый тыххӕй, ӕмӕ, Хуыцау куыд сфӕнд кодта, афтӕ, «уӕларвон Израил», ома 144 мины сӕрст адӕймаджы йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕндзысты. Йӕ афоныл уыдон иууылдӕр – «ӕгас Израил дӕр» – фервӕздзысты ӕмӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ Мессийӕйы Паддзахады (Еф. 2:8).

[Нывтӕ 28 фарсыл]

Сӕрстытӕ сты «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмӕй ӕмӕ алы адӕмыхаттӕй»