Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕмӕгъӕй дӕр тыхджын

Лӕмӕгъӕй дӕр тыхджын

Лӕмӕгъӕй дӕр тыхджын

ЧИ ЗОНЫ дӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй стыхстӕ. Ӕвӕццӕгӕн, зӕгъыс, никуы сӕ фервӕздзынӕн, зӕгъгӕ. Кӕнӕ дӕхи се ’ппӕтӕй цауддӕр хоныс ӕмӕ дӕхимӕ ӕппындӕр ницы кӕсыс. Йе та низӕфхӕрд дӕ, ӕмӕ дын цард царды ад нал кӕны. Иудзырдӕй, зӕгъыс, цард мӕ къуыммӕ батардта, зӕгъгӕ. Чи зоны, ды дӕр Иовау Хуыцауӕн фӕдзурыс: «Тӕхуды ӕмӕ мӕ ды ингӕны куы бамбӕхсис ӕмӕ мӕ уым куы дарис, цалынмӕ дӕ маст не ссӕуа, уӕдмӕ, ӕмгъуыд мын куы снысан кӕнис ӕмӕ мӕ стӕй куы ӕрхъуыды кӕнис!» (Иов 14:13).

Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕхиуыл схӕцынӕн? Кӕд ӕнцон нӕу, уӕддӕр-иу хъуамӕ дӕ зындзинӕдтӕй дарддӕр ӕндӕр истӕуыл дӕр ахъуыды кӕнай. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Иовы цӕмӕй фарста, уыдӕттыл: «Зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд мын ӕй зӕгъ. Йӕ дӕргъ ӕмӕ йын йӕ уӕрх чи сбӕрӕг кодта, кӕнӕ йын арӕнтӕ чи скодта, уый зоныс?» (Иов 38:4, 5). Ацы фарстытӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕ ӕгӕрон зонд ӕмӕ тыхы хицау кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд нырмӕ ацы фыддуне нӕ фесӕфта, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕу.

«Буары... сындз»

Апостол Павел Йегъовӕ Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй йӕ фервӕзын кодтаид «йӕ буары... сындзӕй» – цы йӕ тыхсын кодта, уымӕй. Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Хуыцаумӕ уый тыххӕй куывта ӕртӕ хатты. Цыфӕнды ма уыдаид уыцы «сындз», уый Павелы хъыгдардта, ӕмӕ йын йӕ лӕггад циндзинад нал хаста. Павел йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ уыцы «сындз» тухӕнӕй мардта. Фӕлӕ йын Йегъовӕ радта ахӕм дзуапп: «Фаг дын у, ме стыр хорзӕхӕй дын цы бахай кодтон, уый. Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Йегъовӕ Павелы йӕ буары сындзӕй нӕ фервӕзын кодта. Ӕмӕ Павелы ӕдзух хъуыди тох кӕнын. Фӕлӕ мӕнӕ цы загъта: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:7–10). Цы зӕгъын ӕй фӕндыд уымӕй?

Павел, цы йӕ тыхсын кодта, уымӕй диссаджы хуызы нӕ фервӕзт. Фӕлӕ йын уӕддӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы гыццыл нӕ бантыст. Павел йӕ ныфс дардта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл ӕмӕ йӕм ӕдзух куывта уый тыххӕй (Фил. 4:6, 7). Йӕ зӕххон царды кӕрон Павелӕн йӕ бон зӕгъын уыд: «Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 Тим. 4:7).

Кӕд адӕм ӕнӕххӕст сты ӕмӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ пайда кӕны йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн, ӕмӕ ӕппӕт кад дӕр уымӕ ’мбӕлы. Йегъовӕ сын дӕтты разамынд ӕмӕ зонд, цӕмӕй сӕ зындзинӕдты сӕрты хизой ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной. О, кӕд ӕнӕххӕст адӕммӕ хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ пайда кӕны стыр хъуыддӕгтӕ аразынӕн.

Павел бамбарын кодта, Хуыцау ӕй йӕ «буары сындзӕй» цӕуылнӕ фервӕзын кодта, уый: «Цӕмӕй... мӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уон» (2 Кор. 12:7). Павелӕн йӕ «сындз» йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, ӕнӕххӕст кӕй у, уый ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕрныллӕг уыдаид. Уый кой кодта Йесо дӕр: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матф. 23:12). Зындзинӕдтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕнынц сӕрныллӕгдзинадыл. Уыдоны фӕрцы бамбарынц, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайой, уый тыххӕй сӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын кӕй хъӕуы. Уӕдӕ уыдон дӕр апостол Павелау «сӕрыстыр сты Йегъовӕйӕ» (1 Кор. 1:31).

Ӕргом чи не сты, уыцы лӕмӕгъдзинӕдтӕ

Иуӕй-иутӕм ис, кӕй нӕ зонынц кӕнӕ та кӕуыл нӕ сӕттынц, ахӕм лӕмӕгъдзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, адӕймаг йӕхиуыл йӕ ныфс ӕгӕр тынг фӕдары (1 Кор. 10:12). Ӕнӕххӕст адӕймаджы ма арӕх фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ нымайой.

Паддзах Давиды ӕфсады хистӕр Иоав уыд хъӕбатыр, фӕндфидар ӕмӕ сӕрӕн адӕймаг. Фӕлӕ Иоав цы стыр тӕригъӕдтӕ ракодта, уымӕй рабӕрӕг, кӕй уыд ӕгӕр ныфсхаст ӕмӕ хъал. Уый ӕгъатыр мард акодта ӕфсады хицӕуттӕй дыууӕйы. Фыццаг амардта Авениры, йӕ масты фӕдыл кӕй ацыд, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр та амардта йӕ мадыхойы лӕппу Амессайы. Пъа кӕныны ’фсон ын йӕ рахиз къухӕй йӕ боцъойыл рахӕцыд ӕмӕ йӕ галиу къухӕй та хъамайӕ барӕхуыста (2 Сам. 17:25; 20:8–10). Хъуыддаг та уыд афтӕ, ӕмӕ Давид Иоавы бӕсты ӕфсады хистӕрӕй сӕвӕрдта Амессайы. Ӕмӕ Иоавӕн фадат куы фӕзынд, уӕд дзы спайда кодта, цӕмӕй Амессайӕ фервӕзтаид. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ уӕд Давид фӕстӕмӕ ӕфсады хистӕрӕй сӕвӕрдзӕн. Уӕдӕ йӕ уынӕм, Иоав йӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ зыдта ӕмӕ хъал кӕй уыд. Уый уыд ӕгъатыр, фӕсмон кӕнын цы у, уый та зонгӕ дӕр нӕ кодта. Йӕ мӕлӕты размӕ паддзах Давид йӕ фырт Соломонӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Иоавӕн, йӕ фыдмиты тыххӕй йын цы хъуыд, уый бакодтаид (1 Пад. 2:5, 6, 29–35).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ не ’нӕраст фӕндӕтты фӕдыл ма цӕуӕм; хъуамӕ нӕхиуыл хӕцӕм. Уый тыххӕй та уал фыццаг хъуамӕ нӕ хъӕндзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ сыл басӕттӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн семӕ тох кӕнын. Нӕ бон у, ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм, цӕмӕй сӕ фервӕзӕм. Уымӕй уӕлдай ма лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас дӕр ӕмӕ дзы разамынд агурӕм (Дзут. 4:12). Чи зоны нӕ нӕ хъӕндзинӕдтимӕ бахъӕуа бирӕ рӕстӕг тох кӕнын. Гӕнӕн ис, цалынмӕ не ’нӕххӕстдзинадӕй нӕ фервӕзӕм, уӕдмӕ дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Павел дӕр тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ, ӕмӕ афтӕ фыста: «Цы мӕ фӕфӕнды, уый нӕ бакӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уый та саразын». Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Павел йӕ къухтӕ никуы ’руагъта, ӕмӕ афтӕ никуы хъуыды кодта, цыма йӕхицӕй кӕнгӕ ӕппындӕр ницы у. Уый тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта, Йегъовӕйӕ йын Йесо Чырыстийы уылты кӕй баххуыс кӕндзӕн (Ром. 7:15–25). Павел ма афтӕ дӕр загъта: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ иннӕтӕн фехъусын кӕнгӕйӕ мӕхӕдӕг аккаг нӕ дӕн» (1 Кор. 9:27).

Адӕймаг рӕвдз у йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ. Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ ма кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын сахуыр уӕм ӕмӕ хъусӕм Павелы фӕдзӕхстмӕ: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут» (Ром. 12:9). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй фервӕзӕм, уӕд хъуамӕ нӕхи ма сайӕм, фӕндфидар уӕм ӕмӕ нӕхиуыл кусӕм. Давид Йегъовӕмӕ куывта: «Ссыгъдӕг мын кӕн мӕ уыргтӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕ» (Пс. 26:2). Уый зыдта, Хуыцау нын тынг хорз кӕй зоны нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд нын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ куы хъусӕм ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ хъӕндзинӕдтыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм.

Иуӕй-иуты, чи зоны, тыхсын кӕнынц, ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй сӕ бон аскъуыддзаг кӕнын кӕй нӕу, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын баххуыс кӕндзысты ӕмӕ сӕ ныфс бауадздзысты (Ис. 32:1, 2). Фӕлӕ хорз уаид, адӕймаг ӕгӕр бирӕмӕ куы не ’нхъӕлмӕ кӕсид. Цалынмӕ ацы дуне уа, уӕдмӕ иуӕй-иу хъуыддӕгты ницы ис аивӕн. Фӕлӕ бирӕтӕ сахуыр сты сӕ зындзинӕдтӕн быхсын ӕмӕ уый фӕрцы сӕ цардӕй райгонд сты.

Йегъовӕйы ӕххуысыл дызӕрдыг нӕ кӕнӕм

Ацы уӕззау рӕстӕджы цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм – мах дызӕрдыг нӕ кӕнӕм, Йегъовӕ нын разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Библи нын дзуры: «Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ уӕ уый йӕ афоныл сбӕрзонд кӕндзӕн. Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Пет. 5:6, 7).

Кэти (бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны Вефилы) куы базыдта, ӕмӕ йӕ лӕг Альцгеймеры низӕй фӕрынчын, уӕд ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, ахӕм рынчынмӕ мӕ бон кӕсын нӕ бауыдзӕн. Ахӕм бон нӕ уыд, Кэти Йегъовӕйӕн кӕд нӕ лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын радтаид зонд ӕмӕ тых. Йӕ лӕджы уавӕр ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кодта. Ӕфсымӕртӕ архайдтой фылдӕр базонын уыцы низы тыххӕй, хотӕ та йын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид. Уыдон ӕдзух йӕ уӕлхъус кӕй уыдысты, уый дӕр Йегъовӕйы ӕххуысыл дзурӕг уыд. Кэти йӕ лӕгмӕ фӕкаст 11 азы, цалынмӕ йын нӕ амард, уӕдмӕ. Мӕнӕ цы дзуры Кэти: «Алы хатт дӕр цӕссыг калгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕбынӕй бузныг дзырдтон Йегъовӕйӕн йе ’ххуысы тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы бафӕрӕзтон. Уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ афтӕ фӕллайгӕйӕ уыйбӕрц рӕстӕг ахӕм рынчынмӕ фӕкӕсын мӕ бон бауыдзӕн!»

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, ӕнцон рахатӕн чи не сты, уыцы лӕмӕгъдзинӕдтӕй фервӕзынӕн

Адӕймаг йӕхимӕ куы ницы фӕкӕсы, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнхъӕла, Хуыцау ын йӕ куывд кӕй нӕ фехъусдзӕн ӕмӕ йын кӕй нӕ баххуыс кӕндзӕн. Ахӕм рӕстӕджы хорз уаид ахъуыды кӕнын, Давид Вирсавиимӕ стыр тӕригъӕд куы ракодта, уӕд цы загъта, ууыл: «О Хуыцау, саст ӕмӕ ӕфхӕрд зӕрдӕйыл ды дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ» (Пс. 51:17). Давид зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕ зыдта, Хуыцаумӕ йӕ бон кувын кӕй у, ӕмӕ йӕ уый кӕй фехъусдзӕн, кӕй йын ныххатыр кӕндзӕн. Йесо дӕр Йегъовӕйау тыхсы адӕмыл. Евангелифыссӕг Матфей пехуымпар Исайы ныхӕстӕ ахаста Йесомӕ: «Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, ӕмӕ ма гыццыл чи судзы, уыцы цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн» (Матф. 12:20; Ис. 42:3). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн тӕригъӕд кодта. Ахуыссынӕввонг цырагъау ма йӕ уд йӕ мидӕг кӕмӕн тӕлфыд, ахӕм адӕймагӕн йӕ ныфсы «зынг» никуы «ахуыссын кодта». Хъизӕмаргӕнӕг адӕймагыл-иу баузӕлыд, цӕмӕй ногӕй йӕ зӕрдӕйы царды ныфс бацыдаид. Йесо афтӕ кодта, зӕххыл куы уыд, уӕд. Нӕ дӕ уырны, ныр дӕр ахӕм кӕй у ӕмӕ дын дӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй тӕригъӕд кӕй кӕны, уый? Дзуттӕгтӕм 4:15 Йесойы тыххӕй афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ нын уый нӕ «лӕмӕгъдзинӕдтӕ... ӕмбары».

Павел йӕ «буары... сындзы» кой куы кодта, уӕд загъта, Чырыстийы тых ын «цатырау ӕмбӕхсӕн» кӕй уыд (2 Кор. 12:7–9). Ӕмбӕрста йӕ, Хуыцау ӕй Чырыстийы уылты кӕй хъахъхъӕны, адӕймаджы къӕвдайӕ ӕмӕ дымгӕйӕ цатыр куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ. Павелау мах дӕр хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй ныл нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕ фӕуӕлахиз уой. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй хъӕуы пайда кӕнын, Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты цы дӕтты, ӕппӕт уыдӕттӕй. Нӕ бон цы у, уый куы бакӕнӕм, уӕд стӕй банхъӕлмӕ кӕсӕм Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, разамынд нын кӕй ратдзӕн. Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл куыд уӕлахиз кӕнӕм, уый куы фенӕм, уӕд мах дӕр Павелау зӕгъдзыстӕм: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:10).

[Ныв 3 фарсыл]

Павел ӕдзух Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы йӕ лӕггадӕн разамынд куырдта

[Ныв 5 фарсыл]

Паддзах Давид Иоавы сӕвӕрдта ӕфсады хистӕрӕй

[Ныв 5 фарсыл]

Иоав амардта Амессайы, йӕ бынат ын чи бацахста, уый

[Ныв 6 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын Библийы уынаффӕты фӕрцы баххуыс кӕндзысты нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн