Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидар хӕц, «райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд», ууыл

Фидар хӕц, «райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд», ууыл

Фидар хӕц, «райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд», ууыл

«Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц» (РАРГ. 3:11).

1, 2. Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уый ӕцӕгдзинад кӕй у, уый куы бамбӕрстай, уӕд цы банкъардтай?

ЙЕГЪОВӔ коммӕгӕс адӕмӕн диссаджы фидӕнӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уый тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстай, уый ма хъуыды кӕныс? Кӕд раздӕр ӕндӕр диныл хӕст уыдтӕ, уӕд цы банкъардтай, Библимӕ гӕсгӕ дын Хуыцауы фӕндтӕ кӕнӕ, раздӕр кӕй не ’мбӕрстай, уыцы ахуырӕдтӕ куы бамбарын кодтой? Ӕвӕццӕгӕн, федтай, раздӕр рӕдийгӕ кӕй кодтай. Фӕлӕ, ӕцӕгдзинад кӕй базыдтай, ууыл ныр куыд цин кӕныс! Чи зоны, схъомыл дӕ чырыстон бинонты ’хсӕн ӕмӕ иу афон бамбӕрстай, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уый ӕцӕгдзинад кӕй у, ӕмӕ дӕ цард йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын сфӕнд кодтай. Хъуыды ма кӕныс, уӕд цы банкъардтай? (Ром. 12:2).

2 Хотӕ ӕмӕ дын ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ радзурдзысты, куыд цин кодтой, Йегъовӕмӕ кӕй баввахс сты, ууыл, ӕмӕ дзы куыд бузныг уыдысты, йӕхимӕ сӕ кӕй ӕрбакодта, уый тыххӕй (Иоан. 6:44). Уый сӕ сразӕнгард кодта Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ. Афтӕ тынг цин кодтой, ӕмӕ сӕ фӕндыд, алкӕмӕн дӕр куы дзырдтаиккой, цы базыдтой, уый тыххӕй. Ды дӕр афтӕ уыдтӕ?

3. Цы уавӕры уыд Ефесы ӕмбырд, Йесо сӕм ныхас куы арвыста, уӕд?

3 Йесо Ефесы чырыстӕттӕм ныхас куы арвыста, уӕд ракодта, «райдианы сӕм цы уарзондзинад уыд», уый кой. Ефесӕгтӕм уыд бирӕ хорз миниуджытӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы раздӕрау нал уарзтой. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фыдӕбон ӕмӕ дӕ фидардзинад. Зонын ӕй, ӕвзӕр адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс ӕмӕ, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, сайгӕ кӕй кӕнынц, уый кӕй базыдтай. Ды фидар дӕ, мӕ номы тыххӕй бирӕ бавзӕрстай, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ. Фӕлӕ дын хъуамӕ иу цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кӕнон: райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис» (Рарг. 2:2–4).

4. Йесо Ефесы чырыстӕттӕм цы ныхас арвыста, уый абон дӕр ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Йесо Ефесы ӕмӕ иннӕ сахарты ӕмбырдтӕм цы ныхас арвыста, (фыст ис Раргомады чиныджы) уый хауы, 1914 азы фӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕ цасдӕр рӕстӕг цы уавӕры уыдысты, уымӕ (Рарг. 1:10). Фӕлӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ абон дӕр чырыстӕттӕй чидӕртӕ ферох кӕной, Йегъовӕмӕ ӕмӕ сӕм ӕцӕгдзинадмӕ «райдианы... цы уарзондзинад уыд», уый. Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ ӕцӕгдзинад раздӕрау уарзӕм, уыцы уарзондзинад сног кӕнӕм ӕмӕ йӕ стыхджындӕр кӕнӕм.

Ӕцӕгдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ куыд бауырныдта?

5, 6. а) Алы чырыстон дӕр цӕуыл хъуамӕ баууӕнда? ӕ) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдзинад кӕй амонынц, ууыл дӕ цы баууӕндын кодта? б) Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ӕцӕгдзинад райдианы куыд уарзта, афтӕ йӕ ногӕй уарза?

5 Йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын кӕй фӕнды, уый фыццаг хъуамӕ «бамбара», «цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:1, 2). Уымӕн иу мадзал у, Библи цы дзуры, уый базонын. Ӕцӕгдзинад иу адӕймаджы иу цӕйдӕр тыххӕй бауырны, иннӕйы та – ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Чидӕртӕ зӕгъынц, ууыл сӕ кӕй баууӕндын кодта, фыццаг хатт Библийы Хуыцауы ном куы бакастысты кӕнӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый куы базыдтой (Пс. 83:18; Еккл. 9:5, 10). Ӕндӕртыл та бандӕвта, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый (Иоан. 13:34, 35). Чидӕртӕ та хъуыды кодтой, адӕймаг дунейӕ ма уа, уый цы нысан кӕны, ууыл. Уыдон бамбӕрстой, ӕцӕг чырыстӕттӕ иу адӕмы политикон быцӕуты ӕмӕ хӕстыты дӕр кӕй ма хъуамӕ архайой (Ис. 2:4; Иоан. 6:15; 17:14–16).

6 Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыдытӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой Хуыцауы бауарзынӕн. Рӕстӕг ссар, цӕмӕй ахъуыды кӕнай, ӕцӕгдзинадыл дӕу цы баууӕндын кодта, ууыл. Алкӕмӕндӕр ис йӕхи уавӕртӕ ӕмӕ йӕхи миниуджытӕ. Ды Йегъовӕйы цӕмӕн уарзыс ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл цӕмӕн ӕууӕндыс, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ хицӕн кӕна, иннӕтӕ йӕ цӕмӕн уарзынц ӕмӕ йыл цӕмӕн ӕууӕндынц, уымӕй. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ дын райдианы цы бацагайдта дӕ зӕрдӕ, уый дын ӕй абон дӕр афтӕ агайы. Ӕцӕгдзинад нӕ аивта. Уымӕ гӕсгӕ дӕм уӕд цы хъуыдытӕ ӕмӕ цы ’нкъарӕнтӕ уыд, уыдон куы ’рхъуыды кӕнай, уӕд та, ӕцӕгдзинад райдианы куыд уарзтай, афтӕ йӕ ногӕй уарздзынӕ. (Бакӕс Псалом 119:151, 152; 143:5.)

Райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый тыхджындӕр кӕн

7. Ӕцӕгдзинад райдианы куыд уарзтам, уымӕй йӕ тынгдӕр цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

7 Ӕвӕццӕгӕн, дӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай, уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ аивта. Райдианы, ӕцӕгдзинад кӕй бауарзтай, уымӕн уыд стыр нысаниуӕг, фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дӕ хъуыди дӕ уарзондзинад фӕтыхджындӕр кӕнын, цӕмӕй цӕттӕ уыдаис, дӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕм цыдаид, уыцы ног зындзинӕдтӕм. Фӕлӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кодта (1 Кор. 10:13). Уӕдӕ уал азы цы бавзӕрстай ӕмӕ фидар куыд фӕлӕууыдтӕ, уый дӕр дын зынаргъ куыннӕ уыдзӕн. Уый дын ӕххуыс кодта, цӕмӕй дӕм райдианы цы уарзондзинад уыд, уый тыхджындӕр кодтаид. Стӕй ма уый фӕрцы дӕ бон уыд хуыздӕр бамбарын, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон (Йес. Н. 23:14; Пс. 34:8).

8. Йегъовӕ йӕхи тыххӕй Моисейӕн цы загъта ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы хуыздӕр куыд базыдтой?

8 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ Моисейӕн йӕхи куыд раргом кодта, афтӕ йын куы загъта, зӕгъгӕ, израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кӕндзынӕн. Хуыцау загъта: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый» (Рац. 3:7, 8, 13, 14). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ загъта, йӕ адӕмы ссӕрибар кӕныны тыххӕй йӕ цыфӕнды суӕвын ма бахъӕуа, уый кӕй суыдзӕн. Уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй израилӕгтӕ федтой, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый, зӕгъӕм, Ӕппӕтхъомысджын, Тӕрхонгӕнӕг, Разамонӕг, Ирвӕзынгӕнӕг, Хӕстон ӕмӕ Дарӕг (Рац. 12:12; 13:21; 14:24–31; 16:4; Неем. 9:9–15).

9, 10. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонай ӕмӕ цы пайда у, Йегъовӕ дыл куыд тыхст, уыцы хабӕрттыл хъуыды кӕнын?

9 Дӕ уавӕр рагон израилӕгты уавӕры хуызӕн нӕу. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕуыл дӕр ахӕм хабӕрттӕ ’рцыд, куы-иу федтай, Хуыцау дыл куыд тыхсы, ӕмӕ дын уый дӕ уырнындзинад бафидар кодта. Чи зоны дын уӕд Йегъовӕ уыдис Дарӕг, Удӕнцойдӕттӕг кӕнӕ Зондамонӕг. (Бакӕс Исайы 30:20ӕ, 21.) Кӕнӕ та федтай, дӕ куывд дын кӕй фехъуыста. Чи зоны, цавӕрдӕр зындзинады бахаудтӕ, ӕмӕ дын ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хотӕй чидӕр баххуыс кодта. Йе та Библи иртасгӕйӕ ссардтай ахӕм стихтӕ, дӕ уавӕры дӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый бамбарынӕн дын чи баххуыс кодта.

10 Чи зоны, ахӕм хабӕрттӕ иннӕтӕн куы дзурис, уӕд иуӕй-иутӕм диссаг нӕ фӕкӕсиккой. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уыцы хабӕрттӕ диссаг нӕ уыдысты, фӕлӕ дӕуӕн уыдысты тынг ахсджиаг. О, Йегъовӕ сси, дӕуӕн баххуыс кӕнынӕн ӕй цӕй сӕр хъуыд, растдӕр уый. Цал азы лӕггад кӕныс Йегъовӕйӕн? Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы, уый цал хатты банкъардтай? Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ уый ӕрмӕст иу хатт нӕ уыд. Уӕдӕ уыцы хабӕрттыл ӕмӕ де ’нкъарӕнтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд та Йегъовӕйы ногӕй бауарздзынӕ, райдианы йӕ куыд уарзтай, афтӕ. Уыцы хабӕрттӕ хӕзнайӕ уӕлдай не сты. Хъуыды сыл кӕн. Уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы. Ӕмӕ уӕд никӕй бон суыдзӕн, цӕмӕй дӕ баууӕндын кӕна, уый афтӕ кӕй нӕу, ууыл.

Дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕс

11, 12. Чырыстон раздӕрау ӕцӕгдзинад кӕй нал фӕуарзы, уымӕн хатт йӕ аххос цы вӕййы ӕмӕ Йесо уый тыххӕй цавӕр уынаффӕ радта?

11 Кӕд Йегъовӕйы ӕмӕ ӕцӕгдзинад раздӕрау нал уарзыс, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дыл Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ сивта. Йегъовӕ никуы ивы (Мал. 3:6; Иак. 1:17). Раздӕр дыл куыд тыхсти, афтӕ дыл тыхсы абон дӕр. Ӕмӕ кӕд ныр Йегъовӕйӕ адард дӕ, уӕд цымӕ цӕй тыххӕй? Мыййаг, фылдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарыс кӕнӕ дӕ царды мӕт бадомдта? Чи зоны, раздӕр зӕрдиагдӕрӕй куывтай, лӕмбынӕгдӕр ахуыр кодтай Библи ӕмӕ йыл арӕхдӕр хъуыды кодтай. Ӕрымыс-ма, цымӕ абонимӕ абаргӕйӕ раздӕр зӕрдиагдӕрӕй нӕ хъусын кодтай? Ӕмбырды фембӕлдтӕм хуыздӕр нӕ цыдтӕ? (2 Кор. 13:5).

12 Чи зоны, дӕхимӕ ахӕмӕй ницы бафиппайдтай. Фӕлӕ кӕд бафиппайдтай, уӕд та? Уӕд ахъуыды кӕн, хъуыддаг афтӕ цӕмӕн рауад, ууыл. Кӕд, мыййаг, дӕ бинонтыл йе та де ’нӕниздзинадыл кӕй тыхсыс, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр исты хъуыддӕгты аххосӕй айрох кодтай, Йегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уый? Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой, ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн. Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй бафӕразат, ӕрцӕуинаг цыдӕриддӕр у, уый сӕрты ахизын» (Лук. 21:34–36).

13. Иаков Хуыцауы Ныхас цӕимӕ абарста?

13 Ахуыргӕнинаг Иаков чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсой ӕмӕ сбӕлвырд кӕной, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цавӕртӕ хъуамӕ уой, ахӕмтӕ сты, ӕви нӕ. Иаков ныффыста: «Уыцы дзырд ӕххӕст... кӕнут, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕхи алы мӕнг хъуыдытӕй чи сайы, ахӕмтӕ. Дзырд чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕнмӕ йӕхимӕ чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн: бакаст йӕхимӕ, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтагъд ӕрбайрох, цыхуызӕн у, уый. Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый та уыдзӕн амондджын, уымӕн ӕмӕ, цы фехъусы, уый дзы нӕ ферох вӕййы, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕны» (Иак. 1:22–25).

14, 15. а) Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн дӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн? ӕ) Цавӕр фарстытыл у дӕ бон ахъуыды кӕнын?

14 Адӕймаг кӕсӕнмӕ бакӕсы, цӕмӕй йӕхи фена. Зӕгъӕм, нӕлгоймаг куы фена, йӕ галстук зылын у, уӕд ӕй сраст кӕндзӕн. Сылгоймаг куы фена, йӕ дзыккутӕ хорз нӕ бадынц, уӕд сӕ ногӕй афасдзӕн. Афтӕ нын Фыстад дӕр ӕххуыс кӕны нӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсынӕн. Мах цыхуызӕн чырыстӕттӕ стӕм, уый Библимӕ гӕсгӕ куы бӕлвырд кӕнӕм, уӕд нын Библи уыдзӕн кӕсӕны хуызӕн. Фӕлӕ кӕсӕнмӕ куы кӕсӕм, ӕмӕ нӕ сраст кӕнын цы хъӕуы, уый та куы нӕ раст кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн? Хуыцауы «ӕнаипп закъоны» цы уынӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыцы закъон ӕххӕст кӕндзыстӕм, ӕмӕ уый та дзурӕг уыдзӕн не ’мбаргӕдзинадыл. Уӕдӕ, уый чи ӕмбары, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ ӕцӕгдзинад раздӕрау нал уарзы, уый хъуамӕ ахъуыды кӕна ахӕм фарстытыл: «Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлын мӕ царды ӕмӕ сӕ сӕрты куыд ахизын? Раздӕр та куыд хызтӕн сӕ сӕрты? Уыцы зындзинӕдтӕм, мыййаг, ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон?» Ацы фарстытыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай ӕмӕ куы бамбарай, цавӕрдӕр миниуджытыл дӕ бакусын хъӕуы, уӕд ӕнцад ма бад. Кӕд дӕ исты аивын хъӕуы, уӕд ӕвӕстиатӕй архай (Дзут. 12:12, 13).

15 Афтӕ-иу дӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсай ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад сфидар уа. Апостол Павел йе ’рыгон ӕмбал Тимофейы разӕнгард кодта йӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ ӕмӕ йын радта ахӕм уынаффӕ: «Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына». Хорз уаид мах дӕр нӕ кӕсӕнмӕ – Хуыцауы Ныхасмӕ – куы кӕсиккам, ӕмӕ афтӕмӕй куы хъуыды кӕниккам, Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ нӕ къухы куыд бафта, ууыл (1 Тим. 4:15).

16. Дӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсай, уӕд цы хъуамӕ ма рох кӕнай?

16 Адӕймаг йӕхи куы нӕ сайа, афтӕмӕй йӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕса, уӕд йӕхимӕ ӕнӕмӕнгӕй цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ссардзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс асӕтта, фӕлӕ ма бауадз, цӕмӕй дыл ахӕм хабар ӕрцӕуа. Чырыстон йӕ зӕрдӕмӕ уымӕн ныккӕсы, цӕмӕй фена, йӕ удыхъӕды йӕ цы хъӕуы аивын, уый. Хӕйрӕджы зӕрдӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕцӕуид, чырыстон адӕймаг йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй йӕхимӕ куы ницы кӕсид. Ӕцӕгдӕр, Хӕйрӕг ӕвзӕр адӕмы фӕардауы, цӕмӕй дзурой, зӕгъгӕ, адӕймаг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕ не ссардзӕн (Иов 15:15, 16; 22:3). Фӕлӕ уыдон сты мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ Йесо Чырысти уый хорз равдыста. Бамбарын кодта, Хуыцауӕн алы адӕймаг дӕр зынаргъ кӕй у. (Бакӕс Матфейы 10:29–31.) Ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уый кӕй зоныс, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕрныллӕг уай ӕмӕ дӕм фидар фӕнд уа, цӕмӕй Йегъовӕйы ’ххуысӕй хуыздӕрырдӕм ивай (2 Кор. 12:7–10). Кӕд дӕ низы кӕнӕ дӕ кары аххосӕй дӕ бон бирӕ нӕу аразын, уӕд, дӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр дӕхицӕй ма дом, ӕрмӕст дӕ къухтӕ ма ауадз ӕмӕ дӕ уарзондзинад ӕрмынӕг кӕнын ма бауадз.

Йегъовӕйӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уӕм бузныг

17, 18. Адӕймаг куы архайа, цӕмӕй йӕм райдианы цы уарзондзинад уыд, уый тыхджындӕр кӕна, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзӕн хайджын?

17 Адӕймаг, райдианы йӕм цы уарзондзинад уыд, уый куы тыхджындӕр кӕна, уӕд арфӕгонд ӕрцӕудзӕн. Хуыцауы хуыздӕр базондзынӕ ӕмӕ дзы йӕ разамынды тыххӕй тынгдӕр бузныг уыдзынӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1–9; 3:5, 6.) Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «[Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ] чи... ӕххӕст кӕны, уый ссары стыр хорзӕх». «Йегъовӕ зӕрдыл цы ’рлӕууын кӕны, ууыл ӕууӕндӕн ис – зондджын кӕны ӕвӕлтӕрды». Уымӕй уӕлдай, «амондджын сты, йӕ фӕндагыл ӕнаиппӕй чи цӕуы, Йегъовӕйы закъоны сӕрты чи нӕ хизы, уыдон» (Пс. 19:7, 11; 119:1).

18 Ӕвӕццӕгӕн, бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дӕ бузныг Хуыцауӕй. Зӕгъӕм, ды ’мбарыс, абон дунейы уыйбӕрц фыддзинад ӕмӕ ӕнӕрастдзинад цӕмӕн ис. Стыр ӕххуыс дын сты, Хуыцау абон йӕ адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, ӕппӕт уыдӕттӕ. Дызӕрдыггаг нӕу, бузныг кӕй дӕ Йегъовӕйӕ уый тыххӕй дӕр, кӕй дӕ ’рбакодта йӕ организацимӕ ӕмӕ дӕ ахӕм стыр кадӕй кӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ Ӕвдисӕн уай. Рох дӕ ма уӕнт, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕ, уыдон! Фыссын сӕ куы райдаис, уӕд дын гыццыл нӕ рауаиккой. Уыцы арфӕдзинӕдтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ зӕрдыл куы лӕууын кӕнай, уӕд дын уый ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн мӕнӕ ацы уынаффӕ ӕххӕст кӕнынӕн: «Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц» (Рарг. 3:11).

19. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уымӕн нын хъуыды кӕнынӕй дарддӕр цы баххуыс кӕндзӕн?

19 О, цы дӕм ис, ууыл фидар хӕцдзынӕ, дӕ уырнындзинад куыд фидар кодта, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд. Фӕлӕ уый у ӕрмӕст иу мадзал. Ацы журналы арӕх фӕцӕуы дзырд, дӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн, ӕндӕр ахӕм ахсджиаг мадзӕлттыл дӕр. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты: кувын, ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ дзы архайын, зӕрдиагӕй хъусын кӕнын хорз хабар. Уыцы хъуыддӕгтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕм раздӕр цы уарзондзинад уыд, уый ногӕй стыхджын уа (Еф. 5:10; 1 Пет. 3:15; Иудӕ 20, 21).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕйы цӕй тыххӕй бауарзтай, ууыл хъуыды кӕнын дын абон ныфсы хос куыд фӕуыдзӕн?

• Йегъовӕйӕн цы рӕстӕг лӕггад кӕныс, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ уый куыд бафидар кӕндзӕн?

• Цӕмӕн нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын, Хуыцауы ма раздӕрау уарзӕм ӕви нӕ, ууыл?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Дӕ зӕрдӕмӕ ӕцӕгдзинад цӕй тыххӕй фӕцыд ӕмӕ дӕ цӕмӕн бауырныдта?

[Ныв 25 фарсыл]

Исты хъуыддӕгты дӕ хъӕуы фӕивын?