Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр миниуджытӕм хъуамӕ тырнӕм

Цавӕр миниуджытӕм хъуамӕ тырнӕм

Цавӕр миниуджытӕм хъуамӕ тырнӕм

«Тырн рӕстдзинадмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ, фидар ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау уай, уымӕ» (1 ТИМ. 6:11).

1. Адӕм цӕмӕ фӕтырнынц ӕмӕ сӕ цард цӕмӕн снывонд кӕнынц?

АБОНЫ дунейы адӕм цӕмӕ фӕтырнынц, сӕ цард цӕмӕн снывонд кӕнынц? Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, бирӕтӕ сӕ тыхтӕ цӕуыл хардз кӕнынц, уыдон сты ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ. Иуӕй-иутӕ бафтынц мулк ӕмбырд кӕныныл, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, амонд уымӕй кӕнгӕ у (Ӕмб. 28:19). Иннӕтӕ та «ӕнӕгъдаудзинадӕй ӕфсис нал зонынц» ӕмӕ сын царды сӕхи ирхӕфсын ӕмӕ улӕфынӕй сӕйрагдӕр ницы ис (Пс. 119:150). Кӕд адӕм сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, цӕмӕй, цӕмӕ тырнынц, уый сӕ къухы бафта, уӕддӕр сӕ цард «дымгӕ сурынӕй» уӕлдай нӕу (Еккл. 1:14).

2. а) Цавӕр хӕрзиуӕг райсынмӕ ӕрхуыдта Хуыцау иуӕй-иу чырыстӕтты? ӕ) Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕрӕн Йегъовӕ цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры зӕрдӕ?

2 Фӕлӕ чырыстӕттӕ цӕмӕ хъуамӕ тырной, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, апостол Павелӕн цавӕр зӕрдӕйы уаг уыд, уымӕ: «Ӕз тырнын мӕ нысанмӕ, цӕмӕй райсон, Хуыцау мӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы хӕрзиуӕг – уӕларвон цард» (Фил. 3:14). Библи дзуры, уыцы хӕрзиуӕг – уӕларвон цард – кӕй райсдзысты 144 мин сӕрст чырыстоны, Павел дӕр семӕ, афтӕмӕй. Уыдон Йесо Чырыстиимӕ иумӕ иу мин азы дӕргъы зӕххыл къухдариуӕг кӕндзысты. Цӕй диссаджы хӕрзиуӕг сын ӕрцӕттӕ кодта Хуыцау! Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр та тырнынц ӕндӕр хӕрзиуӕг райсынмӕ: Йегъовӕ сын цӕстуарзонӕй дӕтты, Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уый – ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнусон цард (Рарг. 7:4, 9; 21:1–4).

3. Куыд у нӕ бон равдисын, Хуыцауы стыр хорзӕхӕй бузныг кӕй стӕм, уый?

3 Тӕригъӕдджын адӕм, раст цы у, уый аразыныл цасфӕнды ма архайой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн, цӕмӕй ӕнусон царды аккаг суой (Ис. 64:6). Ӕнусон цардӕй адӕймаг хайджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, Хуыцау нын йе стыр уарзтӕй Йесо Чырыстийы уылты цы ирвӕзындзинад радта, ууыл куы ’ууӕнда. Куыд у нӕ бон равдисын, Хуыцауӕй йе стыр хорзӕхы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый? Иу хъуыддаг у мӕнӕ ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын: «Тырн рӕстдзинадмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ, фидар ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау уай, уымӕ» (1 Тим. 6:11). Ацы миниуджытыл бӕстон куы аныхас кӕнӕм, уӕд нӕ алкӕйдӕр тынгдӕр бафӕнддзӕн, цӕмӕй сӕ «ноджы зӕрдиагдӕрӕй» фидар кӕнӕм нӕ удыхъӕды (1 Фес. 4:1).

«Тырн рӕстдзинадмӕ»

4. Рӕстдзинадмӕ тырнын ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ адӕймаг фыццаг цавӕр къахдзӕфтӕ хъуамӕ скӕна?

4 Апостол Павел Тимофеймӕ цы дыууӕ фыстӕджы ныффыста, уым ранымадта, тырнын кӕмӕ хъӕуы, уыцы миниуджытӕ. Ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр фыццаг скодта рӕстдзинады кой (1 Тим. 6:11; 2 Тим. 2:22). Библи ма нӕ ӕндӕр стихты дӕр разӕнгард кӕны рӕстдзинадмӕ тырнынмӕ (Ӕмб. 15:9; 21:21; Ис. 51:1). Цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинадмӕ тырнын райдайа, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ «базона... иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ уый кӕй рарвыста, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоан. 17:3). Адӕймаг рӕстдзинадмӕ куы тырна, уӕд уыцы миниуӕг хъуыддагӕй равдисдзӕн – йӕ раздӕры тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ «раздӕхдзӕн», цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕна (Ап. хъ. 3:19).

5. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл банымайа ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ цӕсты рӕстаг уӕм?

5 Рӕстдзинадмӕ тырнын ӕцӕг кӕй фӕнды, уыдонӕй милуантӕ сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Кӕд донаргъуыд чырыстон дӕ, уӕд ууыл хъуыды кодтай, дӕ цардӕй бӕрӕг кӕй хъуамӕ уа, рӕстдзинадмӕ кӕй тырныс, уый? Ӕцӕгдӕр рӕстдзинадмӕ куы тырнай, уӕд уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ разамынд агурдзынӕ Библийы, цӕмӕй, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу», уый ӕвзарай. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:14.) Зӕгъӕм, кӕд дын цардӕмбал нӕма ис, уӕд фидарӕй аскъуыддзаг кодтай, донаргъуыд чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ кӕй не ’мбӕлдзынӕ? Кӕд рӕстдзинадмӕ тырныс, уӕд ацы фарстӕн разыйы дзуапп ратдзынӕ (1 Кор. 7:39).

6. Цы нысан кӕны рӕстдзинадмӕ тырнын?

6 Адӕймаг рӕстгӕнӕг кӕй у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕхимӕ ницы фау хӕссы кӕнӕ «ӕгӕр рӕстаг у» (Еккл. 7:16). Йесо фӕдзӕхста, цӕмӕй адӕймаг ахӕм рӕстдзинадӕй йӕхи хиза ӕмӕ йӕхи афтӕ ма ’вдиса, цыма иннӕтӕй хуыздӕр у (Матф. 6:1). Адӕймаг ӕцӕгдӕр рӕстдзинадмӕ куы фӕтырны, уӕд уый фӕцӕуы зӕрдӕйӕ: йе ’нӕраст хъуыдытӕ, фӕндтӕ ӕмӕ миниуджытӕ фиппайы ӕмӕ сӕ раст кӕны. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уӕззау тӕригъӕд нӕ сараздзыстӕм (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:23; абар Иаковы 1:14, 15.) Уымӕй уӕлдай ма нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕ хорз миниуджытӕ дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм.

«Тырн... Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ»

7. Цы у, «Хуыцауыл иузӕрдион уай», уый?

7 Иузӕрдиондзинад баст у удуӕлдайдзинадимӕ. Иу библион дзырдуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, «Хуыцауыл иузӕрдион уай», зӕгъгӕ, цы грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у «Хуыцауӕй тӕрсын, ӕфсӕрмы дзы кӕнын». Израилӕгтӕ-иу арӕх нӕ разындысты ахӕм иузӕрдион. Хуыцау сӕ Египетӕй куы ракодта, суанг уый фӕстӕ дӕр кодтой хивӕнд митӕ.

8. а) Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд цавӕр фарст сӕвзӕрд? ӕ) «Сыгъдӕг сусӕгдзинад» куыд раргом?

8 Ӕххӕст адӕймаг Адам тӕригъӕд куы ракодта, уымӕй мингай азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр дзуапп лӕвӕрд нӕма ’рцыд ацы фарстӕн: «Адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ алкӕд дӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уа»? Иунӕг ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр уый йӕ бон нӕ бацис. Фӕлӕ йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ дзуапп радта уыцы фарстӕн – раргом кодта «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Йӕ уӕларвон иунӕггуырд Фырты цард рахаста Марийӕйы хуылфмӕ, цӕмӕй ӕххӕст адӕймагӕй райгуырдаид. Йесо йӕ зӕххон цардӕй ӕмӕ йӕ хъизӕмайраг мӕлӕтӕй равдыста, цы нысан кӕны, адӕймаг ӕцӕг Хуыцауӕн йӕ цард снывонд кӕна ӕмӕ йыл алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион уа, уый. Йесойӕн йӕ куывдтытӕй бӕрӕг уыд, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн куыд тынг аргъ кодта, уый (Матф. 11:25; Иоан. 12:27, 28). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы Павелӕн цӕвиттонӕн ӕрхӕссын кодта Йесойы ӕнаипп цард, цӕмӕй бамбарын кодтаид, цы у, адӕймаг «Хуыцауыл... иузӕрдион» уа, уый. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:16, фип.)

9. Куыд ис равдисӕн, Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уымӕ кӕй тырнӕм?

9 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауыл алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион уӕм. Фӕлӕ нӕ бон у уымӕ тырнын. Уый тыххӕй хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алцӕмӕй дӕр Чырыстийы хуызӕн уӕм (1 Пет. 2:21). Уӕд нӕ уыдзыстӕм цӕстмӕхъусты хуызӕн, сӕхи афтӕ чи ӕвдисы, цыма Хуыцауыл иузӕрдион сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг кӕмӕн нӕу (2 Тим. 3:5). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауыл ӕцӕгдӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уый фӕрсырдыгӕй кӕсгӕйӕ бӕрӕг нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, фӕнды чындзы къаба ’взарӕм, фӕнды базармӕ цы скӕнӕм, уый ӕвзарӕм, нӕ хъӕуы рох кӕнын, не ’ддаг бакастӕй дӕр бӕрӕг кӕй хъуамӕ уа, «Хуыцауӕн кувӕг» адӕм кӕй стӕм (1 Тим. 2:9, 10). Раст у, Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уымӕ куы тырнӕм, уӕд нӕ цард араздзыстӕм йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

«Тырн... уырнындзинадмӕ»

10. Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

10 Бакӕс Ромӕгтӕм 10:17. Цӕмӕй чырыстонмӕ уырнындзинад фӕзына ӕмӕ йын фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух хъуыды кӕна, Хуыцауы Ныхасӕй цы зынаргъ ӕцӕгдзинӕдтӕ базыдта, уыдоныл. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» мыхуыр кӕны бирӕ хорз литературӕ. Диссаджы ӕххуыс сты чингуытӕ «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг», «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ» ӕмӕ «Приходи и следуй за мной». Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Чырыстийы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр уый хуызӕн уӕм (Матф. 24:45–47). Цагъар ма цӕттӕ кӕны ӕмбырды фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕ дӕр. Уым арӕх фӕдзурынц «Чырыстийы тыххӕй». Уыныс ӕй, цавӕр хъуыддӕгты ма дӕ хъӕуы дӕхиуыл бакусын, цӕмӕй, Хуыцау цы дӕтты, уымӕ дӕ «хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарай»? (Дзут. 2:1).

11. Кувын ӕмӕ нын коммӕгӕсдзинад уырнындзинадмӕ тырнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

11 Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ма нын стыр ӕххуыс у кувын дӕр. Иухатт Йесомӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ бахатыдысты: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл». Махӕн дӕр нӕ бон у уый тыххӕй сӕрныллӕгӕй Хуыцаумӕ кувын (Лук. 17:5). Хъуамӕ курӕм сыгъдӕг уды ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ уырнындзинад у, «сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры», уыдонӕй иу (Гал. 5:22). Уымӕй уӕлдай ма нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн, Хуыцау нын цы дзуры, уый куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр куы архайӕм, уӕд стыр циндзинад ӕвзардзыстӕм. Ӕмӕ, «фыццаджыдӕр... Хуыцауы паддзахад ӕмӕ [Хуыцауы] рӕстдзинад» агургӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн (Матф. 6:33).

«Тырн... уарзондзинадмӕ»

12, 13. а) Цавӕр ног фӕдзӕхст радта Йесо? ӕ) Цы нысан кӕны чырыстон уарзондзинадмӕ тырнын?

12 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:1, 2. Павел чырыстӕттӕн радта хорз уынаффӕ, сӕ кӕрӕдзи куыд хъуамӕ уарзой, уый тыххӕй. Кӕд «Хуыцауыл иузӕрдион» стӕм, уӕд хъусдзыстӕм, Йесо цы ног фӕдзӕхст радта, уымӕ – «уарзын нӕ кӕрӕдзийы», уый нӕ куыд бауарзта, афтӕ (Иоан. 13:34). Апостол Иоанн загъта: «Ацы дунейы дзӕбӕх чи цӕры, уый йе ’фсымӕры мӕгуырдзинад куы уына ӕмӕ йын куы нӕ фӕтӕригъӕд кӕна, уӕд уымӕй куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзы?» (1 Иоан. 3:17). Дӕ бон у ӕрымысын, уарзондзинад хъуыддагӕй кӕм равдыстай, ахӕм хабар?

13 Уарзондзинадмӕ кӕй тырнӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, хатыргӕнаг куы уӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм маст куы нӕ хӕссӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 4:20.) Мах фӕнды архайын ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Кӕд-иу уӕ иу иннӕмӕ истӕуыл хӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд ӕмӕ-иу ын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕд. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнут» (Кол. 3:13). Кӕд ӕмбырды искӕмӕ фӕхӕрам дӕ, уӕд цымӕ ацы уынаффӕмӕ нӕ байхъусдзынӕ ӕмӕ йын нӕ ныххатыр кӕндзынӕ?

Тырн, цӕмӕй фидар удыхъӕды хицау уай

14. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Филаделфийы ӕмбырды цӕвиттонӕй?

14 Иу хъуыддаг у хуымӕтӕг нысӕнттӕм тырнын ӕмӕ бынтон ӕндӕр хъуыддаг та у, къухы ӕнцонтӕй чи не ’фты кӕнӕ та, куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕмӕ фӕхъӕуы, ахӕм нысанмӕ тырнын. Бӕрӕг у, ӕнусон цард райсынӕн фидардзинад кӕй хъӕуы. «Ды мӕнмӕ байхъуыстай ӕмӕ фидар разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ ӕз дӕр фӕлварӕны рӕстӕг бахъахъхъӕндзынӕн»,– загъта Хицау Йесо Филаделфийы ӕмбырдӕн (Рарг. 3:10, Смысловой перевод). Йесо дзырдта, куыд ахсджиаг у фидардзинад – фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг адӕймагӕн Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы миниуӕг. Фыццаг ӕнусы Филаделфийы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ бирӕ хӕттыты равдыстой диссаджы фидардзинад, сӕ уырнындзинад-иу фӕлвӕрд куы цыдис, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын баххуыс кӕндзӕн, цы стырдӕр фӕлварӕн сӕм ӕнхъӕлӕмӕ каст, уый сфӕразынӕн дӕр (Лук. 16:10).

15. Йесо фидардзинады тыххӕй цы загъта?

15 Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын се ’нӕуырнӕг хӕстӕджытӕ ӕмӕ ацы фыддуне кӕй нӕ уарздзысты. Ӕмӕ сӕ ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 10:22; 24:13). Йесо ма бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы зын рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн тых кӕм хъуамӕ агурой, уый. Хуыцауы дзырд «йӕ зӕрдӕмӕ цингӕнгӕ [чи] айсы», фӕлӕ фӕлварӕнты бахаугӕйӕ уырнындзинадӕй чи фӕиппӕрд вӕййы, уыдоны Йесо абарста къӕдзӕхимӕ, ома дурджын зӕххимӕ. Йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты та абарста хорз зӕххимӕ – уыдон Хуыцауы дзырд «сӕ зӕрдӕты арф нывӕрынц ӕмӕ, фӕразон [кӕнӕ «фидар»] кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг» (Лук. 8:13, 15).

16. Милуангай адӕмӕн фидар лӕууынӕн цы ӕххуыс кӕны?

16 Бафиппайдтай, фидардзинад цӕмӕй кӕнгӕ у, уый? Мах хъуамӕ Хуыцауы ныхас нӕ «зӕрдӕты арф нывӕрӕм» ӕмӕ йыл ӕдзух хъуыды кӕнӕм. Уый зын нӕу, уымӕн ӕмӕ абон «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмац» – бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонкӕсӕн Библийы тӕлмац – ис бирӕ ’взӕгтыл. Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый тыхтӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй фӕразон уӕм, ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг дӕттӕм (Пс. 1:1, 2).

«Тырн... фӕлмӕн удыхъӕды хицау уай, уымӕ» ӕмӕ фарнмӕ

17. а) «Фӕлмӕн удыхъӕды хицау уӕм», уый ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй уыд, уый?

17 Никӕмӕн вӕййы ӕхсызгон, рӕстӕй йӕ куы бафхӕрынц, уый. Ахӕм уавӕры бахаугӕйӕ, адӕймаг, арӕхдӕр, смӕсты вӕййы ӕмӕ йӕ фӕфӕнды йӕхи сраст кӕнын. Фӕлӕ цас хуыздӕр у «фӕлмӕн удыхъӕд» ӕвдисын! (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:1.) Ӕцӕг, уымӕн стыр тых хъӕуы. Ацы хъуыддаджы нын Йесо Чырысти у ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон. «Ӕлгъыстой йӕ, фӕлӕ уый никӕй ӕлгъыста. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, фӕлӕ ӕртхъирӕн никӕмӕ кодта – раст тӕрхон чи кӕны, уый бар-иу бакодта йӕхи» (1 Пет. 2:23). Йесо куыд кодта, махӕн бынтон афтӕ нӕ бон нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ нӕ бон у нӕхиуыл кусын, цӕмӕй нын хуыздӕр уайа уыцы миниуӕг ӕвдисын.

18. а) Адӕймаг фӕлмӕн удыхъӕды хицау куы уа, уӕд уый цы пайда у? ӕ) Цавӕр миниуӕгыл ма хъӕуы кусын?

18 Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ куы фӕрсой, уӕд цӕй ӕмӕ мах дӕр Йесойау «алкӕддӕр цӕттӕ уӕм... дзуапп раттынмӕ... сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Фӕлмӕн удыхъӕды хицау куы уӕм, уӕд, немӕ чи нӕ разы кӕна, уыдонимӕ нӕ ныхас хылмӕ никуы ахиздзӕн – фӕнды уацамынды искӕимӕ ныхас кӕнӕм, фӕнды нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй искӕимӕ (2 Тим. 2:24, 25). Фӕлмӕн куы уӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Ӕвӕццӕгӕн, Павел дӕр йӕ дыккаг фыстӕджы Тимофеймӕ, тырнын кӕмӕ хъӕуы, уыцы миниуджытӕ нымайгӕйӕ «фарны» кой дӕр уымӕн ракодта (2 Тим. 2:22; абар 1 Тимофеймӕ 6:11). О, «фарн» дӕр у ахӕм миниуӕг, Фыстад нӕ тырнынмӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны (Пс. 34:14; Дзут. 12:14).

19. Авд чырыстон миниуӕгыл кӕй аныхас кодтам, уый дӕ цӕмӕ сразӕнгард кодта ӕмӕ цӕмӕн?

19 Мах цыбыртӕй аныхас кодтам, чырыстӕттӕ цавӕр миниуджытӕм хъуамӕ тырной, уыдонӕй авдыл: рӕстдзинадыл, Хуыцауыл иузӕрдион куыд уӕм, ууыл, уырнындзинадыл, уарзондзинадыл, фидар ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау куыд уӕм, ууыл ӕмӕ фарныл. Куыд хорз вӕййы, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы фӕархайынц, цӕмӕй ацы диссаджы миниуджытӕ сӕ удыхъӕды бӕрӕг дарой! Уый кад хӕссы Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын фадат дӕтты, цӕмӕй нӕ дарддӕр ахуыр кӕна йӕ номы кадӕн.

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн

• Адӕймаг рӕстдзинадмӕ ӕмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уа, уымӕ тырна, уый цы нысан кӕны?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уырнындзинад ӕмӕ фидардзинадмӕ тырнӕм?

• Кӕрӕдзийӕн куыд стӕм, ууыл уарзондзинад куыд хъуамӕ ӕндава?

• Цӕмӕн хъуамӕ тырнӕм, фӕлмӕн удыхъӕды хицау уӕм, уымӕ ӕмӕ фарнмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Йесо фӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмы цӕстмӕ нӕхи рӕстгӕнджытӕй ма ӕвдисӕм

[Ныв 13 фарсыл]

Хуыцауы Ныхасыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд тырндзыстӕм уырнындзинадмӕ

[Ныв 15 фарсыл]

Тырнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ, цӕмӕй фӕлмӕн удыхъӕды хицау уӕм