Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ лидзӕм дард

Цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ лидзӕм дард

Цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ лидзӕм дард

«Уӕртӕ калмы мыггаг, чи уын загъта, ӕмӕ алидзат, цы тӕрхон уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый азарӕй?» (МАТФ. 3:7).

1. Дзырд «лидзын» куы фехъусыс, уӕд Библийӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрлӕууынц дӕ зӕрдыл?

ДЗЫРДТӔ «лидзын» кӕнӕ «алидзын» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Кӕмӕндӕрты йӕ цӕстытыл ауайы ӕвзонг хӕрзконд лӕппу Иосиф. Уый Потифары усӕй алыгъд, куы йӕ рӕдийын кодта, уӕд (Райд. 39:7–12). Иннӕтӕн та, чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, н. э. 66 азы Иерусалимӕй чи алыгъд, уыцы чырыстӕттӕ. Уыдон байхъуыстой Йесойы фӕдзӕхстмӕ: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд... Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт» (Лук. 21:20, 21).

2, 3. а) Аргъауӕг Иоанн дины разамонджытӕн цӕмӕн уайдзӕф кодта? ӕ) Йесо Аргъауӕг Иоанны ныхӕстӕ куыд фӕкарздӕр кодта?

2 Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыдоны ӕцӕгдӕр хъуыди лидзын. Абон дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕтты хъӕуы лидзын, ӕрмӕст ахӕсгӕ хуызы. Раст ахӕм хуызы спайда кодта Аргъауӕг Иоанн дзырд «лидзын»-ӕй. Чи йӕм цыд, уыцы адӕмы ’хсӕн уыдысты дзуттаг дины разамонджытӕ дӕр. Уыдон сӕхицӕй растдӕр никӕй хуыдтой ӕмӕ сӕм афтӕ каст, цыма сӕ фӕсмон кӕнын ницӕуыл хъӕуы. Дины разамонджытӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кодта ӕмӕ уый тыххӕй Аргъауӕг Иоаннмӕ донаргъуыд райсынмӕ чи цыд, уыцы хуымӕтӕг адӕммӕ. Уыцы цӕстмӕхъус разамонджытӕн Аргъауӕг Иоанн комкоммӕ загъта: «Уӕртӕ калмы мыггаг, чи уын загъта, ӕмӕ алидзат, цы тӕрхон уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый азарӕй? Кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый хъуыддагӕй равдисут» (Матф. 3:7, 8).

3 Аргъауӕг Иоанн ӕнӕуи лидзыны кой нӕ кодта. Уый дины разамонджыты фӕдзӕхста ӕрцӕуинаг тӕрхонӕй, мастисӕн бонӕй. Ӕмӕ сын дзырдта, цӕмӕй уыцы бон фервӕзой, уый тыххӕй сӕ кӕй хъӕуы сӕ фӕсмондзинад хъуыддагӕй равдисын. Фӕстӕдӕр Йесо дины разамонджытӕн хъӕбатырӕй уайдзӕф кодта – ӕгъатыр кӕй уыдысты, уымӕй зынди, сӕ фыд Хӕйрӕг кӕй уыд, уый (Иоан. 8:44). Аргъауӕг Иоанн сын раздӕр кӕй загъта, уыцы ныхас Йесо фӕкарздӕр кодта, схуыдта сӕ «калмы мыггаг» ӕмӕ сӕ бафарста: «Ӕнхъӕлут, ӕмӕ гееннӕйы азарӕй алидздзыстут?» (Матф. 23:33). Йесо «гееннӕ» цы хуыдта?

4. Йесо «гееннӕйы» кой куы скодта, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

4 Гееннӕ уыд, Иерусалимы ӕддейӕ бырӕттӕ ӕмӕ хӕдмӕл фос кӕм сыгътой, уыцы дӕлвӕз. Йесо ацы дзырдӕй кӕй спайда кодта, уымӕй бацамыдта мыггагмӕйы сӕфтмӕ. (Кӕс 27 фарс.) Йесо дины разамонджыты куы бафарста, «ӕнхъӕлут, ӕмӕ гееннӕйы азарӕй алидздзыстут?», зӕгъгӕ, уӕд уымӕй равдыста, уыдон, куыд къорд, афтӕ мыггагмӕ фесафыны аккаг кӕй уыдысты (Матф. 5:22, 29).

5. Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, уый истори куыд бӕлвырд кӕны?

5 Дзуттаг дины разамонджытӕ Йесойы ӕмӕ йын йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй ӕфхӕрдтой, уымӕй сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр кодтой. Фӕстӕдӕр ӕрцыд, Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Йесо кӕмӕй фӕдзӕхстой, уыцы мастисӕн бон. Ацы хатт Хуыцауы тӕрхон хъуамӕ баййӕфтаид ӕрмӕст Иерусалим ӕмӕ Иудейы – иу бӕлвырд бынат. Уымӕ гӕсгӕ уыцы ранӕй ӕцӕгдӕр алидзӕн уыд. Хуыцауы тӕрхон сӕххӕст, н. э. 70 азы Ромы ’фсад Иерусалим йӕ кувӕндонимӕ куы ныппырх кодтой, уӕд. Ахӕм «бӕллӕх» Иерусалимыл уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ дӕр никуы ’рцыд. Бирӕты амардтой, бирӕты та уацары акодтой. Уыцы «бӕллӕх» амоны ноджы стырдӕр фыдбылызмӕ. Уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонмӕ ӕмӕ ӕндӕр динтыл хӕст чи у, уыдонмӕ (Матф. 24:21).

Ӕрцӕуинаг мастисӕн бон

6. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды цавӕр хабӕрттӕ райдыдта цӕуын?

6 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ раст динӕй аздӕхтысты ӕмӕ кӕйдӕрты сӕ фӕдыл акодтой (Ап. хъ. 20:29, 30). Йесойы апостолтӕ цалынмӕ удӕгас уыдысты, уӕдмӕ уыцы хъуыддаг «урӕдтой», фӕлӕ куы амардысты, уӕд фӕзындис бирӕ чырыстон сектӕтӕ. Абон ис, йӕхи чырыстон чи хоны, кӕрӕдзиимӕ чи нӕ фидауы, ахӕм сӕдӕгай динтӕ. Библийы загъд уыд, кӕй фӕзындзӕн чырыстон аргъуанты разамонджытӕ. Уыдоны иууылдӕр иумӕ Библи хоны, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг» ӕмӕ «сафинаг чи у, уый», «нӕ Хицау Йесо [кӕй]... амардзӕн... ӕмӕ, Йесо кӕй ӕрцыд, уый куы раргом уа, уӕд [кӕй] фесафдзӕн», уый (2 Фес. 2:3, 6–8).

7. Чырыстон аргъуанты разамонджыты цӕмӕн ис схонӕн, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг»?

7 Чырыстон аргъуанты разамонджыты фыдхъуыддӕгтӕ уый мидӕг сты, ӕмӕ милуангай адӕмы сайынц, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм ахуырӕдтӕй, бӕрӕгбӕттӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй. Йесо кӕмӕн уайдзӕф кодта, уыцы дины разамонджытау, абон дӕр, «сафинаг чи у», уыцы адӕймагмӕ чи хауы, уыцы дины кусджытӕ фесӕфдзысты ӕмӕ сӕ райгасдзинадӕй дӕр ныфс нӕ уыдзӕн (2 Фес. 1:6–9). Уӕдӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, чырыстон аргъуанты ӕмӕ иннӕ мӕнг динты разамонджытӕ кӕй сайынц, уыдонмӕ та? Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй уал ӕркӕсӕм, н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыди, уыдонмӕ.

«Лидзут Вавилонӕй»

8, 9. а) Йереми цавӕр ахсджиаг хабар фехъусын кодта, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы иудейтӕн? ӕ) Мидийӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон куы басастой, уӕд иудейтӕ цы хуызы алыгъдысты?

8 Пехуымпар Йереми развӕлгъау загъта, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты, ӕмӕ уыцы хабар ӕрцыд н. э. размӕ 607 азы. Йереми загъта, Хуыцауы адӕмы уацары кӕй акӕндзысты, фӕлӕ «ӕвдай азы» фӕстӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты (Йер. 29:4, 10). Вавилоны уацары чи уыд, уыцы иудейтӕн Йереми фехъусын кодта ноджыдӕр иу ахсджиаг хабар, Вавилоны мӕнг динӕй сӕхи хъуамӕ ма фӕчъизи кодтаиккой. Афтӕмӕй, рӕстӕг куы ’рцыдаид, уӕд цӕттӕ уыдаиккой Иерусалиммӕ ӕрыздӕхынмӕ ӕмӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ. Уыцы хабар ӕрцыд, н. э. размӕ 539 азы мидийӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон куы басастой, уый хӕдфӕстӕ. Персы паддзах Кир II бардзырд радта, цӕмӕй иудейтӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой (Езд. 1:1–4).

9 Иудейтӕй минтӕ спайда кодтой уыцы фадатӕй, ӕмӕ ацыдысты Иерусалиммӕ (Езд. 2:64–67). Кӕй ацыдысты, уымӕй сӕххӕст кодтой Йеремийы пехуымпар-ныхас – уый нысан кодта, ӕцӕгдӕр сӕ кӕй хъуыд лидзын, ома ӕндӕр бынатмӕ цӕуын. (Бакӕс Йереми 51:6, 45, 50.) Иудейтӕй алкӕй бон нӕ баци фӕстӕмӕ Иерусалим ӕмӕ Иудӕмӕ аздӕхын. Вавилоны чи баззад, зӕгъӕм, ацӕргӕ пехуымпар Данел, уыдон цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ахъаз кодтаиккой раст дины хъуыддӕгтӕн Иерусалимы ӕмӕ сӕхи хызтаиккой Вавилоны мӕнг динӕй.

10. «Стыр Вавилон» цавӕр «ӕлгъаг миты» у аххосджын?

10 Абон миллиардгай адӕм сты алы ӕмӕ алыхуызон мӕнг динтыл хӕст. Уыцы динтӕ равзӕрдысты рагон Вавилоны (Райд. 11:6–9). Библи уыцы динтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ хоны «Стыр Вавилон, хӕтаг сылгоймӕгты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад» (Рарг. 17:5). Мӕнг дин рагӕй фӕстӕмӕ дӕр у ацы дунейы хицӕутты ӕвварс. Аххосджын цы «ӕлгъаг миты» у, уыдонмӕ хауынц бирӕ хӕстытӕ дӕр. Уыцы хӕстыты «зӕххыл... фыдмард акодтой» сӕдӕгай милуанты (Рарг. 18:24). «Ӕлгъаг митӕм» ма хауы, дины кусджытӕ сывӕллӕттӕн тыхми кӕй кӕнынц, уый ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр ахӕм ӕнӕгъдау митӕ. Иннӕ хъуыддаг та ма уый у, уыдӕттӕм аргъуанты хистӕртӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕ Хуыцау тагъд зӕхх мӕнг динӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн (Рарг. 18:8).

11. Цалынмӕ Стыр Вавилон нӕ фесӕфт, уӕдмӕ ӕцӕг чырыстӕттыл цавӕр хӕс ис?

11 Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы хабӕрттӕ кӕй зонынц, уымӕ гӕсгӕ хӕсджын сты, цӕмӕй, Стыр Вавилоны чи ис, уыдоны фӕдзӕхсой. Уый тыххӕй парахат кӕнынц Библитӕ ӕмӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы литературӕ уадзы, уый. Уыцы «цагъары» снысан кодта Йесо, цӕмӕй уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл дӕтта» (Матф. 24:45). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ чи байхъусы, уыдонимӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Библи ахуыр кӕнын райдайынц. Ныфс сӕ ис, уыцы адӕмӕй чидӕртӕ кӕй «ралидздзысты Вавилонӕй», цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ (Рарг. 18:4).

Лидзут мӕнгхуыцӕуттӕй

12. Цы цӕстӕй кӕсы Хуыцау дзуӕртты нывтӕн ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ?

12 Стыр Вавилоны ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм ма хауы дзуӕртты нывтӕн ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Хуыцау сӕ хоны «ӕлгъаг митӕ» ӕмӕ «ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕ» (Дык. з. 29:17). Хуыцауы зӕрдӕхудтӕй чи тӕрсы, уый хъуамӕ йӕхи хиза мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном ӕмӕ никӕмӕн ратдзынӕн мӕ кад ӕмӕ мӕ цыт къухӕй конд дзуӕрттӕн нӕ ратдзынӕн» (Ис. 42:8).

13. Мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл нымад чи цӕуы, фӕлӕ ӕнцон рахатӕн чи нӕу, цавӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕ хъӕуы нӕхи хизын?

13 Хуыцауы Ныхас ма нын ӕргом кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл нымад чи цӕуы, фӕлӕ ӕнцон рахатӕн чи не сты, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, зыд кӕнын хоны «мӕнгхуыцауӕн кувын» (Кол. 3:5). Зыд кӕнынмӕ хауы, искӕй цы у, уымӕ бӕллын (Рац. 20:17). Сайтан Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕд тынг бабӕллыд, цӕмӕй уыдаид Иунӕг Стыр Хуыцауы хуызӕн ӕмӕ уымӕн куывтаиккой (Лук. 4:5–7). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ Евӕйы дӕр сцыбӕл кодта, цӕмӕй райстаид, Хуыцау ӕвналын цӕмӕ нӕ уагъта, уый. Адам дӕр мӕнгхуыцауӕн кувӕг сси, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ усимӕ уыдаид, ӕмӕ йын уыцы хиуарзон фӕнд сси йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды коммӕ кӕсынӕй ахсджиагдӕр. Фӕлӕ Хуыцауы мастисӕн бон йӕхи бахизын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ макуы сивой ӕмӕ зыдгӕнаг ма уой.

«Дард лидзут хӕтындзинадӕй»

14–16. а) Иосиф нын йӕ хӕрзӕгъдаудзинадӕй фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм, тӕригъӕдджын монцтӕ нӕм куы фӕзына, уӕд? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕтындзинадӕй дард лидзӕм?

14 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:18. Потифары ус Иосифы куы рӕдийын кодта, уӕд дзы Иосиф алыгъд. Цӕй хорз цӕвиттон у уый алы чырыстонӕн дӕр, бинонджын уа ӕви йын бинонтӕ ма уа, уӕд дӕр! Ӕнӕдызӕрдыгӕй, Иосифӕн йе ’фсармыл бандӕвтой рагзаманты хабӕрттӕ. Уыцы хабӕрттӕй зынди, Хуыцау ӕнӕгъдаудзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ хӕтындзинадӕй дард лидзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, нӕ монцтӕ нын нӕ цардӕмбалӕй дарддӕр искӕмӕ чи цырен кӕна, цыфӕнды ахӕм хъуыддагӕй дӕр. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Амарут уӕ... буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй уӕд зыд, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцауӕн кувын. Уыдӕтты тыххӕй адӕмыл Хуыцау йӕ маст ныккалдзӕн» (Кол. 3:5, 6).

15 Нӕ хъус-ма ’рдарӕм ацы ныхӕстӕм, «Хуыцау йӕ маст ныккалдзӕн», зӕгъгӕ. Ацы дунейы бирӕтӕ цӕуынц сӕ зӕрдӕйы монцты фӕдыл ӕмӕ уый ӕнӕгъдаудзинадыл нӕ нымайынц. Фӕлӕ махыл цӕмӕй нӕ чъизи монцтӕ ма фӕуӕлахиз уой, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕй курӕм ӕххуыс ӕмӕ сыгъдӕг уд. Библи куы ахуыр кӕнӕм, чырыстон фембӕлдтӕм куы цӕуӕм ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсӕм». Уӕд «нӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстӕм» (Гал. 5:16).

16 Ӕцӕгдӕр, хӕлд нывтӕм куы кӕсӕм, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсӕм». Алы чырыстон дӕр хъуамӕ йӕхи хиза, тӕригъӕдджын монцтӕ чи цырен кӕны, ахӕм истӕмӕ кӕсынӕй ӕмӕ хъусынӕй, стӕй ахӕм хабӕрттӕ цы чингуыты ӕмӕ журналты фыст ис, уыдонмӕ дӕр хъуамӕ ӕмгӕрон ма цӕуа. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы «сыгъдӕг адӕмӕн» не ’мбӕлы ахӕм хъуыддӕгтыл дзурын кӕнӕ хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын (Еф. 5:3, 4, фип.). Ӕнӕгъдаудзинадӕй нӕхи кӕй хизӕм, уымӕй нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн ӕвдисӕм, ӕцӕгдӕр нӕ кӕй фӕнды йӕ мастисӕн бон нӕхи бахизын ӕмӕ йӕ рӕстаг ног дунейы цӕрын.

Лидзут ӕхца уарзынӕй

17, 18. Цӕмӕн хъуамӕ лидзӕм ӕхца уарзынӕй?

17 Павел Тимофеймӕ фыццаг цы фыстӕг ныффыста, уым бамбарын кодта, цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъуамӕ архайдтаиккой, цагъартӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон. Уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ хицӕуттӕ уыдысты чырыстӕттӕ, ӕмӕ сӕм, чи зоны, ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕхцайӕ кӕнӕ сын ӕндӕр истӕмӕй кӕй ӕххуыс кӕндзысты. Иннӕтӕ та, чи зоны, архайдтой, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй пайда кодтаиккой, ӕмӕ сӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕ къухы бафтыдаиккой. Павел фӕдзӕхста, цӕмӕй афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ, «Хуыцауыл иузӕрдион уой, уый у цыдӕр пайда райсыны фадат». Ӕппӕт фыдбылызтӕ дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ цӕуой, «адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа», уымӕй, ӕмӕ уыцы уарзондзинад ӕвзӕрырдӕм фӕзыны хъӕздыгыл дӕр ӕмӕ мӕгуырыл дӕр (1 Тим. 6:1, 2, 5, 9, 10).

18 Дӕ бон у ӕрхъуыды кӕнын Библийӕ ахӕм адӕмы, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад уыд, уый чи фесӕфта, «ӕхцауарзаг» кӕй уыдысты ӕмӕ ӕхцайӕ балхӕнӕн цы уыд, уыдӕттӕ кӕй уарзтой, уый тыххӕй? (Йес. Н. 7:11, 21; 2 Пад. 5:20, 25–27). Павел Тимофейы фӕдзӕхста: «Ды та, Хуыцауы адӕймаг, уыдӕттӕй дард лидз. Фӕлӕ тырн рӕстдзинадмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ, фидар ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау уай, уымӕ» (1 Тим. 6:11). Хуыцауы мастисӕн бон фервӕзын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕйдӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы ацы уынаффӕмӕ хъусын.

«Ӕвзонг адӕймаджы... монцтӕй... дард лидз»

19. Цы хъӕуы алы ӕрыгоны дӕр?

19 Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:15. Ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы ӕнӕзонддзинад ис, уый йӕ ӕнцонтӕй фӕсайдзӕн. Цӕмӕй йыл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй йын баххуыс уыдзысты Библийы уынаффӕтӕ. Йӕ ныййарджытӕ уырнӕг кӕмӕн не сты, ахӕм ӕрыгон чырыстӕттӕй бирӕтӕ архайынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Иннӕтӕн та баххуыс вӕййынц фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты зондджын уынаффӕтӕ. Библийӕ дын уынаффӕ чифӕнды ма радта,– куы йӕм байхъусай, уӕд амондджын уыдзынӕ ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр (Дзут. 12:8–11).

20. Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕвзӕр монцтӕй дард лидзой?

20 Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:20–22. Зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ бафтыдысты ӕнӕзонд митыл, зӕгъӕм, хӕлӕг ӕмӕ зыд кӕныныл, хӕтыныл, ӕхца ӕмӕ хиирхӕфсӕнтыл. Уыцы митӕ сты, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны», уыдон, ӕмӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ дард лидзӕм. Дард лидзын уый нысан кӕны, ӕмӕ, зианхӕссӕг ӕндӕвдад кӕцӕйфӕнды ма цӕуа, уӕддӕр дзы ӕрыгон чырыстон хъуамӕ йӕхи хиза. Уӕлдай тынгдӕр та йын баххуыс кӕндзӕн Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ йӕ удыхъӕды Хуыцауы миниуджытӕ куы фидар кӕна ӕмӕ, «Хицауы ном сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи ары, уыдоныл» йӕхи куы бӕтта, уый.

21. Йесо Чырысти, фыстимӕ кӕй абарста, йӕ уыцы фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

21 Ацӕргӕ стӕм ӕви ӕрыгон, чи нӕ рӕдийын кӕны, уыцы адӕммӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уӕм Йесойы фӕдылдзӕуджытимӕ. Уыдон сты фысау сабыр ӕмӕ «лидзынц... ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕсӕй» (Иоан. 10:5). Фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы мастисӕн бон фервӕзӕм, уый тыххӕй ӕрмӕст зианхӕссӕг хъуыддӕгтӕй лидзын фаг нӕу. Хъуамӕ ма нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм хорз миниуджытӕ дӕр. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм авд ахӕм миниуӕгмӕ. Уӕдӕ нӕ ацы хъуыддагмӕ хъӕуы лӕмбынӕг ӕркӕсын, уымӕн ӕмӕ нын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз [мӕ фыстӕн] дӕттын ӕнусон цард, ӕмӕ уыдон никуы фесӕфдзысты, ӕмӕ сӕ мӕ къухӕй ничи аскъӕфдзӕн» (Иоан. 10:28).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесо дины разамонджыты цӕмӕй бафӕдзӕхста?

• Абон милуантӕ цавӕр тӕссаг уавӕры сты?

• Мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл нымад чи цӕуы, фӕлӕ ӕнцон рахатӕн чи нӕу, цавӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕ хъӕуы нӕхи хизын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Дзырд «лидзын» кӕнӕ «алидзын» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс?