Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти зындоны арты кой кодта?

Чырысти зындоны арты кой кодта?

Чырысти зындоны арты кой кодта?

ЗЫНДОНЫ арт кӕй ис, ууыл чи ӕууӕнды, уыдон хатт бӕлвырдгӕнӕнӕн ӕрхӕссынц Йесойы ныхӕстӕ Марчы 9:48 (кӕнӕ 44 ӕмӕ 46 стихтӕ). Уым Йесо кӕны кӕлмытӕ (кӕнӕ къуыдыр кӕлмытӕ) ӕмӕ арты кой. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕлмытӕ мӕлгӕ нӕ кӕнынц, арт та – хуысгӕ. Уыцы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй дӕ исчи куы бафӕрсид, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис?

Адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ дын бакӕса 44, 46 кӕнӕ 48 стих, чи йӕм ис, уыцы Библийӕ. Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иу тӕлмацты ацы ӕртӕ стихы дӕр сты иухуызон *. «Ног дунейы тӕлмац»-ы фыст ис: «Дӕ цӕст [дӕ] куы рӕдийын кӕна, уӕд ӕй аппар. Цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ гееннӕйы ныппарой, фӕлтау Хуыцауы паддзахадмӕ сохъхъырӕй бацу. Уым сӕ кӕлмытӕ нӕ мӕлынц ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы» (Марчы 9:47, 48).

Куыдфӕнды ма уа, иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ мӕлӕты фӕстӕ сӕ удтӕ ӕнустӕм фӕхъизӕмар кӕнынц. Зӕгъӕм, испайнаг «Сыгъдӕг Библийы» ацы стихтӕм цы фиппаинаг ис, уым фыст ис: «Ам нӕ Хицау дзуры зындоны хъизӕмӕртты тыххӕй. Куыд дзурынц, афтӕмӕй ныхӕстӕ „кӕлмытӕ нӕ мӕлынц“, зӕгъгӕ, амонынц, фыдгӕнджытӕ зындоны арты ӕнустӕм цы уды хъизӕмӕрттӕ февзарынц, уымӕ. Ныхӕстӕ „арт нӕ хуыссы“ та амоны, фыдгӕнджытӕн сӕ удтӕ нӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг кӕй фӕхъизӕмар кӕнынц» («Sagrada Biblia», рауагъта йӕ Наваррӕйы университет).

Фӕлӕ ма абарӕм Йесойы ныхӕстӕ Марчы 9:48 стихы Исайы пехуымпарады 66 сӕры фӕстаг стихимӕ *. Бӕрӕг у, Йесо Исайы ныхӕстӕ кӕй ӕрхаста. Пехуымпар ам, ӕвӕццӕгӕн, дзуры, адӕм кӕй рацӕудзысты «Иерусалимӕй Енномы дӕлвӕзмӕ (гееннӕмӕ), кӕддӕр нывондӕн адӕмы кӕм хастой (Йер. 7:31) ӕмӕ фӕстагмӕ горӕты бырондон чи сси, уырдӕм» («The Jerome Biblical Commentary»). Йӕ чиныджы 66:24 Исай дзуры фӕсномыгӕй ӕмӕ бӕрӕг у, адӕмы хъизӕмӕртты кой кӕй нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ дзы дзырд цӕуы мӕрдтыл. Уымӕй уӕлдай, пехуымпары ныхӕстӕм гӕсгӕ, мӕлгӕ нӕ кӕнынц кӕлмытӕ – удӕгас адӕм кӕнӕ ӕнӕмӕлгӕ удтӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ?

Дӕ хъус-ма ӕрдар, Марчы 9:48 иу католикон чиныг куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ: «Ацы ныхӕстӕ ист сты Исайӕ (66, 24). Пехуымпар ӕвдисы, адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы стӕгдар дӕр цӕй тыххӕй нал баззайы: кӕй бамбийы кӕнӕ кӕй басудзы, уый тыххӕй... Стихы кӕлмыты кой дӕр кӕй ис ӕмӕ арты кой дӕр, уый тыхджындӕр кӕны, адӕймагӕй ӕппындӕр кӕй ницыуал баззайы, уыцы хъуыды [...] Дыууӕ сафӕг тыхы тыххӕй дӕр афтӕ загъд кӕй ис, ӕмӕ ӕппынӕдзух сты («нӕ мӕлынц», «нӕ хуыссы»), уый дзурӕг у ууыл, ӕмӕ сӕ фервӕзӕн кӕй нӕй. Ам цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕфынц ӕрмӕстдӕр кӕлмытӕ ӕмӕ арт (адӕмы кой дзы нӕй), ӕмӕ сӕ «къухтӕм» цыфӕнды ма бахауа – ницыуал дзы баззайы. Уӕдӕ ам дзырд ӕнусон хъизӕмӕрттыл нӕ цӕуы, фӕлӕ бынысӕфтыл ӕнӕ райгасдзинады ныфсӕй. Уӕдӕ [арт] нысан кӕны, адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфдзӕн» («El evangelio de Marcos. Análisis lingüístico y comentario exegético»).

Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг кӕй у, ууыл чи нӕ дызӕрдыг кӕны, уыцы адӕймаг ӕнӕмӕнгӕй фендзӕн, ам цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаст ис, уыдон куыд раст сты, уый. Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ ӕнустӕм хъизӕмар кӕндзысты. Фӕлӕ дзырдта, ӕнустӕм кӕй фесӕфдзысты ӕмӕ кӕй нал райгас уыдзысты.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Дызӕрдыггаг чи не сты, Библийы уыцы тыхтӕтты 44 ӕмӕ 46 стихтӕ нӕй. Ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, уыцы дыууӕ стихы фӕстӕдӕр кӕй бафтыдтой. Профессор Арчибальд Робертсон фыссы: «Ӕппӕты рагондӕр ӕмӕ хуыздӕр тыхтӕтты ацы дыууӕ стихы не сты. Уыдон фыццаг фӕзындысты хурныгуылӕн ӕмӕ сириаг (византийаг) тыхтӕтты, ӕмӕ 48 стихы цы фыст ис, уыдоны дӕр ӕндӕр ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ, 44 ӕмӕ 46 стихтӕ айстам, фыццаг къухфыстыты кӕй не сты, уый тыххӕй».

^ 5 абз. «Ӕмӕ-иу ӕддӕмӕ куы рацӕуой, уӕд-иу фендзысты, мӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы мӕрдтӕ; сӕ кӕлмытӕ нӕ мӕлдзысты ӕмӕ сӕ арт нӕ хуысдзӕн, ӕмӕ сыл ӕлгъ кӕндзӕнис алы адӕймаг дӕр» (Ис. 66:24).