Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй

АПОСТОЛ Павел тынг тыхст Коринфы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уырнындзинадыл. Фехъуыста, уыцы сахары ӕфсымӕрты ’хсӕн бирӕ быцӕутӕ кӕй ис. Ӕмбырды куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты хӕтындзинадмӕ. Уымӕй уӕлдай ма Коринфы ’фсымӕртӕ Павелмӕ ныффыстой, цӕмӕй сын иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ бамбарын кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ н. э. 55 азмӕ ’ввахс Павел Ефесы куы уыд, уӕд Коринфы ’мбырдмӕ ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг. Уый уыди йе ’ртыккаг уацамындон балцы рӕстӕджы.

Ӕвӕццӕгӕн сӕм цалдӕр мӕйы фӕстӕ та ныффыста дыккаг фыстӕг. Фыццаг ӕнусы Коринфӕн йӕхи мидӕг дӕр ӕмӕ ӕмбырды мидӕг дӕр цы хабӕрттӕ цыд, уыдон бирӕ цӕмӕйдӕрты сты, нӕ рӕстӕджы чи цӕуы, уыцы хабӕртты хуызӕн. Павелы фыстӕджытӕй бирӕ цыдӕртӕ у нӕ бон зондӕн райсын (Дзут. 4:12).

«МА БАФЫНӔЙ УТ, УЫРНЫНДЗИНАДЫ ФИДАР ЛӔУУТ, УТ... ФИДАР»

(1 Кор. 1:1–16:24)

«Уе ’ппӕт дӕр дзурут ӕмхуызон»,– загъта Павел (1 Кор. 1:10). Цӕмӕй адӕймаг йӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ сфидар кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ фӕзма Йесо Чырыстийы (1 Кор. 3:11–13). Чи хӕтыд, уый тыххӕй Павел загъта: «Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут» (1 Кор. 5:13). Стӕй ма ныффыста: «Буар... хӕтындзинадӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн» (1 Кор. 6:13).

Коринфы ӕмбырд Павелмӕ «цӕй тыххӕй фыстой, уый фӕдыл» сын ратта хорз уынаффӕтӕ. Уыдон уыдысты цард искӕимӕ баиу кӕныны тыххӕй, стӕй ӕнӕ цардӕмбалӕй цӕрыны тыххӕй (1 Кор. 7:1). Бамбарын ма сын кодта, чырыстон ӕмбырды хистӕр чи у, ӕмбырды алцыдӕр куыд хъуамӕ уа ӕмӕ, мӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй райгас уыдзысты, уый. Ӕмӕ стӕй загъта: «Ма бафынӕй ут, уырнындзинады фидар лӕуут, ут хъӕбатыр ӕмӕ фидар» (1 Кор. 16:13).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:21 – Уырнджыты фервӕзын кӕнынӕн Йегъовӕ ӕцӕгдӕр, «ӕнӕзонд цы у», уымӕй пайда кӕны? Нӕ, уый афтӕ нӕу. «Дуне йӕ зондӕй Хуыцауы... нӕ базыдта» ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн цӕмӕй пайда кӕны, уый дуне нымайы ӕнӕзонд хъуыддагыл (Иоан. 17:25).

5:5 – Цы нысан кӕны фыдгӕнӕджы «Сайтаны бар бакӕнын» ӕмӕ уый цӕмӕн хъӕуы? Стыр тӕригъӕд чи ракӕны ӕмӕ йыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уый ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, цӕрын та райдайы, Сайтаны фыддунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ (1 Иоан. 5:19). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ Сайтаны бар бакӕнынц. Фыдгӕнӕджы ’мбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд «тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ фесафынц», ома уыцы адӕймаг иннӕтыл ӕвзӕрырдӕм нал фендавы. Афтӕмӕй «ӕмбырдӕн цы хорз зондахаст ис, уый» сыгъдӕгӕй баззайы (2 Тим. 4:22).

7:33, 34 – Бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг кӕуыл мӕт кӕнынц, уыцы «дунейы хъуыддӕгтӕ» цы сты? Павел дзуры, бинонджын чырыстӕттӕ алы бон дӕр кӕуыл хъуыды кӕнынц, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынат. Уыдон сты, чырыстоны йӕхи цы фыдхъуыддӕгтӕй хъӕуы хизын, уыдон нӕ, фӕлӕ ’рвылбоны сагъӕстӕ (1 Иоан. 2:15–17).

11:26 – Йесойы мӕлӕт афӕдзы мидӕг цал хатты хъӕуы бӕрӕг кӕнын ӕмӕ кӕдмӕ? Павел ам, Йесойы мӕлӕт афӕдзы мидӕг цал хатты хъӕуы бӕрӕг кӕнын, уый тыххӕй нӕ дзуры. Павел кӕны уый кой, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ алы хатт дӕр Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй куы саходынц, уӕд кӕй «хъусын кӕнынц... Хицауы мӕлӕты тыххӕй». Уый та вӕййы афӕдз иу хатт, 14 нисаны. Сӕрстытӕ Йесойы мӕлӕт хъуамӕ бӕрӕг кӕной, «цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ», ома сӕ цалынмӕ Йесо уӕларвон цардмӕ нӕ райгас кӕна, уӕдмӕ (1 Фес. 4:14–17).

13:13 – Уарзондзинад уырнындзинад ӕмӕ ныфсӕй ахсджиагдӕр куыд у? Адӕймаджы «фидар ныфс» цӕмӕй ис, уый куы ’рцӕуа ӕмӕ «цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы», уыдӕттӕ куы сӕххӕст уой, уӕд уырнындзинад ӕмӕ ныфс уыйбӕрц нал ахаддзысты (Дзут. 11:1). Уарзондзинад уырнындзинад ӕмӕ ныфсӕй уыцы хуызы у ахсджиагдӕр, ӕмӕ уыдзӕн ӕнустӕм.

15:29 – Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг аргъуыд райста, «цӕмӕй амӕла, уый тыххӕй»? Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕм гӕсгӕ ис афтӕ ахъуыды кӕнӕн, ӕмӕ удӕгӕстӕ аргъуыд кӕй хъуамӕ райсой, ӕнӕаргъуыдӕй чи амард, уыдоны бӕсты. Фӕлӕ Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд. Павел ам дзуры, сӕрст чырыстӕттӕ аргъуыд уыцы хуызы кӕй райсынц, ӕмӕ ӕрлӕууынц, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый хъуыддӕгтӕй кӕм ӕвдисынц, ахӕм фӕндагыл – уый у сӕ царды фӕндаг, цалынмӕ нӕ амӕлой ӕмӕ уый фӕстӕ уӕларвон цардмӕ нӕ райгас уой, уӕдмӕ.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:26–31; 3:3–9; 4:7. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕ куы ’ппӕлӕм, уӕд ӕмбырды уыдзӕн иудзинад.

2:3–5. Павел Коринфы (грекъаг философи ӕмӕ ахуырад кадджын кӕм уыдысты, ахӕм зындгонд сахары) куы хъусын кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тыхсти, уыцы сахары цӕрджытӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕви нӕ, ууыл. Чи зоны, Павел цӕмӕйдӕрты тарст кӕнӕ йӕхимӕ уыйбӕрц тыхтӕ ӕмӕ курдиӕттӕ нӕ уыдта. Фӕлӕ йӕ уыдӕттӕ нӕ бакъуылымпы кодтой Хуыцауы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ зын кӕнӕ, ахуыр кӕуыл не стӕм, ахӕм уавӕрты дӕр хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Павелау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ ныфс дарын, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

2:16. Цӕмӕй, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорз зонӕм, Чырысти цавӕр адӕймаг уыд, уый ӕмӕ йӕ фӕзмӕм (1 Пет. 2:21; 4:1). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй фылдӕр базонӕм, Йесо куыд цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй!

3:10–15; 4:17. Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, адӕмы куыд ахуыр кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд цӕттӕ кӕнӕм, ууыл ӕмӕ уыцы хъуыддаджы хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕнӕм (Матф. 28:19, 20). Нӕ ахуыргӕнинаджы хорз куы нӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд, чи зоны, ма бафӕраза. Уый нын, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ афтӕ фӕриссын кӕна, ӕмӕ нӕхӕдӕг кӕй аирвӕздзыстӕм, уый уа, «артӕй куыд раирвӕзай, афтӕ».

6:18. «Дард лидзын хӕтындзинадӕй» ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ нӕхи хизӕм, порне́йа-мӕ цы хауы, уыцы хъуыддӕгтӕй, фӕлӕ ма, уымӕ цы ’ркӕны, уымӕй дӕр – порнографи, ӕнӕгъдаудзинад, хӕлд хъуыдытӕй, стӕй ма, лӕппу чызгмӕ кӕнӕ чызг лӕппумӕ дзырдӕппарӕн куы кӕна, уымӕй дӕр (Матф. 5:28; Иак. 3:17).

7:29. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи зӕрдӕ ссарыныл афтӕ тынг хъуамӕ ма архайой, ӕмӕ сын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн фаг рӕстӕг мауал зайа.

10:8–11. Йегъовӕйӕн тынг хъыг уыд, израилӕгтӕ Моисей ӕмӕ Аароныл кӕй хъуыр-хъуыр кодтой, уый. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъӕуы нӕхи хъуыр-хъуыр кӕнынӕй хизын.

16:2. Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, рагацау-иу куы аскъуыддзаг кӕнӕм, мысайнагӕн цас ныппардзыстӕм ӕмӕ йӕ алы хатт дӕр афойнадыл куы ’ппарӕм, уӕд.

«СРАСТ-ИУ КӔНУТ УӔ РӔДЫДТЫТӔ»

(2 Кор. 1:1–13:14)

Павел коринфӕгтӕн загъта, цӕмӕй уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, фӕлӕ фӕстӕдӕр чи ӕрфӕсмон кодта, ахӕм адӕймагӕн «зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕной ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕной». Фыццаг фыстӕг райсгӕйӕ коринфӕгтӕ кӕд ӕрӕнкъард сты, уӕддӕр Павел цин кодта, уымӕн ӕмӕ «кӕй ӕрӕнкъард сты», «уый [сӕ] сразӕнгард кодта ӕрфӕсмон кӕнынмӕ» (2 Кор. 2:6, 7; 7:8, 9).

Павел коринфӕгтӕн дзуры, зӕгъгӕ, «алцӕмӕй дӕр куыд хъӕздыг стут... афтӕ хъӕздыг ут ацы хъуыддаджы дӕр», ома рӕдаудзинады. Йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕн дзуапп куы радта, уӕд фӕстагмӕ Коринфы чырыстӕттӕн загъта: «Дарддӕр дӕр цин кӕнут, сраст-иу кӕнут уӕ рӕдыдтытӕ, иннӕтӕ уын цы удӕнцой ӕрхӕссынц, уымӕн аргъ кӕнут, иу зондыл хӕст ут, кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут» (2 Кор. 8:7; 13:11).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

2:15, 16 – Мах «Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф» куыд стӕм? Библи нын цы дзуры, уымӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы. Уыцы «тӕф» фыдгӕнджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн у адджын тӕф.

5:16 – Куыд ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ «зӕххон адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсынц»? Сӕрст чырыстӕттӕ адӕмӕн нӕдӕр сӕ хъӕздыгдзинадмӕ кӕсынц, нӕдӕр сӕ цӕсгомы хуызмӕ ӕмӕ нӕдӕр, цавӕр адӕмыхаттӕй сты, уымӕ. Уыдон се ’мчырыстӕтты сӕйраджыдӕр уарзынц, иу Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй.

11:1, 16; 12:11 – Коринфӕгтӕ Павелы ӕнӕзонд цӕмӕ гӕсгӕ схуыдтаиккой? Павел иуӕй-иутӕм, ӕвӕццӕгӕн, фӕкаст хиппӕлой ӕмӕ ӕнӕзонд, апостол кӕй уыд, уый сӕрыл цы загъта, уый тыххӕй.

12:1–4 – Чи ’рцыд ист дзӕнӕтмӕ? Ахӕм цӕстылуайӕн ма ӕндӕр исчи кӕй федта, уый тыххӕй Библийы фыст ницы ис. Стӕй ма ацы скъуыддзаг ис, Павел апостол кӕй уыд, уый сӕрыл кӕм дзырдта, уыцы стихты фӕстӕ. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел кодта йӕхи кой. Апостол цӕстылуайӕны, ӕвӕццӕгӕн, федта, «кӕроны рӕстӕджы» Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ цы фарн уыдзӕн, уый (Дан. 12:4).

Зондзонӕнтӕ махӕн

3:5. Ацы стихмӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йегъовӕ чырыстӕтты уацамындмӕ кӕй цӕттӕ кӕны йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ организацийы уылты (Иоан. 16:7; 2 Тим. 3:16, 17). Хорз уаид, Библи ӕмӕ нӕ иннӕ литературӕ лӕмбынӕг куы ахуыр кӕниккам, Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй сыгъдӕг уды ӕххуысы тыххӕй куы кувиккам, стӕй ӕмбырды фембӕлдтӕ куы нӕ цух кӕниккам ӕмӕ дзы куы архаиккам (Пс. 1:1–3; Лук. 11:10–13; Дзут. 10:24, 25).

4:16. Йегъовӕ нын, «нӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уый... бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны». Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи цух ма уадзӕм, Йегъовӕ нын цы дӕтты, уыдӕттӕй. Иу бон дӕр афтӕ хъуамӕ ма ацӕуа, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма бафидар кӕнӕм.

4:17, 18. Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, «нӕ зындзинӕдтӕ [кӕй] сты рӕстӕгмӕ ӕмӕ афтӕ уӕззау [кӕй] не сты», уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм.

5:1–5. Куыд рӕсугъд ныхӕстӕ ссардта Павел, сӕрст чырыстӕтты уӕларвон цардӕй ныфс кӕй ис, уый равдисынӕн!

10:13. Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм нӕ куы нӕ арвитой, уӕд хъуамӕ хъусын кӕнӕм, не ’мбырдӕн кӕй снысан кодтой, ӕрмӕст уыцы территорийы.

13:5. Нӕхи фӕлварӕм, уырнындзинады фидар стӕм ӕви нӕ, уый нысан кӕны, кӕй хъуамӕ бӕлвырд кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст сты ӕви нӕ. Нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын та у нӕ уырнындзинадыл ахъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, нӕхи бафӕрсӕм: «Сахуыр кодтон мӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын? Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ мӕ уырнындзинад фидар у?» (Дзут. 5:14; Иак. 1:22–25). Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд рӕстдзинады фӕндагӕй нӕ фӕиппӕрд уыдзыстӕм.

[Ныв 26, 27 фарсыл]

Цы нысан кӕны: «Алы хатт дӕр, ацы дзул куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕны къусӕй куы фӕнуазут»? (1 Кор. 11:26)