Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ йӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн, уый!

Нӕ йӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн, уый!

Нӕ йӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн, уый!

«Райсомӕй райдай тауын ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухӕн улӕфт ма дӕтт; уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн» (ЕККЛ. 11:6).

1. Мыггаг куыд рӕзы, уый диссаг цӕмӕн у ӕмӕ нӕ уыцы хабар сӕрныллӕгдзинадыл куыд ахуыр кӕны?

ЗӔХКУСӔГ хъуамӕ уа фӕразон (Иак. 5:7). Мыггаг куы байтауы, уӕд фенхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ ’взар не суадза ӕмӕ нӕ сырӕза, уӕдмӕ. Уавӕртӕ хорз куы вӕййынц, уӕд уал фыццаг тау суадзы. Уый фӕстӕ скӕны ӕфсир. Стӕй ӕрцӕуы йӕ кӕрдын афон. Мыггаг куыд рӕзы, уый диссаг у! Ӕмӕ йӕ чи рӕзын кӕны, уый кӕй ӕмбарӕм, уый нӕ ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинадыл. Нӕ бон у мыггаг ныссадзын. Нӕ бон ыл у дон кӕнын. Фӕлӕ йӕ Хуыцау йеддӕмӕ йӕ бон сырӕзын кӕнын никӕмӕн у. (Абар 1 Коринфӕгтӕм 3:6.)

2. Ахуыргӕнинаг куыд рӕзы, уый тыххӕй фыццаг статьяйӕ цы базыдтам?

2 Айразмӕ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг абарста тауыны куыстимӕ. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы ракодта алыхуызон зӕххы кой ӕмӕ уымӕй равдыста, зӕхкусӕгӕн кӕд йӕ тауинаг хорз у, уӕддӕр зӕххӕй, ома адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ кӕнгӕ кӕй у, нӕмгуытӕ сырӕздзысты ӕви нӕ (Марчы 4:3–9). Фынӕй чи фӕкӕны, уыцы тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй та бамбарын кодта, мыггаг куыд рӕзы, уый зӕхкусӕг кӕронмӕ кӕй не ’мбары. Афтӕ та уымӕн у, ӕмӕ мыггаг рӕзын кӕны Хуыцау, адӕймаг нӕ, фӕлӕ (Марчы 4:26–29). Ныр та аныхас кӕндзыстӕм ноджы ӕртӕ фӕсномыг ныхасыл – хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй, ӕнхъизӕны тыххӕй ӕмӕ кӕсагахсӕн хызы тыххӕй *.

Фӕсномыг ныхас хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй

3, 4. Хъыцъыйы тыххӕй фӕсномыг ныхас нын Паддзахады хабары тыххӕй нӕ хъус цавӕр дыууӕ хъуыддагмӕ дары?

3 Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхас дӕр фыст ис Марчы 4-ӕм сӕры. Ацы фӕсномыг ныхас нын нӕ хъус дары дыууӕ хъуыддагмӕ: фыццаг, Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ куыд бирӕ адӕм исынц ӕмӕ, дыккаг, уыцы адӕм куыд хъахъхъӕд цӕуынц. Йесо загъта: «Цӕимӕ ис абарӕн Хуыцауы паддзахад, науӕд ӕй цавӕр фӕсномыг ныхасӕй ис бамбарын кӕнӕн? Уый у хъыцъыйы нӕмыджы хуызӕн – зӕххыл цыдӕриддӕр тауинӕгтӕ ис, уыдонӕй уымӕй гыццылдӕр нӕй. Фӕлӕ йӕ куы ныссадзынц ӕмӕ куы сырӕзы, уӕд свӕййы цӕхӕрадоны зайӕгойтӕй се ’ппӕтӕй стырдӕр – йӕ къалиутӕ дардыл айтындзы, ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ йӕ аууоны сӕхицӕн бынат скӕнынц» (Марчы 4:30–32).

4 Ам дзырд цӕуы, «Хуыцауы паддзахад» куыд рӕзы, ууыл. Афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Паддзахады хабар куыд апарахат ӕмӕ чырыстон ӕмбырд рӕзын куыд райдыдта, уымӕй. Хъыцъыйы нӕмыг у тынг гыццыл ӕмӕ амоны гыццыл цӕмӕдӕр. (Абар Лукайы 17:6.) Фӕлӕ хъыцъы куы сырӕзы, уӕд йӕ бӕрзӕнд вӕййы 3–5 метры, йӕ къалиутӕ та вӕййынц фидар, рауайы дзы ӕнӕхъӕн бӕлас (Матф. 13:31, 32).

5. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд куыд сырӕзт?

5 Чырыстон ӕмбырд фӕзынд н. э. 33 азы, 120 ахуыргӕнинагыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд. Куыд уынӕм, афтӕмӕй райдианы уыдысты тынг гыццыл, фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уыцы гыццыл ӕмбырдыл бафтыд минтӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:41; 4:4; 5:28; 6:7; 12:24; 19:20.) «Хуымгӕрдӕны» чи куыста, уыдон 30 азмӕ афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ апостол Павелӕн колоссӕгты ’мбырдӕн йӕ бон уыд зӕгъын, зӕгъгӕ, хорз хабар «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). Ӕцӕгдӕр, куыд тынг сырӕзт чырыстон ӕмбырд!

6, 7. а) 1914 азӕй фӕстӕмӕ тынг цы сырӕзти? ӕ) Чырыстон ӕмбырд дарддӕр дӕр куыд рӕздзӕн?

6 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад куы сфидар, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъыцъыйы «бӕласы» къалиутӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд ничи уыд, афтӕ фӕйнӕрдӕм фӕцыдысты. Хуыцауы адӕм федтой, куыд сӕххӕст сты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, лӕмӕгъ адӕмӕй – тыхджын адӕм» (Ис. 60:22). 20 ӕнусы райдианы Паддзахады хабар хъусын кодтой сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд. Уыдон хъуыды дӕр никуы акодтаиккой, 2008 азмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты 230 бӕстӕйӕ фылдӕры авд милуан адӕймаджы бӕрц. Ӕцӕгдӕр, куыд тынг сбирӕ сты Хуыцауы адӕм! Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый хорз ӕвдисы, Йесойы фӕсномыг ныхасы хъыцъыйы нӕмыг куыд сырӕзт, уый!

7 Цымӕ чырыстон ӕмбырд йӕ рӕзынӕй ӕрлӕудзӕн? Нӕ, не ’рлӕудзӕн. Ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн, йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи кӕны, уыцы адӕмӕй. Паддзахады ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй та иу дӕр нал уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг адӕм нӕ сараздзысты, фӕлӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ, зӕххы хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы рӕстӕг. (Бакӕс Данелы 2:34, 35.) Уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, куыд сӕххӕст уыдзӕн Исайы ӕндӕр пехуымпарад дӕр: «Дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Ис. 11:9).

8. а) Йесойы фӕсномыг ныхасы мӕргътӕ кӕмӕ амонынц? ӕ) Ныридӕгӕн дӕр хъахъхъӕд цӕмӕй цӕуӕм?

8 Йесо дзуры, уӕларвон мӕргътӕн сӕ бон кӕй у уыцы хъыцъы бӕласы, ома Паддзахады, аууоны сӕхицӕн бынат скӕнын. Хоры нӕмгуытӕ алыхуызон зӕххы чи тыдта, уыцы тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы мӕргътӕ амыдтой Паддзахады знӕгтӕм, фӕлӕ ам мӕргътӕ нӕ амонынц, хорз нӕмгуытӕ рауидзын кӕй фӕнды, уыцы знӕгтӕм (Марчы 4:4). Уыдон амонынц, чырыстон ӕмбырдмӕ ӕдас бынат агурӕг чи ’рбацӕуы, уыцы рӕстзӕрдӕ адӕммӕ. Уыдон ныридӕгӕн дӕр хъахъхъӕд цӕуынц ацы фыддунейы ӕнӕхуыцау ӕмӕ чъизи митӕй. (Абар Исай 32:1, 2.) Йегъовӕ дӕр Мессийӕйы Паддзахад бӕласимӕ абарста, афтӕ куы загъта: «Израилы бӕрзонд хохыл ӕй ныссаддзынӕн. Йӕ къалиутӕ айтынг кӕндзӕн, дыргъ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ суыдзӕн стыр кедр бӕлас. Йӕ быны цӕрдзысты алыхуызон мӕргътӕ, уыдон сӕхицӕн бынат скӕндзысты йӕ сыфтӕрты аууоны» (Иез. 17:23).

Фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй

9, 10. а) Йесо ӕнхъизӕны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Библийы ӕнхъизӕн арӕх цӕмӕ фӕамоны ӕмӕ цавӕр фарстайыл ныхас кӕндзыстӕм?

9 Зайӕгой кӕнӕ ӕндӕр исты куыд рӕзы, уый адӕймагӕн алкӕд йӕ бон уынын нӕ вӕййы. Растдӕр уый фӕндыд зӕгъын Йесойы йӕ иннӕ фӕсномыг ныхасӕй: «Уӕларвон паддзахад у, сылгоймаг кӕй райста ӕмӕ ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссадыл кӕй сызмӕста [комк. «бамбӕхста»] ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, ахӕм ӕнхъизӕны хуызӕн» (Матф. 13:33). Цӕмӕ амоны уыцы ӕнхъизӕн ӕмӕ ацы цӕвиттон куыд баст у, Паддзахад куыд рӕзы, уыимӕ?

10 Библийы ӕнхъизӕн арӕх амоны тӕригъӕдмӕ. Апостол Павел дӕр куы дзырдта, фыццаг ӕнусы Коринфы ӕмбырды иу тӕригъӕдджын адӕймаг иннӕтыл ӕвзӕрырдӕм куыд ӕндӕвта, ууыл, уӕд дзырд «ӕнхъизӕнӕй» уыцы хуызы спайда кодта (1 Кор. 5:6–8). Йесо дӕр ам, ӕнхъизӕны тыххӕй дзургӕйӕ, ӕвзӕр истӕй кой кӕны?

11. Рагон Израилы ӕнхъизӕнӕй куыд пайда кодтой?

11 Цалынмӕ ацы фарстӕн дзуапп раттӕм, уӕдмӕ уал нӕ хъус ӕрдарӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, кӕд Йегъовӕ нӕ уагъта, цӕмӕй Куадзӕны рӕстӕджы израилӕгтӕ ӕнхъизӕнӕй пайда кодтаиккой, уӕддӕр ӕндӕр рӕстӕг иста ӕнхъызт хыссӕйӕ конд кувинӕгтӕ, зӕгъӕм, фарны нывӕндтимӕ. Уыдон уыдысты барвӕндон нывӕндтӕ ӕмӕ сӕ хастой, Йегъовӕйӕ йӕ бирӕ хорзӕхты тыххӕй бузныг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уыцы нывондӕй-иу чи хордта, уыдонӕн-иу уый уыд стыр цины рӕстӕг (Лев. 7:11–15).

12. Библи абарстытӕй куыд пайда кӕны, уымӕй нӕ бон базонын цы у?

12 Дыккаг, гӕнӕн ис, ӕмӕ Фыстады иу цыдӕр ӕвзӕрмӕ дӕр амона ӕмӕ хорзмӕ дӕр. Зӕгъӕм, 1 Петры 5:8 Хӕйрӕг барст цӕуы домбаимӕ. Уый ӕвдисы, Хӕйрӕг куыд тӕссаг ӕмӕ куыд ӕгъатыр у. Раргомады 5:5 та домбаимӕ барст цӕуы Йесо – «Домбай Иудӕйы мыггагӕй». Ацы ран та домбай амоны, рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй чи тох кӕны, уымӕ.

13. Йесо ӕнхъизӕны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй куыд равдыста, ахуыргӕнинаг куыд рӕзы, уый?

13 Ӕртыккаг, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕнхъизӕн ӕнӕхъӕн хыссӕ кӕй сӕнхъизын кодта, уымӕй йӕ сафгӕ фӕкодта. Уый ракодта, ӕнӕуи хыссӕ куыд фӕкӕнынц, уый кой. Сылгоймаг ӕнхъизӕн ссадыл барӕй ныккодта ӕмӕ йӕ куыд фӕндыд, афтӕ рауад йӕ хъуыддаг. Райста бирӕ ссад ӕмӕ дзы бамбӕхста ӕнхъизӕн. Уымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн йӕ бон нӕ уыд уынын, хыссӕ куыд ӕнхъызт, уый. Йесо загъта, зӕгъгӕ, «мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны» (Марчы 4:27). Цӕй хуымӕтӕг цӕвиттонӕй равдыста Йесо, ахуыргӕнинаг куыд рӕзы, уый! Куыд фӕрӕзы, уый фыццаг, чи зоны, нӕ фӕуынӕм, фӕлӕ йын стӕй йӕ тыллӕг фенӕм.

14. Ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй ӕнхъизын кӕны, уый цӕмӕ амоны?

14 Адӕймаджы цӕст нӕ уыны, ахуыргӕнинаг куыд рӕзы, уый. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ нымӕц дӕр фылдӕр кӕны, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕххӕссы зӕххы кӕрӕттӕм. Йесо уымӕ дӕр амоны уыцы фӕсномыг ныхасы. Ӕнхъизӕн ӕнхъизын кӕны хыссӕ ӕгасӕй дӕр, «ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссад» дӕр (Лук. 13:21). Уыйау, Паддзахады хабар хъусын кӕныны хъуыддаг (ахуыргӕнинӕгты нымӕц кӕй фӕрцы фылдӕр кӕны, уый) афтӕ тынг апарахат, ӕмӕ хорз хабар абон хъуыстгонд цӕуы «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8; Матф. 24:14). Цӕй стыр кад у Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ахъаз кӕнын!

Фӕсномыг ныхас хызы тыххӕй

15, 16. а) Цыбыртӕй радзур фӕсномыг ныхас хызы тыххӕй. ӕ) Цӕмӕ амоны хыз ӕмӕ, Паддзахады хъуыддаг куыд рӕзы, уый фӕдыл ма Йесо цавӕр хъуыддаджы кой ракодта?

15 Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ нымӕцӕй цас сты, уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, аккаг сты ӕви нӕ, уый. Паддзахад куыд рӕзы ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ аккаг сты ӕви нӕ, уымӕ Йесо бацамыдта йӕ фӕсномыг ныхасы хызы тыххӕй. Мӕнӕ цы загъта: «Уӕларвон паддзахад ма абарӕн ис, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ кӕмӕй ӕрцахстой, ахӕм хызимӕ» (Матф. 13:47).

16 Хыз амоны хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Уыцы хызы бахауы алыхуызон кӕсӕгтӕ. Йесо йӕ ныхас адарддӕр кодта: «[Хыз] куы байдзаг, уӕд ӕй былмӕ раластой, ӕмӕ хорз кӕсаг мигӕнӕнты сӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд, уыдон та акалдтой. Раст афтӕ уыдзӕн ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр: зӕдтӕ ацӕудзысты ӕмӕ ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй равзардзысты, ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын» (Матф. 13:48–50).

17. Хызы тыххӕй фӕсномыг ныхасы дзырд цы куыстыл цӕуы, уый кӕд ӕххӕст кӕны?

17 Цымӕ ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй ӕвзарыны куыст фӕстаг тӕрхонмӕ амоны? Уыцы хабар, Йесо «кадджын цыд куы ’ркӕна» ӕмӕ фысты сӕгътӕй куы ахицӕн кӕна, уӕд уыдзӕн? (Матф. 25:31–33). Нӕ. Фӕстаг тӕрхон уыдзӕн, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд. Йесо хызы тыххӕй фӕсномыг ныхасы цы куысты тыххӕй радзырдта, уый та цӕуы «ацы цардӕвӕрды кӕрон» *. Уый та хауы мах рӕстӕгмӕ – стыр бӕллӕхы размӕ цы рӕстӕг ис, уымӕ. Уӕдӕ абон ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй ӕвзарыны куыст куыд цӕуы?

18, 19. а) Абон «кӕсӕгтӕ» ӕвзарыны куыст куыд цӕуы? ӕ) Ӕппӕт сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дӕр цы аразын хъӕуы? (Кӕс фиппаинаг 21 фарсыл.)

18 Нӕ рӕстӕджы милуангай «кӕсӕгтӕ», ома адӕймӕгтӕ, адӕмы «денджызӕй» «бахауынц» Йегъовӕйы ӕмбырдмӕ. Иутӕ ’рбацӕуынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ, иннӕтӕ вӕййынц ӕмбырды фембӕлдты. Ис ахӕмтӕ дӕр, Библи чи ахуыр кӕны. Фӕлӕ цымӕ се ’ппӕт дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ свӕййынц? Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ «былмӕ раластой», фӕлӕ Йесо Чырысти зӕгъы, ӕрмӕстдӕр «хорз кӕсаг» кӕй сӕмбырд кӕнынц мигӕнӕнты, ома чырыстон ӕмбырдты. Чи нӕ бӕззы, уыдон та акалынц. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг «судзгӕ пецы баппардзысты», ома сӕ фесафдзысты.

19 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр сӕ ахуыр ныууагътой. Чидӕр та схъомыл чырыстон бинонты ’хсӕн, фӕлӕ уӕддӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг не сси. Уыцы адӕмы, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ бафӕндыд, кӕнӕ та йын алӕггад кодтой ӕрмӕст иуцасдӕр рӕстӕг * (Иез. 33:32, 33). Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй ӕрӕмбырд уой, мигӕнӕнимӕ барст чи цӕуы, уыцы ӕмбырдтӕм ӕмӕ уыцы ӕдас бынаты уой, цалынмӕ фӕстаг тӕрхоны бон не ’рцыд, уӕдмӕ.

20, 21. а) Паддзахад куыд рӕзы, уый тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уымӕй цы базыдтам? ӕ) Цавӕр фӕнд дӕм ис?

20 Паддзахад куыд рӕзы, уый тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдоныл скодтам цыбыр афӕлгӕст. Уӕдӕ уымӕй цы базыдтам? Фыццаг, хъыцъыйы нӕмыг куыд рӕзы, уыйау тынг рӕзы, Паддзахады хабармӕ чи хъусы, уыцы адӕмы нымӕц. Йегъовӕйы хъуыддаг ницы бауромдзӕн! (Ис. 54:17). Уымӕй уӕлдай, бӕласы «аууоны йӕхицӕн бынат» чи скӕны, уыдон хъахъхъӕд сты Сайтан ӕмӕ йӕ фыддунейӕ. Дыккаг, ӕппӕт дӕр аразгӕ у, нӕмыг чи рӕзын кӕны, уымӕй – Хуыцауӕй. Хыссӕ ӕгасӕй дӕр ссады ӕмбӕхст ӕнхъизӕн куыд сӕнхъизын кодта, афтӕ, Паддзахад куыд рӕзы, уый дӕр кӕд алы хатт фенӕн кӕнӕ бамбарӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр хъуыддаг размӕ цӕуы. Ӕртыккаг, Паддзахады хабармӕ чи байхъусы, уыдон се ’ппӕт дӕр хорз кӕсӕгтӕ не суыдзысты. Иуӕй-иутӕ разындзысты, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы ӕвзӕр кӕсӕгты кой кодта, уыдоны хуызӕн.

21 Куыд хорз у, Йегъовӕ уыйбӕрц «хорз кӕсаг» кӕй кӕны йӕ организацимӕ! (Иоан. 6:44). Ӕвдисӕнты нымӕц алы бӕстӕты куыд тынг рӕзы, уый у стыр диссаг. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕппӕт кад дӕр ӕмбӕлы Йегъовӕ Хуыцаумӕ. Уӕдӕ нӕ хъуамӕ алкӕйдӕр фӕнда, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайын: «Райсомӕй райдай тауын... уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн – фыццаг хуыздӕр уыдзӕн ӕви дыккаг, ӕви дыууӕ дӕр иухуызон хорз уыдзысты» (Еккл. 11:6).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Ацы статьяйы ӕрдзурдзыстӕм, Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ ныр куыд ӕмбарын хъӕуы, ууыл. Раздӕр сӕ ’мбарын кодтой 1992 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 17–22 фӕрстӕ (уыр.) ӕмӕ 1975 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 589–608 фӕрстӕ (англ.) [w77-U 1.8. 2–8 фф.].

^ 17 абз. Матфейы 13:39–43 Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй дзырд цӕуы гыццыл ӕндӕргомау. Фӕлӕ уым цы хабӕртты кой ис, уыдон дӕр ӕххӕст кӕнынц, хызы тыххӕй фӕсномыг ныхас кӕд ӕххӕст кӕны, уыцы рӕстӕджы, ома «ацы цардӕвӕрды кӕрон». «Кӕсӕгтӕ» ӕвзарыны куыст дӕр тауын ӕмӕ кӕрдыны куыстау у дӕргъвӕтин, ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕстӕджы дӕргъы уыцы куыст цӕуы ӕнӕрлӕугӕйӕ («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 2000 аз, 15 октябрь, 25, 26 фӕрстӕ, уыр., «Кувут иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн», 178–181 фӕрстӕ, 8–11 абзацтӕ).

^ 19 абз. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи чи нал фӕахуыр кӕны кӕнӕ ’мбырдтӕм чи нал фӕцӕуы, уыдоны зӕдтӕ ӕвзӕр кӕсӕгтау аппарынц? Нӕ! Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Йегъовӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдоныл Йегъовӕ йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн (Мал. 3:7).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесо хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цы ис базонӕн, Паддзахад куыд рӕзы, стӕй Сайтан ӕмӕ йӕ фыддунейӕ хи бахъахъхъӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл?

• Йесойы фӕсномыг ныхасы ӕнхъизӕн цӕмӕ амоны ӕмӕ, Паддзахад куыд рӕзы, уый фӕдыл Йесо цы бамбарын кодта?

• Йесо хызы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй ма цы ис базонӕн, Паддзахад куыд рӕзы, уый фӕдыл?

• Куыд ис базонӕн, «мигӕнӕнты» кӕй сӕмбырд кодтой, уыдонӕй стӕм ӕви нӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Паддзахад куыд рӕзы, уый фӕдыл хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы ис базонӕн?

[Ныв 19 фарсыл]

Цы у нӕ бон базонын ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй?

[Ныв 21 фарсыл]

Цы нысан кӕны, хорз кӕсаг ӕвзӕр кӕсагӕй кӕй ахицӕн кодтой, уый?