Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тӕрсгӕ нӕ кодтам – Йегъовӕ уыд немӕ

Тӕрсгӕ нӕ кодтам – Йегъовӕ уыд немӕ

Тӕрсгӕ нӕ кодтам – Йегъовӕ уыд немӕ

Радзырдта йӕ Эгиптия Петриду

Кипры цы Ӕвдисӕнтӕ цард, уыдон 1972 азы ӕрӕмбырд сты Никосийы, цӕмӕй байхъуыстаиккой Нейтан Норры сӕрмагонд раныхасмӕ. Норр бирӕ рӕстӕг разамынд лӕвӕрдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты куыстӕн. Ӕфсымӕр Норр мӕ уайтагъд базыдта ӕмӕ йын мӕ ном зӕгъынмӕ куыд хъавыдтӕн, афтӕ мӕ афарста: «Египеты цы хабӕрттӕ ис?» Норримӕ базонгӕ стӕм 20 азы размӕ Египеты, мӕ райгуырӕн горӕт Александрияйы.

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1914 азы 23 январы горӕт Александрияйы. Уыдыстӕм цыппар сывӕллоны, ӕз уыдтӕн цоты хистӕр. Нӕ хӕдзар уыд тӕккӕ денджызы был. Уым арвыстам нӕ сабибонтӕ. Александрия уыд рӕсугъд горӕт. Хъуыстгонд уыд йӕ архитектурӕ ӕмӕ йӕ историйӕ. Цард дзы бирӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕ. Европӕйӕгтӕ ӕмӕ араббӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ мах, сывӕллӕттӕ, базыдтам араббаг, англисаг, французаг ӕмӕ италиаг ӕвзӕгтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдтам грекъаг ӕвзаг дӕр, хӕдзары цы ’взагыл дзырдтам, уый.

Скъола куы фӕдӕн, уӕд кусынмӕ бацыдтӕн французаг модӕты ательемӕ. Мӕ куыстӕй мӕ зӕрдӕ ради. Хъӕздыг сылгоймӕгтӕн хуыдтон рӕсугъд дзаумӕттӕ ӕмӕ-иу сын ӕрхъуыды кодтон ног фасонтӕ. Уымӕй уӕлдай ма мӕ тынг уырныдта Хуыцау дӕр ӕмӕ уарзтон Библи кӕсын, кӕд дзы бирӕ не ’мбӕрстон, уӕддӕр.

Уыцы рӕстӕг, 1930 азты ӕмбисы, фембӕлдтӕн иу лӕппуйыл. Уыд Кипрӕй. Йӕ ном хуындис Теодотос Петридес. Теодотос уыди хорз хъӕбысӕйхӕцӕг. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай сахуыр кодта кондитерыл ӕмӕ райдыдта кусын, адджинӕгтӕ кӕм уӕй кодтой, иу ахӕм хъӕздыг дуканийы. Теодотос мӕ бауарзта, ныллӕггомау саулагъз чызджы. Арӕх мын-иу мӕ рудзгуыты бын грекъагау уарзондзинады зарджытӕ зарыд. Нӕ цард баиу кодтам 1940 азы 30 июны. Тынг амондджын рӕстӕг уыд. Цӕргӕ та кодтам, мӕ мад кӕм цард, уыцы хӕдзары, ӕрмӕст иу уӕладзыг бындӕр. Нӕ фыццаг лӕппу Джон райгуырд 1941 азы.

Рӕстдзинад базыдтам

Уыцы рӕстӕг Теодотос разы нӕ уыд нӕ динӕй ӕмӕ-иу ӕм арӕх фӕзынд фарстытӕ Библийы тыххӕй. Ӕз ӕй нӕ зыдтон, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Иубон нӕхимӕ сывӕллонимӕ уыдтӕн, ӕмӕ нын иу сылгоймаг нӕ дуар ӕрбахоста. Куы йӕм ракастӕн, уӕд мын равдыста, Библийы хабар кӕуыл фыст уыд, ахӕм карточкӕ. Ӕфсӕрмӕй йӕ райстон ӕмӕ йӕ бакастӕн. Уый фӕстӕ мын сылгоймаг равдыста цавӕрдӕр чингуытӕ. Куы сӕм ӕркастӕн, уӕд уайтагъд фембӕрстон, Теодотос дӕр-иу раст ахӕм чингуытӕ кӕй ӕрбахаста!

«О, ацы чингуытӕ мӕм сты,– загътон ӕз.– Мидӕмӕ нӕм рахиз». Уыцы сылгоймаг уыди Элени Николау. Куыддӕр мидӕмӕ бахызт, афтӕ йӕ фарстыты бын фӕкодтон. Уыцы сабырӕй мын мӕ фарстытӕн дзуапп фӕлӕвӕрдта Библийӕ. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй Библийы хабар ӕмбарын райдыдтон. Нӕ ныхас кӕронмӕ нӕма фӕцис, афтӕ Элени фӕкомкоммӕ мӕ лӕджы къаммӕ. «Ацы нӕлгоймаджы зонын!»– бакодта Элени. Теодотос цы сусӕг кодта, уый рахъӕр ис. Ӕз хорзау нал фӕдӕн – Тео ӕмбырдтӕм цыд ӕнӕ мӕнӕй, зӕгъгӕ дӕр мын ӕй нӕ кодта, афтӕмӕй! Уыцы бон Теодотос хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ын загътон: «Айразмӕ хуыцаубоны кӕм уыдтӕ, уырдӕм ацы хуыцаубон ӕз дӕр цӕуын демӕ!»

Фыццаг хатт фембӕлдмӕ куы бацыдтӕн, уӕд дзы уыд иу-дӕс адӕймаджы. Ныхас кодтой Михейы чиныгыл. Ӕз хъуыстон тынг лӕмбынӕг, цӕмӕй дзы ӕппындӕр мацы ауагътаин. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм Джордж ӕмӕ Катерини Петраки алы майрӕмбоны дӕр изӕрӕй хӕдзармӕ цыдысты ӕмӕ немӕ Библи ахуыр кодтой. Мӕ фыд, ме ’фсымӕр ӕмӕ мӕ хистӕр хойы зӕрдӕмӕ уый нӕ цыд. Фӕлӕ мӕ кӕстӕр хо ныхмӕ никуы уыди, кӕд Ӕвдисӕн не сси, уӕддӕр. Мӕ мад та рӕстдзинад базыдта. Ӕз, мӕ мад ӕмӕ Теодотос нӕ цард снывонд кодтам Йегъовӕйӕн ӕмӕ 1942 азы Александрияйы, денджызы, донаргъуыд райстам.

Уӕззау рӕстӕг

1939 азы райдыдта Дыккаг дунеон хӕст ӕмӕ бонӕй-бон зындӕр кодта цард. 1940 азты райдианы немыцаг генерал Эрвин Роммель йӕ танкты ӕфсӕдтимӕ ӕрбахӕстӕг ис Эль-Аламейнмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Британи йе ’фсӕддонты ӕрбаппӕрста Александриямӕ. Мах та сӕмбырд кодтам, бирӕ чи лӕууы, ахӕм хӕринӕгтӕ. Уый фӕстӕ Теодотосӕн йӕ хицау загъта, цӕмӕй ацыдаид Порт-Тауфикмӕ (Суэцмӕ хӕстӕг) ӕмӕ уым цы ног дукани байгом кодта, уый куыст ӕрпълан кодтаид. Ӕмӕ мах дӕр ацыдыстӕм. Уым нӕ агурын райдыдтой, грекъаг ӕвзагыл чи дзырдта, дыууӕ ахӕм Ӕвдисӕны. Нӕ адрис нын нӕ зыдтой, ӕмӕ нӕ цӕмӕй ссардтаиккой, уый тыххӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кодтой, ӕмӕ нӕ ӕппынфӕстаг ссардтой.

Порт-Тауфикы Библи ахуыр кодтам Ставрос ӕмӕ Гула Кипраосимӕ, стӕй сӕ лӕппу ӕмӕ сӕ чызг, Тотос ӕмӕ Георгияимӕ. Семӕ тынг балымӕн стӕм. Ставросы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цыдис Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ сӕ хӕдзары цыдӕриддӕр сахаттӕ уыд, уыдон-иу иууылдӕр иу сахат фӕстӕмӕ азылдта, цӕмӕй-иу фӕстаг поездмӕ байрӕджы кодтаиккам ӕмӕ ӕхсӕвы уыдонмӕ баззадаиккам. Афтӕ-иу куы рауад, уӕд-иу фӕныхас кодтам суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ.

Порт-Тауфикы фӕцардыстӕм афӕдз ӕмӕ ’рдӕг. Уый фӕстӕ мӕ мад фӕрынчын ӕмӕ ӕрыздӕхтыстӕм Александриямӕ. Мӕ мад амард 1947 азы, кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад Йегъовӕйыл. Ӕмӕ та ногӕй федтам, Йегъовӕ нын нӕ фӕлтӕрд чырыстон ӕмбӕлтты фӕрцы нӕ ныфс куыд фидар кӕны. Уымӕй уӕлдай ма-иу нӕхимӕ фӕхуыдтам, фӕсарӕнтӕм чи цыд, уыцы миссионерты, сӕ нау-иу Александрияйы порты куы ’рлӕууыд, уӕд.

Цин ӕмӕ маст

1952 азы райгуырд нӕ дыккаг фырт, Джеймс. Хорз ӕй ӕмбӕрстам, куыд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ ахӕм уавӕрты хъомыл кӕной, ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кӕна. Уымӕ гӕсгӕ чырыстон фембӕлдтӕ ӕдзух цыдысты нӕ хӕдзары, стӕй-иу арӕх суазӕг кодтам ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты. Уый фӕрцы нӕ хистӕр фырт Джон рӕстдзинад бауарзта ӕмӕ рӕзгӕ кары пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Уыцыиу рӕстӕг ахуыр кодта изӕры скъолайы дӕр.

Фӕстӕдӕр Теодотосмӕ ссардтой зӕрдӕйы низ ӕмӕ йын дохтыртӕ загътой, цӕмӕй йӕ куыст аива. Уӕд нӕ кӕстӕр лӕппу Джеймсыл цыппар азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Цы кӕнгӕ нын уыд дарддӕр? Фӕлӕ Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн»? (Ис. 41:10). Ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, 1956 азы нӕ пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд! Лӕггад кодтам Исмаилийы, Суэцы каналмӕ хӕстӕг горӕты. Уый фӕстӕ азты Египеты скодта тынг уӕззау рӕстӕг ӕмӕ ӕфсымӕрты хъуыдис фидар кӕнын.

1960 азы нӕ Египетӕй бахъуыд ацӕуын. Нӕ бон уыд ахӕссын ӕрмӕст фӕйнӕ иу чумӕдан. Ацыдыстӕм Кипрмӕ, мӕ лӕг цы сакъадахы райгуырд, уырдӕм. Уыцы рӕстӕг Теодотос тынг рынчын уыд ӕмӕ йӕ бон кусын нӕ уыди. Фӕлӕ нӕ иу ӕфсымӕр йӕ бинойнагимӕ сӕхимӕ цӕрынмӕ фӕхуыдтой. Дыууӕ азы фӕстӕ Теодотос амард ӕмӕ мӕ гыццыл лӕппу Джеймсимӕ иунӕгӕй баззадтӕн. Уӕдмӕ Кипрмӕ цӕрынмӕ ’рцыд Джон дӕр. Фӕлӕ Джонӕн уыдис йӕхи бинонтӕ ӕмӕ йӕ хъуыдис уыдоныл тыхсын.

Зын рӕстӕджы рохуаты нӕ баззадыстӕм

Уый фӕстӕ та нӕ сӕхимӕ цӕрынмӕ фӕхуыдтой Ставрос ӕмӕ Дора Кайрис. Мӕ уӕрджытыл Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтон, ӕнӕ ’ххуысӕй та нӕ кӕй нӕ ныууагъта, уый тыххӕй (Пс. 145:16). Фӕстӕдӕр Ставрос ӕмӕ Дора сфӕнд кодтой сӕ хӕдзар ауӕй кӕнын ӕмӕ ног хӕдзар саразын, цӕмӕй фыццаг уӕладзыджы Паддзахады зал уыдаид. Мах дӕр нӕ ферох кодтой ӕмӕ нын Джеймсимӕ сӕ хӕдзары фарсмӕ дыууӕ гыццыл къомнӕты самадтой.

Джеймс сыстыр, ус ракуырдта ӕмӕ иумӕ лӕггад кодтой пионертӕй, цалынмӕ сын фыццаг сывӕллон нӕ райгуырд, уӕдмӕ. Ӕдӕппӕтӕй сын ис цыппар сывӕллоны. 1974 азы, ӕфсымӕр Норримӕ куы фембӕлдтӕн, уымӕй дыууӕ азы фӕстӕдӕр Кипры ’рцыд стыр змӕстытӕ *. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕй дӕр бирӕты бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ алидзын. Мӕ фырт Джон дӕр йӕ ус ӕмӕ йе ’ртӕ сывӕллонимӕ алыгъд Кипрӕй ӕмӕ ’рцард Канадӕйы. Фӕлӕ кӕд бирӕтӕ алыгъдысты, уӕддӕр мах тынг цин кодтам, Кипры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, ууыл.

Пенсийы куы ацыдтӕн, уӕд фылдӕр лӕггад кӕнын райдыдтон. Фӕлӕ мын цалдӕр азы размӕ уыд инсульт ӕмӕ мӕ мӕ фырт Джеймс йӕхимӕ акодта. Фӕстӕдӕр, ме ’нӕниздзинад куы февзӕрдӕр, уӕд цалдӕр къуырийы фӕхуыссыдтӕн рынчындоны ӕмӕ стӕй зӕрӕдты хӕдзармӕ цӕрынмӕ ацыдтӕн. Кӕд афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ мӕ мацы рисса, уӕддӕр хорз хабар фӕдзурын зӕрӕдты хӕдзары кусджытӕн, рынчынтӕн ӕмӕ, рынчынфӕрсӕг чи ’рбацӕуы, уыдонӕн. Бирӕ рӕстӕг мын ис Библи ахуыр кӕнынӕн. Мӕ хотӕ ӕмӕ мын ме ’фсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй цӕуон чиныгахуырмӕ,– кӕм вӕййы, уый ис зӕрӕдты хӕдзармӕ ’ввахс.

Удӕнцой зӕронды бонты

Тынг ӕхсызгон мын вӕййы, кӕддӕр Теодотосимӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй писмотӕ куы райсын. Сӕ сывӕллӕттӕй ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттӕй бирӕтӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг – Австралийы, Английы, Грецийы, Канадӕйы ӕмӕ Швейцарийы. Джон йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртимӕ цӕры Канадӕйы. Сӕ хистӕр чызг ӕмӕ йӕ лӕг сты пионертӕ. Сӕ кӕстӕр чызджы сын йӕ лӕгимӕ, Линда ӕмӕ Джошуа Снэпы, фӕхуыдтой Галаады скъолайы 124-ӕм къласмӕ.

Мӕ кӕстӕр фырт Джеймс ӕмӕ йӕ бинойнаг цӕрынц Германы. Сӕ фырттӕй дыууӕ лӕггад кӕнынц Вефилы: иу Афинӕты (Греци), иннӕ та Зельтерсы (Герман). Сӕ кӕстӕр фырт ӕмӕ сӕ чызг та йӕ лӕгимӕ сты пионертӕ Германы.

Цас цыдӕртӕ суыдзӕн нӕ бон радзурын мӕ мад ӕмӕ мӕ зынаргъ Теойӕн, куы райгас уой, уӕд! Тынг ӕхсызгон сын уыдзӕн базонын, сӕ бинонтӕн цӕй зынаргъ бын ныууагътой, уый тыххӕй *.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 21 абз. Кӕс 1974 азы 22 октябры «Райхъал ут!», 12–15 фӕрстӕ, англ.

^ 26 абз. Хо Петриду амард, ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕд. Цыди йыл 93 азы.

[Хицӕнгонд текст 24 фарсыл]

Ногӕй та йӕ фӕхатыдыстӕм, Йегъовӕ нӕ фӕлтӕрд чырыстӕтты уылты кӕй бафидар кодта

[Картӕ 24 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

КИПР

НИКОСИ

ЗӔХХАСТӔУ ДЕНДЖЫЗ

ЕГИПЕТ

КАИР

Эль-Аламейн

Александрия

Исмаили

Суэц

Порт-Тауфик

Суэцы канал

[Барлӕвӕрдӕй]

Based on NASA/​Visible Earth imagery

[Ныв 23 фарсыл]

Теодотосимӕ 1938 азы

[Ныв 25 фарсыл]

Джон йӕ бинойнагимӕ

[Ныв 25 фарсыл]

Джеймс йӕ бинойнагимӕ