Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

«Алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕнӕрынцойӕ амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар» (АП. ХЪ. 5:42).

1, 2. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраджыдӕр цавӕр хъуыддагӕй зонынц? ӕ) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

БИРӔ бӕстӕты фенӕн ис ахӕм ныв: дыууӕ аив конд адӕймаджы хӕдзары дуар хойынц ӕмӕ хӕдзары хицауӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Библийӕ хорз хабар хъусын кӕнынц. Хӕдзары хицау сӕм куы байхъусы, уӕд ын раттынц, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ ӕмӕ йын зӕгъынц, сӕ бон кӕй у йемӕ Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ дарддӕр иннӕ хӕдзармӕ ацӕуынц. Кӕд ды дӕр хорз хабар хъусын кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхатыдтӕ, ӕмӕ цалынмӕ исты фӕзӕгъыс, уӕдмӕ дӕр дӕ кӕй базонынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты алкӕмдӕр зонынц, хӕдзарӕй хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй.

2 Йесо бафӕдзӕхста хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Ацы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн пайда кӕнӕм алыхуызон мадзӕлттӕй (Матф. 28:19, 20). Хъусын кӕнӕм базарты, уынгты ӕмӕ, адӕм кӕм ис, ӕндӕр ахӕм рӕтты (Ап. хъ. 17:17). Бирӕтимӕ ныхас кӕнӕм телефонӕй кӕнӕ сӕм фыссӕм писмотӕ. Библийы цы фыст ис, уый адӕмӕн дзурӕм не ’рвылбоны хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ. Интернеты дӕр нын ис веб-сайт. Уыцы веб-сайтыл 300 ӕвзагӕй фылдӕрыл ис информаци Библийы тыххӕй *. Ацы мадзӕлтты фӕрцы нын бирӕ ӕнтысы. Фӕлӕ хорз хабар сӕйраджыдӕр хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй хӕдзармӕ. Цымӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн Библийы бындур ис? Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕм иууылдӕр афтӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц? Ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

Апостолтӕ куыд хъусын кодтой

3. Цы загъта Йесо йӕ апостолтӕн, хъусын кӕнынмӕ сӕ куы ’рвыста, уӕд ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй цы базонӕн ис, куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый тыххӕй?

3 Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый фыст ис Фыстады. Йесо йӕ апостолты хъусын кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын загъта: «Цыфӕнды сахар кӕнӕ хъӕумӕ ма бацӕуат, ссарут-иу дзы аккаг адӕймаг». Куыд хъуамӕ агуырдтаиккой аккаг адӕймӕгты? Йесо сын загъта, цӕмӕй адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕуой. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та-иу хӕдзаронтӕн арфӕ ракӕнут, фарн ацы хӕдзары, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд хӕдзар аккаг уа, уӕд ын уӕ зӕрдӕ цы фарн зӕгъы, уый йыл ӕрцӕуӕд». Цӕмӕй-иу искӕмӕ бацыдаиккой, уый тыххӕй хонӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты? Мӕнӕ цы загъта Йесо дарддӕр: «Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уын уӕ ныхӕстӕм кӕм нӕ байхъусой, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ сахарӕй рацӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут» (Матф. 10:11–14). Ацы амындмӕ гӕсгӕ апостолтӕ хъуамӕ «хъӕутыл зилын байдыдтаиккой ӕмӕ алы ран дӕр хъусын кодтаиккой хорз хабар», хъуамӕ хонӕгмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кастаиккой, фӕлӕ сӕхӕдӕг цыдаиккой адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм (Лук. 9:6).

4. Библийы комкоммӕ кӕм ис фыст хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕныны тыххӕй?

4 Библийы комкоммӕ ис фыст, апостолтӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ кӕй хъусын кодтой. Зӕгъӕм, н. э. 33 азы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ апостолтӕ цы куыст кодтой, уый тыххӕй Хъуыддӕгты 5:42 кӕсӕм: «Алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕнӕрынцойӕ амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар». Иу-20 азы фӕстӕдӕр апостол Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Пайда уын цы уыди, уый уын ӕнӕзивӕгӕй амыдтон, ахуыр уӕ кодтон адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ дӕр». Павел уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, цалынмӕ уырнджытӕ не систы, уӕдмӕ бацыд? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ о, уымӕн ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ амыдта ӕмӕ сын дзырдта «Хуыцауы раз ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл баууӕндыны тыххӕй» (Ап. хъ. 20:20, 21). Хъуыдтӕгтӕм 20:20 тыххӕй иу чиныджы загъд ис: «Бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы диссаджы хъусынгӕнӕг кӕй хъусын кодта хӕдзарӕй хӕдзармӕ» («Robertson’s Word Pictures in the New Testament»).

Мӕтыхы ӕфсад нӕ рӕстӕджы

5. Иоилы пехуымпарады хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ӕвдыст цӕуы?

5 Фыццаг ӕнусы цы уацамындон куыст цыди, уый абон цы стыр куыст цӕуы, уымӕн ӕрмӕст йӕ райдиан уыд. Пехуымпар Иоил, сӕрст чырыстӕттӕ хорз хабар куыд хъусын кӕнынц, уый абарста, алыхуызон сасчъытӕ ӕмӕ мӕтых куыд фӕбырсынц, уыимӕ (Иоил 1:4). Ӕфсадау размӕ бырсгӕйӕ, мӕтых цӕлхдуртӕ нӕ зоны, хӕдзӕрттӕм хизы ӕмӕ йӕ фӕстӕ ницы уадзы. (Бакӕс Иоил 2:2, 7–9.) Цӕй хорз ӕвдисынц Иоилы ныхӕстӕ, Хуыцауы адӕм абон куыд хъӕддыхӕй ӕмӕ куыд бӕстон хъусын кӕнынц, уый! Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕнгӕйӕ, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ», сӕйраджыдӕр хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынц (Иоан. 10:16). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд райдыдтой апостолтау хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын?

6. Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕныны тыххӕй 1922 азы цы загъд уыд, фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕхи куыд дардтой?

6 1919 азӕй фӕстӕмӕ тынгдӕр райдыдтой ӕргом здахын, хъусын кӕнын алы чырыстоны хӕс дӕр кӕй у, уымӕ. Зӕгъӕм, 1922 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (англ.) уыд статья «Нӕ хӕс у хъусын кӕнын». Уыцы статья сӕрстытӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, куыд ахсджиаг у «зӕрдиагӕй парахат кӕнын литературӕ ӕмӕ адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕуын ӕмӕ сын дзурын, уӕларвон паддзахад ӕввахс кӕй у». Адӕмимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый лӕмбынӕг фыст цыдис «Бюллетены» (ныр «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»). Райдианы, хӕдзарӕй хӕдзармӕ чи хъусын кодта, уыдон бирӕ нӕ уыдысты. Иуӕй-иутӕ уацамынды нӕ цыдысты ӕмӕ алы ’фсӕнттӕ агуырдтой. Фӕлӕ йӕ сӕйраг аххосаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын сӕ сӕрмӕ нӕ хастой. Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ куыд цыд, афтӕ ахӕм адӕмӕй бирӕтӕ сындӕггай Йегъовӕйы организаци ныууагътой.

7. 1950-ӕм азты цы рабӕрӕг?

7 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ, хъусын чи кодта, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Фӕлӕ бӕрӕг уыд, хъусынгӕнджыты дарддӕр кӕй хъуыди ахуыр кӕнын хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Цӕвиттонӕн райсӕм, Америкӕйы цы уавӕр уыд, уый. 1950-ӕм азты райдианы ацы бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ 28 проценты хуынды гӕххӕттытӕ уӕрстой кӕнӕ уынгты журналтимӕ лӕууыдысты, ӕмӕ хъусын кодтой ӕрмӕстдӕр афтӕ. 40 процентӕй фылдӕр та-иу мӕйгӕйтты дӕргъы уацамынды иунӕг хатт дӕр нӕ уыдысты. Цы уыд саразӕн, цӕмӕй чырыстӕттӕ иууылдӕр хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кодтаиккой?

8, 9. 1953 азы цавӕр ахуырадон программӕ райдыдта ӕмӕ уый фӕрцы цы бантыст?

8 1953 азы Нью-Йорчы цы ӕхсӕнадӕмон конгресс уыд, уым сӕрмагондӕй ӕрдзырдтой хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕныны хъуыддагыл. Ӕфсымӕр Нейтан Норр йӕ раныхасы загъта, цӕстдарджыты сӕйраг куыст кӕй хъуамӕ уа алы Ӕвдисӕнӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕдзух хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕна. «Алкӕмӕндӕр йӕ бон хъуамӕ уа хорз хабар хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын»,– загъта ӕфсымӕр Норр. Цӕмӕй ацы хъуыддаг къухы бафтыдаид, уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд ӕппӕтдунеон ахуырадон программӕ. Хӕдзарӕй хӕдзармӕ чи нӕма хъусын кодта, уыдоны ахуыр кодтой, куыд ис адӕмимӕ дуаргӕрон ныхас райдайӕн, Библийы тыххӕй ныхас кӕнӕн ӕмӕ сын сӕ фарстытӕн дзуапп дӕттӕн.

9 Ацы ахуырадон программӕйы фӕрцы бирӕ бантыст. Дӕс азмӕ ӕппӕт дунейы хъусынгӕнджыты нымӕц дыууӕ хатты фӕфылдӕр, дыккаг бацыдты нымӕц – 126 проценты ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдоны нымӕц та – 150 проценты. Абон ӕппӕт дунейы хорз хабар хъусын кӕнынц 7 милуан адӕймаджы бӕрц. Ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй арфӕ кӕны (Ис. 60:22).

Ирвӕзындзинады нысан

10, 11. а) Цавӕр цӕстылуайӕн ис фыст Иезекилы 9 сӕры? ӕ) Куыд ӕххӕст кӕны уыцы цӕстылуайӕн нӕ рӕстӕджы?

10 Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый бӕрӕг у, пехуымпар Иезекил цы цӕстылуайӕн федта, уымӕй. Иезекил федта ӕхсӕз нӕлгоймаджы, сӕ къухты хӕцӕнгӕрзтӕ, ӕмӕ семӕ уыд ӕвдӕм нӕлгоймаг кӕттаг дарӕсы, йӕ фарсыл писыры чернилӕдон. Ӕвдӕм нӕлгоймагӕн загъд уыд, цӕмӕй «горӕтыл ӕрзила» ӕмӕ дзы «цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы, уыцы адӕмы ныхтыл нысан сӕвӕра». Уый фӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы ӕхсӕз нӕлгоймагӕн загъд уыд, цӕмӕй ныццӕгъдой, нысан ӕвӕрд кӕуыл нӕй, уыдоны се ’ппӕты дӕр. (Бакӕс Иезекил 9:1–6.)

11 «Кӕттаг дарӕсы» цы нӕлгоймаг ис, уый амоны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ. Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕ ахӕсгӕ хуызы «нысан ӕвӕрынц», Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕм» чи ӕрбаиу вӕййы, уыдоныл (Иоан. 10:16). Цы у уыцы «нысан»? Сӕ ныхтыл цы нысан ӕвӕрд ис, уымӕй бӕрӕг у, уыцы адӕм сӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй раивтой, донаргъуыд кӕй райстой ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй систы (Еф. 4:20–24). Уыцы фысау сабыр адӕм ӕрбаиу сты сӕрст чырыстӕттӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц ацы ахсджиаг куысты – иннӕтыл нысан ӕвӕрыны куысты (Рарг. 22:17).

12. Иезекилы цӕстылуайӕн куыд ӕвдисы, фысау сабыр адӕмы агурын ахсджиаг кӕй у, уый?

12 Иезекилы цӕстылуайӕн ирдӕй ӕвдисы, «чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы», уыцы адӕмы агурын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, уыцы хъуыддӕгтӕй иу. Дзырд цӕуы адӕмы цардыл. Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕйы зӕдтӕ (ӕвдыст цӕуынц, хӕцӕнгӕрзтӕ кӕмӕ ис, уыцы ӕхсӕз нӕлгоймагӕй) ныццӕгъддзысты, «нысан» кӕуыл нӕй, уыцы адӕмы. Хуыцауы тӕрхоны кой кӕнгӕйӕ, апостол Павел ныффыста, Хицау Йесо «йӕ тыхджын зӕдтимӕ... йӕ маст [кӕй] райсдзӕн, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» (2 Фес. 1:7, 8). Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, адӕм тӕрхонгонд кӕй цӕудзысты, хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ исынц ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ Хуыцауы хабар хъусын кӕнын хъӕуы суанг кӕронмӕ (Рарг. 14:6, 7). Уый Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕуыл дӕр ӕвӕры стыр хӕс. (Бакӕс Иезекил 3:17–19.)

13. а) Апостол Павел йӕхи цавӕр хъуыддаджы нымадта хӕсджыныл ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Кӕм хъусын кӕныс, уым цы адӕм цӕры, уыдоны раз дӕхи цавӕр хъуыддаджы нымайыс хӕсджыныл?

13 Апостол Павел йӕхи хӕсджыныл нымадта иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Павел фыста: «Грекъӕгтӕй дӕр ӕмӕ, грекъаг чи нӕу, уыдонӕй дӕр, зондджынтӕй дӕр ӕмӕ ӕнӕмбаргӕтӕй дӕр ӕз дӕн хӕсджын. Гъемӕ мӕ зӕрдиагӕй фӕнды хорз хабар сымахмӕ, Ромы дӕр, фехъусын кӕнын» (Ром. 1:14, 15). Хуыцау Павелмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй дзы Павел бузныг уыд ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр баххуыс кодтаид, ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын уыдаиккой (1 Тим. 1:12–16). Уый уыд афтӕ, цыма, кӕуыл ӕмбӕлд, уыдонӕй алкӕй раз дӕр йӕхи хӕсджыныл нымадта. Ӕмӕ уыцы хӕс бафыстаид, хорз хабар сын куы фехъусын кодтаид, ӕрмӕстдӕр уӕд. Кӕм хъусын кӕныс, уым цы адӕм цӕры, уыдоны раз ды дӕр дӕхи хӕсджыныл нымайыс? (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:26, 27.)

14. Адӕмы ’хсӕн ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ хорз хабар сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

14 Кӕд адӕмы цард бахъахъхъӕнын ахсджиаг хъуыддаг у, уӕддӕр хӕдзарӕй хӕдзармӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм. Малахийы 1:11 фыст пехуымпарады Йегъовӕ загъта: «Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ мӕ ном адӕмтӕм уыдзӕн кадджын... ӕмӕ хӕсдзысты сыгъдӕг кувинаг мӕ номӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ном кадджын уыдзӕн адӕмтӕм». Ацы пехуымпарад Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕххӕст кӕнынц, сӕрныллӕгӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр йӕ ном кӕй кадджын кӕнынц, уымӕй (Пс. 109:30; Матф. 24:14). Уӕдӕ, хорз хабар адӕмы ’хсӕн ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ сӕйраджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн «кады нывонд» хӕссӕм (Дзут. 13:15).

Ӕнхъӕлмӕ нӕм кӕсы ахсджиаг хабӕрттӕ

15. а) Израилӕгтӕ Иерихоны алыварс ӕвдӕм бон куы зылдысты, уӕд ма цы сарӕзтой? ӕ) Уыцы хабармӕ гӕсгӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

15 Ацы цардӕвӕрды кӕроны размӕ ма цы фӕивдзӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы? Дзуапп ын базондзыстӕм, израилӕгтӕ Иерихоныл куыд ӕрхъула кодтой, уый тыххӕй Йесо Навины чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, цалынмӕ Хуыцау Иерихон нӕ ныппырх кодта, уӕдмӕ израилӕгтӕн афтӕ кӕй загъта, цӕмӕй-иу алы бон дӕр горӕты алыварс иу хатт ӕрзылдаиккой, ӕмӕ афтӕ кодтаиккой ӕхсӕз боны. Фӕлӕ сӕ ӕвдӕм бон хъуыдис фылдӕр саразын. Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта: «Хъуамӕ авд хатты ӕрзилат горӕты алыварс ӕмӕ сауджынтӕ хъуамӕ уасой фысы сыкъаты. Ӕмӕ фысы сыкъаты ӕвдӕм хатт куы ныууасой... уӕд адӕм иууылдӕр хъуамӕ хӕстон хъӕр ныккӕной, ӕмӕ уӕд горӕты къул йӕ бындуры онг ныккӕлдзӕн» (Йес. Н. 6:2–5). Гӕнӕн ис, нӕ хабар дӕр рауайа израилӕгты хабарау, ома мах дӕр бахъӕуа фылдӕр хъусын кӕнын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ сафыны рӕстӕг куы ’рхӕццӕ уа, уӕд Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕудзӕн, нырмӕ куыд никуы уыд, афтӕ.

16, 17. а) Цалынмӕ «стыр бӕллӕх» фӕуа, уӕдмӕ цы ’рцӕудзӕн? ӕ) Цӕуыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

16 Гӕнӕн ис, ахӕм рӕстӕг скӕна, ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый «хӕстон хъӕры» хуызӕн суа. Раргомады чиныджы цы тӕрхӕтты кой цӕуы, уыдон ӕвдыст цӕуынц «таланты ӕмуӕз ихӕй» *. Ӕмӕ Раргомады 16:21 фыст ис: «Уый уыд тынг стыр бӕллӕх». Уыцы ахсджиаг тӕрхӕттӕ фехъусын кӕныны тыххӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ цӕуын цас ахсджиаг уыдзӕн, уый нырма нӕ зонӕм. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм иу хабар: цалынмӕ «стыр бӕллӕх» фӕуа, уӕдмӕ Йегъовӕйы ном айхъуысдзӕн, нырмӕ куыд никуыма уыдис, афтӕ (Рарг. 7:14; Иез. 38:23).

17 Уыцы ахсджиаг хабӕрттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм хорз хабар. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ нӕ бон цы у аразын? Ацы фарстытыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Нӕ веб-сайты адрис у: www.watchtower.org.

^ 16 абз. Кӕд дзырд грекъаг таланттыл цӕуы, уӕд дзы алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз у 20 килограммы бӕрц.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Библийы кӕм фыст ис хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕныны тыххӕй?

• Нӕ рӕстӕджы хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ хъусдард здӕхт цӕмӕн ӕрцыд?

• Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн хъусын кӕнын сӕ хӕс цӕмӕн у?

• Цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 4 фарсыл]

Апостол Павелау дӕхи хӕсджыныл нымайыс адӕмӕн хъусын кӕнын?

[Ныв 5 фарсыл]

Ӕфсымӕр Норр, 1953 аз