Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нын баххуыс кӕндзӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн

Цы нын баххуыс кӕндзӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн

Цы нын баххуыс кӕндзӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн

«Нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕхимӕ уыйас ныфс ссардтам, цӕмӕй уын Хуыцауӕй хорз хабар дзырдтаиккам, кӕд нӕ бирӕ тох кӕнын хъуыди, уӕддӕр» (1 ФЕС. 2:2).

1. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд Йереми ӕмӕ йын цы баххуыс кодта?

ЙЕРЕМИ дӕр уыд мах хуызӕн адӕймаг. Йегъовӕ йын куы загъта, «адӕмӕн пехуымпар» кӕй уыдзӕн, уый, уӕд Йереми бакатай кодта: «Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, нырма ӕрыгон дӕн». Фӕлӕ Йегъовӕйыл йӕ ныфс дардта ӕмӕ сразы ис (Йер. 1:4–10). 40 азӕй фылдӕр Йеремийы цард тохӕй уӕлдай нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йын адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой, нӕ йӕм хъуыстой, худтысты йыл ӕмӕ ма йын суанг фыдмитӕ дӕр кодтой (Йер. 20:1, 2). Хатт-иу афтӕ сси, ӕмӕ-иу ӕй ӕппындӕр ницыуал фӕндыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы уазалзӕрдӕ адӕмӕн фидарӕй хъусын кодта, сӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, уыцы хабар. Хуыцауы фӕрцы Йеремийӕн бантыст, йӕхи хъаруйӕ йӕ бон цы нӕ бауыдаид бакӕнын, уый. (Бакӕс Йереми 20:7–9.)

2, 3. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн абон Йеремийау зын цы у?

2 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй абон бирӕтӕ сӕхи хатынц Йеремийау. Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕй хъӕудзӕн, уый фехъусгӕйӕ махӕй бирӕтӕ кӕддӕр дзырдтой: «Ӕз хӕдзарӕй хӕдзармӕ никуы ацӕудзынӕн». Фӕлӕ йӕ бамбӕрстам, Йегъовӕйы фӕндон кӕй у, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд, кӕй тарстыстӕм, уымӕ дӕр нал фӕкастыстӕм, ӕмӕ хъусын кӕнын райдыдтам. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр-иу нӕ бирӕтӕ ахӕм уавӕрты бахаудысты, ӕмӕ-иу цасдӕр рӕстӕг нал хъусын кодтам. Ӕцӕгдӕр, зын у хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын райдайын ӕмӕ уыцы хъуыддаг суанг кӕронмӕ дӕр ӕххӕст кӕнын (Матф. 24:13).

3 Чи зоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныс ӕмӕ иуцасдӕр рӕстӕг ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуыс, фӕлӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын дӕ ныфс нӕ хӕссыс. Кӕнӕ донаргъуыд дӕ, фӕлӕ дӕм хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын зын кӕсы, кӕд дӕ де ’нӕниздзинад амоны, уӕддӕр. Цы ис бакӕнӕн? Бауырнӕд дӕ, хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй зын у тынг бирӕтӕн, фӕлӕ уӕддӕр хъусын кӕнынц. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы уый дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн.

Нӕхимӕ уыйас ныфс ссарӕм

4. Апостол Павел хорз хабар ныфсджынӕй цӕй фӕрцы хъусын кодта?

4 Дӕхӕдӕг дӕр ӕй зоныс, хъусын кӕныны хъуыддаг ӕгас зӕххыл кӕй ӕххӕст кӕны адӕймаджы тых ӕмӕ зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцау сыгъдӕг уды руаджы (Зах. 4:6). Уый зӕгъӕн ис алы чырыстоны лӕггадӕй дӕр (2 Кор. 4:7). Ӕркӕсӕм апостол Павелы хабармӕ. Павел йе ’мбӕлттимӕ уацамындон балцы куы уыд, уӕд сӕ иу хатт знӕгтӕ тынг бафхӕрдтой. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Павел ныффыста: «Филиппты [нын] хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодтой ӕмӕ нӕ куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд уый фӕстӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕхимӕ уыйас ныфс ссардтам, цӕмӕй уын Хуыцауӕй хорз хабар дзырдтаиккам, кӕд нӕ бирӕ тох кӕнын хъуыди, уӕддӕр» (1 Фес. 2:2; Ап. хъ. 16:22–24). Ӕвӕццӕгӕн, никуы ахъуыды кодтаиккам, ӕмӕ Павелы хуызӕн зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы дӕр хатт кӕй хъуыди тох кӕнын, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаид. Павелы хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн хъуыд йӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:18–20.) Куыд у нӕ бон Павелы фӕзмын?

5. Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕхимӕ уыйас ныфс ссарӕм, ӕмӕ хъусын кӕнӕм?

5 Цӕмӕй нӕхимӕ уыйас ныфс ссарӕм, ӕмӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы кувын. Иу пионер-хо загъта: «Кувын, цӕмӕй мӕ бон уа ныфсджынӕй хъусын кӕнын. Кувын, цӕмӕй мӕ бон уа адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайын ӕмӕ кувын, цӕмӕй мын уацамынд циндзинад хӕсса. Уыцы хъуыддаг кӕны Йегъовӕ, мах нӕ фӕлӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕ Хуыцауы ’ххуысӕй нӕ бон ницы у» (1 Фес. 5:17). Алкӕйдӕр нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы кувын, цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕна ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (Лук. 11:9–13).

6, 7. а) Иезекил цавӕр цӕстылуайӕн федта ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны? ӕ) Иезекилы цӕстылуайӕнӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у?

6 Иезекилы чиныджы фыст ис иу хабар, ӕмӕ нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн. Йегъовӕ Иезекилӕн цӕстылуайӕны радта тыхтон. Дыууӕрдыгӕй дӕр ыл фыст уыд «хъарджытӕ, хъӕрзын ӕмӕ дзыназын». Куы йын ӕй радта, уӕд ын загъта, цӕмӕй йӕ бахӕра: «Адӕймаджы фырт, дӕ гуыбын ӕмӕ дӕ хуылф байдзаг кӕн, цы тыхтон дын дӕттын, уымӕй». Цы нысан кодта ацы цӕстылуайӕн? Иезекил хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айстаид, цы хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, уый. Уыцы хабар раст цыма йӕ уӕнгты ахъардта, афтӕ йын хъуамӕ суыдаид. Пехуымпар дарддӕр загъта: «Ӕз ӕй хӕрын райдыдтон ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау садджын ис». Хуыцауы хабар адӕмӕн хъусын кӕнын Иезекилӕн мыд хӕрынау уыд ӕхсызгон. Иезекил йӕхицӕн стыр кадыл нымадта Йегъовӕйы номӕй дзурын ӕмӕ йын йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын, кӕд ӕмӕ, цы ахсджиаг хабар хъусын кодта, уымӕ бирӕтӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр. (Бакӕс Иезекил 2:8–3:4, 7–9.)

7 Ацы цӕстылуайӕнӕй абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зондӕн цы райсой, уый ис. Мах дӕр адӕмӕн хӕссӕм ахсджиаг хабар, фӕлӕ йӕм бирӕтӕ нӕ хъусынц. Ӕмӕ нын фылдӕр хатт нӕ фыдӕбонӕн ничи фӕаргъ кӕны. Уӕдӕ цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг алкӕддӕр нӕхицӕн кадыл нымайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг иртасӕм. Цӕмӕй Хуыцауы ныхас нӕ зӕрдӕйы арф ахъара, уый тыххӕй Библи уӕлӕнгӕйтты кӕнӕ искуы иу хатт ахуыр кӕнын фаг нӕу. Цымӕ дӕ бон нӕ уаид Библи алы бон дӕр ӕмӕ лӕмбынӕгдӕр кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын? Дӕ бон нӕ уаид, цы кӕсыс, ууыл ноджы фылдӕр хъуыды кӕнын? (Пс. 1:2, 3).

Куыд ис Библийы тыххӕй ныхас райдайӕн

8. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕн цы ’ххуыс кӕны хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ, Библийы тыххӕй ныхас райдайынӕн? (Кӕс фӕлгӕты 9 фарсыл.)

8 Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн ныхас райдайынӕй зындӕр ницы ис. Ӕцӕгдӕр, иуӕй-иу рӕтты зын у адӕмимӕ ныхас кӕнын райдайын. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ, цӕмӕй сын ныхас райдайын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй рагацау хорз ахъуыды кӕнынц, цы зӕгъдзысты, ууыл. Сӕ ныхас адӕймагӕн куы фӕзӕгъынц, уӕд ын уый фӕстӕ раттынц трактат (цӕвиттонтӕ ис дӕлдӕр фӕлгӕты). Трактаты ном кӕнӕ йӕ цъарыл цы ныв ис, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаджы бацымыдис кӕна. Уый фӕрцы нын фадат фӕзыны, цӕмӕй йын цыбыртӕй бамбарын кӕнӕм не ’рбацыды сӕр, стӕй йӕм раттӕм фарст ӕмӕ йыл иннӕ хатт аныхас кӕнӕм. Кӕнӕ та нӕ бон у адӕймагӕн равдисын ӕртӕ-цыппар трактаты ӕмӕ йын зӕгъын, цӕмӕй дзы иу равзара. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ трактаттӕ уарӕм кӕнӕ сӕ алы хӕдзары дӕр уадзӕм. Нӕ нысан у, цӕмӕй адӕмимӕ Библийы тыххӕй аныхас кӕнӕм ӕмӕ стӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм.

9. Хорз цӕттӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

9 Ныхас райдайынӕн цыфӕнды мадзалӕй ма пайда кӕнай, дӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тыхсай ӕмӕ адӕммӕ раст цӕстӕй кӕсай. Иу ӕфсымӕр, пионер, загъта: «Хорз цӕттӕ куы вӕййын, уӕд фылдӕр циндзинад райсын. Фӕфӕнды мӕ, цы бацӕттӕ кодтон, уый адӕмӕн куы дзурин». Ӕндӕр пионер-ӕфсымӕр та загъта: «Цы литературӕ дӕттынмӕ фӕхъавын, уым дзырд цӕуыл цӕуы, уый куы фӕзонын, уӕд ӕй зӕрдиагдӕрӕй фӕпарахат кӕнын». Цы дзурдзынӕ, ууыл химидӕг хъуыды кӕнын хорз у, фӕлӕ бирӕтӕм ноджы хуыздӕр кӕсы, цы дзурдзысты, уый цалдӕр хатты хъӕрӕй куы фӕзӕгъынц. Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕттынц, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый (Кол. 3:23; 2 Тим. 2:15).

10. Цы ис саразӕн, цӕмӕй уацамындон фембӕлдтӕ пайда уой?

10 Уацамындон фембӕлдты цы бӕлвырд уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ циндзинад исӕм. Ӕрвылбоны стих кӕд уацамынды тыххӕй у, уӕд ӕй ис бакӕсӕн ӕмӕ йыл цыбыртӕй аныхас кӕнӕн. Фӕлӕ уӕддӕр уацамындон фембӕлд цы ’фсымӕр уадза, уый хъуамӕ нысангонд рӕстӕгӕй сӕйраджыдӕр афтӕ спайда кӕна, цӕмӕй, уӕ территорийы чи сбӕзза, ахӕм цыбыр цӕвиттон ӕрхӕсса кӕнӕ йӕ равдиса, йе та ӕрдзура, уыцы бон уацамынды спайда кӕнӕн кӕмӕй уа, ахӕм ӕрмӕгыл. Уый стыр ӕххуыс уыдзӕн, уацамынды чи цӕуа, уыдонӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ ’фсымӕртӕ сӕхи хорз куы цӕттӕ кӕной, уӕд, уацамындон фембӕлдӕн йӕ нысан цы у, уый сӕ къухы бафтдзӕн, стӕй рӕстӕгӕй дӕр нӕ ахиздзысты (Ром. 12:8).

Хъусын зон

11, 12. Адӕммӕ лӕмбынӕг кӕй хъусӕм, сӕ рис сын кӕй ӕмбарӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Цӕмӕй уацамынды нӕ бон уа адӕмимӕ Библийы тыххӕй аныхас кӕнын ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ бацагайын, уый тыххӕй хорз цӕттӕ кӕнын фаг нӕу, хъӕуы ма адӕмыл тыхсын дӕр. Адӕмыл кӕй тыхсӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, куыд сӕм хъусӕм, уымӕй. Иу цӕугӕ цӕстдарӕг загъта: «Фӕразон уай ӕмӕ хъусын зонай, уымӕн стыр тых ис – уый фӕрцы адӕм зӕрдиагдӕрӕй байхъусынц хорз хабармӕ, уый фӕрцы сын равдисыс, ӕцӕгдӕр сыл кӕй тыхсыс». Адӕймагмӕ лӕмбынӕг куы байхъусӕм, йӕ рис ын куы бамбарӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ бацагайдзыстӕм. Уый хорз зыны дӕлдӕр хаст цӕвиттонӕй.

12 Французаг газет «Прогрэ»-йы ныммыхуыр кодтой иу писмо. Ӕрбарвыста йӕ иу сылгоймаг. Уымӕн амард, ӕртӕ мӕйы кӕуыл цыд, ахӕм чызг. Уыцы уӕззау хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын йӕ хӕдзары дуар бахостой дыууӕ сылгоймаджы. «Ӕз ӕй уайтагъд бамбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй уыдысты,– ныффыста сылгоймаг.– Хъусынмӕ дӕр сӕм нӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ сын сӕ къухы ауыдтон иу брошюрӕ. Уыцы брошюрӕйы дзырд цыдис, Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕдзармӕ бахуыдтон – раст кӕй не сты, уый сын хъуамӕ бамбарын кодтаин. [...] Ӕвдисӕнтӕ нӕм сахатӕй фылдӕр фесты, тынг лӕмбынӕг мӕм хъуыстой, мӕ рисыл мын фӕрыстысты. Кӕй мӕм байхъуыстой, уый тыххӕй мын тынг фенцон, ӕмӕ куы цыдысты, уӕд баныхас кодтам, ногӕй та мӕм кӕй ӕрбацӕудзысты» (Ром. 12:15). Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Куыд федтам, афтӕмӕй, хотӕ йемӕ цӕуыл дзырдтой, уый нӕ бахъуыды кодта, фӕлӕ йӕм куыд хъуыстой, уый.

13. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

13 Раст зӕгъгӕйӕ, адӕймагмӕ лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм, уӕд ын фадат дӕттӕм, цӕмӕй йӕ йӕхӕдӕг зӕгъа, Хуыцауы Паддзахад ӕй цӕмӕн хъӕуы, уый ӕмӕ афтӕмӕй фенӕм, семӕ хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг дӕр бафиппайдтай, фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ адӕймагмӕ лӕмбынӕг кӕй фӕхъусынц (Ӕмб. 20:5). Бӕрӕг вӕййы, уацамынды кӕуыл фембӕлынц, уыдоныл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсынц. Фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ адӕмӕн ӕрмӕст сӕ нӕмттӕ ӕмӕ сӕ адристӕ нӕ бахъуыды кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ хъус ӕрдарынц, цы сӕ цымыдис кӕны ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, уымӕ дӕр. Адӕймаг сӕм зын фарст куы ратты, уӕд бацархайынц, цӕмӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ ӕрмӕг тагъддӕр ссарой ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ бацӕуой. Апостол Павелау уыдон дӕр сӕ ныхас саразынц, кӕимӕ фӕныхас кӕнынц, уый цы фӕтыхсын кӕны, уымӕ гӕсгӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:19–23.) Адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, кӕй сыл тыхсӕм, уый фӕрцы. Уымӕй уӕлдай ма афтӕмӕй ӕвдисӕм, «нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг [кӕй] у», уый (Лук. 1:78).

Адӕммӕ хорз цӕстӕй кӕс

14. Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы миниуджытӕ фӕзмын?

14 Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр аргъ кӕны. Уый зыны, сӕрибардзинад нын кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, уӕддӕр йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын адӕм йӕ уарзондзинадӕн аргъ кӕной, ӕмӕ дзы йе стыр хорздзинӕдтӕй бузныг чи у, уыдонӕн арфӕ кӕны (Ром. 2:4). Мах дӕр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ хъуамӕ уӕм нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы хуызӕн (2 Кор. 5:20, 21; 6:3–6). Уымӕ гӕсгӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕммӕ хъуамӕ хорз цӕстӕй кӕсӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаджы?

15. а) Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ апостолты цы кӕнын хъуыдис, адӕм-иу сӕм куы нӕ байхъуыстой, уӕд? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн аккаг адӕм агурынӕн?

15 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кодтаиккой, исчи сӕм куы нӕ байхъустаид, уӕд. Уый бӕсты сӕ сӕ тыхтӕ раттын хъуыд аккаг адӕмы агурынмӕ. (Бакӕс Матфейы 10:11–15.) Уый нӕ къухы ӕфтдзӕн, нӕ разы ӕнцонӕххӕстгӕнӕн нысӕнттӕ куы ’вӕрӕм, уӕд. Иу ӕфсымӕр йӕхи абарста хӕзнатӕ агурӕгимӕ. Арӕх фӕдзуры мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Ныфс мӕ ис, абон та сыгъзӕрины къӕртт кӕй ссардзынӕн». Ӕндӕр ӕфсымӕр та сӕвӕрдта ахӕм нысан: алы къуыри дӕр иу хорз адӕймаджы ссарын ӕмӕ йӕ цалдӕр боны фӕстӕ ногӕй абӕрӕг кӕнын. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ та архайынц, цӕмӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ алы адӕймагӕн дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Библийӕ иу стих уӕддӕр бакӕсой. Цавӕр нысан сӕвӕрдзынӕ дӕ разы ды та?

16. Дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

16 Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый, адӕм нӕм куыд хъусынц, ӕрмӕст уымӕй кӕнгӕ нӕу. Цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм фервӕзой, уый тыххӕй хъусын кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Фӕлӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм. Кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм (1 Иоан. 5:3). Уый фӕрцы ма сыгъдӕг стӕм адӕмы тугӕй (Ап. хъ. 20:26, 27). Уымӕй уӕлдай ма, ӕнӕхуыцау адӕмы фӕдзӕхсӕм, кӕй «ралӕууыд [Хуыцауы] тӕрхоны сахат» (Рарг. 14:6, 7). Сӕйраджыдӕр та, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уымӕй ӕгас зӕххыл дӕр кадджын кӕны Йегъовӕйы ном (Пс. 113:3). Уӕдӕ нӕм адӕм хъусынц ӕви нӕ, мах уӕддӕр хъуамӕ хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Ӕцӕгдӕр, хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы цыдӕриддӕр аразӕм, уый Йегъовӕйы цӕсты у тынг зынаргъ (Ром. 10:13–15).

17. Тагъд адӕм цы бамбардзысты?

17 Кӕд абон бирӕтӕ Хуыцауы Паддзахады хабармӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр ӕм тагъд ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзысты (Матф. 24:37–39). Йегъовӕ Иезекилӕн зӕрдӕ бавӕрдта, цы тӕрхӕттӕ хъусын кодта, уыдон куы сӕххӕст уой, уӕд Израилы змӕнтаг хӕдзар кӕй «базондзӕн, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд» (Иез. 2:5). Раст афтӕ, Хуыцау ацы цардӕвӕрдӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон куы ’ххӕст кӕна, уӕд адӕм бамбардзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын адӕмы ’хсӕн ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ цы хабар хъусын кодтой, уый иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр йӕ минӕвӕрттӕ кӕй уыдысты. Цӕй стыр кад у, Хуыцауы ном хӕссын ӕмӕ йын ацы ахсджиаг рӕстӕджы йӕ хабар хъусын кӕнын! Уӕдӕ Йегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, кӕд нын хатт зын вӕййы, уӕддӕр.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Нӕ бон куыд у нӕхимӕ уыйас ныфс ссарын, цӕмӕй хъусын кӕнӕм?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас райдайӕм?

• Адӕмыл кӕй тыхсӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз цӕстӕй кӕсӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 9 фарсыл]

Куыд ис адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнӕн

Цӕмӕй ис райдайӕн:

▪ Адӕймагӕн салам куы раттай, уӕд ын трактат равдис ӕмӕ йын зӕгъ: «Иу ахсджиаг хабар мӕ фӕнды зӕгъын».

▪ Кӕнӕ дӕ бон у трактат раттын ӕмӕ зӕгъын: «Бирӕ дӕ нӕ бафӕстиат кӕндзынӕн. Цы хъуыды кӕныс ацы фарсты фӕдыл?».

Трактат куы айса:

▪ Трактаты номмӕ гӕсгӕ йӕм хуымӕтӕг фарст ратт.

▪ Лӕмбынӕг ӕм байхъус ӕмӕ йын йӕ хъуыды бамбар. Бузныг ын зӕгъ йӕ хъуыдыйы тыххӕй.

Ныхас адарддӕр кӕнынӕн:

▪ Бакӕс иу кӕнӕ цалдӕр стихы, дӕ ныхас сараз, адӕймаджы цы цымыдис кӕны ӕмӕ йӕ цы тыхсын кӕны, уымӕ гӕсгӕ.

▪ Чи байхъуса, уымӕн литературӕ ратт ӕмӕ кӕд гӕнӕн уа, уӕд ын равдис, Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый. Баныхас кӕн, иннӕ хатт кӕд фембӕлдзыстут, уый тыххӕй.