Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон у?

•Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ус куы ракуырдтой (чындзы куы ацыдысты), уӕд цы бамбӕрстой ӕмӕ сӕ цӕуыл хъӕуы архайын?

Иуӕй-иу чырыстӕттӕ бамбӕрстой, сӕ цардӕмбалимӕ сӕм ӕмхуызонӕй ӕппындӕр кӕй ницы ис. Библимӕ гӕсгӕ сын хицӕн кӕныны бар кӕй нӕй, уый зонгӕйӕ сӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ бинонты цард бахъахъхъӕной (15.4., 17 фарс).

• Зӕрӕдты хӕдзары чи цӕры, ахӕм чырыстон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы?

Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма зона, зӕрӕдты хӕдзар цы ӕмбырды территорийы ис, уыцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Стӕй ма, зӕрӕдты хӕдзары чи ис, уыдонӕн, гӕнӕн ис, сӕ фылдӕр ӕндӕр динтыл хӕст уой ӕмӕ йын мӕнг дины хъуыддӕгтӕ аразын кӕной. Йӕ хӕстӕджытӕй Ӕвдисӕн чи у, уыдон ӕмӕ бынӕттон ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ уыдӕттӕ зоной ӕмӕ йын ӕххуыс кӕной (15.4., 25–27 фӕрстӕ).

• Лӕг ӕмӕ усӕн кӕрӕдзи бамбарынӕн цавӕр цыппар уынаффӕйы баххуыс кӕндзысты?

Ныхас кӕнынӕн рӕстӕг ар (Еккл. 3:1, 7). Дӕ хъуыды ӕргом ӕмӕ уӕзданӕй дзур (Еф. 4:25). Дӕ цардӕмбалмӕ хъус ӕмӕ архай, цӕмӕй йӕ бамбарай (Матф. 7:12). Иу хъуыдымӕ ӕрцӕут (Еккл. 4:9, 10) (июль–сентябрь, 28–30 фӕрстӕ).

• Разамонӕг советы чи ис, уыдон цавӕр комитетты лӕггад кӕнынц?

Координаторы комитеты, Лӕггадгӕнджытӕ нысан кӕныны комитеты, Рауагъдады комитеты, Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты, Ахуырадон комитеты ӕмӕ Фысджыты комитеты (15.5., 29 фарс).

• Доны хъаймӕт ӕнӕхъӕн зӕххыл кӕй уыд, уый кӕцӕй зонӕм?

Йесо Чырысти фидарӕй зыдта, Доны хъаймӕт кӕй уыд ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын кӕй фӕци. Фӕстаг бонтӕ Библийы барст цӕуынц Доны хъаймӕты рӕстӕгимӕ. Уый та ууыл дзурӕг у, уыцы хабар ӕцӕгдӕр кӕй уыди (июль–сентябрь, 8 фарс).

Ромӕгтӕм 1:24–32 цы миты кой ис, уыдон дзуттӕгтӕ кодтой ӕви ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ?

Кӕд сӕ иутӕ дӕр кодтой ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, уӕддӕр апостол Павел бӕлвырдӕй кӕны, рагзаманты Моисейы Закъон чи нал ӕххӕст кодта, уыцы израилӕгты кой. Уыдон Хуыцауы рӕстаг закъӕттӕ зыдтой, фӕлӕ уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты (15.6., 29 фарс).

• Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ куы архайӕм, уӕд нӕ циндзинад фылдӕр уыдзӕн?

Нӕ бон цы нӕу, уый сӕххӕст кӕныныл цыфӕндыйӕ дӕр куы архайӕм, уӕд нӕхицӕн ӕнӕхъуаджы зын скӕндзыстӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхицӕн ӕгӕр ма тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ ӕфсӕнттӕ ма агурӕм, раздӕримӕ абаргӕйӕ къаддӕр кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн (15.7., 29 фарс).

• Ныййарджыты цы фӕхъыгдары сӕ сывӕллӕттимӕ кӕрӕдзи ӕмбарын?

Фӕхъыгдары сӕ, сывӕллон ӕфсӕрмыгӕнаг куы вӕййы, йӕхи зондӕй цӕрын ӕй куы фӕфӕнды, йе та йӕ куы нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ исчи хъыгдара. Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕнын ӕргом ныхасмӕ, иумӕ исты куы аразой кӕнӕ сӕхи куы ирхӕфсой, уӕд ӕмӕ, сывӕллон цы зӕгъынмӕ хъавы, уый бамбарыныл куы архайой (октябрь–декабрь, 18–20 фӕрстӕ).