Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн аккаг лӕггадгӕнӕг у ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕн

Йегъовӕйӕн аккаг лӕггадгӕнӕг у ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕн

Йегъовӕйӕн аккаг лӕггадгӕнӕг у ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕн

«[Йегъовӕйы] хъуыддӕгтӕ сты кадджын ӕмӕ намысджын» (ПС. 111:3).

1, 2. Цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм ацы статьяйы?

ХУЫЦАУ кады аккаг кӕй у, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Мӕ Хуыцау... Ды дӕхи сфӕлыстай кад ӕмӕ намысы» (Пс. 104:1). Апостол Павелы ныхӕстӕй та зыны, адӕм дӕр кӕй вӕййынц кады аккаг. Чырыстон сылгоймӕгтӕй загъта: «Сылгоймӕгтӕ [хъуамӕ] сӕхи уымӕй ма рӕсугъд кӕной, ӕмӕ сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ бийой, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ дарой, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты» (1 Тим. 2:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн ӕрмӕст аив бакаст фаг нӕу (Пс. 111:3).

2 Кӕд адӕм дӕр кады аккаг сты, уӕддӕр Йегъовӕйӕ стырдӕр кад ӕмӕ цыт никӕмӕ ’мбӕлы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ мах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, хъуамӕ кадджын кӕнӕм ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон цӕмӕн у кады аккаг хъуыддӕгтӕ кӕнын? Йегъовӕйы кад ӕмӕ намыс цӕмӕй бӕрӕг сты? Хуыцауы кад цы диссаджы хъуыддӕгты зыны, уыдон нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной? Иннӕтӕн кад кӕнын ӕмӕ сын аргъ кӕнын куыд хъӕуы, уымӕй Йесо Чырыстийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцауӕн аккаг лӕггадгӕнджытӕ куыд уӕм?

Нӕ бон цӕмӕн у кады аккаг хъуыддӕгтӕ кӕнын?

3, 4. а) Йегъовӕ нын кӕй скад кодта, уымӕ гӕсгӕ мах цы хъӕуы кӕнын? ӕ) Псаломы 8:5–9 цы пехуымпарад фыст ис, уый кӕмӕ хауы? (Кӕс фиппаинаг.) б) Ивгъуыд заманты Йегъовӕ кӕмӕн скад кодта?

3 Адӕм иууылдӕр Хуыцаумӕ гӕсгӕ конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у кады аккаг хъуыддӕгтӕ кӕнын. Йегъовӕ фыццаг адӕймагӕн скад кодта, зӕхх ын йӕ бар кӕй бакодта, уымӕй (Райд. 1:26, 27). Ӕмӕ адӕймаг куы фӕрӕдыд, ӕххӕст куы нал уыд, суанг ын уӕд дӕр Йегъовӕ афтӕ саргъ кодта ӕмӕ йын зӕхх йӕ бар ныууагъта. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцау адӕмыл «кад ӕмӕ намысы худ ӕркодта». (Бакӕс Псалом 8:5–9.) * Ӕмӕ нын кӕд Йегъовӕ скад кодта, уӕд ӕй мах дӕр хъуамӕ кадджын кӕнӕм – йӕ диссаджы номӕн ын аргъ кӕнӕм ӕмӕ йын ӕй бӕрзонд кӕнӕм.

4 Йегъовӕ уӕлдай тынгдӕр кад кӕны, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн. Зӕгъӕм, Хуыцау скад кодта Авелӕн, йӕ нывонд ын кӕй айста, уымӕй, фӕлӕ йын йе ’фсымӕр Каины кувинаг та нӕ айста (Райд. 4:4, 5). Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ кадӕй бахай кодтаид Йесо Навинӕн, йӕ фӕстӕ израилӕгты раздзог чи хъуамӕ суыдаид, уымӕн (Нымӕц. 27:20). Давиды фырт Соломоны тыххӕй та Библийы фыст ис: «Йегъовӕ Соломоны тынг сбӕрзонд кодта ӕгас Израилы раз ӕмӕ, йӕ размӕ Израилы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй иуы дӕр уый хуызӕн не скадджын кодта» (1 Аз. 29:25). Хуыцауы «паддзахады кад» иузӕрдионӕй чи хъусын кодта, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд сӕ Хуыцау диссаджы кады аккаг скӕны (Пс. 145:11–13). Йесойы «ӕндӕр фыстӕ» дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц арфӕйаг ӕмӕ кадджын хъуыддаг – бӕрзонд кӕнынц Йегъовӕйы ном (Иоан. 10:16).

Йегъовӕйы кад ӕмӕ намыс цӕмӕй бӕрӕг сты?

5. Йегъовӕ куыд кадджын у, уымӕй цы зӕгъӕн ис?

5 Адӕймагимӕ абаргӕйӕ Йегъовӕ куыд бӕрзонд ӕмӕ куыд кадджын у, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «О Йегъовӕ, нӕ Хицау, куыд диссаг у дӕ ном ӕгас зӕххыл дӕр! Дӕ кады кой хъуысы ӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр!» (Пс. 8:1). «Арв ӕмӕ зӕхх» куы нӕма уыдысты, уӕд дӕр Дун-дунейы Йегъовӕ Хуыцауӕй диссагдӕр ӕмӕ кадджындӕр ничи уыд, ӕмӕ йӕ фӕндон куы сӕххӕст кӕна – зӕххыл ногӕй дзӕнӕт куы скӕна, стӕй адӕм фӕстӕмӕ ӕххӕст куы суой, уӕд дӕр уый хуызӕн кадджын ничи уыдзӕн (Райд. 1:1; 1 Кор. 15:24–28; Рарг. 21:1–5).

6. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕ афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «ды дӕхи сфӕлыстай кады»?

6 Куыннӕ хъуамӕ бацагайдтаид псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕ, мӕйдар ӕхсӕв ӕгӕрон арвыл стъалытӕ зынаргъ дуртау куыд тыбар-тыбур кодтой, уый. Дис кодта, Хуыцау арв «цатыры ӕмбӕрзӕнау» куыд «айтыгъта», ууыл. Ӕмӕ Йегъовӕйы диссаджы хъаруйыл хъуыды кӕнгӕйӕ загъта, зӕгъгӕ, «ды дӕхи сфӕлыстай кады» (Бакӕс Псалом 104:1, 2). Ӕнӕуынгӕ, ӕппӕтхъомыс Сфӕлдисӕджы кад ӕмӕ намыс ирдӕй зынынц йе сконд хъуыддӕгты.

7, 8. Йегъовӕйы кад ӕмӕ намыс Дун-дунейы скондӕй куыд зынынц?

7 Цӕвиттонӕн райсӕм нӕ галактикӕ Ӕрфӕныфӕд. Ӕнӕнымӕц бирӕ стъалытӕ, планетӕтӕ ӕмӕ планетӕты системӕты ’хсӕн Зӕхх гыццыл стъӕлфыйас йеддӕмӕ нӕу. Иунӕг ацы галактикӕйы ис 100 миллиард стъалыйӕ фылдӕр! Адӕймаг боны мидӕг 24 сахаты дӕргъы алы секунд дӕр иу стъалы куы нымаид, уӕд ын уыцы стъалытӕ банымайыныл ацӕуид 3 000 азы.

8 Кӕд ӕрмӕст Ӕрфӕныфӕды 100 миллиард стъалыйы ис, уӕд цы зӕгъӕн ис ӕнӕхъӕн Дун-дунейӕ та? Астрономтӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй ис 50 миллиард галактикӕйӕ 125 миллиард галактикӕйы онг. Цымӕ цал стъалыйы ис уӕд Дун-дунейы? Уый адӕймаджы зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕ «зоны стъалыты нымӕц, алкӕйдӕр дзы хоны йӕ номӕй» (Пс. 147:4). Йегъовӕ йӕхи ахӕм «кад ӕмӕ намысы» кӕй «сфӕлыста», ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ йӕ ном кадджын кӕнын нӕ фӕфӕнды?

9, 10. Дзул Сфӕлдисӕджы зондыл дзурӕг куыд у?

9 Ныр та аныхас кӕнӕм, ӕгӕрон Дун-дунейӕ бирӕ хуымӕтӕгдӕр цы у, ууыл – дзулыл. Йегъовӕ ӕрмӕст «арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг» нӕу. Уый «дӕтты дзул ӕххормаг адӕмӕн» (Пс. 146:6, 7). Хуыцауы «кад ӕмӕ намыс» зынынц йӕ диссаджы хъуыддӕгты. Зӕгъӕм, хор нын кӕй радта ӕмӕ дзы дзул кӕй кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 111:1–5.) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ ахуыр кодта кувын: «Ратт нын къӕбӕр абоны фаг» (Матф. 6:11). Рагзаманты дзул бирӕ адӕмтӕн, уыимӕ израилӕгтӕн дӕр, уыд сӕ сӕйраг хӕринаг. Дзул хуымӕтӕг хӕринагыл нымад у. Фӕлӕ хӕрзад дзул цы химион процессты фӕрцы рауайы, уыдон хуымӕтӕг схонӕн нӕй.

10 Библи куы фыстой, уӕды рӕстӕджы израилӕгтӕ дзул кодтой мӕнӕу кӕнӕ хъӕбӕрхоры ссадӕй ӕмӕ донӕй. Хатт-иу хыссӕйыл ныккодтой ӕнхъизӕн. Иумӕ сӕ куы схӕццӕ кӕнынц, уӕд хыссӕйы мидӕг ахӕм стыр куыст райдайы, ӕмӕ диссаг. Уыцы куыст куыд цӕуы, уый кӕронмӕ бамбарын никӕй бон у. Иннӕ диссаг та у, дзул адӕймаджы буары куыд батайы, уый. Уӕдӕ псаломзарӕггӕнӕг дзӕгъӕлы нӕ зарыд: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Се ’ппӕт дӕр скодтай де стыр зондӕй» (Пс. 104:24). Дӕу дӕр нӕ фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын?

Хуыцауы кадджын хъуыддӕгтӕ нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной?

11, 12. Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн?

11 Ӕхсӕвыгон арв куыд рӕсугъд у, уый феныны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ астрономтӕ уӕм. Цӕмӕй дзулы ад бамбарӕм, уый тыххӕй дӕр ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ химиктӕ уӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ диссаджы Сфӕлдисӕгӕй бузныг уӕм ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы, цы сфӕлдыста, ууыл хъуыды кӕнын. Йегъовӕйы сфӕлдыстадыл хъуыды кӕнын нын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Йӕ иннӕ хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын нын цы пайда ӕрхӕссы, уый.

12 Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй Давид загъта: «Хъуыды кӕндзынӕн дӕ бӕрзонд кадыл ӕмӕ дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл» (Пс. 145:5). Давидау мах дӕр ахуыр кӕнӕм Фыстад ӕмӕ рӕстӕг арӕм, цы бакастыстӕм, ууыл хъуыды кӕнынӕн. Цы пайда нын ӕрхӕссы уый? Афтӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, Йегъовӕ цӕй стыр кад ӕмӕ намысы Хуыцау у, уый ӕмӕ йын тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд мах дӕр фӕфӕнды Йегъовӕйы скадджын кӕнын ӕмӕ Давидау зӕгъын: «Куыд диссаг дӕ, ууыл дзурдзынӕн» (Пс. 145:6). Хуыцауӕн йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ хъӕбатырӕй йӕ кой кӕндзыстӕм иннӕтӕн. Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та? Хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕныс ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕныс, цӕмӕй, Йегъовӕ Хуыцау куыд кадджын, куыд намысджын ӕмӕ куыд диссаг у, уый ӕмбарой ӕмӕ йын аргъ кӕной?

Чырыстимӕ кӕсгӕйӕ фенӕн ис Хуыцауы кад

13. а) Данелы 7:13, 14 гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ Фырты цӕмӕй схайджын кодта? ӕ) Йесо Чырысти йӕ дӕлбар адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы?

13 Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти зӕрдиагӕй хъусын кодта хорз хабар ӕмӕ кадджын кодта йӕ уӕларвон Фыды. Йегъовӕ йӕ иунӕг Фырты стыр кады аккаг скодта, ӕмӕ йын хицау ӕмӕ паддзахы бартӕ радта. (Бакӕс Данелы 7:13, 14.) Фӕлӕ Чырысти сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕнӕрвӕссон нӕу. Чырысти у тынг тӕригъӕдгӕнаг Хицау, ӕмбары, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый, стӕй сын аргъ дӕр кӕны. Ӕркӕсӕм, Йесо адӕмӕн, уӕлдайдӕр та, иннӕтӕ кӕй нӕ уарзтой ӕмӕ ӕлгъ кӕуыл кодтой, уыдонӕн куыд уыд, уымӕ.

14. Рагон Израилы хъотырджынтӕм цы цӕстӕй кастысты?

14 Рагзаманты-иу хъотырӕй рынчынтӕ арӕх тынг бирӕ фӕудхар кодтой ӕмӕ-иу фӕстагмӕ амардысты. Низ-иу сабыргай рынчыны буар бахордта. Хъотыр дзӕбӕх кӕнын уыди тынг зын, мард райгас кӕнынӕй уӕлдай нӕ уыд (Нымӕц. 12:12; 2 Пад. 5:7, 14). Адӕймаг-иу хъотырӕй куы фӕрынчын, уӕд-иу сыгъдӕгыл нымад нал уыд. Иннӕтӕ-иу ыл ӕлгъ кӕнын райдыдтой ӕмӕ-иу ӕй се ’хсӕн цӕрын нал уагътой. Адӕммӕ хӕстӕг бацӕугӕйӕ хъотырджын хъуамӕ хъӕр кодтаид: «Сыгъдӕг нӕ дӕн! Сыгъдӕг нӕ дӕн!» (Лев. 13:43–46). Хъотырджыны схонӕн уыд удӕгас мард. Раввинты закъӕттӕм гӕсгӕ хъотырджынӕн дзуттаг адӕймагмӕ 2 метры бӕрцӕй хӕстӕгдӕр бацӕуӕн нӕ уыд. Иу чиныджы фыст уыдис иу дины разамонӕджы тыххӕй, зӕгъгӕ, дам-иу хъотырджыны дардмӕ дӕр куы ауыдта, уӕддӕр-иу ыл дуртӕ ’хсын райдыдта, цӕмӕй йӕм хӕстӕг ма бацыдаид.

15. Куыд бакодта Йесо, хъотырджын ӕм куы бацыд, уӕд?

15 Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм, куыд бакодта Йесо Чырысти, хъотырджын ӕм куы бацыд ӕмӕ йын куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. (Бакӕс Марчы 1:40–42.) Иннӕтӕ ӕлгъ кӕуыл кодтой, уый Йесо ӕрвитгӕ нӕ акодта, фӕлӕ йын фӕтӕригъӕд кодта, саргъ ын кодта. Чырысти уыдта, йӕ разы кӕй уыд ӕнамонд, ӕххуысхъуаг адӕймаг. Йесойы зӕрдӕ йыл тынг фӕрыст, йӕ къухӕй йыл андзӕвыд ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта.

16. Чырысти иннӕтӕн куыд уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Чырысти адӕмӕн кад кодта, йӕ Фыд сын куыд кад кодта, афтӕ. Махӕн та нӕ бон куыд у Чырыстийы бафӕзмын? Хъуамӕ аргъ кӕнӕм алы адӕймагӕн дӕр – хъӕздыг уа ӕви мӕгуыр, ӕнӕниз ӕви рынчын, ӕрыгон ӕви зӕронд (1 Пет. 2:17). Уӕлдайдӕр афтӕ хъуамӕ кӕной, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон – лӕгтӕ, ныййарджытӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон хъуамӕ кад кӕной, Хуыцау сын сӕ бар кӕй бакодта, уыдонӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ ныфс уадзой, цӕмӕй сӕхицӕн аргъ кӕной. Иннӕтӕн кад кӕнын у алы чырыстоны хӕс дӕр. Библи нын дзуры: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ром. 12:10).

Хуыцауӕн аккаг лӕггадгӕнджытӕ уӕм

17. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ алы хъуыддагӕй дӕр Хуыцауӕн кӕй хъуамӕ кад кӕнӕм, уый Библийӕ куыд зыны?

17 Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ адӕймаг хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уа, цӕмӕй йӕ алы хъуыддагӕй дӕр Хуыцауӕн кад кӕна. «Кӕс дӕ къахдзӕфтӕм, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзармӕ куы цӕуай, уӕд»,– фыст ис Екклесиасты 5:1. Иу хатт Моисейӕн, иннӕ хатт та Йесо Навинӕн загъд уыд, цӕмӕй сӕ дзабыртӕ раластаиккой, сыгъдӕг бынаты кӕй лӕууыдысты, уый тыххӕй (Рац. 3:5; Йес. Н. 5:15). Афтӕ бакӕнын сӕ хъуыд, Хуыцауӕн кӕй кад кодтой, уый равдисынӕн. Израилы сауджынтӕ та хъуамӕ дардтаиккой мидӕггаг хӕлӕфтӕ, «сӕ бӕгънӕг буар [сын] куыд ӕмбӕрзтаиккой» (Рац. 28:42, 43). Уый фӕрцы-иу, нывондхӕссӕны цур куы лӕггад кодтой, уӕд-иу сӕ буар нӕ разынд. Сауджыны бинонтӕй алчи дӕр хъуамӕ фидар хӕцыдаид Хуыцауы сыгъдӕг уагӕвӕрдтыл.

18. Хуыцауӕн кӕй кад кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй ӕвдисӕм?

18 Махӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн, хъуамӕ нӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уа, Хуыцауӕн кӕй кад кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Цӕмӕй нын иннӕтӕ кад кӕной ӕмӕ нын аргъ кӕной, уый тыххӕй сын нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ цӕстмӕ митӕ ма кӕнӕм. Адӕм цы уынынц, уымӕй фылдӕр та уыны Хуыцау – уый нын уыны нӕ зӕрдӕтӕ (1 Сам. 16:7; Ӕмб. 21:2). Иннӕтӕн аргъ кӕнын хъуамӕ нӕ удыхъӕды миниуӕг суа. Уый хъуамӕ бӕрӕг уа, нӕхи куыд дарӕм, адӕмӕн куыд стӕм, ӕмӕ ма суанг нӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй дӕр. Ӕмӕ хъуамӕ бӕрӕг уа алкӕддӕр, нӕ алы ныхас ӕмӕ нӕ алы хъуыддагӕй дӕр. Нӕхи куыд дарӕм, нӕ дарӕс ӕмӕ нӕ бакаст цыхуызӕн хъуамӕ уой, дзырд ууыл куы цӕуа, уӕд нӕ зӕрдыл дардзыстӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн ницӕмӕй стӕм, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа. Фӕлӕ алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм» (2 Кор. 6:3, 4). Мах «алы хъуыддаджы дӕр нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад... фидауын кӕнӕм» (Тит. 2:10).

Дарддӕр дӕр Хуыцауӕн аккаг лӕггадгӕнджытӕ уӕм

19, 20. а) Нӕ бон куыд у адӕмӕн кад кӕнын ӕмӕ сын аргъ кӕнын? ӕ) Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

19 Сӕрст чырыстӕттӕ сты кадджын «минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты» (2 Кор. 5:20). Сӕ иузӕрдион ӕххуысгӕнджытӕ дӕр, «ӕндӕр фыстӕ», сты Мессийӕйы Паддзахады кадджын минӕвӕрттӕ. Минӕварӕй ӕрвыст чи вӕййы, уый йӕ хицауады сӕрыл фӕдзуры фидарӕй ӕмӕ сӕрыстырӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ сӕрыстырӕй ӕмӕ фидарӕй дзурӕм Хуыцауы хицауады сӕрыл, ома йӕ Паддзахады сӕрыл (Еф. 6:19, 20). Ӕмӕ адӕмӕн, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» куы фӕдзурӕм, уӕд сын уымӕй кӕнӕм кад ӕмӕ аргъ (Ис. 52:7).

20 Хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа, цӕмӕй дарддӕр дӕр, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕхи дарӕм ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (1 Пет. 2:12). Цӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй алкӕддӕр бӕрӕг уӕд, стыр аргъ кӕй кӕнӕм Йегъовӕйӕн дӕр, нӕ лӕггадӕн дӕр ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр. Ӕмӕ уӕд, йӕхи кад ӕмӕ намысы чи сфӕлыста, уыцы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн нӕ лӕггадӕй.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. 8-ӕм псаломы Давид цы загъта, уый амоны ӕххӕст адӕймаг Йесо Чырыстимӕ дӕр (Дзут. 2:5–9).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕ кад ӕмӕ намысы Хуыцау кӕй у, уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

• Чырысти хъотырджын лӕджы кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕй иннӕтӕн аргъ кӕныныл куыд ахуыр кӕнӕм?

• Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кад кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Йегъовӕ Авелӕн куыд скад кодта?

[Ныв 14 фарсыл]

Дзул дӕр у Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕй иу

[Ныв 15 фарсыл]

Чырысти хъотырджын лӕджы кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕй иннӕтӕн аргъ кӕныныл куыд ахуыр кӕнӕм?

[Ныв 16 фарсыл]

Цӕмӕй нӕ лӕггад Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй йын хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад кӕнӕм