Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ ауды йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытыл

Йегъовӕ ауды йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытыл

Йегъовӕ ауды йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытыл

«Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (ДЗУТ. 6:10).

1, 2. а) Урссӕр адӕймаджы фенгӕйӕ дӕ зӕрдыл цы ’рлӕууы? ӕ) Йегъовӕ ацӕргӕ чырыстӕттӕм цы цӕстӕй кӕсы?

АЦӔРГӔ урссӕр ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты куы феныс, уӕд, мыййаг, Данелы чиныджы цы фыст ис, уый не ’рлӕууы дӕ зӕрдыл? Данел цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕ Хуыцау уыд урссӕр. Данел фыста: «Ӕз кастӕн ӕмӕ федтон, мӕнӕ рахастой паддзахбадӕнтӕ ӕмӕ Ӕнусты Хицау ӕрбадт. Йӕ уӕлӕдарӕс уыд митау урс-урсид, йӕ сӕрыхъуынтӕ та уыдысты урс къуымбилы хуызӕн» (Дан. 7:9).

2 Къуымбил фылдӕр хатт вӕййы урс. Ӕмӕ цӕстылуайӕны Йегъовӕ урссӕр кӕй уыд, стӕй «Ӕнусты Хицау» кӕй хуыйны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау алкӕддӕр уыдис ӕмӕ у ӕгӕрон зонды хицау. Ӕмӕ уыцы дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй дӕр у кады аккаг. Уӕдӕ цымӕ цы цӕстӕй кӕсы Ӕнусты Хицау Йегъовӕ иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыцы ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕм? Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд» (Ӕмб. 16:31). О, Хуыцауы цӕсты тынг рӕсугъд сты, йӕ зӕронды бонтӕм ын иузӕрдионӕй чи фӕлӕггад кодта, уыцы фӕлтӕрдджын, урссӕр чырыстӕттӕ. Ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ды дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс?

Афтӕ зынаргъ нын цӕмӕн сты?

3. Тынг зынаргъ нын цӕмӕн сты нӕ ацӕргӕ ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ?

3 Чи сты уыцы зынаргъ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ? Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ; цӕугӕ цӕстдарджытӕй чи лӕггад кӕны кӕнӕ раздӕр чи лӕггад кодта, уыдон; зынгзӕрдӕ пионертӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ – не ’мбырдты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ зоныс ахӕм ацӕргӕ чырыстӕтты, бирӕ азты дӕргъы хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кӕны ӕмӕ йӕ хорз цӕвиттонӕй ӕрыгӕтты сӕ цард аивынмӕ ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ чи сразӕнгард кодта. Нӕ ацӕргӕ ӕмчырыстӕттӕй бирӕтӕ раздӕр ӕххӕст кодтой ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ хорз хабары тыххӕй стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрстой. Йегъовӕ дӕр ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр тынг аргъ кӕнынц, уыцы чырыстӕттӕ Паддзахады хъуыддаджы раздӕр цы сарӕзтой ӕмӕ ныр дӕр цы аразынц, уымӕн (Матф. 24:45).

4. Цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм ацӕргӕ чырыстӕттӕн ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм уыдоны тыххӕй?

4 Уыцы иузӕрдион хистӕртӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сын иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ аргъ кӕной. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ, хистӕртӕн аргъ кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕ тӕрсын уыдысты ӕнгом баст (Лев. 19:32). Мах хъуамӕ алкӕддӕр кувӕм уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй ӕмӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй. Апостол Павел дӕр куывта йӕ уарзон ӕмкусджыты тыххӕй – ӕрыгӕтты тыххӕй дӕр ӕмӕ ацӕргӕты тыххӕй дӕр. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 1:2, 3.)

5. Ацӕргӕ чырыстӕттӕн рӕстӕг куы арӕм, семӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

5 Уымӕй уӕлдай, не ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда уыдзӕн, ацӕргӕ чырыстӕттӕн рӕстӕг куы арӕм, семӕ куы ныхас кӕнӕм. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ азты дӕргъы Библийӕ цы базыдтой, царды цы федтой, уымӕн аргъ дӕр нӕй. Уыдон сахуыр сты фӕразондзинадыл, стӕй иннӕты рис ӕмбарыныл, ӕмӕ сын тынг ӕхсызгон вӕййы, цы зонынц, уый кӕстӕртӕн амонын (Пс. 71:18). Кӕстӕртӕ, пайда кӕнут, цы хорз фадат уын ис, уымӕй ӕмӕ сӕ зондӕй фӕрсут – арф цъайӕ дон куыд исат, афтӕ сӕ исут зонындзинӕдтӕ (Ӕмб. 20:5).

6. Ацӕргӕтӕн ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕныс, уый сын дӕ бон куыд у равдисын?

6 Ацӕргӕтӕн Йегъовӕйау кӕй аргъ кӕныс, уый сын хъуыддагӕй ӕвдисыс? Дзур сын, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй сӕ куыд тынг уарзыс ӕмӕ сын сӕ ныхасӕн куыд тынг аргъ кӕныс. Сӕ уынаффӕмӕ сын куы байхъусай, уӕд та сын равдисдзынӕ, ӕцӕгдӕр сын кӕй аргъ кӕныс. Кардзыд чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ зӕрдыл дарынц, кӕддӕр сын ацӕргӕтӕй чидӕр цы хорз уынаффӕ радта ӕмӕ сын уыцы уынаффӕ царды куыд фӕпайда ис, уый *.

Кӕй сыл тыхсут, уый хъуыддагӕй ӕвдисут

7. Ацӕргӕтыл фыццаджыдӕр чи хъуамӕ тыхса?

7 Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацӕргӕтыл фыццаджыдӕр хъуамӕ тыхсой сӕ бинонтӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:4, 8.) Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, бинонтӕ уыцы хӕс ӕнувыдӕй куы феххӕст кӕнынц. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, ацӕргӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсынц. Ахӕм бинонтӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын сӕ фыдӕбоны тыххӕй арфӕ кӕны *.

8. Ӕмбырд ацӕргӕ чырыстӕттыл цӕмӕн хъуамӕ тыхса?

8 Бирӕ иузӕрдион ацӕргӕ чырыстӕттӕ ӕххуысхъуаг сты, фӕлӕ сӕ бинонтӕ уырнӕг не сты йе та сын не ’ххуыс кӕнынц. Ӕмӕ сӕм се ’мбырды ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ куы фӕкӕсынц, уӕд уый дӕр Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у (1 Тим. 5:3, 5, 9, 10). Сӕ хъуыддӕгтӕ дзурӕг вӕййынц, ацӕргӕты рыст сӕм кӕй хъары, ӕнувыд сыл кӕй сты, сӕ зын сын кӕй ӕмбарынц (1 Пет. 3:8). Ахӕм чырыстӕтты зӕрдӕйы ахаст хорз зыны апостол Павелы ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, «буары уӕнгтӕй иуӕн зын куы вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕн дӕр вӕййы зын» (1 Кор. 12:26). Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ацӕргӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц, уымӕй ӕххӕст кӕнынц Павелы уынаффӕ: «Кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссут ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнут Чырыстийы закъон» (Гал. 6:2).

9. Цавӕр «уӕргътӕ хӕссынц» ацӕргӕтӕ?

9 Цавӕр «уӕргътӕ хӕссынц» ацӕргӕтӕ? Бирӕтӕ сӕ гыццыл ницӕмӕй дӕр афӕллайынц. Сӕ бон нал вӕййы суанг хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ дӕр бакӕнын, зӕгъӕм, дохтырмӕ ацӕуын, налогтӕ бафидын, хӕдзар бафснайын, хӕринаг скӕнын. Азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ сӕм хӕрын дӕр уыйбӕрц нал фӕцӕуы, ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, цы хӕрынц ӕмӕ цы нуазынц, уый сын фаг кӕй у. Уый зӕгъӕн ис Библи кӕсын ӕмӕ фембӕлдтӕм цӕуынӕй дӕр. Цӕстӕй хорз кӕй нал фӕуынынц ӕмӕ хъусӕй хорз кӕй нал фӕхъусынц, уый тыххӕй сын кӕсын ӕмӕ фембӕлдты хъусын ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕмбырдмӕ сӕхи срӕвдз кӕной, ӕрмӕст уымӕй дӕр тынг бафӕллайынц. Ахӕм чырыстӕттӕн иннӕтӕн сӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын?

Дӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын

10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ацӕргӕтӕ ӕххуысхъуаг ма уой?

10 Бирӕ ’мбырдты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕзминаг сты, ацӕргӕтыл куыд тыхсынц, уымӕй. Зӕрдиагӕй сын ӕххуыс кӕнынц – сӕ бӕсты дуканимӕ ауайынц, хӕринаг сын скӕнынц, бафснайынц сын. Ӕххуыс сын кӕнынц Библи ахуыр кӕнынӕн, сӕхи ӕмбырдтӕм рӕвдз кӕнынӕн, стӕй ма ӕдзух семӕ уацамынды дӕр цӕуынц. Иуӕй-иутӕ ӕмбырдтӕм семӕ иумӕ ацӕуынц, йе та сӕ машинӕйыл аласынц. Ацӕргӕтӕй искӕмӕн хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуын йӕ бон куы нал вӕййы, уӕд ын ӕмбырды программӕ кассетӕтыл фӕфыссынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ, гӕнӕн цыдӕриддӕр ис, уый саразой, цӕмӕй се ’мбырды ацӕргӕтӕ ӕххуысхъуаг ма уой *.

11. Радзур, иу бинонтӕ ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн куыд баххуыс кодтой.

11 Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у, ӕмӕ ацӕргӕты рӕвдауа йӕ уазӕгуарзондзинад ӕмӕ рӕдаудзинадӕй. Иу ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн йӕ ус куы амард, уӕд ын ӕрмӕст йӕхи пенси хӕдзары налогты фаг нал кодта. Уыцы ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ ус кӕддӕр Библи ахуыр кодтой иу бинонтимӕ – лӕг, ус ӕмӕ сӕ дыууӕ чызгимӕ. Уыцы бинонтӕн уыд стыр хӕдзар, ӕмӕ ӕфсымӕры сӕхимӕ цӕрынмӕ акодтой. Раст цыма сӕхи бинонтӕй уыд, афтӕ сын сси, ӕмӕ фынддӕс азы иумӕ адджын цард фӕкодтой. Йӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕ фӕлтӕрддзинадӕй кӕстӕртӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр сты, ӕмӕ ’фсымӕр та уыдоны фӕрцы йӕхи иунӕг нӕ хатыд. Семӕ фӕцард йӕ мӕлӕты онг, мӕлгӕ та акодта 89-аздзыдӕй. Уыцы бинонтӕ ныр дӕр ма бузныг дзурынц Хуыцауӕн, уыцы ӕфсымӕримӕ цӕргӕйӕ цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты, уый тыххӕй. Се ’фсымӕрӕн, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинагӕн, кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй «ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззадысты» (Матф. 10:42) *.

12. Ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

12 Чи зоны дӕуӕн дӕ бон нӕу уыцы бинонтау ацӕргӕтӕй искӕй дӕхимӕ цӕрынмӕ ’рбакӕнын. Фӕлӕ сын дӕ бон у ӕмбырдмӕ цӕуынӕн ӕххуыс кӕнын, семӕ хъусын кӕнын. Дӕ бон у, ӕмӕ сӕ уазӕгуаты фӕхонай кӕнӕ иумӕ искуыдӕм ацӕуат ӕмӕ уӕхи аирхӕфсат. Дӕхӕдӕг дӕр-иу сӕ абӕрӕг кӕн, уӕлдайдӕр, рынчын куы уой кӕнӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын куы нӕ фӕразой, уӕд. Стӕй сӕм хъуамӕ ахӕм цӕстӕй макуы кӕсӕм, цыма гыццыл сывӕллӕттӕ сты. Цалынмӕ сӕ хъуыды сӕхимӕ ис, уӕдмӕ сын сӕхи дӕр хъӕуы фӕрсын, уыдонмӕ чи хауы, ахӕм фарстытӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ. Йӕ хъуыды сафын чи райдыдта, уыдон дӕр ӕй фӕхатынц, аргъ сын кӕнынц ӕви нӕ.

Йегъовӕ уын уӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн

13. Ацӕргӕты ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

13 Ацӕргӕты ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг у. Ӕрыгон ма куы уыдысты ӕмӕ ма сӕм хъарутӕ куы уыд, уӕд сын бирӕ ӕнтыст. Фӕлӕ ныр сӕ бон уыйас нал у, ӕмӕ тынг фӕмӕт кӕнынц. Иу хо фӕндзай азы дӕргъы Йегъовӕйӕн ӕнувыдӕй фӕлӕггад кодта, уыди пионер. Фӕлӕ йӕ уӕззау низ бадомдта, ӕмӕ ныр фембӕлдтӕм дӕр тыххӕй-фыдӕй цӕуы. Раздӕр куыд лӕггад кодта ӕмӕ ныр цы уавӕры ис, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ цӕссыгкалгӕ загъта: «Ӕппындӕр ницӕмӕнуал бӕззын...»

14. Псаломтӕ Йегъовӕйы ацӕргӕ лӕггадгӕнджыты ныфс куыд уадзынц?

14 Кӕд ацӕргӕ дӕ, уӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны? Афтӕ дӕм фӕкӕсы, цыма дӕ Йегъовӕ ныууагъта? Псаломзарӕггӕнӕг дӕр йӕ зӕронды бонты, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ахъуыды кодта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Ма мӕ аппар, куы базӕронд уон, уӕд. Хъару мӕм куы нал уа, уӕд дӕр мӕ ма ныууадз... Куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ, о Хуыцау, ма ныууадз» (Пс. 71:9, 18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕ нӕ ныууагътаид. Ӕмӕ дӕу дӕр нӕ ныууадздзӕн. Ӕндӕр псаломы та Давид фидарӕй дзуры, Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. (Бакӕс Псалом 68:19.) Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, кӕд Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс, уӕд алкӕддӕр уыдзӕн демӕ ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн.

15. Цы баххуыс кӕндзӕн ацӕргӕтӕн, цӕмӕй сӕ ныфс ма асӕтта?

15 Нӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн, йӕ номы кадӕн ын цыдӕриддӕр сарӕзтат ӕмӕ аразут, уый. Библи зӕгъы: «Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Уӕдӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ, базӕронд дӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн мӕнӕй ницыуал пайда ис. Ахӕм ӕнӕраст хъуыдытӕ уӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзут. Ӕвзӕр хъуыдытӕн уӕ ныфс сӕттын ма уадзут, фӕлӕ архайут хорз истӕуыл хъуыды кӕнын. Аргъ кӕнут уӕ арфӕдзинӕдтӕн, ӕмӕ уын цины хос уӕд, цы рӕсугъд фидӕн уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый! Не Сфӕлдисӕг нын зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы «фидӕн ӕмӕ ныфсӕй» – уыдон абарӕн дӕр ницӕимӕ ис (Йер. 29:11, 12; Ап. хъ. 17:31; 1 Тим. 6:19). Хъуыды кӕн, цы арфӕдзинӕдтӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл. Дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд зӕронд кӕнын ма уадз. Ӕмӕ макуы рох кӕн, дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн тынг зынаргъ кӕй дӕ! *

16. Иу ацӕргӕ ӕфсымӕр афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныны аккаг нал у ӕмӕ йӕ куыд бафидар кодтой иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ?

16 Ӕркӕсӕм Йоханы хабармӕ. Цӕуы йыл 80 азы. Йӕ ус Занни * дӕр у чырыстон, фӕлӕ ныр у уатон рынчын, ӕмӕ йӕм Йохан йӕхӕдӕг кӕсы. Цӕмӕй Йоханӕн ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуыны фадат уа, уый тыххӕй хотӕ радгай фӕбадынц Занниимӕ. Фӕлӕ ӕрӕджы Йоханы йӕ къухтӕ ӕруадзынмӕ бирӕ нал хъуыд – афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, цыма хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныны аккаг нал у. «Мӕнӕй ма цӕй хистӕр нӕлгоймаг ис?– загъта Йохан, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ доны разылдысты.– Ӕмбырдӕн ӕппындӕр ницыуал пайда дӕн». Иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын загътой, йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс кӕй сты. Загътой йын, цӕмӕй дарддӕр дӕр лӕггад кӕна хистӕр нӕлгоймагӕй, кӕд йӕ бон бирӕ нал у аразын, уӕддӕр. Уыцы зӕрдиаг ныхӕстӕй Йоханы ногӕй ныфс бацыд. Йохан абон дӕр лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй, ӕмӕ ӕмбырдӕн ӕцӕг арфӕдзинад у.

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны ацӕргӕтӕн

17. Цавӕр ныфсы ныхӕстӕ ис Библийы ацӕргӕ чырыстӕттӕн?

17 Библи дзуры, ацӕргӕтӕн сӕ бон кӕй у Йегъовӕйӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын, кӕд сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕйы хӕдзары... сагъд чи у, уыдон дидинӕг калдзысты... сӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕд дӕр, уыдзысты раздӕрау цӕрдӕг ӕмӕ уӕнгрог» (Пс. 92:13, 14). Апостол Павел, ӕвӕццӕгӕн, цавӕрдӕр низӕй тыхсти, ӕмӕ кӕд йӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кодта, уӕддӕр йӕ ныфс нӕ саст. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:16–18.)

18. Ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты, стӕй сӕм чи кӕсы, уыдоны дӕр иннӕты ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы?

18 Ацӕргӕтӕн ӕцӕгдӕр сӕ бон «дидинӕг калын» кӕй у, уымӕн абон бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Фӕлӕ уӕддӕр, низтӕ ӕмӕ азтӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдон гӕнӕн ис, ӕмӕ, йӕ бинонтӕ хорз кӕмӕ кӕсынц, уыцы ацӕргӕты ныфс дӕр сӕттой. Чи сӕм кӕсы, уыдон дӕр арӕх бафӕллайынц. Ӕмбырды кадджын хӕс у ахӕм ацӕргӕ чырыстӕтты, стӕй сӕм чи кӕсы, уыдоны дӕр ныфс уадзын ӕмӕ сын хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын (Гал. 6:10). Афтӕмӕй, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны ӕнӕуи ныхӕстӕй не ’фсаддзыстӕм, «дӕхи хъарм дар ӕмӕ дӕхи хӕрдцух ма уадз», зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕм не ’ххуысы къух дӕтдзыстӕм (Иак. 2:15–17).

19. Ацӕргӕ чырыстӕтты сомбонӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

19 Чырыстоныл азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ йын Хуыцауы хъуыддаджы арӕх бирӕ нал фентысы. Фӕлӕ, Йегъовӕ йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджыты цы уарзтӕй уарзы, ууыл рӕстӕгӕн йӕ бар нӕ цӕуы. Хуыцауӕн уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сты тынг зынаргъ ӕмӕ сӕ никуы ныууадздзӕн (Пс. 37:28; Ис. 46:4). Йегъовӕ сын алкӕддӕр уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ фӕндагамонӕг (Пс. 48:14).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Кӕс чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у», 15 сӕр, «Кад кӕнут уӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн».

^ 10 абз. Иуӕй-иу бӕстӕты ацӕргӕтӕн хицауадӕй ӕмбӕлы цавӕрдӕр ӕххуыс, ӕмӕ сын уый райсынӕн дӕр, чи зоны, хъӕуа баххуыс кӕнын. Кӕс 2006 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статья «Хуыцау тыхсы ацӕргӕтыл».

^ 11 абз. Кӕс 2003 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (уыр.) статья «Иегова всегда заботится о нас».

^ 16 абз. Нӕмттӕ сты ивд.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Иузӕрдион ацӕргӕ чырыстӕттӕ дын зынаргъ цӕмӕн сты?

• Нӕ ацӕргӕ ӕмчырыстӕттыл аудын нӕ бон куыд у?

• Цы баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕн, цӕмӕй сӕ ныфс ма асӕтта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ аргъ кӕнынц ацӕргӕтӕн ӕмӕ сыл тыхсынц