Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны

Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны

Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны

«[Йегъовӕ], иузӕрдион [ыл] чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн. Ӕнустӕм сӕ хъахъхъӕндзӕн» (ПС. 37:28).

1, 2. а) Н. э. размӕ 10 ӕнусы Хуыцауы лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куыд цыд? ӕ) Цавӕр зын уавӕрты хъахъхъӕдта Йегъовӕ, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдоны?

УЫЙ уыдис н. э. размӕ 10 ӕнусы. Израилӕгтӕй цӕгаты цы дӕс мыггаджы цард, уыдон змӕнтын райдыдтой. Фӕлӕ стӕй, хуссары цы дыууӕ мыггаджы цард, уыдонӕй ахицӕн сты, ӕмӕ уый фӕрцы Израил хӕстӕй аирвӕзт. Дӕс мыггагӕн сӕ паддзах сси Йеровоам. Йеровоамы фӕндыд йӕ бартӕ сфидар кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бӕстӕйы ног дин ӕрӕвӕрдта. Йӕ адӕмӕй домдта, цӕмӕй ӕрмӕст уымӕ хъуыстаиккой ӕмӕ ӕрмӕст ууыл уыдаиккой ӕнувыд. Куыд бакӕндзысты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ? Сӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивдзысты? Мингӕйттӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр хъахъхъӕдта (1 Пад. 12:1–33; 2 Аз. 11:13, 14).

2 Хуыцауы лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд цӕуы абон дӕр. Библи фӕдзӕхсы: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра». Цымӕ «йӕ ныхмӕ фӕлӕудзыстӕм» ӕмӕ «уырнындзинады фидар уыдзыстӕм»? (1 Пет. 5:8, 9). Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, н. э. размӕ 997 азы Йеровоам паддзах куы сси, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонмӕ, ӕмӕ фенӕм, нӕ бон сӕ зондӕн райсын цы у. Уыцы уӕззау рӕстӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тынг ӕфхӕрдтой. Раст дин чи ныууагъта, уыдон сӕ ӕдзух зыгъуыммӕ зондыл ардыдтой. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕххӕст кодтой зын хӕслӕвӕрдтӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ ныууагъта, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдоны. Ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты абон дӕр нӕ ныууадздзӕн (Пс. 37:28).

Куы сӕ фефхӕрынц, уӕд

3. Паддзах Давиды рӕстӕджы адӕм цӕуылнӕ удхар кодтой?

3 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Йеровоам паддзах куыд сси, уымӕ. Ӕмбисӕндты 29:2 фыст ис: «Фыдгӕнӕг хицау куы вӕййы, уӕд... адӕм удхар кӕнынц». Израилы Давид куы уыд паддзах, уӕд адӕм нӕ удхар кодтой. Давид ӕххӕст адӕймаг нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ ныфс дардта Хуыцауыл ӕмӕ йыл уыдис иузӕрдион. Йӕ хицаудзинады рӕстӕг адӕмы ничи ӕфхӕрдта. Йегъовӕ Давидимӕ скодта бадзырд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзар ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, дӕ паддзахбадӕн фидаргонд ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм» (2 Сам. 7:16).

4. Хуыцау Соломонӕн арфӕ кодтаид ӕви нӕ, уый цӕуыл баст уыдис?

4 Давиды фырт Соломон паддзах куы сси, уӕд адӕм фыццаг тынг хорз цардысты: хъыгдарӕг сӕ нӕ уыд, цух ницӕмӕй уыдысты. Уый амыдта, Йесо Чырысти миназы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд цавӕр цард уыдзӕн, уымӕ (Пс. 72:1, 17). Израилы дыууадӕс мыггагӕй искӕцы сызмӕстаид, уымӕн ӕппындӕр ницы ӕфсон уыд. Фӕлӕ, Хуыцау Соломонӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодтаид ӕви нӕ, уый баст уыдис иу хъуыддагыл. Йегъовӕ Соломонӕн загъта: «Мӕ закъӕттӕм мын куы хъусай, мӕ тӕрхӕттӕ мын куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр дӕ зӕрдыл куы дарай ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн дӕу тыххӕй цы дзырдтон, уый. Ӕз цӕрдзынӕн Израилы фыртты ’хсӕн ӕмӕ мӕ адӕмы, Израилы, нӕ ныууадздзынӕн» (1 Пад. 6:11–13).

5, 6. Соломон Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый цӕмӕ ’ркодта?

5 Соломон куы базӕронд, уӕд Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдта (1 Пад. 11:4–6). Уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ нал ӕххӕст кодта ӕмӕ адӕмы ӕфхӕрын райдыдта. Адӕм афтӕ сфӕлмӕцыдысты, ӕмӕ Соломон куы амард, уӕд ын йӕ фырт Ровоаммӕ, йӕ бӕсты паддзах чи сси, уымӕ, хъаст кӕнынмӕ бацыдысты, ӕмӕ дзы куырдтой, цӕмӕй сын сӕ уаргъ фӕрогдӕр кодтаид (1 Пад. 12:4). Цы цӕстӕй ракаст Йегъовӕ, Соломон ыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уымӕ?

6 Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕйы маст рафыхт Соломонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ нал уыд Израилы Хуыцау Йегъовӕимӕ, дыууӕ хатты йӕм чи фӕзынд, уыимӕ». Йегъовӕ Соломонӕн загъта: «Мӕ бадзырд мын кӕй фехӕлдтай ӕмӕ дын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон кӕй не ’ххӕст кодтай, уый тыххӕй дын дӕ паддзахад байсдзынӕн ӕмӕ дын ӕй дӕ лӕггадгӕнӕгӕн ратдзынӕн» (1 Пад. 11:9–11).

7. Кӕд Йегъовӕ Соломонӕй разы нал уыд, уӕддӕр куыд батыхст, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдоныл?

7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ пехуымпар Ахийы арвыста, цӕмӕй сойӕ байсӕрстаид, израилӕгты сӕ уӕззау уаргъӕй чи хъуамӕ фервӕзын кодтаид, уыцы адӕймаджы. Уыцы ирвӕзынгӕнӕг уыдис Йеровоам. Йеровоам уыд фӕлтӕрдджын адӕймаг, Соломоны рӕстӕджы лӕггад кодта паддзахы галуаны. Йегъовӕйӕ нӕ ферох, Давидимӕ Паддзахады тыххӕй цы бадзырд скодта, уый. Фӕлӕ уӕддӕр бауагъта, цӕмӕй Израилы дыууадӕс мыггаджы дыууӕ дихы фӕуыдаиккой. Дӕс мыггагӕн сӕ паддзах хъуамӕ суыдаид Йеровоам, иннӕ дыууӕйӕн та хъуамӕ паддзахӕй баззадаид Давиды байзӕддаг Ровоам (1 Пад. 11:29–37; 12:16, 17, 21). Йегъовӕ Йеровоамӕн загъта: «Цыдӕриддӕр дын зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ мын мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай, мӕ цӕсты раст цы у, уый куы кӕнай, мӕ амындтӕ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,– мӕ лӕггадгӕнӕг Давид куыд кодта, афтӕ,– уӕд ӕз демӕ дӕр уыдзынӕн ӕмӕ дын дӕ хӕдзар ӕрфидар кӕндзынӕн, Давидӕн ӕй куыд ӕрфидар кодтон, афтӕ, ӕмӕ дын Израил дӕ къухмӕ ратдзынӕн» (1 Пад. 11:38). Афтӕмӕй Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй йӕ адӕмӕн сӕ уавӕр фӕрогдӕр уыдаид.

8. Цӕмӕй тыхсынц Хуыцауы адӕм абон?

8 Ӕфхӕрд ӕмӕ ӕнӕрастдзинад цы сты, уый абон амонын никӕмӕн хъӕуы. «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы»,– фыст ис Екклесиасты 8:9. Бартӕ кӕй къухы сты, уыдон зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй сты, уый аххосӕй бирӕ бӕстӕты адӕмӕн цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у. Хицӕуттӕ, дины разамонджытӕ ӕмӕ, базарад кӕй къухы ис, уыдонӕй бирӕтӕн се ’гъдау фӕзминаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон, рӕстгӕнӕг Лотау, сфӕлмӕцыдысты «фыдгӕнджыты амӕй-ай хӕлддӕр митӕй» (2 Пет. 2:7). Ӕмӕ кӕд Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ никӕй хъыгдарӕм, уӕддӕр нӕ арӕх хицӕуттӕ сабыр цӕрын нӕ фӕуадзынц (2 Тим. 3:1–5, 12).

9. а) Йегъовӕ йӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй ныридӕгӕн цы сарӕзта? ӕ) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Йесо Хуыцауыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдзӕн?

9 Фӕлӕ нӕ хъуамӕ иу хъуыддаг фидарӕй уырна: Йегъовӕ никуы ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны. Хуыцау ныридӕгӕн дӕр бирӕ сарӕзта ацы дунейы ӕууӕнкхор хицӕутты баивыны тыххӕй: уӕларвыл ӕрфидар кодта йӕ Паддзахад ӕмӕ йын йӕ сӕргъы сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Ӕмӕ ныр сӕдӕ азы бӕрц Йесо Чырысти у уӕларвон Паддзах. Тагъд рӕстӕг та, Хуыцауы номӕй чи тӕрсы, уыдоны ӕппӕт хъизӕмӕрттӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн. (Бакӕс Раргомад 11:15–18.) Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад суанг мӕлӕты онг. Ӕмӕ, Соломонӕй уӕлдай, Чырысти йӕ адӕмы фыдӕнхъӕл никуы фӕкӕндзӕн (Дзут. 7:26; 1 Пет. 2:6).

10. а) Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у? ӕ) Кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр фидарӕй цӕуыл ӕууӕндӕм?

10 Хуыцауы Паддзахад адӕмы хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уӕд, ӕфхӕрд цы у, уый ничиуал зондзӕн. Мах иузӕрдион стӕм Йегъовӕ Хуыцауыл ӕмӕ нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм йӕ Паддзахадыл. Уымӕ гӕсгӕ нӕхи хизӕм ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ уд хъарӕм хорз хъуыддӕгтыл (Тит. 2:12–14). Мах архайӕм, цӕмӕй ацы дунейы ӕнаиппӕй цӕрӕм (2 Пет. 3:14). Ӕмӕ абон цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма ’мбӕлӕм, уӕддӕр нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа. (Бакӕс Псалом 97:10.) Псаломы 116:15 та кӕсӕм: «Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕтмӕ». Йегъовӕ йӕ адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сӕ фесафын нӕ бауадздзӕн.

Раст дины фарс чи нӕу, уыдон сӕ зыгъуыммӕ зондыл куы фӕардауынц

11. Йеровоам Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ куыд сивта?

11 Йегъовӕ Йеровоамы паддзахӕй уымӕн сӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ адӕм гыццыл сулӕфыдаиккой. Фӕлӕ та ног паддзахы митӕ дӕр сӕ иузӕрдиондзинадӕн фӕлварӕн систы. Йеровоаммӕ фаг нӕ фӕкаст, паддзах кӕй сси, уыцы стыр кад, ӕмӕ ноджы фылдӕр бартӕ агурын райдыдта. Йеровоам хъуыды кодта: «Ацы адӕм амӕй фӕстӕмӕ дӕр нывӕндтӕ хӕссынмӕ Иерусалиммӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ куы цӕуой, уӕд сӕ зӕрдӕ аздӕхдзӕн уыдоны хицаумӕ, Иудӕйы паддзах Ровоаммӕ, ӕмӕ мӕ уӕд амардзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты Иудӕйы паддзах Ровоаммӕ». Уымӕ гӕсгӕ ӕрфидар кодта ног дин – адӕм хъуамӕ куывтаиккой дыууӕ сызгъӕрин родӕн. «Уый фӕстӕ дзы иу сӕвӕрдта Вефилы, иннӕ та Даны. Уый ӕркодта тӕригъӕдмӕ – адӕм дзы иумӕ цӕуын райдыдтой суанг Данмӕ. Йеровоам бӕрзонд бынӕтты кувӕндӕттӕ аразын райдыдта ӕмӕ сауджынтӕй сӕвӕрдта, Левийы фырттӕй чи нӕ уыд, уыдоны». Израилы адӕмӕн ма суанг ног бӕрӕгбон дӕр скодта ӕмӕ «нывондхӕссӕныл ӕрхаста кувинаг ӕмӕ нывонды фӕздӕг» (1 Пад. 12:26–33).

12. Йеровоам Израилы мӕнг дин куы ӕрфидар кодта, уӕд, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон куыд бакодтой?

12 Цӕгат паддзахады цӕрджытӕй Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон куыд бакодтой? Левиттӕн уыцы зӕххыл бынӕн лӕвӕрд уыд бирӕ горӕттӕ. Фӕлӕ сӕ иузӕрдион рагфыдӕлтау уыдон дӕр, куыд бакӕной, ууыл рахъуыды-бахъуыды нӕ кодтой (Рац. 32:26–28; Нымӕц. 35:6–8; Дык. з. 33:8, 9). Сӕ бынтӕ ныууагътой ӕмӕ сӕ бинонтимӕ алыгъдысты хуссар паддзахад Иудӕмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кодтаиккой (2 Аз. 11:13, 14). Иудӕйы рӕстӕгмӕ чи цард, уыцы израилӕгтӕ дӕр фӕстӕмӕ цӕгатмӕ нал аздӕхтысты, фӕлӕ уым цӕргӕйӕ баззадысты (2 Аз. 10:17). Йегъовӕ батыхст ууыл, цӕмӕй раст динмӕ фӕндаг ӕхгӕд ма ’рцыдаид, ӕмӕ фидӕны дӕр, цӕгат паддзахады цӕрджытӕй кӕй бафӕндыдаид, уыдонӕн фадат уыдаид мӕнг хуыцӕутты ныууадзынӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ Иудӕмӕ ӕрыздӕхынӕн (2 Аз. 15:9–15).

13. Раст дины фарс чи нӕу, уыдон Хуыцауы адӕмы зыгъуыммӕ зондыл куыд ардауынц?

13 Абон дӕр, раст дины фарс чи нӕу, уыдон Хуыцауы адӕмы зыгъуыммӕ зондыл ардауынц. Иуӕй-иу хицӕуттӕ фӕархайынц сӕ бӕстӕйы иу цавӕрдӕр дин ӕрфидар кӕныныл ӕмӕ се ’ппӕтӕй дӕр фӕдомынц, цӕмӕй уыцы дин райсой. Аргъуанты кусджытӕ ӕмӕ ӕндӕр сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕ сӕхи нымайынц, Библи цы «паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынты» кой кӕны, уыдоныл. Фӕлӕ уыцы «паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ» сты, ӕцӕг чырыстӕттӕй сыгъдӕг удӕй сӕрст чи у, уыдон (1 Пет. 2:9; Рарг. 14:1–5).

14. Раст дины фарс чи нӕу, уыдоны ныхӕстӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

14 Абон дӕр Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕнынц, н. э. размӕ 10 ӕнусы цӕрӕг левиттӕ куыд кодтой, афтӕ: раст дины фарс чи нӕу, уыдонӕн сӕхи фӕсайын нӕ уадзынц. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ семӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон ацы хъуыддаджы сты тынг къӕрцхъус. (Бакӕс Ромӕгтӕм 16:17.) Кӕд ӕнӕуи хъуыддӕгты хицӕутты коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсӕм, уӕддӕр алыхуызон змӕстыты нӕ архайӕм ӕмӕ иузӕрдион стӕм Хуыцауы Паддзахадыл (Иоан. 18:36; Ром. 13:1–8). Стӕй мах нӕ хъусӕм, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ йын хъуыддӕгтӕй та йӕ ном чи ӕгад кӕны, уыдоны афтид ныхӕстӕм (Тит. 1:16).

15. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл» иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

15 Йегъовӕ дӕтты фадат сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн, цӕмӕй ацы фыддунейӕ рацӕуой ӕмӕ бацӕуой, ныридӕгӕн зӕххыл цы «дзӕнӕт» ис, уырдӕм – йӕ организацимӕ (2 Кор. 12:1–4). Мах дзы уый тыххӕй бузныг стӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн». Уыцы цагъарӕн «хицау йӕ хӕдзаронты [йӕ] бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта». Чырысти йын йӕ бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» (Матф. 24:45–47). Уымӕ гӕсгӕ, цагъары къорд цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл цы дзуры, уый кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд дӕр нын уый хъуамӕ ӕфсон ма уа, цӕмӕй йӕм мауал хъусӕм кӕнӕ фӕстӕмӕ Сайтаны дунемӕ аздӕхӕм. Иузӕрдиондзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цалынмӕ нын Йегъовӕ алцыдӕр нӕ бамбарын кӕна, уӕдмӕ.

Зын хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ

16. Цавӕр хӕслӕвӕрд радта Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн?

16 Йегъовӕ Йеровоамӕн тӕрхон рахаста, йӕ хъуыддӕгтӕ раст дины ныхмӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Ӕмӕ Иудӕйӕ йӕ пехуымпары арвыста цӕгатмӕ, Вефилмӕ, цӕмӕй бацыдаид Йеровоаммӕ, нывондхӕссӕныл нывонд куы хастаид, уыцы рӕстӕг. Пехуымпар ын хъуамӕ фехъусын кодтаид Йегъовӕйы карз тӕрхон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон хӕслӕвӕрд нӕ уыд (1 Пад. 13:1–3).

17. Йегъовӕ йӕ минӕвары фыдбылызӕй куыд бахызта?

17 Йеровоам Йегъовӕйы тӕрхон куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт. Хуыцауы минӕвармӕ йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонмӕ фӕхъӕр кодта: «Ӕрцахсут ӕй!» Фӕлӕ, йӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр ничима фӕкодта, афтӕмӕй, «цы къухӕй йӕм ацамыдта, уый йын бахуыскъ, ӕмӕ йӕ йӕ бон нал уыд бакъӕдз кӕнын. Нывондхӕссӕн та дыууӕ дихы фӕцис, ӕмӕ йӕ сойджын фӕнык ныппырх ис». Йеровоамӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ пехуымпарӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтаид, ӕмӕ йын йӕ хуыскъ къух сдзӕбӕх кодтаид. Пехуымпар Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ Йеровоамы къух сдзӕбӕх ис. Афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ минӕвары фыдбылызӕй бахызта (1 Пад. 13:4–6).

18. Йегъовӕ куыд хъахъхъӕны, хъӕбатырӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдоны?

18 Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд ныл хатт чидӕртӕ сӕхи атигъ кӕнынц кӕнӕ та суанг нӕ ныхмӕ дӕр рацӕуынц (Матф. 24:14; 28:19, 20). Фӕлӕ нын уый хъуамӕ нӕ ныфс макуы асӕтта ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм. Иудӕйӕ Вефилмӕ чи ’рцыд, уыцы пехуымпарау мах дӕр Йегъовӕ «уый аккаг скодта, ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм, мацӕмӕй тӕрсгӕйӕ... [ӕмӕ] иузӕрдионӕй» * (Лук. 1:74, 75). Кӕд нӕ Йегъовӕ абон диссаджы хуызы нӕ ирвӕзын кӕны, уӕддӕр нӕ хъахъхъӕны йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ зӕдты фӕрцы. (Бакӕс Иоанны 14:15–17; Раргомад 14:6.) Хуыцау никуы ныууадздзӕн, йӕ ныхас ын уӕндонӕй чи хъусын кӕны, уыдоны (Фил. 1:14, 28).

Йегъовӕ хъахъхъӕндзӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты

19, 20. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ никуы ныууадздзӕн? ӕ) Иннӕ статьяйы цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

19 Йегъовӕ у иузӕрдион Хуыцау (Рарг. 15:4; 16:5). Уый зыны «йе ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр» (Пс. 145:17). Библи нын дзуры: «Иузӕрдион [ыл] чи у, уыдонӕн сӕ фӕндаг хъахъхъӕндзӕн» (Ӕмб. 2:8). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фидарӕй уырны, сӕ Хуыцау сын разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ йе ’ххуысӕй цух кӕй никуы ныууадздзӕн – фӕнды зындзинӕдтыл сӕмбӕлой, фӕнды зын хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕной, фӕнды сӕ, раст дины фарс чи нӕу, уыдон зыгъуыммӕ зондыл ардауой.

20 Уымӕ гӕсгӕ махӕй алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл дарддӕр дӕр иузӕрдион уон, кӕд зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлын, уӕддӕр? Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауыл ноджы иузӕрдиондӕр цӕй фӕрцы уыдзынӕн?

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Пехуымпар Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад ӕви нӕ ӕмӕ йыл дарддӕр цы ’рцыд, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куы фефхӕрынц, уӕд сӕ кӕй нӕ ныууадзы, уый цӕмӕй зонӕм?

• Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, раст дины фарс чи нӕу, уыдоны ныхӕстӕм?

• Йегъовӕ куыд хъахъхъӕны, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдоны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ/Ныв 5 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ЦӔГАТ ПАДДЗАХАД (Йеровоам)

Дан

СИХЕМ

Вефил

ХУССАР ПАДДЗАХАД (Ровоам)

ИЕРУСАЛИМ

[Ныв]

Йеровоам Израилы мӕнг дин куы ӕрфидар кодта, уӕд Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нӕ ныууагъта

[Ныв 3 фарсыл]

Хуыцау Соломонӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодтаид ӕви нӕ, уый баст уыдис иу хъуыддагыл