Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Миссионертӕ мӕтыхӕй уӕлдай не сты

Миссионертӕ мӕтыхӕй уӕлдай не сты

Галаады скъолайы 124 кълас.

Миссионертӕ мӕтыхӕй уӕлдай не сты

АЛЫ ӕхсӕз мӕйы дӕр Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады вӕййы стыр бӕрӕгбон, скъола каст чи фӕвӕййы, уыдонӕн. Уыцы бӕрӕгбонмӕ фӕхонынц Иугонд Штатты Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдоны иууылдӕр. 2008 азы 8 мартъийы ахӕм бӕрӕгбон уыди Галаады скъолайы 124 къласӕн. Бӕрӕгбонмӕ ’рцыдысты уазджытӕ 30 бӕстӕйӕ фылдӕрӕй. Фембӕлды чидӕриддӕр уыд (ӕдӕппӕтӕй 6 411 адӕймаджы), уыдон студентты циныл фӕцин кодтой.

Фембӕлды сӕрдар уыди Разамонӕг советы уӕнг Стивен Летт. Фыццаг раныхас уыди уымӕн ӕмӕ хуынди «Размӕ цӕут Йегъовӕйы „мӕтыхимӕ“». 1919 азӕй фӕстӕмӕ зӕрдиагӕй чи хъусын кӕны, уыцы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд Раргомады 9:1–4 барст цӕуы мӕтыхы ’фсадимӕ. Уыцы ӕфсад ӕнӕнхъӕлӕджы райдыдта размӕ бырсын. Летт студентты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уыдон дӕр, «ӕндӕр фыстӕ», кӕй баиу сты уыцы «мӕтыхы» ӕфсадмӕ (Иоан. 10:16).

Дарддӕр ныхасы рацыд Иугонд Штатты филиалы комитеты уӕнг Лон Шиллинг. Йӕ раныхас хуынди «Хорз ӕххуысгӕнӕг у». Раныхасы дзырд цыдис Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйыл (Прискӕйыл), цардысты фыццаг ӕнусы (Ром. 16:3, 4). Ацы къласы ахуыр кодта 28 къайы. Ныхасырацӕуӕг сын загъта, цӕмӕй ма рох кӕной, хорз миссионертӕ уӕд кӕй уыдзысты, хорз бинонтӕ куы уой. Библийы Акилӕйы кой кӕм ис, уым алы ран дӕр ис Прискиллӕйы кой дӕр. Уымӕй бӕрӕг у, апостол Павел дӕр ӕмӕ ӕмбырд дӕр кӕй уыдтой, куыд ӕнгом бинонтӕ уыдысты, уый. Абон дӕр миссионертӕ хъуамӕ иумӕ хъусын кӕной, иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕной ӕмӕ, ӕндӕр бӕстӕйы цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзысты, уыдоны сӕрты дӕр иумӕ хизой. Афтӕмӕй кӕрӕдзийӕн хорз ӕххуысгӕнджытӕ уыдзысты (Райд. 2:18).

Иннӕ раныхас хуынди «Йегъовӕйы хорздзинад хорздзинадӕй фид». Радзырдта йӕ Гай Пирс, Разамонӕг советы уӕнг. Ӕфсымӕр Пирс бамбарын кодта, хорздзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хизай. Хорз адӕймаг уымӕй хорз у, ӕмӕ иннӕтӕн аразы хорздзинад. Йегъовӕ Хуыцауӕй фылдӕр хорздзинад ничи кӕны (Зах. 9:16, 17). Хуыцауы хорздзинад ӕмӕ уарзондзинад мах дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн хорзы цӕуӕм. Фӕстагмӕ ӕфсымӕр Пирс студенттӕй раппӕлыд ӕмӕ загъта: «Сымах нырмӕ дӕр арӕзтат хорздзинад. Ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, дарддӕр дӕр Хуыцауы хорздзинад хорздзинадӕй кӕй фиддзыстут, Йегъовӕ Хуыцау уӕ фидӕны кӕдӕмфӕнды ма арвита, уӕддӕр».

Уый фӕстӕ ныхасы рацыд Майкл Бернетт, раздӕр уыд миссионер ӕмӕ йӕ ӕрӕджы снысан кодтой Галаады скъолайы ахуыргӕнӕгӕй. Йӕ раныхас хуынди «Дӕ зӕрдыл лӕууӕнт, цыма дӕ ныхыл баст сты, афтӕ». Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куыд ссӕрибар кодта, уый израилӕгтӕ цӕмӕй ма рох кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ уыцы хабар хъуыди сӕ зӕрдыл дарын, цыма сӕ ныхыл баст уыд, афтӕ (Рац. 13:16). Израилӕгтау студенттӕ дӕр, Галаады скъолайы цы амындтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ фехъуыстой, уыдон хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, раст цыма сӕ ныхыл баст сты, афтӕ. Ӕфсымӕр Бернетт сын загъта, цӕмӕй уой сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ, ӕмӕ, миссионертимӕ йе та ӕндӕр искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайой (Матф. 5:23, 24).

Марк Нумары раныхас хуынди «Цавӕр зарӕг скӕндзысты дӕу тыххӕй та?» Нумар бирӕ рӕстӕг у Скъолайы ахуыргӕнӕг. Рагзаманты-иу хӕстӕй уӕлахиздзаутӕй чи ӕрцыд, уыдоныл-иу сӕмбӕлдысты зарджытимӕ. Зарджытӕ уыдысты алыхуызӕттӕ. Иу ахӕм зарӕджы Рувим, Дан ӕмӕ Ассиры мыггӕгтӕн бафидис кодтой, сӕхи кӕй бааууон кодтой, уый. Завулоны мыггагӕй та йӕ удуӕлдайдзинады тыххӕй раппӕлыдысты (Тӕрх. 5:16–18). Зарӕджы ныхӕстӕ куыд айхъуысынц, афтӕ алы чырыстонӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕ ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ баззайынц. Адӕймаг Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайа ӕмӕ йын йӕ организацийы амындтӕм куы хъуса, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн ӕмӕ хорз цӕвиттон уыдзӕн йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕн. Нӕ хорз хъуыддӕгтӕй цы «зарӕг» ныффыссӕм, уымӕ ӕмбырды иннӕтӕ куы «хъусой», уӕд сӕ бафӕнддзӕн мах бафӕзмын.

124 къласы студенттӕ Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ уацамынды дӕр цыдысты. Ӕмӕ ӕдӕппӕтӕй фӕхъусын кодтой 3 000 сахаты бӕрц. Патерсоны ма цы скъолатӕ уадзынц, уыдонмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы хайадӕй ныхасы рацыд Сэм Роберсон, йӕ раныхас хуындис «Хъусут Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ». Студенттӕ радзырдтой, уацамынды сыл цавӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ’рцыд, ӕмӕ дзы кӕцыдӕртӕ ӕвдисгӕ дӕр ракодтой. Уый фӕстӕ Иугонд Штатты филиалы комитеты уӕнг Патрик Лафранка райста интервьютӕ, Галаады скъола раздӕр каст чи фӕци ӕмӕ ныр ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕфсымӕртӕй. Студентты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты, уыцы ӕфсымӕртӕй цы уынаффӕтӕ фехъуыстой, уыдон.

Фӕстаг раныхасимӕ, «Ма рох кӕн, цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ кӕй у», рацыд Энтони Моррис, Разамонӕг советы уӕнг. Фыстад нын дзуры, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм, абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоныл нӕ, фӕлӕ нӕ Йегъовӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл (2 Кор. 4:16–18). Абон адӕймаг алы ран дӕр уыны мӕгуырдзинад, ӕнӕрастдзинад, ӕфхӕрд, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Миссионертӕ дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕмбӕлой ахӕм хъуыддӕгтыл. Фӕлӕ уый куы нӕ рох кӕнӕм, ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ рӕстӕгмӕ сты, уӕд фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ размӕ ныфсджынӕй кӕсдзыстӕм.

Программӕйы кӕрон ныхасы рацыд ӕфсымӕр Летт. Студенттӕ иууылдӕр бадтысты сценӕйыл ӕмӕ йӕм хъуыстой. Ӕфсымӕр Летт сӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ къухтӕ макуы ’руадзой ӕмӕ сын загъта: «Йегъовӕ нӕ фарс куы уа, уӕд нӕ ӕппындӕр ницы фӕцудын кӕндзӕн». Кӕронбӕттӕны ма ӕфсымӕр Летт ног миссионертӕн загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы хъуыддаджы мӕтыхау бырсут размӕ, алкӕддӕр ут зынгзӕрдӕ, коммӕгӕс ӕмӕ иузӕрдион, ӕмӕ афтӕ кӕнут ӕнустӕм.

[Рамкӕ 30 фарсыл]

КЪЛАСЫ БӔРӔГГӔНӔНТӔ

Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 7

Цал бӕстӕмӕ сӕ арвыстой: 16

Цал студенты дзы уыд: 56

Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цыд: 33,8

Рӕстӕмбис нымадӕй донаргъуыд цал азы сты: 18,2

Рӕстӕмбис нымадӕй ӕххӕстрӕстӕг цал азы лӕггад кӕнынц: 13,8

[Ныв 31 фарсыл]

Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 124 кълас

Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.

1) Николсон Т., Мейн Х., Сенгэ Й., Снейп Л., Ванегас К., По Л. 2) Сантана С., О К., Леметр К., Уильямс Н., Александер Л. 3) Вудс Б., Стейнтон Л., Хантли Э., Альварес Г., Крус Дж., Беннетт Дж. 4) Уильямсон А., Гонсалес Н., Зуроски Дж., Деханд И., Мей Дж., Дьемми Ч., Тавенер Л. 5) Леметр У., Харрис А., Уэллс С., Роджерс С., Дьюррант М., Сенгэ Дж. 6) Хантли Т., Ванегас А., По А., Сантана М, Беннетт В., Тавенер Д., О М. 7) Зуроски М., Роджерс Г., Дьемми Д., Николсон Л., Альварес К., Снейп Дж. 8) Харрис М., Гонсалес П., Мейн Ш., Вудс С., Стейнтон Б., Уильямсон Д., Дьюррант Дж. 9) Крус П., Деханд Б., Уильямс Д., Уэллс С., Александер Д., Мей М.

[Ныв 32 фарсыл]

Галаады скъола ис Хъахъхъӕнӕн мӕсыгы ахуырадон центры