Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдиагӕй тырн бӕлвырд зонындзинӕдтӕм

Зӕрдиагӕй тырн бӕлвырд зонындзинӕдтӕм

Зӕрдиагӕй тырн бӕлвырд зонындзинӕдтӕм

ЙЕГЪОВӔЙӔН чи лӕггад кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр фӕнды йӕ хорзӕх ссарын. Уый тыххӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ апостол Павел фӕдзӕхсы иу тӕссаг хабарӕй. Йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты тыххӕй загъта: «Уыдон Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» (Ром. 10:2). Бӕрӕг у, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый хъуамӕ ӕрмӕст не ’нкъарӕнтыл баст ма уа. Хъуамӕ бӕлвырд зонӕм не Сфӕлдисӕджы ӕмӕ, йӕ фӕндон цы у, уый.

Ӕндӕр фыстӕджы та Павел равдыста, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уагахаст баст кӕй у бӕлвырд зонындзинӕдтимӕ. Павел куывта, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы фӕндон «бӕлвырдӕй зыдтаиккой», ӕмӕ уӕд «цардаиккой, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кодтаиккой». Уый фӕндыд, цӕмӕй «сын бирӕ ӕнтыстаид алы хорз хъуыддаджы дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зыдтаиккой» (Кол. 1:9, 10). Бӕлвырд зонындзинӕдтӕ цӕмӕн хъӕуынц? Ӕмӕ сӕм цӕмӕн хъӕуы тырнын?

Нӕ уырнындзинады бындур

Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй Библийы бӕлвырдӕй цы фыст ис, уый у нӕ уырнындзинады бындур. Ӕнӕ уыцы зонындзинӕдтӕй уырнындзинад уалдзыгон митӕй уӕлдай нӕу – хур куыддӕр ракӕсы, афтӕ уый дӕр атайы. Павел нын дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕм «ӕмбаргӕ» ӕмӕ «нӕ зонд ног кӕнӕм» (Ром. 12:1, 2). Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн, Библи иудадзыг куы ахуыр кӕнӕм, уый.

Евӕ у пионер, цӕры Польшӕйы. Уый дзуры: «Библи иудадзыг куы нӕ ахуыр кӕнин, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй мӕ зонындзинӕдтӕ нал фылдӕр кӕниккой. Ӕмӕ мӕ уӕд ацы дуне фӕстӕмӕ йӕхимӕ асаид, мӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уаид – иудзырдӕй, Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ сивин». Макуы ныл ӕрцӕуӕд ахӕм хабар! Ӕркӕсӕм, иу нӕлгоймаг Йегъовӕйы хуыздӕр базонынмӕ куыд тырныдта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ куыд рухс кодта.

«Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!»

119-ӕм псаломы нӕ бон у фенын, цы хъуыды кодта псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы закъӕттӕ, амындтӕ, фӕдзӕхстытӕ, бардзырдтӕ ӕмӕ тӕрхӕтты тыххӕй. Уый фыста: «Ӕз уарздзынӕн дӕ закъӕттӕ... Ӕз тынг уарзын дӕ амындтӕ». Афтӕ дӕр ма загъта: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Пс. 119:16, 24, 47, 48, 77, 97).

Псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй зыны, Хуыцауы Ныхасыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ йын уый стыр цины хос кӕй уыд. Уый тынг уарзта Хуыцауы закъон лӕмбынӕг иртасын. Уыцы уарзондзинад ын ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕ уыд. Псаломзарӕггӕнӕджы тынг фӕндыд Йегъовӕйы закъоныл хъуыды кӕнын, ӕмӕ йӕ ныхӕсты цы арф хъуыды ис, уый бамбарын. Уӕдӕ йӕ уынӕм, йӕ бон цы уыд, уый кӕй арӕзта, цӕмӕй бӕлвырд базыдтаид Хуыцауы ӕмӕ, йӕ фӕндон цы у, уый.

Бӕрӕг у, псаломзарӕггӕнӕгӕн йӕ уарзондзинад Хуыцауы Ныхасмӕ кӕй цыд йӕ зӕрдӕйы арфӕй. Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр афтӕ уарзын Хуыцауы Ныхас? Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ, цы бакӕсын, ууыл хъуыды кӕнын? Библи кӕсын ӕцӕгдӕр ахсджиаг хъуыддагыл нымайын ӕмӕ йӕ цалынмӕ кӕсын нӕ райдайын, уӕдмӕ скувын?» Кӕд ацы фарстытӕй сӕ фылдӕрӕн разыйы дзуапп ратдзыстӕм, уӕд ӕцӕгдӕр тырнӕм, «Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зонынмӕ».

Евӕ дзуры: «Ӕз ӕппынӕдзух архайын Библи лӕмбынӕгдӕр иртасыныл. Атлас „Посмотрите на добрую землю“ куы райстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Библи кӕсгӕйӕ алкӕддӕр вӕййы мӕ разы. Арӕх ма фӕпайда кӕнын „Фыстады ӕмбарынад“-ӕй ӕмӕ, куы фӕхъӕуы, уӕд ӕндӕр справочниктӕй дӕр».

Ӕркӕсӕм ма Войцех ӕмӕ Малгожатӕйы цӕвиттонмӕ дӕр. Уыдон сты лӕг ӕмӕ ус ӕмӕ сӕ дыууӕйыл дӕр сӕ бинонты раз гыццыл хӕстӕ нӕй. Куыд ссарынц рӕстӕг Библи ахуыр кӕнынӕн? «Алкӕмӕн дӕр нӕ рӕстӕг куыд фӕвӕййы, афтӕ фӕахуыр кӕны Библи. Уый фӕстӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы кӕнӕ ӕнӕуи ныхас кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийӕн фӕдзурӕм, цымыдисагӕй цы базыдтам кӕнӕ нын нӕ ныфс цы бафидар кодта». Библи лӕмбынӕг кӕй иртасынц, уый сын стыр циндзинад хӕссы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной.

Зӕрдиагӕй ахуыр кӕн

Мах зонӕм, Хуыцауы кӕй «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырд базоной» (1 Тим. 2:3, 4). Уымӕ гӕсгӕ куыд ахсджиаг у алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ цы кӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын! (Матф. 15:10). Цы нын баххуыс кӕндзӕн уымӕн? Хъуамӕ ахуыр кӕнӕм зӕрдиагӕй. Раст афтӕ кодтой рагон Верийы цӕрджытӕ дӕр, Павел сын хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд: «Уыдон Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой ӕмӕ алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ нын цы дзурынц, уыдӕттӕ раст сты ӕви нӕ» (Ап. хъ. 17:11).

Ды дӕр Верийы цӕрджытау Библи зӕрдиагӕй фӕахуыр кӕныс ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, цы фӕкӕсыс, уымӕ саразыс? Чырыстонӕн йӕ бон у верийӕгты фӕзмын, кӕд Библи ахуыр кӕнын раздӕр уыйас йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уӕд дӕр. Адӕймагыл азтӕ куыд фӕцӕуы, афтӕ кӕсгӕ дӕр ӕмӕ ахуыр дӕр къаддӕр фӕкӕны. Фӕлӕ чырыстӕттӕн сӕ хабар афтӕ хъуамӕ ма уа. Цыфӕнды кары дӕр исты лӕмбынӕг кӕсӕн ис. Ӕмӕ кӕсгӕ-кӕсын дӕ хъус дар, иннӕтӕн дӕ бон радзурын цы уа, ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ хабӕрттӕм. Зӕгъӕм, дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базонай, уыдӕттӕ радзурай дӕ цардӕмбалӕн кӕнӕ ӕмбырдӕй искӕмӕн. Афтӕмӕй, цы базыдтай, уый хуыздӕр бахъуыды кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы баззайдзӕн, кӕмӕн ӕй радзурай, уыдоны ныфсыл та ныфс бафтаудзынӕ.

Ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын хорз цӕвиттон у Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Ездрӕ. Уый «йӕ зӕрдӕ сарӕзта Йегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ» (Езд. 7:10). Дӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын? Равзар ахӕм бынат, ахуыр кӕнын дӕ кӕм мацы хъыгдара. Уый фӕстӕ Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ дзы ракур разамынд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад (Иак. 1:5). Ахъуыды кӕн: «Абон Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базондзынӕн?» Кӕсгӕ-кӕсын дӕ хъус дар сӕйраг хъуыдытӕм. Чи зоны дӕ бафӕнда, цӕмӕй сӕ рафыссай кӕнӕ дӕ тынгдӕр бахъуыды кӕнын цы фӕнды, уый фӕбӕрӕг кӕнай. Ахъуыды кӕн, цы бакастӕ, уымӕй куыд ис спайда кӕнӕн уацамынды, исты фарст скъуыддзаг кӕнгӕйӕ кӕнӕ искӕй куы фидар кӕнай, уӕд. Цы бакастӕ, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыдытӕ фӕстагмӕ ногӕй дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Афтӕмӕй, цы базыдтай, уый бахъуыды кӕндзынӕ.

Евӕ дзуры: «Библи кӕсгӕйӕ ма ӕркӕсын уӕлӕмхасӕн стихтӕм, „Индекс“-мӕ кӕнӕ „Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы библиотекӕ“-мӕ дискыл. Рафыссын, уацамынды мӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыдытӕ».

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ бирӕ азты дӕргъы лӕмбынӕг ахуыр кӕнынц Библи (Ӕмб. 2:1–5). Уыимӕ сыл ис бирӕ хӕстӕ ӕмӕ сын ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарын ӕнцон нӕ вӕййы. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон цы уаид бакӕнын?

Кӕм ис ссарӕн рӕстӕг?

Адӕймаг цы уарзы, уыцы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ӕцондӕрӕй ссары. Афтӕ нӕу? Бирӕтӕ бафиппайдтой, ахуыр кӕнын сын ӕхсызгондӕр кӕй фӕци, сӕ разы-иу, къухы ӕцӕгдӕр чи бафта, ахӕм нысан куы сӕвӕрдтой, уӕд, зӕгъӕм, Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг чи зоны зивӕг кӕна даргъ номхыгъдтӕ, рагон кувӕндон куыд арӕзт уыд, уый лыстӕггай кӕм фыст ис, уыцы скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ, комкоммӕ нӕ алыбоны цардмӕ чи нӕ хауы, ахӕм зынӕмбарӕн пехуымпарӕдтӕ кӕсынмӕ. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта? Зӕгъӕм, Библийӕ дӕ исты зын скъуыддзаг бакӕсын куы хъӕуа, уӕд уал фыццаг бакӕс, цы хабӕртты кой дзы цӕуы, уыдон кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ нӕ бон зондӕн райсын цы у. Ахӕм ӕрмӕг ссарӕн ис чиныг «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» (ис иу-50 ӕвзагыл) кӕнӕ та брошюрӕты «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда».

Хорз ӕххуыс ма дын уаид, дӕ цӕстытыл-иу куы ауайын кӕнис, Библийы кӕй тыххӕй фӕкӕсыс, уыцы адӕмы ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ. Ацы цалдӕр уынаффӕ дӕр дын, чи зоны, баххуыс кӕной, цӕмӕй дын ахуыр кӕнын ӕхсызгондӕр уа ӕмӕ дын фылдӕр пайда ӕрхӕсса. Афтӕмӕй та ноджы тынгдӕр архайдзынӕ, цӕмӕй-иу ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарай ӕмӕ дын ӕнцондӕр уыдзӕн алы бон дӕр Библи кӕсын.

Уӕлдӕр цы уынаффӕтӕм ӕркастыстӕм, уыдон адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц, Библи йӕхӕдӕг иунӕгӕй куы ахуыр кӕна, уӕд. Ӕмӕ уӕд бинонтӕн та куыд кӕнгӕ у? Хорз уаид, иумӕ куы ’рбадиккой ӕмӕ куы аныхас кӕниккой, бинонты ахуыр сын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Чи зоны ахӕм уынаффӕ рахӕссат, цӕмӕй-иу алы бон дӕр кӕнӕ кӕцыдӕр бонты цалдӕр минуты раздӕр сыстат ӕмӕ-иу Библийӕ иу скъуыддзаг иумӕ бакӕсат. Кӕнӕ та уӕ бафӕнда уӕ бинонты графикы цыдӕр фӕивын. Зӕгъӕм, иуӕй-иу бинонты зӕрдӕмӕ цӕуы ӕрвылбоны стих кӕнӕ Библийӕ иу гыццыл хай хӕрды фӕстӕ бакӕсын. Цалынмӕ стъол ӕфснайын нӕ райдайынц кӕнӕ сӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ кӕнынмӕ нӕ ацӕуынц, уӕдмӕ 10–15 минуты дӕргъы фӕныхас кӕнынц ӕрвылбоны стихыл кӕнӕ Библи графикмӕ гӕсгӕ фӕкӕсынц. Чи зоны бинонтӕм уый фыццаг ӕнцон ма фӕкӕса, фӕлӕ ууыл тагъд фӕцахуыр уыдзысты ӕмӕ ма сӕ зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзӕн.

Войцех ӕмӕ Малгожатӕ радзырдтой, сӕ бинонтӕн сын цы баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Раздӕр нӕ рӕстӕг цыд, афтӕ ахсджиаг чи нӕ уыд, ахӕм хуымӕтӕг хъуыддӕгтыл. Мах баныхас кодтам, компьютеры фыстӕджытӕ фыссыныл къаддӕр рӕстӕг кӕй хардз кӕндзыстӕм. Хиирхӕфсӕнтыл нын цы рӕстӕг цыд, уый дӕр фӕкъаддӕр кодтам ӕмӕ, Библи лӕмбынӕг кӕд ахуыр кӕндзыстӕм, уымӕн бӕлвырд бон ӕмӕ бӕлвырд рӕстӕг равзӕрстам». Уыцы бинонтӕ, ай-гъайдӕр, ӕппындӕр нӕ фӕфӕсмон кодтой, афтӕ кӕй бакодтой, ууыл. Ӕмӕ сымах дӕр афтӕ куы бакӕнат, уӕд, чи зоны, райгондӕй баззайат.

Бӕлвырд зонындзинӕдтӕм тырнын у арфӕйаг хъуыддаг

Адӕймаг Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы ахуыр кӕна, уӕд ын «бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы дӕр» (Кол. 1:10). Кӕд ды дӕр афтӕ кӕныс, уӕд дын де ’нтыстытӕ иууылдӕр уындзысты. Дӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн ӕмӕ хорз ӕмбардзынӕ Библийы ахуырӕдтӕ. Ӕмбаргӕдӕр уыдзынӕ, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзынӕ ӕмӕ, фаг зонындзинӕдтӕ кӕмӕ нӕй, уыдонӕй уӕлдай зондзынӕ, кӕм дӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый. Сӕйраджыдӕр та ӕввахсдӕр кӕндзынӕ Йегъовӕмӕ. Йӕ миниуджытӕ йын хуыздӕр базондзынӕ ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн-иу йӕ кой куы кӕнай, уӕд (1 Тим. 4:15; Иак. 4:8).

Цасфӕнды дыл ма цӕуа ӕмӕ цыфӕнды фӕлтӕрд ма уай, ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй дын Хуыцауы Ныхас циндзинад хӕсса ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй иртасай. Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбон кӕй нӕ ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). Уый дӕ схайджын кӕндзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕй.

[Рамкӕ 13 фарсыл]

БӔЛВЫРД ЗОНЫНДЗИНӔДТӔМ КУЫ ТЫРНӔМ...

уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй кад хӕсдзыстӕм Йегъовӕйӕн (Кол. 1:9, 10).

уӕд ӕмбаргӕдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм (Пс. 119:99).

уӕд нын ӕхсызгондӕр уыдзӕн адӕмӕн Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын (Матф. 28:19, 20).

[Нывтӕ 14 фарсыл]

Ахуыр кӕнынӕн хибар ран ссар

[Ныв 15 фарсыл]

Иуӕй-иу бинонтӕ Библи фӕкӕсынц хӕрды фӕстӕ