Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойы фӕзмут. Хуыцауӕн кувут, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ

Йесойы фӕзмут. Хуыцауӕн кувут, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ

Йесойы фӕзмут. Хуыцауӕн кувут, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ

Хуыцау зӕрдиагӕй хоны адӕмы «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй», цӕмӕй йын кувой (Рарг. 7:9, 10; 15:3, 4). Ӕмӕ йӕм чи байхъуыста, уыдон ын ныр уынынц йӕ рӕсугъд миниуджытӕ (Пс. 27:4; 90:17). Псаломзарӕггӕнӕгау уыцы адӕм дӕр Хуыцауы кадджын кӕнынц ӕмӕ дзурынц: «Бакувӕм ын ӕмӕ йӕ разы ӕрхауӕм, нӕ зонгуытыл ӕрлӕууӕм Йегъовӕйы раз, не Скӕнӕджы раз» (Пс. 95:6).

Йегъовӕйӕн кув, ӕхсызгон ын куыд у, афтӕ

Йесойӕн, Хуыцауы иунӕггуырд Фыртӕн, уыд диссаджы фадат, цӕмӕй, йӕ Фыд куыд хъуыды кодта, уый базыдтаид ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айстаид. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыдис адӕмӕн бацамонын, Хуыцауӕн раст кувын куыд хъӕуы, уый. Йесо загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 1:14; 14:6).

Йесо нын фӕзминаг у, тынг сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕй каст, уымӕй. Уый афтӕ загъта: «Мӕхи фӕндӕй... ницы аразын, фӕлӕ мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоан. 8:28, 29). Куыд арӕзта Йесо, йӕ Фыдӕн ӕхсызгон цы у, уый?

Йесо иузӕрдион уыд йӕ Фыдыл – Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн та йӕ мидис уый мидӕг ис. Йесо йӕ Фыды кӕй уарзта, уый зынди, йӕ коммӕ кӕй каст ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кодта, уымӕй, кӕд ӕй уый тыххӕй стыр хъизӕмӕрттӕ бавзарын хъуыдис, уӕддӕр (Фил. 2:7, 8). Йесо Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уый ма бӕрӕг уыд, алкӕддӕр адӕмы кӕй ахуыр кодта, уымӕй. Уыцы хъуыддаг афтӕ зӕрдиагӕй кодта, ӕмӕ йӕ иууылдӕр, уырнджытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕ дӕр, хуыдтой Ахуыргӕнӕг (Матф. 22:23, 24; Иоан. 3:2). Уымӕй уӕлдай Йесо адӕмӕн не ’вгъау кодта йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ. Ӕмӕ иннӕтӕн удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй-иу ын кӕд йӕхицӕн рӕстӕг дӕр нал баззад, уӕддӕр-иу уыди амондджын (Матф. 14:13, 14; 20:28). О, Йесойӕн уӕлдай рӕстӕг никуы уыдис, фӕлӕ-иу йӕ уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнынӕн рӕстӕг алы хатт дӕр ссардта (Лук. 6:12). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ дӕр тынг аргъ кодта йӕ Фырты лӕггадӕн.

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕн – ӕппӕт тыхтӕй архай

Йегъовӕйӕн йӕ Фырты хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ тынг рухс кодта ӕмӕ йын ӕй зӕгъгӕ дӕр кодта (Матф. 17:5). Йӕ иузӕрдиондзинад ын уыдта Сайтан Хӕйрӕг дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Йесойы скодта йӕ сӕйрагдӕр нысан. Цӕмӕн? Хабар уый мидӕг ис, ӕмӕ уӕдмӕ иунӕг адӕймагӕн дӕр йӕ бон не сси, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид, ома, Хуыцауы куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ йын лӕггад кодтаид. Ӕмӕ Хӕйрӕг йӕ уд скъуыдта ууыл, цӕмӕй Йесо, Йегъовӕ цы лӕггады аккаг у, афтӕ йын мауал лӕггад кодтаид (Рарг. 4:11).

Сайтан архайдта Йесойы фӕрӕдийын кӕныныл. Уый йӕ «скодта тынг бӕрзонд хохмӕ ӕмӕ йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кады фидыц». Ӕмӕ йын стӕй загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд». Йесо куыд бакодта? Уый йын загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Матф. 4:8–10). О, Йесо хорз ӕмбӕрста, Сайтанӕн бакувын адӕймагмӕ цыфӕнды цыбӕйлаг ма фӕкастаид, уӕддӕр уыдаид мӕнгхуыцауӕн кувын. Уымӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыд Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн бакувын.

Цӕмӕй мах абон Сайтанӕн бакувӕм, уый тыххӕй нын ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кады фидыц нӕ дӕтты. Фӕлӕ уӕддӕр сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕтты рӕдийын кӕны, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ мауал лӕггад кӕной. Хӕйрӕджы фӕнды, Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн куы кувиккам, уый (2 Кор. 4:4).

Йесо Чырысти мӕлӕты онг дӕр баззад иузӕрдионӕй. Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивта, уымӕй йӕ скадджын кодта, иунӕг адӕймагӕн дӕр йӕ бон куыд нӕу, афтӕ. Абон мах дӕр, ӕцӕг чырыстӕттӕ, Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ не Сфӕлдисӕджы йеддӕмӕ никӕмӕн лӕггад кӕнӕм. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уымӕй зынаргъдӕр нын царды ницы ис.

Арфӕдзинӕдтӕ, Хуыцауӕн раст чи лӕггад кӕны, уыдонӕн

«Нӕ Хуыцауы... цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин», ома Хуыцауӕн сыгъдӕгӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ (Иак. 1:27). Ныртӕккӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр сты «хиуарзон, ӕхцауарзаг, хъал» ӕмӕ «хорздзинад нӕ уарзынц» (2 Тим. 3:1–5). Фӕлӕ мах стӕм Хуыцауы организацийы, ӕмӕ нӕ алыварс ис, йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл чи архайы, ахӕм хӕрзӕгъдау адӕм. Куыд хорз у, ахӕм ӕфсымӕртӕ нын кӕй ис!

Ацы дунейӕн нӕхи фӕчъизи кӕнын кӕй нӕ уадзӕм, уымӕ гӕсгӕ ма хайджын стӕм ноджы иу арфӕдзинадӕй – нӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ цӕсгом алкӕддӕр сыгъдӕг уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ, кесӕры закъӕттӕй Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи нӕу, уыдон ӕххӕст кӕнӕм (Марчы 12:17; Ап. хъ. 5:27–29).

Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый ма нын хӕссы ноджы иу арфӕдзинад. Хуыцауы фӕндон нын нӕхи фӕндонӕй ахсджиагдӕр куы уа, уӕд нӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕ райдзӕн. Мах ахӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, зӕгъгӕ, «хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм», фӕлӕ нӕ ис фидар ныфс, зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм (1 Кор. 15:32).

Раргомады чиныджы дзырд цӕуы, Йегъовӕйы раз сыгъдӕг чи у, уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты [куы] ахизой», уыцы рӕстӕгыл. Уӕд, «паддзахбадӕныл чи бады, уый сын сӕ сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ цатыр» (Рарг. 7:13–15). Паддзахбадӕныл чи бады, уый у Йегъовӕ – Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уый. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕ йӕ цатырмӕ куы бахона ӕмӕ дӕ алы ӕвзӕрдзинадӕй дӕр куы хъахъхъӕна, уӕд! Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ныл абон нӕ тыхсы ӕмӕ нӕ нӕ хъахъхъӕны.

Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн раст чи кувы, уыдоны Йесо «кӕндзӕн царды суадӕттӕм». Уыцы суадӕттӕ сты, адӕмӕн ӕнустӕм цӕрынӕн Йегъовӕ цыдӕриддӕр дӕтты, уый. Чырыстийы нывонды фӕрцы сын «Хуыцау ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» (Рарг. 7:17). Адӕм суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ цин кӕндзысты, зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, ууыл. Ныр дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй амондджындӕр адӕм нӕй. Уыдон Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнынц ӕмӕ йын йӕ зӕдтимӕ иумӕ лӕггад кӕнынц. Уыцы зӕдтӕ та зарынц: «Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ, Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ, ӕнусты Паддзах! Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн дӕуӕй, Йегъовӕ, ӕмӕ дын дӕ ном чи не скадджын кӕндзӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион! Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр ӕрцӕудзысты ӕмӕ дын кувдзысты дӕ разы, уымӕн ӕмӕ раргом сты дӕ раст тӕрхӕттӕ» (Рарг. 15:3, 4).

[Ныв 27 фарсыл]

Сайтан нын цы дӕтты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал кувӕм?