Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уе ’мкъайад уӕд «ӕртӕ тагӕй конд»

Уе ’мкъайад уӕд «ӕртӕ тагӕй конд»

Уе ’мкъайад уӕд «ӕртӕ тагӕй конд»

«Ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн тагъд не скъуыйы» (ЕККЛ. 4:12).

1. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы чи баиу кодта?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты куы сфӕлдыста, уӕд уый фӕстӕ сфӕлдыста фыццаг адӕймаг Адамы. Фӕстӕдӕр Адамы тарффынӕй бакодта, йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа ӕмӕ йын дзы скодта ӕххуысгӕнӕг, алцӕмӕйдӕр ӕххӕст сылгоймаджы. Адам ӕй куы федта, уӕд загъта: «Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй» (Райд. 1:27; 2:18, 21–23). Йегъовӕ федта, Евӕ ӕцӕгдӕр хорз ӕмбал кӕй у Адамӕн, ӕмӕ йын ӕй усӕн радта (Райд. 1:28; 2:24).

2. Сайтаны аххосӕй Адам ӕмӕ Евӕйы мыды къусы къӕм куыд бахаудта?

2 Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, Хуыцау бындур цы бинонты цардӕн ӕрӕвӕрдта, уымӕн фӕзынд знаг. Куыд? Фӕстӕдӕр Сайтан чи сси, уыцы ӕвзӕр зӕд Евӕйы фӕсайдта, ӕмӕ Евӕ дӕр, Йегъовӕ сӕ цы бӕласӕй бафӕдзӕхста, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ, уыцы бӕласы дыргътӕй бахордта. Уый фӕстӕ Адам дӕр йӕ усы бафӕзмыдта. Афтӕмӕй сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раст уагӕвӕрдты ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ йын йӕ разамындыл сӕ къух систой (Райд. 3:1–7). Йегъовӕ сӕ куы бафарста, цы сарӕзтой, уымӕй, уӕд Адам алцыдӕр йӕ усы ’фсон фӕкодта: «Ды мын цы сылгоймаджы радтай, уый мын радта уыцы бӕласы дыргътӕй, ӕмӕ дзы бахордтон» (Райд. 3:11–13). Рабӕрӕг, кӕрӕдзийыл раздӕрау ӕнувыд кӕй нал уыдысты.

3. Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕр рӕдыд хъуыдыйыл ныххӕцыдысты?

3 Уӕдӕй нырмӕ Сайтан бирӕ хиндзинӕдтӕ ӕрхъуыды кодта бинонты фарн халынӕн. Зӕгъӕм, дины разамонджытӕй-иу спайда кодта, цӕмӕй адӕмы зонд зыгъуыммӕ кодтаиккой ӕмӕ ӕмкъайадмӕ Хуыцауы цӕстӕй ма кастаиккой. Дзуттаг дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕуал дардтой, ӕмӕ бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй лӕг йӕ усӕй хицӕн кодтаид гыццыл хъуыддаджы тыххӕй дӕр, зӕгъӕм, хӕринаг ын ӕгӕр куы фӕцӕхджын уыдаид, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ Йесо загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матф. 19:9).

4. Цавӕр хъуыддӕгтӕй зыны, Хуыцау бинонты цардӕн цы уаг сӕвӕрдта, уый абон хӕлд кӕй цӕуы?

4 Сайтан абон дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй, бинонты цардӕн Хуыцау цы уаг сӕвӕрдта, уый фехала. Уыцы хъуыддаджы йын бирӕ кӕй бантыст, уый зыны бирӕ хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ, сылгоймаг та сылгоймагимӕ фӕкӕнынц лӕг ӕмӕ усы цард, бирӕ лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ, сӕ къухтӕ не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ фӕцӕрынц, уымӕй уӕлдай ма закъонмӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнын дӕр сси тынг ӕнцон. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:4.) Куыд бахизӕм нӕхи, цӕмӕй ӕмкъайадмӕ ма райдайӕм дунейы цӕстӕй кӕсын? Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы вӕййынц, цалдӕр ахӕм хъуыддагмӕ.

Йегъовӕ уе ’мкъайады уӕд ӕртыккаг таг

5. Дзырдбаст «ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн» бинонты цардмӕ ахӕсгӕйӕ цы нысан кӕны?

5 Лӕг ӕмӕ ус амондджын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕимӕ уыдзысты. Библийы фыст ис: «Ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн тагъд не скъуыйы» (Еккл. 4:12). Дзырдбаст «ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕн» у абарст. Ацы абарст бинонтӕм куы ахӕссӕм, уӕд дзы дыууӕ таджы сты лӕг ӕмӕ ус, тыхст кӕимӕ сты, уыцы сӕйраг таг та у Йегъовӕ Хуыцау. Лӕг ӕмӕ ус Хуыцауимӕ иудзинады куы уой, уӕд сӕм сӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн тыхтӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕйраджыдӕр уыцы иудзинады фӕрцы уыдзысты амондджын.

6, 7. а) Цы кӕнын хъӕуы чырыстӕтты, цӕмӕй Йегъовӕ се ’мкъайады ӕртыккаг таг уа? ӕ) Иу хо йӕ лӕгӕн тынгдӕр цӕй тыххӕй аргъ кӕны?

6 Фӕлӕ лӕг ӕмӕ усы цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй се ’мкъайад «ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕны» хуызӕн уа? Псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «Ӕхсызгон мын у, мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8). Мах дӕр Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын лӕггад кӕнӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Уӕдӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕм Йегъовӕ ноджы ’ввахсдӕр суа ӕмӕ сын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын циндзинад хӕсса. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной Хуыцауы тынгдӕр уарзынӕн (Ӕмб. 27:17).

7 Хуыцауы закъон нӕ зӕрдӕйы куы уа, уӕд нӕм уыдзӕн уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад, ӕмӕ нӕ уыцы миниуджытӕ нӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийыл тынгдӕр бӕтдзысты (1 Кор. 13:13). Хо Сандрӕ, чындзыцыд у 50 азы бӕрц, дзуры: «Мӕ лӕгӕн тынгдӕр уымӕн аргъ кӕнын, Библимӕ гӕсгӕ мын кӕй бамбарын кӕны, хуыздӕр куыд вӕййы бакӕнӕн, уый ӕмӕ мӕнӕй фылдӕр Йегъовӕйы кӕй уарзы». Кӕд дын бинойнаг ис, уӕд цымӕ уый дӕр дӕуӕй афтӕ зӕгъид?

8. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус «хорзӕхджын ӕрцӕуой», уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы аразын?

8 Сымахӕн дӕр уӕ бинонты царды сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнат ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнат? Уыцы хъуыддаджы де ’мкъайы ӕцӕгдӕр де ’мбал ӕмӕ де ’мкусӕгыл нымайыс? (Райд. 2:24). Зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Иуӕй дыууӕйӕн хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй хорзӕхджын ӕрцӕуынц» (Еккл. 4:9). Лӕг ӕмӕ усы ӕцӕгдӕр хъӕуы фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй «хорзӕхджын ӕрцӕуой» – кӕрӕдзи уарзгӕйӕ ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ цӕрой ӕмӕ сӕ Хуыцауы хорзӕх уа.

9. а) Лӕгӕн йӕ хӕс цы у? ӕ) Колоссӕгтӕм 3:19 гӕсгӕ, лӕг йӕ усӕн куыд хъуамӕ уа?

9 Йегъовӕ ’мкъайады ӕртыккаг таг уӕд уыдзӕн, лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой. Лӕгӕн йӕ хӕс у бинонты дарын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнын (1 Тим. 5:8). Уымӕй уӕлдай ма лӕг хъуамӕ йӕ усы ӕнкъарӕнтыл дӕр хъуыды кӕна. Колоссӕгтӕм 3:19 кӕсӕм: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут». Иу иртасӕг куыд загъта, афтӕмӕй дзырд «тызмӕг» нысан кӕны, «лӕг йӕ усы ныхасӕй куы ’фхӕра кӕнӕ йӕм йӕ къух куы иса, куы нӕ йыл ауда, куы нӕ йыл тыхса, куы нӕ йӕ хъахъхъӕна ӕмӕ йын куы нӕ ’ххуыс кӕна». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕ сӕхи афтӕ хъуамӕ ма дарой. Лӕг йӕ усӕн уарзӕгой сӕрыхицау куы уа, уӕд ус дӕр ӕнӕзивӕгӕй йӕ коммӕ кӕсдзӕн.

10. Ӕмкъайадмӕ Хуыцауы цӕстӕй цы ус кӕсы, уый цавӕр зондыл хӕст хъуамӕ уа?

10 Кӕд усы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йе ’мкъайады ӕртыккаг таг уа, уӕд ын хъуамӕ йӕ домӕнтӕ ӕххӕст кӕна. Апостол Павел фыста: «Сылгоймӕгтӕ, цыма Хицауы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс. Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы хицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ» (Еф. 5:22, 23). Сайтан Евӕйы фӕсайдта, ӕмӕ йын загъта, ӕнӕ Хуыцауӕй ноджы амондджындӕр кӕй уыдзӕн. Абон дӕр бирӕ устытӕ сты ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд. Фӕлӕ, ӕмкъайадмӕ Хуыцауы цӕстӕй цы сылгоймаг кӕсы, уый йӕ уарзӕгой сӕрыхицаумӕ хъусын йӕхицӕн ӕгадыл нӕ нымайы. Ахӕм ус йӕ зӕрдыл дары, Йегъовӕ Евӕйы уый тыххӕй кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йӕ лӕгӕн «ӕххуысгӕнӕг» уа, ӕмӕ уый та Хуыцауы цӕсты уыд кадджын хӕс (Райд. 2:18). Хуыцау сылгоймагӕн ӕмкъайады цы бынат радта, уымӕн чи аргъ кӕны, ахӕм ус йӕ лӕгӕн ӕцӕгдӕр у «кадыхуд» (Ӕмб. 12:4).

11. Иу ӕфсымӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, бинонты цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй ӕнгом уой?

11 Цӕмӕй Йегъовӕ ’мкъайады ӕртыккаг таг уа, уый тыххӕй ма сӕ хъӕуы иумӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын. Джеральд йӕ усимӕ 55 азы амондджынӕй цӕры. Уый дзуры: «Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый тыххӕй сӕ фыццаджы-фыццаг хъӕуы иумӕ Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын. Алцыдӕр иумӕ куы аразой, уӕлдайдӕр та Хуыцауӕн кувынимӕ баст хъуыддӕгтӕ, уӕд сӕ кӕрӕдзимӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕнынц ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр». Лӕг ӕмӕ ус Библи иумӕ куы ахуыр кӕной, уӕд Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕдзух сӕ зӕрдыл дардзысты, сӕ уӕларвон Фыдимӕ сӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уый тыхджындӕр уыдзӕн ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн.

12, 13. а) Бинонтӕн иумӕ кувын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Цавӕр хъуыддӕгтӕ ма фидар кӕнынц ӕмкъайад?

12 Ӕнгом бинонтӕ ма Хуыцаумӕ иумӕ дӕр фӕкувынц. Лӕг Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ куы ӕргом кӕна, ӕмӕ йын йӕ бинонты сагъӕсты тыххӕй куы дзура, уӕд се ’мкъайады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты (Пс. 62:8). Зӕгъӕм, дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуылдӕр нӕ разы кӕнут. Цас ӕнцондӕр уын уыдзӕн кӕрӕдзи бамбарын, иумӕ Хуыцаумӕ куы скувиккат ӕмӕ дзы зонд куы ракуриккат, уӕд! (Матф. 6:14, 15). Куыд хорз уаид, уӕ куывдмӕ гӕсгӕ уӕ дыууӕ дӕр кӕрӕдзийӕн куы барат ӕмӕ зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнат кӕрӕдзийӕн (Кол. 3:13). Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд ӕвдисӕм нӕ ныфс ыл кӕй дарӕм. Паддзах Давид Йегъовӕйӕ загъта: «Се ’ппӕтӕн дӕр дӕумӕ у сӕ каст» (Пс. 145:15). Не скаст Хуыцау куы уа, нӕ ныфс ууыл куы ’вӕрӕм, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ «уый тыхсы махыл» (1 Пет. 5:7).

13 Бинонтӕ ма амондджын уыдзысты, лӕг ӕмӕ ус ӕмбырды фембӕлдтӕм куы цӕуой ӕмӕ иумӕ куы хъусын кӕной. Ӕмбырды ахуыр кӕнынц, Сайтаны «хинмиты» ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон куыд у, цӕмӕй сӕ бинонты цард ма фехӕла (Еф. 6:11). Ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус иудадзыг иумӕ куы хъусын кӕной, уӕд уыдзысты «фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (1 Кор. 15:58).

Зындзинӕдтӕ куы фӕзыны

14. Бинонтӕ маст цӕй тыххӕй ӕвзарынц?

14 Уӕлдӕр цы уынаффӕтыл ӕрдзырдтам, уыдон ног не сты, фӕлӕ хорз уаид, де ’мкъаимӕ сыл иумӕ куы аныхас кӕниккат. Ӕркӕсут, мыййаг уӕ уӕ бинонты царды исты фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы. Библи бӕлвырд дзуры, Йегъовӕ цы бинонты ’хсӕн ис, уыдонӕн дӕр кӕй уыдзӕн «сӕ царды... бирӕ мӕт» (1 Кор. 7:28). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ бинонты царды ӕвзарой бирӕ маст, уымӕн ӕмӕ сты ӕнӕххӕст, стӕй сыл ацы фыддуне дӕр ӕндавы ӕмӕ сын Хӕйрӕг дӕр алыхуызон къӕппӕджытӕ ӕвӕры (2 Кор. 2:11). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у ӕппӕт уыдӕттӕ сфӕразын. О, уый ӕнӕмӕнг афтӕ у. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иов дӕр бирӕ маст бавзӕрста: баззад ӕнӕ фосӕй, фӕмард сты йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Библи зӕгъы: «Ӕппӕт уыдӕтты Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауы нӕ фӕаххосджын кодта» (Иов 1:13–22).

15. Мӕстджын адӕймаг йӕхи куыд фӕдары ӕмӕ де ’мкъай мӕсты куы уа, уӕд дӕ цы кӕнын хъӕуы?

15 Фӕлӕ уыцы уӕззау уавӕры Иовы ус йӕхи бынтон ӕндӕрхуызон дардта. Йӕ лӕгӕн загъта: «Уӕддӕр ма Хуыцауыл ӕнувыд дӕ? Ралгъит Хуыцауы, ӕмӕ амӕлай!» (Иов 2:9). Адӕймагыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы кӕнӕ исты зын уавӕрты куы бахауы, уӕд йӕ фыртыхстӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕрхъуыды ми дӕр бакӕна. «Адӕймагыл ӕфхӕрд афтӕ бандавы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕнӕзонд ми бакӕндзӕн»,– загъта иу куырыхон лӕг (Еккл. 7:7). Де ’мкъай истӕуыл мӕсты куы уа ӕмӕ йӕ маст дӕуыл куы ныккала, уӕд-иу бацархай дӕхиуыл фӕхӕцын. Ды дӕр ӕм мӕстыйӕ куы сдзурай, уӕд хъуыддаг фыддӕр цы фӕуа, уый йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕуыдзӕн. (Бакӕс Псалом 37:8.) Уӕдӕ мӕстджын адӕймаг цы «карз ныхӕстӕ» фӕкӕны, уыдон дӕ зӕрдӕмӕ ма ис (Иов 6:3).

16. а) Матфейы 7:1–5 фыст ныхӕстӕ лӕг ӕмӕ усмӕ куыд ис ахӕссӕн? ӕ) Бинонты царды ӕмбаргӕдзинад ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийӕ ӕгӕр бирӕ ма домой. Сӕ иуӕн иннӕйы, гӕнӕн ис, цыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ ма цӕуа ӕмӕ хъуыды кӕна, ӕз ӕй аивдзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон куы уай, уӕд ын, чи зоны, ӕцӕгдӕр баххуыс кӕнай сабыргай цыдӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, иннӕтӕн сӕ гыццыл хъӕндзинӕдтӕм дӕр чи ныккомкоммӕ вӕййы, уый тыххӕй Йесо Чырысти афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, йе ’фсымӕры цӕсты «хъӕмпыхалмӕ» кӕсы, йӕхи цӕсты та «хъӕд» нӕ уыны. Йесо нын дзуры: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн». (Бакӕс Матфейы 7:1–5.) Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ стыр хъӕндзинӕдтӕм дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын хъӕуы. Йӕ усимӕ 40 азы бӕрц чи цӕры, ахӕм нӕлгоймаг, Роберт, дзуры: «Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕной, ӕмӕ иу иннӕмӕн йӕ хъӕндзинадмӕ куы бацамона, уӕд уый хъуамӕ мӕсты ма кӕна, фӕлӕ архайа, цӕмӕй аива». Уӕдӕ ут ӕмбаргӕ. Дӕ цардӕмбалмӕ цы миниуджытӕ нӕй, уый тыххӕй мӕсты кӕныны бӕсты, ахуыр кӕн, цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уыдонӕн аргъ кӕнын (Еккл. 9:9).

17, 18. Сагъӕстӕ нӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд ӕххуыс кӕм хъуамӕ агурӕм?

17 Бинонтӕн сӕ царды исты куы фӕива, уӕд сын уый гӕнӕн ис, фӕлварӕн суа. Зӕгъӕм, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, кӕнӕ бинонтӕй исчи уӕззау низӕй куы фӕрынчын уа, йе та ацӕргӕ ныййарджытӕ кӕсинаг куы фӕуой. Кӕнӕ та, сӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой ӕмӕ дард искуыдӕм куы ацӕуой цӕрынмӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕивой, ӕмбырды сӕ бӕрны цы хӕстӕ ис, уыдон. Ӕппӕт уыцы ивындзинӕдтӕ чи зоны лӕг ӕмӕ усы ахастытыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыной.

18 Куыд кӕнгӕ дын у, кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ бон нал у ӕмӕ дӕ бинонты цард, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр кӕй фехӕлдзӕн? (Ӕмб. 24:10). Дӕ къухтӕ ма ’руадз! Сайтанӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи раст дин куы ныууадзы. Ӕмӕ йын ноджы ӕхсызгондӕр та уыдзӕн, афтӕ куы бакӕной дыууӕ адӕймаджы иумӕ – лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр. Уӕдӕ дӕ бон цыдӕриддӕр у, уымӕй архай, цӕмӕй уе ’мкъайад уа ӕртӕ тагӕй конд. Библи кӕй кой кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ стыр фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ не сивтой. Зӕгъӕм, иухатт Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, о Хуыцау, зӕххон адӕймаг [мӕ] ссӕнды» (Пс. 56:1). Искуы ды дӕр уыдтӕ ахӕм уавӕры? Чифӕнды дын ма маст кӕна, хион уа ӕви ӕцӕгӕлон, дӕ зӕрдыл дар: Давид сфӕрӕзта алцыдӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн. Давид загъта: «Ӕз Йегъовӕйы бафарстон, ӕмӕ мын дзуапп радта, цӕмӕйдӕриддӕр тарстӕн,– алцӕмӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта» (Пс. 34:4).

Йегъовӕ уын дарддӕр дӕр арфӕ кӕнӕд

19. Нӕ бон куыд у Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууын?

19 Ацы кӕроны рӕстӕджы лӕг ӕмӕ усы хъӕуы «сӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнын» (1 Фес. 5:11). Ма дӕ рох кӕнӕд, Хӕйрӕг афтӕ кӕй дзуры, зӕгъгӕ, мах Йегъовӕйӕн нӕхи пайдайӕн лӕггад кӕнӕм. Сайтан алцӕуыл дӕр разы у, ӕрмӕст Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Ӕмӕ нын уый тыххӕй нӕ бинонты цард фехалыныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Цӕмӕй Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй мах хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Апостол Павел фыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13).

20. Йегъовӕ не ’мкъайады ӕртыккаг таг куы уа, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

20 Ӕмкъайады Йегъовӕ ӕртыккаг таг куы уа, уӕд уыцы бинонтӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй уыдзысты хайджын. Афтӕ кӕй у, уый зыны Джоэлы цардӕй, йӕ усимӕ цӕры 51 азы. Джоэл зӕгъы: «Алы бон дӕр Йегъовӕйӕн бузныг дзурын, ахӕм бинойнаг мын кӕй ис ӕмӕ афтӕ адджынӕй кӕй цӕрӕм. Уымӕй хуыздӕр ӕмбалӕн скӕнӕн нӕй». Уал азы дӕргъы кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд цӕй фӕрцы сты? Джоэл загъта: «Кӕддӕриддӕр архайдтам, цӕмӕй уӕм хӕларзӕрдӕ, фӕразон ӕмӕ кӕрӕдзийӕн нӕ зӕрдӕйы хъарм ма ’вгъау кӕнӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ ацы фыддунейы цӕрӕм, уӕдмӕ нӕм ацы миниуджытӕ ӕххӕстӕй никӕмӕ уыдзысты. Фӕлӕ цӕй ӕмӕ уӕддӕр архайӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл, ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕнӕ Йегъовӕйӕ дыууӕ уды амондджын кӕй нӕ уыдзысты. Афтӕмӕй не ’мкъайад ӕцӕгдӕр уыдзӕн, «тагъд [чи] нӕ аскъуыйы», ахӕм «ӕртӕ тагӕй конд бӕндӕны» хуызӕн (Еккл. 4:12).

Бахъуыды кодтай?

• Цы нысан кӕны, Йегъовӕ ӕмкъайады ӕртыккаг таг уа, уый?

• Лӕг ӕмӕ усӕн зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд сӕхи куыд хъуамӕ дарой?

• Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕ ’мкъайады ӕртыккаг таг уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Лӕг ӕмӕ ус иумӕ куы кувой, уӕд сӕ зындзинӕдтӕ ӕнцондӕр фӕразӕн уыдзысты