Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕтӕн кад кӕныс?

Иннӕтӕн кад кӕныс?

Иннӕтӕн кад кӕныс?

«Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (РОМ. 12:10).

1. Бирӕ рӕтты цавӕр хорз ӕгъдау нал ис?

КӔЦЫДӔР бӕстӕты ис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ кӕстӕртӕ хистӕрты цур ӕрлӕууынц сӕ уӕрджытыл, цӕмӕй хистӕртӕй бӕрзонддӕр ма уой. Уыцы адӕмтӕм ма худинаг у, сывӕллон хистӕрмӕ йӕ чъылдым куы раздаха, уый дӕр. Иу иннӕмӕн кӕй аргъ кӕны, уый равдисынӕн алы адӕмтӕм дӕр ис алыхуызон ӕгъдӕуттӕ. Ӕмӕ нын уыцы ӕгъдӕуттӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц иу фӕдзӕхст Моисейы Закъонӕй: «Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ-иу зӕрондӕн ӕгъдау ратт» (Лев. 19:32). Хъыгагӕн, бирӕ рӕтты адӕм кӕрӕдзийӕн нал кад кӕнынц. Иу иннӕйы кӕй ницӕмӕ дары, уый абон диссаг никӕмӕуал кӕсы.

2. Хуыцауы Ныхас куыд дзуры, афтӕмӕй кӕмӕн хъӕуы кад кӕнын?

2 Иннӕтӕн кад кӕнын Хуыцауы Ныхас нымайы раппӕлинаг хъуыддагыл. Дзуры нын, цӕмӕй кад кӕнӕм Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн (Иоан. 5:23). Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй кад кӕнӕм нӕ бинонтӕн, не ’муырнджытӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн дӕр (Ром. 12:10; Еф. 6:1, 2; 1 Пет. 2:17). Куыд у нӕ бон Йегъовӕйы кадджын кӕнын? Куыд кад кӕнӕм, кӕнӕ куыд аргъ кӕнӕм, нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн? Цӕй ӕркӕсӕм ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстытӕм.

Кад кӕн Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ номӕн

3. Цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр цы кӕнын хъӕуы?

3 Цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уый тыххӕй йын фыццаджыдӕр хъӕуы йӕ номӕн аргъ кӕнын. Мах стӕм, «йӕ ном ын чи хӕссы», уыцы адӕм (Ап. хъ. 15:14). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйы ном хӕссын, ӕцӕгдӕр, у стыр кад. Пехуымпар Михей загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕуынц сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕнустӕм» (Мих. 4:5). Кӕд «Йегъовӕйы номӕй» цӕуӕм, уӕд алы бон дӕр афтӕ цӕрӕм, цӕмӕй, цы ном хӕссӕм, уый аккаг уӕм. Павел Ромы чырыстӕттӕн куыд загъта, афтӕмӕй, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ куы нӕ цӕрӕм, уӕд иннӕтӕ Хуыцауы ном «фаудзысты», нӕ йын кад кӕндзысты (Ром. 2:21–24).

4. Йегъовӕйы тыххӕй дын дзурыны фадат кӕй ис, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

4 Мах ма Йегъовӕйӕн кад кӕнӕм, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр. Рагзаманты Йегъовӕ Израилы адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй йе ’вдисӕнтӕ уыдаиккой, фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой (Ис. 43:1–12). Арӕх-иу Йегъовӕмӕ сӕ чъылдым сыздӕхтой ӕмӕ-иу «бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы» (Пс. 78:40, 41). Ӕппынфӕстаг сыл Йегъовӕ йӕ къух бынтондӕр систа. Фӕлӕ мах абон Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй адӕмӕн дзурӕм ӕмӕ сын йӕ ном ӕргом кӕнӕм. Уый та уымӕн кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ном срухс уа. Куыд хъуамӕ лӕууӕм хъусӕй, кӕд ӕмӕ зонӕм ӕцӕгдзинад нӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй? Мах дӕр разы стӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Уыцы хъуыддаг мын ӕнӕкӕнгӕ нӕй. Ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон, хорз хабар куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд!» (1 Кор. 9:16).

5. Йегъовӕйыл ӕууӕндын ӕмӕ йын аргъ кӕнын кӕрӕдзийыл куыд баст сты?

5 Псаломзарӕггӕнӕг Давид дзырдта: «Дӕ ном дын чи зоны, уыдон дыл сӕ зӕрдӕ дардзысты, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны» (Пс. 9:10). Кӕд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы зонӕм ӕмӕ йын йӕ номӕн аргъ кӕнӕм, уӕд ыл нӕ ныфс дардзыстӕм, рагзаманты йыл йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ ныфс куыд дардтой, афтӕ. Уӕдӕ ма Йегъовӕйӕн уымӕй дӕр кад кӕндзыстӕм, нӕ ныфс ыл куы дарӕм ӕмӕ йыл куы ’ууӕндӕм. Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕйыл ныфс дарын ӕмӕ йын аргъ кӕнын Хуыцауы Ныхасы кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уымӕ. Рагон израилӕгтӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл куы нал дардтой, уӕд Йегъовӕ Моисейы бафарста: «Ацы адӕмӕн бирӕ диссӕгтӕ куы равдыстон, уӕд мын кӕдмӕ нӕ кӕндзысты аргъ ӕмӕ мыл кӕдмӕ не ’ууӕнддзысты?» (Нымӕц. 14:11). Уӕдӕ уый раст у, иннӕрдӕм ӕй куы зӕгъӕм, уӕд дӕр. Фидарӕй нӕ куы уырна, Йегъовӕ нӕ суанг фӕлварӕнты дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нын бафӕразынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм.

6. Цы дӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна Йегъовӕйӕн аргъ кӕнынмӕ?

6 Йесо загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг Йегъовӕйӕн куы аргъ кӕна, уӕд уый хъуамӕ зӕрдӕйӕ цӕуа. Йегъовӕйӕн сыгъдӕг зӕрдӕйӕ чи нӕ лӕггад кодта, уыдонӕн Йесо сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Йегъовӕйӕн йӕхи ныхӕстӕ: «Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй» (Матф. 15:8). Адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕцӕгдӕр кад кӕндзӕн, зӕрдӕйӕ йӕ куы уарза, уӕд (1 Иоан. 5:3). Стӕй ма нӕ рох кӕнӕм, Йегъовӕ цы загъта, уый дӕр: «Мӕнӕн чи кад кӕны, уыдоны ӕз скадджын кӕндзынӕн» (1 Сам. 2:30).

Ӕмбырды цӕстдарджытӕ аргъ кӕнынц иннӕтӕн

7. а) Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, сӕ цӕст кӕмӕ дарынц, уыдонӕн цӕмӕн хъуамӕ кад кӕной? ӕ) Павел йе ’мчырыстӕттӕн кӕй аргъ кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

7 Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ром. 12:10). Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, сӕ цӕст кӕмӕ дарынц, уыдонмӕ хъуамӕ «ӕнхъӕлмӕ ма кӕсой», фӕлӕ сын сӕхӕдӕг кад кӕной ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕмбырдӕн фӕзминаг уой. Уыдоны хъӕуы апостол Павелы фӕзмын. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8.) Павел кӕй бӕрӕг кодта, уыцы ӕмбырдты ӕфсымӕртӕ зыдтой, йӕхи аразын цы нӕ фӕндыд, уый уыдонӕй дӕр кӕй никуы бадомдтаид. Апостол Павел аргъ кодта йе ’мчырыстӕттӕн, ӕмӕ йын уыдон дӕр аргъ кодтой. Уыдон ын уыдтой йӕ хорз цӕвиттон ӕмӕ сын афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ «уын уымӕ гӕсгӕ лӕгъстӕ кӕнын: мӕн бафӕзмут», уӕд ӕй, бӕгуыдӕр, бирӕтӕ ӕнӕзивӕгӕй бафӕзмыдтой (1 Кор. 4:16).

8. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй аргъ кодта, уый хорз цӕмӕй зыны? ӕ) Абон чырыстон цӕстдарджытӕн сӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

8 Цӕмӕй ма вӕййы бӕрӕг, бӕрнон ӕфсымӕр, йӕ цӕст кӕмӕ дары, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны, уый? Цавӕрдӕр хъуыддаг сын цӕмӕн аразын кӕны кӕнӕ сын цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн дӕтты, уый сын кӕй бамбарын кӕны, уымӕй. Афтӕмӕй фӕзмы Чырыстийы. Зӕгъӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцау фылдӕр кусджытӕ хуыммӕ рарвита, уӕд сын бамбарын кодта, уый тыххӕй сӕ кувын цӕмӕн хъӕуы. Йесо загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Кӕнӕ сын куы загъта, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, уӕд сын бамбарын кодта, афтӕ сын цӕмӕн дзуры, уый: «Уымӕн ӕмӕ, уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Матф. 24:42). Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн арӕх ӕрмӕст уый нӕ загъта, цы хъуамӕ аразой, фӕлӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ аразой, уый дӕр. Уымӕй бӕрӕг уыдис, кӕй сӕ нымадта ӕмӕ сын кӕй аргъ кодта. Куыд хорз цӕвиттон у уый ӕмбырды цӕстдарджытӕн!

Аргъ кӕн Йегъовӕйы ӕмбырдӕн ӕмӕ, уый уылты цы разамынд дӕтты, уымӕн

9. Кӕд ӕппӕтдунеон чырыстон ӕмбырдӕн ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕн кад кӕнӕм, уӕд уымӕй кӕмӕн кад кӕнӕм? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад кӕнӕм, уый тыххӕй ма хъуамӕ кад кӕнӕм ӕппӕтдунеон чырыстон ӕмбырдӕн ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕн дӕр. Иузӕрдион цагъары къорд нын Фыстадӕй цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ кӕй хъусӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы организацийӕн ӕмӕ, уый уылты цы разамынд дӕтты, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Н. э. фыццаг ӕнусы апостол Иоанн бауайдзӕф кодта, нысангонд ӕфсымӕртӕн чи нӕ аргъ кодта, уыцы чырыстӕттӕн. (Бакӕс 3 Иоанны 9–11.) Иоанны ныхӕстӕй бӕрӕг у, уыдон иуӕй-иу цӕстдарджытӕн кӕй нӕ аргъ кодтой. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма уыцы цӕстдарджытӕ цы амыдтой ӕмӕ цы разамынд лӕвӕрдтой, уый дӕр ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ хорз у, ӕмӕ ахӕмтӕ бирӕ нӕ уыдысты. Цалынмӕ апостолтӕ удӕгас уыдысты, уӕдмӕ чырыстӕттӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, аргъ кодтой, йӕхимӕ разамынд чи иста, уыдонӕн (Фил. 2:12).

10, 11. Фыстадмӕ гӕсгӕ бамбарын кӕн, чырыстон ӕмбырды иуӕй-иутӕн хистӕры бартӕ лӕвӕрд кӕй ис, уый раст кӕй у.

10 Иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ иугӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, «уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут», зӕгъгӕ, уӕд хъуамӕ чырыстон ӕмбырды хистӕртӕ ма уа (Матф. 23:8). Фӕлӕ Дзуттаг Фыстыты дӕр ӕмӕ Грекъаг Фыстыты дӕр ис тынг бирӕ цӕвиттонтӕ, нӕлгоймӕгты-иу Хуыцау хистӕртӕй куы сӕвӕрдта. Рагзаманты дзуттӕгтӕн мыггаджы хистӕртӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты йӕ минӕвӕртты уылты. Адӕм-иу сын, куыд ӕмбӕлд, афтӕ куы нӕ аргъ кодтой, уӕд-иу сӕ Йегъовӕ бафхӕрдта (2 Пад. 1:2–17; 2:19, 23, 24).

11 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ аргъ кодтой апостолты бартӕн (Ап. хъ. 2:42). Зӕгъӕм, Павел йе ’фсымӕртӕн разамынд лӕвӕрдта (1 Кор. 16:1; 1 Фес. 4:2). Фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕзивӕгӕй хъуыста, кӕй дӕлбар уыд, уыдонмӕ (Ап. хъ. 15:22; Гал. 2:9, 10). Уӕдӕ Павел раст цӕстӕй каст, чырыстон ӕмбырды хистӕртӕ кӕй хъуамӕ уа, уыцы хъуыддагмӕ.

12. Цавӕр дыууӕ зондзонӕны ис райсӕн хистӕры барты тыххӕй Библийы цӕвиттонтӕй?

12 Ардыгӕй ис райсӕн дыууӕ зондзонӕны. Фыццаг, Фыстадмӕ гӕсгӕ раст у, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» йӕ Разамонӕг советы уылты ӕфсымӕрты бӕрны кӕй кӕны цавӕрдӕр хӕстӕ, ӕмӕ, уыимӕ, нысангонд ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ разамынд кӕй фӕдӕттынц иннӕ нысангонд ӕфсымӕртӕн (Матф. 24:45–47; 1 Пет. 5:1–3). Дыккаг, не ’ппӕт дӕр, ӕмӕ нысангонд ӕфсымӕртӕ дӕр, хъуамӕ кад кӕнӕм, разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн. Куыд ис хъуыддагӕй кад кӕнӕн, ӕппӕтдунеон чырыстон ӕмбырды хистӕртӕй нысангонд чи у, уыдонӕн?

Аргъ кӕнӕм цӕугӕ цӕстдарджытӕн

13. Абон чырыстон ӕмбырды минӕвӕрттӕ чи сты, уыдонӕн нӕ бон аргъ кӕнын куыд у?

13 Павел загъта: «Курӕг уӕ стӕм, не ’фсымӕртӕ: чи уӕм фыдӕбон кӕны, Хицауы хъуыддаджы уын разамынд чи дӕтты ӕмӕ уын зонд чи амоны, уыдоны нымайут. Сӕ фыдӕбоны тыххӕй сын стыр аргъ кӕнут ӕмӕ сӕ уарзут. Уӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут» (1 Фес. 5:12, 13). Цӕугӕ цӕстдарджытӕ дӕр, ӕнӕмӕнгӕй, хауынц, «чи нӕм фыдӕбон кӕны», уыдонмӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын цӕй ӕмӕ «стыр аргъ кӕнӕм». Стыр аргъ та сын уӕд кӕндзыстӕм, ӕмӕ сын, зӕгъӕм, ӕппӕт зӕрдӕйӕ сӕ разамындмӕ куы хъусӕм. Ахӕм цӕстдарӕг нын иузӕрдион цагъары къорды номӕй исты уынаффӕтӕ куы дӕтта, уӕд нӕ «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс уӕм (Иак. 3:17).

14. Ӕмбырдӕн йӕ бон куыд у равдисын, цӕугӕ цӕстдарджытӕн тынг кӕй аргъ кӕны ӕмӕ уый ӕмбырдыл куыд фӕзыны?

14 Зӕгъӕм, дзурынц нын, цыдӕр хъуыддаг куыд кӕнын хъӕуы, уый, фӕлӕ мах та уыцы хъуыддаг ӕндӕрхуызон кӕнӕм, уӕд та? Цӕмӕй искӕмӕн аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хатт фӕхъӕуы тох кӕнын ахӕм зондахасты ныхмӕ: «Ам, махмӕ, афтӕ кӕнӕн нӕй» кӕнӕ «Уый, чи зоны, хорз у ӕндӕр ӕмбырдты, фӕлӕ мах ӕмбырды не сбӕздзӕн». Афтӕ хъуыды кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид, цы разамынд нын дӕттынц, уымӕ байхъусын. Уымӕ хъусын та нын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдыл куы дарӕм, ӕмбырд кӕй у Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Сӕр та кӕй у Чырысти. Ӕмбырд цӕугӕ цӕстдарӕджы разамындмӕ ӕхсызгонӕй куы фӕхъусы ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕ куы феххӕст кӕны, уӕд уымӕй февдисы, ӕцӕгдӕр ын кӕй аргъ кӕны. Апостол Павел раппӕлыд Коринфы ӕфсымӕртӕй, Тит сӕ куы бӕрӕг кодта, уӕд коммӕгӕс кӕй разындысты ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ кӕй байхъуыстой, уый тыххӕй (2 Кор. 7:13–16). Уӕдӕ мах дӕр, цӕугӕ цӕстдарджытӕ нын цы уынаффӕтӕ дӕттынц, уыдонӕй ӕнӕзивӕгӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нын уацамынд фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 13:11.)

«Алкӕмӕн дӕр аргъ кӕнут»

15. Не ’мчырыстӕттӕн куыд ис аргъ кӕнӕн?

15 Апостол Павел фыста: «Хистӕрӕн карз уайдзӕф ма кӕн, фӕлӕ йемӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй, цыма дӕ фыд у, афтӕ; ӕрыгӕттимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма де ’фсымӕртӕ сты; хистӕр сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс; ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл. Идӕдз сылгоймӕгты – ӕцӕг идӕдзты – нымай» (1 Тим. 5:1–3). О, Хуыцауы Ныхас нын дзуры, цӕмӕй аргъ кӕнӕм, ӕмбырды чи ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, ӕфсымӕр кӕнӕ хоимӕ кӕрӕдзи не ’мбарут, уӕд та? Цымӕ йын уый тыххӕй нал аргъ кӕндзынӕ? Ӕви йӕм цы хорз чырыстон миниуджытӕ ис, уыдон фендзынӕ ӕмӕ йӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайдзынӕ? Уӕлдай тынгдӕр та хъуамӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ архайой, цӕмӕй се ’фсымӕртӕн аргъ кӕной – дзугӕн сӕхи хицӕуттӕ макуы кӕной (1 Пет. 5:3). Ӕцӕгдӕр, чырыстон ӕмбырд бӕрӕг дары, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзынц, уымӕй. Ӕмӕ уыцы ӕмбырды махӕн ис тынг бирӕ фадӕттӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнынӕн. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.)

16, 17. а) Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, ӕрмӕст уыдонӕн ма аргъ кӕнӕм, фӕлӕ ма нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дӕр? ӕ) Нӕ бон куыд у «алкӕмӕн дӕр аргъ кӕнын»?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ ӕрмӕст нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ма аргъ кӕнӕм. Павел йе ’мчырыстӕттӕм фыста: «Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм» (Гал. 6:10). Ӕцӕг, ацы уагӕвӕрдӕй пайда кӕнын, чи зоны, зын уа, кӕимӕ кусӕм кӕнӕ кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон нӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы кӕсой, уӕд. Ахӕм рӕстӕджыты-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Ма мӕсты кӕн фыдгӕнджытӕм» (Пс. 37:1). Ацы уынаффӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй аргъ кӕнӕм, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дӕр. Ацы уынаффӕ ма хауы уацамындмӕ дӕр: сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр дзуапп дӕттӕм «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Суанг ма нӕ бакастӕй дӕр ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕсӕй дӕр нӕ бон у ӕвдисын, хорз хабар кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм.

17 Уӕдӕ не ’мчырыстӕттимӕ уӕм ӕви ӕндӕр искӕимӕ, мах фӕнды цӕрын ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Алкӕмӕн дӕр аргъ кӕнут, уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут, Хуыцауӕй тӕрсут, паддзахы нымайут» (1 Пет. 2:17).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Куыд у дӕ бон аргъ кӕнын

• Йегъовӕйӕн?

• хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджытӕн?

• алы хо ӕмӕ алы ӕфсымӕрӕн дӕр?

• кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ аргъ кодтой разамонӕг советы разамындӕн

[Ныв 24 фарсыл]

Алы бӕстӕйы дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аргъ кӕнынц, Разамонӕг совет кӕй снысан кӕны, уыцы цӕугӕ цӕстдарджытӕн