Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы «цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц» алкӕмӕдӕр

Йегъовӕйы «цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц» алкӕмӕдӕр

Йегъовӕйы «цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц» алкӕмӕдӕр

«[Йегъовӕйы] цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц адӕймаджы фырттӕм» (ПС. 11:4).

1. Нӕ зӕрдӕмӕ цавӕр адӕм цӕуынц?

ЦЫ ЗӔРДӔ дарыс, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ дыл чи тыхсы, ахӕм адӕймӕгтӕм? Куы сӕ бафӕрсыс, уӕд сӕ хъуыды ӕргом фӕзӕгъынц. Ӕххуыс дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд уайтагъд дӕ фарсмӕ балӕууынц. Уынаффӕ дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд дын ӕй цӕстуарзонӕй раттынц (Пс. 141:5; Гал. 6:1). Ахӕм адӕм дӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, афтӕ нӕу? Уӕдӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт сты раст ахӕмтӕ. Фӕлӕ дыл уӕддӕр уыдон куыд тыхсынц, афтӕ дыл иунӕг адӕймаг дӕр нӕ тыхсы. Уыдон дӕ сӕхицӕн ӕппындӕр ницы агурынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной ӕмӕ ӕцӕг цардыл фидар ныххӕцай (1 Тим. 6:19; Рарг. 3:19).

2. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд тыхсы?

2 Йегъовӕ адӕмыл куыд тынг тыхсы, уый зыны псаломзарӕггӕнӕг Давиды ныхӕстӕй: «[Йегъовӕйы] цӕстытӕ фӕлгӕсынц, йӕ цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц адӕймаджы фырттӕм» (Пс. 11:4). О, Хуыцау нӕм ӕнӕуи нӕ кӕсы, уый нӕм лӕмбынӕг кӕсы. Давид ма фыста: «Ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, ӕхсӕвыгон мӕ басгӕрстай... Ды фендзынӕ, мӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыди ӕвзӕр фӕнд» (Пс. 17:3). Давид зыдта, Йегъовӕ йӕм лӕмбынӕг кӕй кӕсы. Зыдта, тӕригъӕдджын хъуыдытӕ йӕ сӕрӕй куы нӕ сура кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕн бынат куы скӕна, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕндзӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд кӕй нал уыдзӕн. Давидӕн Йегъовӕ уыд удӕгас Хуыцау. Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та?

Йегъовӕ уыны зӕрдӕ

3. Цӕмӕй бӕрӕг у, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый Йегъовӕ кӕй ӕмбары?

3 Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр у нӕ мидадӕймаг, ома нӕ зӕрдӕйы мидӕг цы хуызӕн стӕм, уый (Пс. 19:14; 26:2). Бирӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ гыццыл рӕдыдтытӕм нӕ ныккӕсы. Зӕгъӕм, Авраамы ус Саррӕ, цы хъуыды кодта, уый зӕдӕй басусӕг кодта. Афтӕ та бакодта, кӕй фӕтарст ӕмӕ кӕй фефсӕрмы, уымӕн. Зӕд, ӕвӕццӕгӕн, уый бамбӕрста, ӕмӕ йӕ ӕфхӕргӕ нӕ бакодта, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодта (Райд. 18:12–15). Иов «рӕстуд схуыдта Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи». Ӕмӕ йын уӕддӕр Йегъовӕ раарфӕ кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, Сайтан ын бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзарын кодта (Иов 32:2; 42:12). Йегъовӕ не смӕсты, сарӕптӕйаг идӕдз ус пехуымпар Илиайыл йӕ маст кӕй ныккалдта, уый тыххӕй дӕр – ӕмбӕрста йӕ, йӕ иунӕг хъӕбулы мардыл йӕ зӕрдӕ кӕй скъуыдтӕ кодта (1 Пад. 17:8–24).

4, 5. Йегъовӕ Авимелехыл куыд батыхст?

4 Йегъовӕ зӕрдӕтӕм лӕмбынӕг кӕй кӕсы, уымӕ гӕсгӕ, йӕ лӕггадгӕнӕг чи нӕу, уыдоныл дӕр тыхсы. Ӕркӕсӕм филистимаг горӕт Герары паддзах Авимелехы хабармӕ. Авимелех нӕ зыдта, Саррӕ Авраамы ус кӕй уыди ӕмӕ йӕ йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ йӕ ус бакодтаид. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ Саррӕмӕ бавналын нӕ бауагъта. Фыны йын загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, дӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй бакодтай афтӕ, ӕмӕ дӕ бахызтон мӕ разы тӕригъӕд ракӕнынӕй. Саррӕмӕ бавналын дӕр дӕ уымӕн нӕ бауагътон. Ныр уыцы лӕгӕн йӕ усы фӕстӕмӕ ратт. Уый у пехуымпар ӕмӕ дӕу тыххӕй скувдзӕн, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ» (Райд. 20:1–7).

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕ бон уыди мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг Авимелехы карзӕй бафхӕрын. Фӕлӕ уыдта, паддзах сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй бакодта афтӕ ӕмӕ йын загъта, цы кӕнын ӕй хъӕуы, цӕмӕй йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕуа ӕмӕ «удӕгасӕй баззайа». Ахӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дын ӕхсызгон нӕу?

6. Йесо йӕ Фыды хуызӕн цӕмӕй у?

6 Йесо алцӕмӕй дӕр уыди йӕ Фыды хуызӕн. Уый дӕр каст, йӕ ахуыргӕнинӕгты хорзӕй цы уыд, уымӕ ӕмӕ йын сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын зын нӕ уыд (Марчы 10:35–45; 14:66–72; Лук. 22:31, 32; Иоан. 15:15). Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый хорз зыны йӕхи ныхӕстӕй. Фыст сты Иоанны 3:17: «Хуыцау йӕ Фырты дунемӕ уый тыххӕй нӕ рарвыста, цӕмӕй дунейӕн тӕрхон скӕна, фӕлӕ цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза». О, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм ӕмӕ уымӕй бӕрӕг кӕны, бирӕ нӕ кӕй уарзынц (Иов 14:15). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ афтӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, нӕ зӕрдӕтӕм нын цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ дзы цы фены, уымӕ гӕсгӕ нын уынаффӕтӕ цӕмӕн фӕдӕтты. (Бакӕс 1 Иоанны 4:8, 19.)

Уарзы нӕ ӕмӕ нӕм лӕмбынӕг кӕсы

7. Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг цӕй тыххӕй кӕсы?

7 Уӕдӕ куыд тынг рӕдииккам, афтӕ куы хъуыды кӕниккам, зӕгъгӕ, нӕм Йегъовӕ уӕларвӕй милиционерау кӕсы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, исты тӕригъӕд кӕд ракӕндзыстӕм, уымӕ! Иннӕтыл фаутӕ ӕвӕры ӕмӕ сӕ хиуарзон хоны Хӕйрӕг (Рарг. 12:10). Сӕ хъуыдыйы ӕвзӕрӕй ӕппындӕр куы ницы вӕййы, уӕд дӕр сыл цыдӕртӕ ӕрымысы (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы тыххӕй ныффыста: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ?» (Пс. 130:3). Ацы фарстӕн ис раттӕн ӕрмӕст иу дзуапп: «Ничи!» (Еккл. 7:20). Йегъовӕ нӕм кӕсы, фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ ныййарӕг йӕ сывӕллӕттӕм куыд кӕса, афтӕ – йӕ мӕт у йӕ уарзон хъӕбулты фыдбылызӕй бахизын. Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн исты зиан ракӕнӕм, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ арӕх фенын кӕны нӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ (Пс. 103:10–14; Матф. 26:41).

8. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зонд куыд амоны?

8 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый зыны, зонд нын кӕй амоны, уымӕй. Амонгӕ та нын ӕй кӕны Фыстад, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ ӕмӕ фембӕлдты уылты (Матф. 24:45; Дзут. 12:5, 6). Ӕххуыс ма нын кӕны ӕмбырд ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты (Еф. 4:8). Стӕй ма Йегъовӕ йӕ хъус дары, йӕ уарзӕгой зондамындмӕ йын цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕ ӕмӕ куы фӕхъӕуы, уӕд ма нын уӕлдай ӕххуыс дӕр бакӕны. Псаломы 32:8 фыст ис: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн». Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй алкӕддӕр хъусӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ! Хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ кӕй у нӕ уарзӕгой Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Фыд. (Бакӕс Матфейы 18:4.)

9. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

9 Мах хъуамӕ ӕдзух нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй ма ссӕрбӕрзонд уӕм, нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа, йе та нӕ «тӕригъӕд йӕ фӕдыл [ма] асайа» ӕмӕ уый аххосӕй нӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур уой (Дзут. 3:13; Иак. 4:6). Арӕх афтӕ рауайы, адӕймаг ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕн йӕ зӕрдӕйы бынат кӕй скӕны, уый тыххӕй. Чырыстон, гӕнӕн ис, мауал хъуса, Библийӕ йын цы уынаффӕтӕ дӕттой, суанг уыдонмӕ дӕр. Уымӕй фыддӕр та – ахӕм зондахасты фыдӕй Хуыцауы знаг куы суа. Ӕцӕгдӕр, куыд тынг тӕссаг у уый! (Ӕмб. 1:22–31). Ӕркӕсӕм-ма Адам ӕмӕ Евӕйы хистӕр фырт Каины хабармӕ.

Йегъовӕ алкӕйдӕр уыны ӕмӕ афоныл уынаффӕ дӕтты

10. Йегъовӕ Каины нывонд цӕуылнӕ айста ӕмӕ Каин йӕхи куыд дардта?

10 Каин ӕмӕ Авел Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ куы ’рхастой, уӕд сын уый ӕрмӕст сӕ лӕвӕрттӕм нӕ каст, фӕлӕ йын сӕ цы зӕрдӕйӕ хастой, уымӕ дӕр. Авел фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ йӕ нывонд айста. Каины нывонд та нӕ айста, уымӕн ӕмӕ йӕ нывондӕй цыдӕрхуызы бӕрӕг уыди, уырнындзинад ын кӕй нӕ фаг кодта (Райд. 4:4, 5; Дзут. 11:4). Уыцы хъуыддагӕй Каин зондӕн ницы райста ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уаг нӕ аивта, фӕлӕ йе ’фсымӕрмӕ мӕстӕй фыхт (Райд. 4:6).

11. Каинӕн йӕ зӕрдӕ мӕнгард кӕй уыд уый куыд рабӕрӕг ӕмӕ дзы нӕ бон цы у зондӕн райсын?

11 Йегъовӕ уыдта, Каин тӕссаг фӕндагыл кӕй лӕууы ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта, зӕгъгӕ, хорздзинад куы аразай, уӕд сбӕрзонд уыдзынӕ. Хъыгагӕн, Каин йе Сфӕлдисӕджы уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта. Саузӕрдӕ кӕй уыдис, уый ма рабӕрӕг, уый фӕстӕ Хуыцауимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй дӕр. Йегъовӕ йӕ куы бафарста, де ’фсымӕр Авел та кӕм ис, зӕгъгӕ, уӕд ын Каин къӕйных дзуапп радта: «Цы йын зонын. Исты ме ’фсымӕрӕн хъахъхъӕнӕг дӕн?» (Райд. 4:7–9). Куыд мӕнгард разыны хатт зӕрдӕ! Адӕймаг йӕ коммӕ куы бакӕса, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йын Хуыцау комкоммӕ цы дзуры, уымӕ дӕр ма байхъуса (Йер. 17:9). Уӕдӕ нын ахӕм хабӕрттӕ зондзонӕн уӕнт ӕмӕ-иу нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ куы фӕзына, уӕд-иу сӕ уайтагъд нӕ зӕрдӕйӕ фӕсурӕм. (Бакӕс Иаковы 1:14, 15.) Ӕмӕ нын Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ куы раттой, уӕд уыцы уынаффӕйы тыххӕй бузныг уӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у.

Йегъовӕйӕ иу тӕригъӕд дӕр бамбӕхсӕн нӕй

12. Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕмы ныхмӕ исты аразы?

12 Чи зоны, иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, кӕд исты ӕвзӕрӕй аразын, ӕмӕ мӕ ничи уыны, уӕд мӕ ӕфхӕргӕ дӕр ничи бакӕндзӕн (Пс. 19:12). Фӕлӕ сусӕг тӕригъӕд нӕй, уымӕн ӕмӕ, «дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзут. 4:13). Йегъовӕ у Тӕрхонгӕнӕг, уый лӕмбынӕг кӕсы, нӕ зӕрдӕйы рӕбыны цы ис, уымӕ ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддагыл йӕ цӕстытӕ никуы сӕхгӕны – рӕстдзинад куыд домы, афтӕ бакӕны. Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст». Фӕлӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи аразы кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы фыдвӕндтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы «ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (Рац. 34:6, 7; Дзут. 10:26). Уый бӕрӕг у Аханы, стӕй Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хабӕрттӕй.

13. Ахан раст кӕй нӕ хъуыды кодта, уый йӕ тӕригъӕдджын хъуыддаг бакӕнынмӕ куыд ӕркодта?

13 Ахан Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ нӕ байхъуыста: Иерихонӕй цыдӕртӕ рахаста ӕмӕ сӕ йӕ цатыры бамбӕхста. Йӕ бинонтӕ дӕр ӕм, ӕвӕццӕгӕн, фӕкастысты. Хабар куы рахъӕр, уӕд йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыди, уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый кӕй ӕмбӕрста, уымӕн ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд ракодтон» (Йес. Н. 7:20). Каинау Ахан дӕр ӕнӕраст хъуыдытӕн йӕ зӕрдӕйы бынат скодта ӕмӕ сфыдзӕрдӕ ис. Ахан ахӕм ӕвзӕр ми сӕйраджыдӕр йӕ фырзыдӕй бакодта. Израилӕгтӕ Иерихонӕй цыдӕриддӕр рахастой, уый, зӕгъӕн ис, уыд Йегъовӕйы. Уӕдӕ Ахан радавта Хуыцауӕй, ӕмӕ йын уый слӕууыд тынг зынаргъ: йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ бинонты дӕр амардтой (Йес. Н. 7:25).

14, 15. Анани ӕмӕ Сапфирӕмӕ Хуыцау цӕмӕн смӕсты ӕмӕ нын уый зондзонӕн куыд у?

14 Анани ӕмӕ йӕ ус Сапфирӕ уыдысты фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй ӕмӕ цардысты Иерусалимы. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонмӕ Иерусалиммӕ дард рӕттӕй чи ’рцыд, уыдонӕй бирӕтӕ систы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ. Фӕсбӕрӕгбон ма дзы горӕты чи баззад, уыдонӕн хъуыди баххуыс кӕнын хӕринаг ӕмӕ ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрты ӕмӕ ууыл батыхстысты бынӕттон ӕфсымӕртӕ. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, афтӕ лӕвӕрдта. Анани ауӕй кодта йӕ зӕхх ӕмӕ зӕххы ’хцайӕ иу хай ахаста ӕфсымӕртӕм. Зӕгъгӕ та кодта, ӕхца иууылдӕр кӕй ӕрбахаста. Ӕмӕ уый йӕ усы ӕвастӕй нӕ бакодта. Дызӕрдыггаг нӕу, уыцы лӕг ӕмӕ ус сӕхицӕн кӕй агуырдтой уӕлдай кад. Фӕлӕ уыдон сайгӕ кодтой. Сӕ хиндзинад сын Йегъовӕ апостол Петрӕн раргом кодта. Анани ’хца куы бахаста, уӕд ын Петр йӕ тӕригъӕды тыххӕй комкоммӕ загъта. Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Анани зӕххыл мардӕй ӕрхауд. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ахӕм мард акодта Сапфирӕ дӕр (Ап. хъ. 5:1–11).

15 Анани ӕмӕ Сапфирӕйыл ахӕм хабар уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ цы кодтой, уый не ’мбӕрстой. Уыдон рагацау алцӕуылдӕр ахъуыды кодтой ӕмӕ сфӕнд кодтой апостолты фӕсайын. Уымӕй фыддӕр та уый уыд, ӕмӕ фӕсайынмӕ хъавыдысты сыгъдӕг уд ӕмӕ Хуыцауы. Ацы хъуыддаджы Йегъовӕ куыд бакодта, уымӕй хорз зыны, ӕмбырд цӕстмӕхъус адӕмӕй кӕй хъахъхъӕны. Ӕцӕгдӕр, «удӕгас Хуыцауы къухмӕ бахауынӕй тӕссагдӕр ницы ис»! (Дзут. 10:31).

Алкӕддӕр иузӕрдион у

16. а) Сайтан цы аразы, цӕмӕй Хуыцауы адӕм хӕрзӕгъдау цард мауал кӕной? ӕ) Кӕм цӕрыс, уым Хӕйрӕг адӕмы ӕгъдау фехалыны тыххӕй цӕмӕй пайда кӕны?

16 Сайтанӕн йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразы, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард мауал кӕнӕм ӕмӕ нӕм Йегъовӕ хорз цӕстӕй мауал кӕса (Рарг. 12:12, 17). Ацы дунейы ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыддзинад йеддӕмӕ кӕй ницыуал ӕндавы, уымӕй ирдӕй зынынц Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕ. Хӕлд нывтӕ ӕнцонтӕй ссарӕн ис компьютеры кӕнӕ та телевизоры ӕмӕ суанг телефоны дӕр. Уӕдӕ Хӕйрӕджы амӕттаг макуы фӕуӕм! Хуыздӕр у, куы хъуыды кӕнӕм псаломзарӕггӕнӕг Давидау: «Ӕз архайдзынӕн ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ ӕнаиппӕй... Ӕз цӕрдзынӕн рӕстзӕрдӕйӕ мӕ хӕдзары мидӕг» (Пс. 101:2).

17. а) Йегъовӕ сусӕг тӕригъӕдтӕ цӕмӕн раргом кӕны? ӕ) Зӕрдиагӕй нӕ цы хъуамӕ фӕнда?

17 Йегъовӕ ивгъуыд заманты уӕззау тӕригъӕдтӕ ӕмӕ мӕнгард митӕ диссаджы хуызы куыд ӕргом кодта, афтӕ абон нӕ кӕны. Фӕлӕ ныр дӕр алцыдӕр уыны, ӕмӕ кӕд хъӕуы ӕмӕ куыд хъӕуы, афтӕ сӕ раргом кӕны. Павел загъта: «Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом сты ӕмӕ сӕ комкоммӕ кӕнынц тӕрхонмӕ, фӕлӕ иннӕты тӕригъӕдтӕ дӕр фӕстӕдӕр раргом уыдзысты» (1 Тим. 5:24). Йегъовӕ адӕмы уарзгӕ кӕй кӕны, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сын сӕйраджыдӕр уымӕн раргом кӕны. Уый уарзы ӕмбырд ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сыгъдӕг уа. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ хатыр кӕны, тӕригъӕд чи ракодта, фӕлӕ зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонӕн (Ӕмб. 28:13). Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ цыфӕнды ӕвзӕр ӕндӕвдады ныхмӕ дӕр фидар лӕууӕм.

Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕн

18. Паддзах Давид йӕ фырт Соломонӕн цы загъта, Хуыцаумӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дардтаид, уый фӕдыл?

18 Паддзах Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Зон дӕ фыды Хуыцауы, лӕггад ын кӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ зоны, алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыдытӕ кӕцырдӕм сты, уый» (1 Аз. 28:9). Давиды фӕндыд, цӕмӕй йӕ фырты, Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст уый ма уырныдтаид, фӕлӕ цӕмӕй Соломон Йегъовӕйӕн аргъ кодтаид, йӕ лӕггадгӕнджытыл тынг кӕй тыхсы, уый тыххӕй. Ды дӕр Йегъовӕйӕ уый тыххӕй бузныг нӕ дӕ?

19, 20. Псалом 19:7–11 гӕсгӕ Давидӕн цы ’ххуыс кодта Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕмӕ нӕ бон куыд у Давиды фӕзмын?

19 Йегъовӕ зоны, хорззӕрдӕ адӕм ӕм кӕй баввахс уыдзысты ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджытӕ куы базоной, уӕд ӕй тынгдӕр кӕй бауарздзысты. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ цавӕр миниуджыты хицау у, уый хуыздӕр базонӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн уымӕн? Йӕ ныхас ын куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын куыд арфӕ кӕны, уый куы уынӕм (Ӕмб. 10:22; Иоан. 14:9).

20 Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый ӕмбарыс ӕмӕ йӕ алы бон дӕр фӕкӕсыс? Фӕкувыс, цӕмӕй дзы цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архайай? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын пайда кӕй у, уый уыныс? (Бакӕс Псалом 19:7–11.) Кӕд афтӕ кӕныс, уӕд дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзынӕ. Уӕд дӕм Йегъовӕ дӕр баввахс уыдзӕн, цыма дын дӕ къухыл хӕцы ӕмӕ дӕ фарсмӕ цӕуы, афтӕ (Ис. 42:6; Иак. 4:8). О, Йегъовӕйы уарзондзинад хатдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын цардмӕ кӕнӕг уынгӕг фӕндагыл арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй дзы ма адард уай (Пс. 91:1, 2; Матф. 7:13, 14).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг цӕмӕн кӕсы?

• Иуӕй-иутӕ Хуыцауы знӕгтӕ цӕмӕн систы?

• Йегъовӕ нын удӕгас Хуыцау кӕй у, уый куыд у нӕ бон ӕвдисын?

• Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 4 фарсыл]

Йегъовӕ нӕм хӕларзӕрдӕ ныййарӕгау куыд кӕсы?

[Ныв 5 фарсыл]

Ананийы хабар нын зондзонӕн куыд у?

[Ныв 6 фарсыл]

Цы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн?