Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг кӕсы, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна

Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг кӕсы, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна

Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг кӕсы, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна

«Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы зӕхмӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл чи у, уыдонӕн» (2 АЗ. 16:9).

1. Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг цӕмӕн кӕсы?

ЙЕГЪОВӔ у ӕххӕст уӕларвон Фыд. Уый нӕ афтӕ хорз зоны, ӕмӕ дзы ӕмбӕхст нӕу, нӕ «хъуыдытӕ кӕцырдӕм сты», суанг уый дӕр (1 Аз. 28:9). Фӕлӕ нӕм лӕмбынӕг уый тыххӕй нӕ кӕсы, ӕмӕ нын нӕ хъӕндзинӕдтӕ бӕрӕг кӕна (Пс. 11:4; 130:3). Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ йемӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уый ма фехӕла ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм (Пс. 25:8–10, 12, 13).

2. Йегъовӕ кӕмӕн ӕххуыс кӕны?

2 Йегъовӕ у ӕгӕрон тыхы хицау ӕмӕ алцыдӕр уыны. Уымӕ гӕсгӕ йӕм йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕдфӕнды ма скувой, алкӕддӕр сын баххуыс кӕны ӕмӕ сын зын уавӕрты тых ратты, цӕмӕй бафӕразой. «Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы зӕхмӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл чи у, уыдонӕн»,– фыст ис 2 Азфысты 16:9. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл чи у, уыдонӕн, ома йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты, ахӕм адӕмӕн. Йегъовӕ не ’ххуыс кӕны хинӕйдзаг ӕмӕ цӕстмӕхъус адӕмӕн (Йес. Н. 7:1, 20, 21, 25; Ӕмб. 1:23–33).

Хуыцауимӕ цу

3, 4. Цы нысан кӕны «Хуыцауимӕ цӕуын» ӕмӕ уый Библийӕ цавӕр цӕвиттонты руаджы ис бамбарӕн?

3 Бирӕты уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, ӕгӕрон Дун-дуне чи сфӕлдыста, уый адӕмы ахӕсгӕ хуызы йемӕ цӕуын кӕй уадзы. Фӕлӕ Йегъовӕйы растдӕр уый фӕнды. Рагзаманты Енох ӕмӕ Ной цыдысты Хуыцауимӕ (Райд. 5:24; 6:9). Моисей «уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (Дзут. 11:27). Паддзах Давид сӕрныллӕгӕй цыдис йӕ уӕларвон Фыдимӕ. Уый загъта: «Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ [Йегъовӕ] ис мӕ рахиз фарс» (Пс. 16:8).

4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн ӕцӕг йӕ къухыл нӕ хӕцӕм ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ нӕ цӕуӕм. Фӕлӕ ахӕсгӕ хуызы уымӕн гӕнӕн ис. Куыд? Псаломзарӕггӕнӕг Асаф фыста: «Ӕз ӕдзухдӕр демӕ дӕн, Ды мын хӕцыс мӕ рахиз къухыл. Ды мын амондзынӕ фӕндаг дӕ уынаффӕйы фӕрцы» (Пс. 73:23, 24). Иудзырдӕй, мах Йегъовӕимӕ цӕуӕм, кӕд нын Библийы уылты ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд (Матф. 24:45; 2 Тим. 3:16).

5. Иузӕрдион ыл чи у, уыдонмӕ Йегъовӕ уарзӕгой фыдау йӕ цӕст куыд дары ӕмӕ йӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

5 Йегъовӕ уарзы, йемӕ чи цӕуы, уыдоны. Уымӕ гӕсгӕ сӕм уарзӕгой фыдау йӕ цӕст дары, тыхсы сыл, хъахъхъӕны сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны. «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн»,– дзуры Хуыцау (Пс. 32:8). Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстытыл: «Мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Йегъовӕйы къухыл кӕй хӕцын, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ кӕй цӕуын, ома йын йӕ зондмӕ хъусын ӕмӕ йӕ зонын, йӕ цӕст мӕм кӕй дары? Ӕдзух мӕ фарсмӕ кӕй ис, уый кӕй зонын, уый мын мӕ хъуыдытыл, мӕ ныхӕстыл ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтыл ӕндавы? Куы фӕрӕдийын, уӕд Йегъовӕ мӕ цӕстытыл карз ӕмӕ тызмӕг Хуыцауӕй ауайы ӕви йӕ фембарын, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой Фыд ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ йӕ хъарм хъӕбысы ӕрбакӕнын?» (Пс. 51:17).

6. Йегъовӕ ныййарӕг мад ӕмӕ фыдӕй хуыздӕр цӕмӕ гӕсгӕ у?

6 Хатт нӕм Йегъовӕ, гӕнӕн ис, ӕххуысмӕ фӕзына, цалынмӕ рӕдыд фӕндагыл не ’рлӕууӕм, уӕдмӕ. Зӕгъӕм, уый фены, нӕ мӕнгард зӕрдӕ кӕй райдайы бӕллын ӕвзӕр цӕмӕдӕр (Йер. 17:9). Ахӕм уавӕры Йегъовӕ архайын райдайы ныййарӕг мад ӕмӕ фыдӕй раздӕр, уымӕн ӕмӕ «йӕ цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц», нӕ мидӕг цы ис, уымӕ, цӕмӕй нын фена нӕ арф хъуыдытӕ (Пс. 11:4; 139:4; Йер. 17:10). Ӕркӕсӕм, цы уавӕры бахауд пехуымпар Йеремийы писыр ӕмӕ ӕввахс хӕлар Варух, ӕмӕ фенӕм, Йегъовӕ куыд бакодта.

Ӕцӕг Фыд Варухӕн

7, 8. а) Чи уыд Варух ӕмӕ цавӕр ӕвзӕр фӕндтӕ райдыдта ӕвзӕрын йӕ зӕрдӕйы? ӕ) Йегъовӕ Варухыл уарзӕгой фыдау кӕй тыхст, уый цӕмӕй рабӕрӕг?

7 Варух уыд хорз писыр ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодта Йеремиимӕ. Уыдон ӕххӕст кодтой зын хӕслӕвӕрд – Иудӕйӕн иумӕ хъусын кодтой Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ (Йер. 1:18, 19). Гӕнӕн ис, Варух уыд кадджын бинонтӕй. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ иу афон йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» домын райдыдта. Ӕвӕццӕгӕн ӕм хиуарзон хъуыдытӕ сӕвзӕрд ӕмӕ мулкмӕ бӕллын райдыдта. Цыфӕнды ма уыдаид, Йегъовӕ бафиппайдта, Варухӕн уыцы тӕссаг зондахаст йӕ зӕрдӕйы кӕй ӕрбынат кодта. Ӕмӕ йын уайтагъд Йеремийӕн арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ды загътай: „Додой мӕ къона, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ рисыл рыст бафтыдта! Сфӕлмӕцыдтӕн мӕ уынӕргъынӕй, ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын“». Стӕй ма йын Хуыцау загъта: «Ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом» (Йер. 45:1–5).

8 Йегъовӕ Варухимӕ фидарӕй ныхас кодта. Фӕлӕ йӕ ныхас тызмӕг нӕ уыд. Уый йемӕ дзырдта, уарзӕгой фыд йӕ сывӕллонимӕ куыд дзура, афтӕ. Ӕвӕццӕгӕн Хуыцау уыдта, ӕмӕ кӕд Варухы йӕ бӕллицтӕ бӕллӕхмӕ дӕр ӕркодтаиккой, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ӕвзӕр кӕнӕ мӕнгард кӕй нӕ уыд. Йегъовӕ ма зыдта, Иерусалим ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ фӕстаг бонтӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы зын рӕстӕджы Варух фӕрӕдыдаид. Цӕмӕй йӕхимӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «ӕппӕт зӕххыл цӕрӕг адӕмыл дӕр бӕллӕх [кӕй] рауадздзӕн». Загъта ма йын, ӕмбаргӕ куы уа, уӕд удӕгасӕй кӕй баззайдзӕн (Йер. 45:5). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцау загъта: «Митӕй мӕсгуытӕ ма амай, Варух. Рох дӕ ма уӕд, тагъд тӕригъӕдджын Иудӕ ӕмӕ Иерусалимыл цы ’рцӕудзӕн, уый. Иузӕрдион у ӕмӕ цӕр! Ӕз дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй». Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы ныхӕстӕ Варухы зӕрдӕмӕ бахъардтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зондахаст сраст кодта ӕмӕ 17 азы фӕстӕ, знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд удӕгасӕй баззад.

9. Ацы абзацы цы фарстытӕ ис, уыдонӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

9 Варухы хабарыл хъуыды кӕнгӕйӕ ма ӕркӕс ахӕм фарстытӕ ӕмӕ стихтӕм: Йегъовӕ Варухы хъуыддаджы йӕхи куыд равдыста, уымӕй нӕ бон цы у базонын Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:9.) Хуыцау Варухӕн цы уынаффӕ радта ӕмӕ Варух уыцы уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй мах ацы уӕззау рӕстӕджыты цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Бакӕс Лукайы 21:34–36.) Йеремийау хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын, йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд тыхсы, уыцы хъуыддаджы? (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:1.)

Фырт дӕр у йӕ Фыдау уарзӕгой

10. Йесо, ӕмбырды Сӕр, йӕ хӕстӕ цӕй фӕрцы ӕххӕст кӕны?

10 Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй уарзта, уый рагзаманты бӕрӕг кодта йӕ пехуымпарты ӕмӕ йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Нӕ рӕстӕджы та уыцы уарзондзинад фыццаджыдӕр бӕрӕг кӕны ӕмбырды Сӕр Йесо Чырыстийы уылты (Еф. 1:22, 23). Раргомады чиныджы Йесо ӕвдыст цӕуы уӕрыччы хуызы. Уыцы уӕрыккӕн ис «авд цӕсты – уыцы цӕстытӕ сты, ӕгас дунемӕ дӕр ӕрвыст чи ’рцыд, Хуыцауы уыцы авд ӕнӕуынгӕ тыхы» (Рарг. 5:6). О, Хуыцау Йесойы йӕ сыгъдӕг удӕй афтӕ схайджын кодта, ӕмӕ йӕ бон у алцыдӕр ӕмбарын ӕмӕ уынын. Уый ма уыны, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый дӕр ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницы ис басусӕг кӕнӕн.

11. Чырысти цавӕр куыст кӕны ӕмӕ нӕм йӕ Фыдау цавӕр зӕрдӕ дары?

11 Фӕлӕ Йегъовӕйау Йесо дӕр уӕларвӕй милиционерау нӕ кӕсы. Уый нӕм лӕмбынӕг кӕсы уарзӕгой фыдау. Йесойы кадджын нӕмттӕй иу у «Ӕнусон Фыд». Ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йесо цы куыст кӕндзӕн, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн ӕнусон цард лӕвӕрд куы цӕуа, уӕд (Ис. 9:6). Уымӕй уӕлдай, Чырысти, чырыстон ӕмбырды Сӕр, разӕнгард кӕны, зӕрдиагӕй йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы фӕлтӕрд чырыстӕтты, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй ӕххуысхъуаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауой, кӕнӕ-иу сын исты уынаффӕ раттой (1 Фес. 5:14; 2 Тим. 4:1, 2).

12. а) Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдмӕ Йесо цы фыстӕджытӕ арвыста, уыдон дын Йесойы тыххӕй цы дзурынц? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзугмӕ Чырыстийау куыд кӕсынц?

12 Чырысти дзугыл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у, Къаннӕг Азийы авд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагмӕ цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдонӕй (Рарг. 2:1–3:22). Уыцы фыстӕджытӕй зыны, Йесо хорз кӕй зыдта, алы ӕмбырды дӕр цы цыд, уый, стӕй йӕ фӕдылдзӕуджытыл тынг кӕй мӕт кодта, уый дӕр. Ӕмӕ уыцы фыстӕджыты цы фыст ис, уый нӕ рӕстӕгмӕ та ноджы тынгдӕр хауы, уымӕн ӕмӕ Раргомады чиныджы фыст цӕстылуайӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц «Хицауы боны» * (Рарг. 1:10). Чырыстийы уарзондзинад арӕх фенӕн вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕмбырды фыййӕуттӕ, дзугмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй. Уыцы «лӕвӕртты» Йесо разӕнгард кӕны, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн удӕнцой хӕссой, разӕнгард сӕ кӕной кӕнӕ та куы хъӕуа, уӕд-иу сын уынаффӕ дӕр раттой. (Еф. 4:8; Ап. хъ. 20:28; бакӕс Исай 32:1, 2.) Цымӕ дын сӕ зӕрдиаг фыдӕбон ууыл дзурӕг нӕу, Чырысти дыл сӕрмагондӕй кӕй тыхсы?

Ӕххуыс афоныл

13–15. Хуыцаумӕ куы скувӕм, уӕд нын куыд баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

13 Искуы зӕрдиагӕй куывтай Йегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ дӕм фӕлтӕрд чырыстӕттӕй чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ дӕ бафидар кодта? (Иак. 5:14–16). Йе та дын баххуыс кодта, ӕмбырды цы фехъуыстай кӕнӕ нӕ литературӕйы цы бакастӕ, уый. Йегъовӕмӕ куы скувӕм, уӕд нын арӕх баххуыс кӕны ахӕм хуызы. Мӕнӕ иу хабар. Хистӕр нӕлгоймагмӕ раныхасы фӕстӕ бацыд иу хо. Уыцы хойы цалдӕр къуырийы размӕ тынг бафхӕрдтой, ӕппындӕр ницы аххосджын уыди, афтӕмӕй. Фӕлӕ хъаст кӕныны бӕсты зӕрдиаг арфӕ ракодта ӕфсымӕрӕн, йӕ раныхасы Библийӕ цы хъуыдытӕ загъта, уыдоны тыххӕй. Уыдон хаудысты хойы уавӕрмӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтой. Куыд цин кодта хо, уыцы бон ӕмбырд кӕй нӕ фӕцух кодта, уый тыххӕй!

14 Йегъовӕмӕ куы скувӕм, уӕд ма нын куыд баххуыс кӕны, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм ӕртӕ ахст нӕлгоймаджы хабармӕ. Уыдон рӕстдзинад базыдтой ахӕстоны ӕмӕ систы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ. Иуафон ахӕстоны цыдӕр хабар ӕрцыд, ӕмӕ ахст адӕмы иууылдӕр цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой. Уыдон дӕр змӕнтын райдыдтой ӕмӕ сфӕнд кодтой, зӕгъгӕ, дыккаг райсом аходӕны фӕстӕ йӕ тӕбӕгъ фӕстӕмӕ ничиуал ратдзӕн. Ӕртӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕджы дывыдон арты бахаудысты – куыд бакӕной, уый нӕ зыдтой. Змӕнтджыты фарс куы рахӕцыдаиккой, уӕд фехӕлдтаиккой Ромӕгтӕм 13:1 фыст фӕдзӕхст. Сӕ фарс куы нӕ рахӕцыдаиккой, уӕд та сӕ уыцы знӕт адӕм ӕнӕ фыдбылызӕй нӕ ныууагътаиккой.

15 Уыцы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕн уый фадат дӕр нӕ уыд, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзиимӕ аныхас кодтаиккой, ӕмӕ се ’ртӕ дӕр зонд куырдтой Йегъовӕйӕ. Дыккаг райсом рабӕрӕг, ӕртӕйӕ дӕр иу хъуыдымӕ кӕй ӕрцыдысты – сӕ иу дӕр аходӕн нӕ райста. Фӕстӕдӕр хъахъхъӕнджытӕ тӕбӕгътӕ исынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ фӕстӕмӕ дӕттын ницы хъуыди. Куыд цин кодтой, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» сӕ фарсмӕ кӕй уыд! (Пс. 65:2).

Фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм

16. Хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уымӕй куыд зыны, Йегъовӕ фысау сабыр адӕмыл кӕй тыхсы, уый?

16 Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл кӕй тыхсы, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр, уый ма бӕрӕг у, ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уымӕй (Райд. 18:25). Йегъовӕ арӕх спайда кӕны зӕдтӕй ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты барвиты фысау сабыр адӕммӕ – суанг хорз хабар кӕм нӕма хъусын кӕнынц, ахӕм рӕтты дӕр куы фӕцӕрынц, уӕд дӕр (Рарг. 14:6, 7). Зӕгъӕм, Хуыцау иу зӕды руаджы Филиппы (фыццаг ӕнусы зынгзӕрдӕйӕ хорз хабар чи хъусын кодта, уый) арвыста, цӕмӕй ефиопаг хицауы ссардтаид ӕмӕ йын Фыстад бамбарын кодтаид. Дарддӕр цы ’рцыд? Нӕлгоймагӕн хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ бахъардта, донаргъуыд райста ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг сси * (Иоан. 10:14; Ап. хъ. 8:26–39).

17. Цӕуылнӕ нӕ хъӕуы фидӕныл ӕгӕр мӕт кӕнын?

17 Ацы цардӕвӕрд йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмӕ «тухитӕ» амӕй фӕстӕмӕ дӕр уыдзысты (Матф. 24:8). Зӕгъӕм, хӕринаг, гӕнӕн ис, зынгӕ фӕзынаргъдӕр уа, адӕм фылдӕр кӕй кӕнынц, уый тыххӕй, кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй сарӕх сты ӕмӕ экономикон уавӕр бонӕй-бонмӕ кӕй ивы, уый аххосӕй. Чи зоны, куыст ссарын дӕр фӕзындӕр уа ӕмӕ адӕймаг ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй хъуыды кӕнын райдайа, фылдӕр рӕстӕг ӕй кӕй хъӕуы кусын. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, Йегъовӕйы хъуыддаг фыццаг бынаты кӕмӕн ис ӕмӕ «йӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт» кӕмӕн у, уыдоны ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Уыдон зонынц, Хуыцау сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсдзӕн (Матф. 6:22–34). Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Йеремийӕн куыд баххуыс кодта, н. э. размӕ 607 азы Иерусалимӕн йӕ кӕрон куы ’рхӕццӕ, уыцы уӕззау рӕстӕг.

18. Вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕрхъула кодтой, уӕд куыд рабӕрӕг, Йегъовӕ Йеремийы кӕй уарзта, уый?

18 Вавилойнӕгты Иерусалим бацахсынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд Йеремийы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕрты бакодтой. Кӕм ын хъуамӕ уыдаид хӕринаг? Ахст куы нӕ уыдаид, уӕд истытӕ кодтаид. Фӕлӕ ныр йӕ цард уыд, йӕ алыварс чи уыдис, уыдоны къухы. Уыдонӕн та сӕ фылдӕр Йеремийӕ се сӕфт уыдтой! Йереми йӕ ныфс адӕмыл нӕ дардта, фӕлӕ Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йыл тыхсдзӕн. Цымӕ Йегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта? Ууыл дзырд дӕр нӕй! Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ Йеремийӕн алы бон дӕр «лӕвӕрдтой иу тымбыл дзул... цалынмӕ горӕты дзул нӕ фӕцис уӕдмӕ» (Йер. 37:21). Йереми, стӕй Варух, Авдемелех ӕмӕ иннӕтӕ фервӕзтысты, адӕм ӕххормагӕй, низтӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕй куы цагъды кодтой, уыцы рӕстӕг (Йер. 38:2; 39:15–18).

19. Фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм?

19 О, «Йегъовӕ йӕ цӕст дары рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдиаг куывдтытӕ хъусы» (1 Пет. 3:12). Ӕхсызгон дын нӕу, дӕ уӕларвон Фыд дӕм йӕ цӕст кӕй дары? Йӕ цӕст та дӕм уый тыххӕй дары, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна. Уый зонгӕйӕ дӕхи ӕдас нӕ хатыс? Уӕдӕ сомбоны цыфӕнды ма ’рцӕуа,– уӕддӕр фидарӕй аскъуыддзаг кӕн дарддӕр дӕр Хуыцауимӕ цӕуын. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ уарзӕгой фыдау алкӕддӕр лӕмбынӕг кӕй кӕсы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр. (Пс. 32:8; бакӕс Исайы 41:13.)

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 12 абз. Ацы фыстӕджыты цы фыст ис, уый фыццаджыдӕр хауы Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕм, фӕлӕ сӕ ахӕссӕн ис Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.

^ 16 абз. Уацамынды хъуыддагӕн Йегъовӕ кӕй дӕтты разамынд, уый фенӕн ис Хъуыддӕгты 16:6–10. Ам мах кӕсӕм, зӕгъгӕ, Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты «сыгъдӕг уд нӕ бауагъта» хъусын кӕнын Азийы ӕмӕ Вифинийы. Хуыцау сӕ арвыста Македонимӕ ӕмӕ уым бирӕ сӕрныллӕг адӕм байхъуыстой хорз хабармӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Хуыцауимӕ кӕй цӕуӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Йегъовӕ Варухы кӕй уарзта, уый цӕмӕй рабӕрӕг?

• Йесо Чырысти, ӕмбырды Сӕр, йӕ Фыды миниуджытӕ куыд ӕвдисы?

• Ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ ныфс Хуыцауыл кӕй дарӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы фӕзмынц ӕмӕ, Йереми Варухыл куыд тыхст, афтӕ уыдон дӕр тыхсынц дзугыл

[Ныв 10 фарсыл]

Йегъовӕ афоныл куыд ӕххуыс кӕны?