Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ хъусы зӕрдӕбын куывдтытӕ

Йегъовӕ хъусы зӕрдӕбын куывдтытӕ

Йегъовӕ хъусы зӕрдӕбын куывдтытӕ

«Цӕмӕй адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау ӕгас зӕххы сӕрмӕ» (ПС. 83:18).

1, 2. Бирӕтӕ цы банкъардтой ӕмӕ цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

ЦАЛДӔР азы размӕ иу сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, сӕ сыхӕгтыл цы бӕллӕх ӕрцыд, ууыл. Сылгоймаг схъомыл католикон диныл хӕст бинонты ’хсӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бацыд сауджынмӕ, фӕлӕ уый йемӕ ныхас дӕр нӕ акодта. Уӕд сылгоймаг Хуыцаумӕ скуывта: «Чи дӕ, уый нӕ зонын... Фӕлӕ зонын, уӕвгӕ кӕй дӕ. Баххуыс-ма мын кӕн, цӕмӕй дӕ базонон!» Иуцасдӕры фӕстӕ йӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ’рбацыдысты. Уыдон дзы ныфс бауагътой ӕмӕ йын радзырдтой рӕстдзинад Хуыцауы тыххӕй, иудзырдӕй, цы агуырдта, уый ссардта. Сылгоймаг Ӕвдисӕнтӕй базыдта бирӕ цыдӕртӕ, уыимӕ Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый дӕр. Йӕ зӕрдӕмӕ раст цыма хур бакаст. «Диссаг куыннӕ у,– загъта сылгоймаг,– уый уыдис, мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕй базонынмӕ бӕллыдтӕн, уыцы Хуыцау!»

2 Хуыцауы ном базонгӕйӕ-иу ахӕм ӕнкъарӕнтӕ бирӕтӕм фӕзынд. Сӕ фылдӕр-иу фыццаг хатт Йегъовӕйы ном федтой Библийы Псалом 83:18. «Ног дунейы тӕлмац»-ы уыцы стих у афтӕ: «Цӕмӕй адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау ӕгас зӕххы сӕрмӕ». Фӕлӕ никуы ахъуыды кодтай, 83-ӕм псалом фыст цӕмӕн ӕрцыд, ууыл? Цы хъуамӕ бауырнын кодтаид алкӕйдӕр, Йегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый? Ацы псаломӕй нӕ бон цы у базонын? Ацы фарстытыл уыдзӕн нӕ ныхас ацы статьяйы *.

Знӕгтӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ

3, 4. 83-ӕм псалом чи ныффыста ӕмӕ цавӕр тӕссаг уавӕры кой кодта?

3 83-ӕм псаломы разныхасы фыст ис «Асафы псалом». Асаф уыди зындгонд зарӕггӕнӕг Левийы мыггагӕй ӕмӕ цардис паддзах Давиды заман. Ацы псалом чи ныффыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд Асафы байзӕддӕгтӕй. Псаломзарӕггӕнӕг лӕгъстӕ кӕны Йегъовӕйӕн, цӕмӕй исты сараза, йӕ хицаудзинад куыд сбӕрзонд уа ӕмӕ йӕ ном куыд айхъуыса. 83-ӕм псалом, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд, Соломоны мӕлӕтӕй иу цасдӕр куы рацыд, уӕд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Давиды ӕмӕ Соломоны рӕстӕджыты Тиры паддзахӕн Израилимӕ хорз ахастытӕ уыд. Ацы псалом фыст куы ’рцыд, уыцы рӕстӕгмӕ та Тиры цӕрджытӕ Израилы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ йе знӕгтимӕ баиу сты.

4 Псаломзарӕггӕнӕг ранымадта, Хуыцауы адӕмы ныццӕгъдынмӕ чи хъавыд, ахӕм дӕс адӕмыхатты. Иууылдӕр цардысты Израилы алыварс. Уыдон уыдысты: «Едомы ӕмӕ измаилӕгты цатыртӕ, Моав ӕмӕ агарӕгтӕ, Гевал, Аммон ӕмӕ Амалик, Филисти Тиры цӕрджытимӕ иумӕ. Ӕрбаиу сӕм Ассири дӕр» (Пс. 83:6–8). Цавӕр хабары кой цӕуы ацы псаломы? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ацы псаломы дзырд цӕуы, Иосафаты рӕстӕджы Аммон, Моавы фырттӕ ӕмӕ Сеиры хохы цӕрджытӕ Израилмӕ куы бабырстой, ууыл (2 Аз. 20:1–26). Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та дзы дзырд цӕуы, Израилмӕ йӕ алыварс цӕрӕг адӕм алкӕддӕр фыдзӕрдӕ кӕй дардтой, ууыл.

5. 83-ӕм псалом чырыстӕттӕн абон куыд ӕххуыс кӕны?

5 Куыдфӕнды ма уа, бӕлвырд у, ацы псалом Йегъовӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй ӕрцыд, Израилы адӕм тӕссаг уавӕры куы уыдысты, уӕд. Ацы псалом абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ныфс дӕтты, уымӕн ӕмӕ афтӕ никуы уыд, цӕмӕй знӕгтӕ сӕ ныхмӕ ма цӕуой ӕмӕ сӕ фӕсафынмӕ ма хъавой. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 83-ӕм псалом махӕн дӕр нӕ ныфс фидар кӕндзӕн, тагъд рӕстӕджы Магогы зӕххӕй Гог йе ’фсад куы ӕрбамбырд кӕна, ӕмӕ, Хуыцауӕн сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ чи лӕггад кӕны, уыдоны ныппырх кӕнынмӕ фӕстаг хатт куы рацӕуа, уӕд. (Бакӕс Иезекил 38:2, 8, 9, 16.)

Псаломзарӕггӕнӕджы сӕйраг мӕт цы уыд

6, 7. а) Псаломзарӕггӕнӕг 83-ӕм псаломы райдианы цӕй тыххӕй кувы? ӕ) Псаломзарӕггӕнӕг ӕппӕты тынгдӕр цӕуыл мӕт кодта?

6 Ӕркӕсӕм-ма, псаломзарӕггӕнӕг йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ йӕ куывды куыд дзуры: «О Хуыцау, исты зӕгъ. Хъусӕй ма лӕуу, ӕнцад ма кӕс, о Хуыцау. Де знӕгты хъӕлӕба цӕуы, ӕмӕ дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон сӕ сӕртыл схӕцыдысты. Дӕ адӕмы ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц... Уыдон ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтой сӕ кӕрӕдзиимӕ. Бадзырд скодтой дӕ ныхмӕ» (Пс. 83:1–3, 5).

7 Псаломзарӕггӕнӕг ӕппӕты тынгдӕр цӕуыл мӕт кодта? Уый, ай-гъайдӕр, хъуыды кодтаид йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты ӕдасдзинадыл. Фӕлӕ йӕ куывды сӕр уыди, Йегъовӕйы номыл знӕгтӕ цъыфкалӕн кӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ ном чи хаста, уыцы адӕммӕ ӕртхъирӕн кӕй кодтой, уый. Цӕй ӕмӕ ацы зӕронд дунейы фӕстаг ӕмӕ уӕззау бонты мах дӕр алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсӕм. (Бакӕс Матфейы 6:9, 10.)

8. Израилӕгты ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи кодта, уыцы адӕмӕн сӕ зӕрды цы уыд?

8 Псаломзарӕггӕнӕг дзуры, Израилы знӕгтӕ цы дзырдтой, уый: «Цомут ӕмӕ сӕ ныццӕгъдӕм, цӕмӕй ахӕм адӕм мауал уа, цӕмӕй Израилы ном хъуыды дӕр мачиуал ӕркӕна» (Пс. 83:4). Куыд ӕнӕуынон уыдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм уыцы адӕмтӕн! Фӕлӕ израилӕгты ныхмӕ фыдвӕндтӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ кодтой. Уыдон сӕ былыцъӕрттӕ хордтой Израилы зӕххытӕм ӕмӕ сӕхицӕй ӕппӕлыдысты: «Хуыцауы цӕрӕнбынӕттӕ нӕхи бакӕнӕм» (Пс. 83:12). Нӕ рӕстӕджы дӕр исты ахӕм ис? Куыннӕ ма!

«Дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынат»

9, 10. а) Рагзаманты Хуыцауы сыгъдӕг цӕрӕнбынат цы хуыдтой? ӕ) Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын абон, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ»?

9 Рагзаманты Зӕрдӕвӕрд зӕхх хуыдтой Хуыцауы сыгъдӕг цӕрӕнбынат. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, израилӕгтӕ Египетӕй куы ссӕрибар сты, уӕд цы уӕлахизы зарӕг ныззарыдысты, уый: «Ды де ’нувыд уарзтӕй кӕныс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы. Ӕмӕ сӕ дӕ хъаруйы фӕрцы бакӕндзынӕ дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатмӕ» (Рац. 15:13). Фӕстӕдӕр уыцы «сыгъдӕг цӕрӕнбынатмӕ» хаудысты кувӕндон ӕмӕ дзы чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕ, стӕй сӕйраг горӕт Иерусалим, ӕмӕ, паддзах Давиды байзӕддӕгтӕй чи уыд ӕмӕ Йегъовӕйы паддзахбадӕныл чи бадт, уыдон (1 Аз. 29:23). Йесо дӕр Иерусалим растдӕр уымӕн схуыдта «цытджын Паддзахы сахар» (Матф. 5:35).

10 Цы зӕгъӕн ис нӕ рӕстӕгӕй та? Н. э. 33 азы фӕзынд ног адӕм, «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16). Уыцы адӕм сты Йесо Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц, зӕххон Израилы адӕм цы хӕс нӕ сӕххӕст кодтой, уый – Хуыцауы номы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынц (Ис. 43:10; 1 Пет. 2:9). Ӕмӕ Йегъовӕ уыдоны тыххӕй загъта, рагон Израилӕн цы загъта, уый: «Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты мӕ адӕм» (2 Кор. 6:16; Лев. 26:12). 1919 азы Йегъовӕ тынгдӕр арфӕ кӕнын райдыдта, «Хуыцауы Израилӕй» ма зӕххыл чи баззад, уыдонӕн. Уӕд сын сӕ бӕрны бакодта «бӕстӕ» – йӕ номимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ уыцы «бӕстӕйы» ссардтой ӕцӕг удӕнцой (Ис. 66:8). 1930 азӕй фӕстӕмӕ сӕ фарсмӕ балӕууыд милуангай «ӕндӕр фыстӕ» (Иоан. 10:16). Йегъовӕ абон уыцы чырыстӕттӕн кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ сӕ кӕй фылдӕр кӕны, стӕй сӕ кӕй хъахъхъӕны, уый ирдӕй ӕвдисы, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, ӕмӕ Дун-дунейы хицау уа. (Бакӕс Псалом 91:1, 2.) Уӕдӕ куыннӕ мӕсты кӕндзӕн Хӕйрӕг!

11. Хуыцауы знӕгты сӕйраг нысан алкӕддӕр цы уыди ӕмӕ абон дӕр цы у?

11 Ацы кӕроны рӕстӕг Сайтан йӕ адӕмы ардауы, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоныл ӕмӕ ӕндӕр фыстыл. Уымӕн хорз цӕвиттон сты, Хурныгуылӕн Европӕйы нацистты рӕстӕг ӕмӕ Хурыскӕсӕн Европӕйы, Советон Цӕдисы коммунисттӕ куы хицауиуӕг кодтой, уӕд уым цы хабӕрттӕ цыд, уыдон. Афтӕ ма уыд бирӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр, ӕмӕ та ногӕй дӕр уыдзӕн, уӕлдайдӕр та, Магогы зӕххӕй Гог Хуыцауы адӕмыл фӕстаг хатт йӕхи куы ныццӕва, уӕд. Гӕнӕн ис, знӕгтӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ мулк, сӕ исбон ӕмӕ сӕ зӕххытыл фӕзыд кӕной ӕмӕ сын сӕ исой, рагзаманты-иу куыд кодтой, афтӕ. Фӕлӕ Сайтаны сӕйраг нысан кӕддӕриддӕр уыди, цӕмӕй нӕ, куыд адӕм, афтӕ зӕххы цъарӕй фесафа ӕмӕ нын цӕмӕй Хуыцау цы ном радта, уымӕн йӕ кой дӕр мауал уа. Кӕд Сайтан Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ афтӕ цӕуы, уӕд Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн? Ӕркӕсӕм та псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм.

Йегъовӕ уӕлахиз кӕны: цы ӕвдисынц ивгъуыд хабӕрттӕ

12–14. Ацы псаломы цавӕр дыууӕ уӕлахизы кой цӕуы?

12 Банысан кӕнын хъӕуы, псаломзарӕггӕнӕджы фидарӕй кӕй уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у знӕгты хъуыддӕгтӕ фехалын. Йӕ псаломы ской кодта, израилӕгтӕ се знӕгтыл дыууӕ хатты куыд фӕуӕлахиз сты. Дыууӕ хатты дӕр хӕстытӕ уыдысты Мегиддойы дӕлвӕзы сӕрмӕ рагон горӕт Мегиддойы фарсмӕ. Мегиддойы дӕлвӕзы цӕуы Кисоны цӕугӕдон, сӕрды бахус вӕййы ӕмӕ йын уӕд фенӕн вӕййы йӕ къӕдзтӕ-мӕдзтӕ донвӕд. Зымӕджы уарынты фӕстӕ цӕугӕдон раивылы ӕмӕ дӕлвӕз доны бын фӕвӕййы. Киссоны цӕугӕдон ма «Мегиддойы дӕттӕ» дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн схуыдтой (Тӕрх. 4:13; 5:19).

13 Мегиддойы дӕлвӕзӕй иу-15 километры дарддӕр ис Морейы къуыбыр. Уым тӕрхонгӕнӕг Гедеоны бонты ӕрӕмбырд сты мадиамӕгты, амаликӕгты ӕмӕ Хурыскӕсӕны цӕрджыты ӕфсӕдтӕ, цӕмӕй израилӕгтимӕ схӕцыдаиккой (Тӕрх. 7:1, 12). Кӕд Гедеоны гыццыл ӕфсады 300 адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ уыд, уӕддӕр Йегъовӕйы ӕххуысӕй се знӕгты стыр ӕфсадыл фӕуӕлахиз сты. Куыд? Хуыцау сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой: сӕ къухты рахастой дурынтӕ, сӕ мидӕг сын нывӕрдтой судзгӕ цырӕгътӕ ӕмӕ ӕхсӕвыгон се знӕгтыл ӕрхъула кодтой. Гедеон сын куы ацамыдта, уӕд сӕ дурынтӕ асастой ӕмӕ ӕвиппайды цырӕгътӕ талынджы сӕрттывтой. Уыцыиу рӕстӕг ма ӕфсӕддонтӕ сыкъаты дӕр ныууасыдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегъовӕ ӕмӕ Гедеоны хъама!» Знӕгтӕ схъомпал сты, кӕрӕдзи марынмӕ фесты. Чи дзы аирвӕзт, уыдон та ныййарц сты Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ. Уӕдмӕ израилӕгтӕй дӕр бирӕтӕ Гедеоны ӕфсӕддонтӕм ӕрбаиу сты ӕмӕ знӕгты фестейӕ асырдтой. Ӕдӕппӕтӕй знӕгтӕй фӕмард 120 мин адӕймаджы (Тӕрх. 7:19–25; 8:10).

14 Морейы къуыбырӕй иу-6 километры дарддӕр, Мегиддойы дӕлвӕзы иннӕ фарс, ис Фаворы хох. Уымӕй размӕ та уым тӕрхонгӕнӕг Варак ӕмӕ 10 мин израиладжы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй схӕцыдаиккой ханаайнаг горӕт Асоры паддзах Иавины ӕфсадимӕ. Ӕфсады сӕргъы лӕууыд Сисарӕ. Ацы ханаайнаг ӕфсадмӕ уыди 900 хӕстон уӕрдоны хӕцӕнгӕрзтимӕ. Уыцы хӕцӕнгӕрзтӕ уыдысты ӕфсӕйнаг цӕвджытӕ – фидаргонд уыдысты цӕлхытыл ӕмӕ семӕ ӕмзылд кодтой. Израилы ӕфсад, хӕцӕнгарз сӕм рӕстмӕ дӕр нӕ уыд, афтӕмӕй Фаворы хохыл ӕрӕмбырд сты. Сисарӕйы ӕфсӕддонтӕ, фылдӕр кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кодтой, израилӕгты кӕй ныццӕгъддзысты, ууыл ӕмӕ дӕлвӕзмӕ ’рцыдысты. Уӕд «Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Сисарӕ, йӕ хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр схӕццӕ сты». Ӕнӕнхъӕлӕджы тыхджын къӕвда ныккалдта, Киссоны цӕугӕдон раивылд ӕмӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ цъыфы ныссагъдысты. Уыцы бон израилӕгтӕ знӕгты ӕфсад бындзагъд ныккодтой (Тӕрх. 4:13–16; 5:19–21).

15. а) Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй кувы? ӕ) Хуыцауы фӕстаг хӕсты ном нын цӕуыл дзурӕг у?

15 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй, Израилы адӕммӕ чи ӕртхъирӕн кӕны, уыдоныл дӕр исты ахӕм бӕллӕх рауадза. Уый кувы: «Мадиам ӕмӕ Сисарӕйӕн куыд бакодтай, афтӕ сын бакӕн, ӕмӕ Киссоны дӕлвӕзы Иавинӕн куыд бакодтай, афтӕ. Фӕцагъд сты Аендоры, фаджысау систы зӕххӕн» (Пс. 83:9, 10). Хуыцауы хӕст Сайтаны дунейы ныхмӕ хуыйны Ар-Магедон (нысан кӕны «Мегиддойы хох»), йе та Армагеддон. Ацы ном нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Мегиддойы цур-иу цы стыр хӕстытӕ ’рцыд, уыдон. Рагзаманты-иу Йегъовӕ уыцы хӕстыты кӕй фӕуӕлахиз, уый нын нӕ ныфс фидар кӕны, Армагеддоны хӕсты дӕр знӕгты ӕнӕмӕнгӕй кӕй ныппырх кӕндзӕн (Рарг. 16:13–16).

Кувут, цӕмӕй сбӕлвырд уа, Йегъовӕ раст хицау кӕй у, уый

16. Абон Йегъовӕ знӕгты цӕсгӕмттӕ худинагӕй куыд бамбӕрзта?

16 Ацы «фӕстаг бонты» рӕстӕджы Йегъовӕ никуы бауагъта, цӕмӕй йын исчи йӕ адӕмы зӕххы цъарӕй фесӕфтаид (2 Тим. 3:1). Ӕмӕ-иу йе знӕгтӕ алы хатт дӕр фӕхудинаг сты. Уый рагацау загъд уыд Псалом 83:16: «Сӕ цӕсгӕмттӕ сын худинагӕй бамбӕрз, цӕмӕй дын адӕм агурой дӕ ном, о Йегъовӕ». Знӕгтӕ куы иу бӕстӕйы, куы иннӕйы архайдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныссабыр кӕныныл, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Уыцы бӕстӕты иунӕг ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фидардзинад тынг бандӕвта сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл ӕмӕ дзы бирӕтӕ райдыдтой агурын Йегъовӕйы ном. Кӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты карзӕй цы бӕстӕты ӕфхӕрдтой, уыдонӕй бирӕты абон дӕсгай минтӕ, кӕмдӕрты та суанг сӕдӕгай минтӕ, цингӕнгӕйӕ кадджын кӕнынц Йегъовӕйы. Цӕй стыр уӕлахиз у уый Йегъовӕйӕн! Ӕмӕ куыд фӕхудинаг сты йе знӕгтӕ! (Бакӕс Йереми 1:19.)

17. Тагъд адӕмӕн фадат цӕмӕн нал уыдзӕн ӕмӕ нӕ зӕрдыл цавӕр ныхӕстӕ ӕрлӕудзысты?

17 Мах зонӕм, тох нӕма фӕци. Ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар – суанг не знӕгтӕн дӕр (Матф. 24:14, 21). Уыцы знӕгтӕн абон ис фадат ӕрфӕсмон кӕнынӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад райсынӕн, фӕлӕ сын тагъд уыцы фадат нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ном срухс уа, уый бирӕ ахсджиагдӕр у адӕмы ирвӕзындзинадӕй. (Бакӕс Иезекил 38:23.) Рагзагъд куыд уыд, афтӕмӕй зӕххыл цы адӕмтӕ цӕры, уыдон Хуыцауы адӕмы скуынӕг кӕнынмӕ куы рацӕуой, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Фӕхудинаг уӕнт ӕмӕ ӕнцой мауал зонӕнт ӕнустӕм, сӕ сӕр сӕ кой суӕд ӕмӕ фесӕфӕнт» (Пс. 83:17).

18, 19. а) Йегъовӕйы хицаудзинады фыдзнӕгтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Йегъовӕ раст хицау кӕй у, уый тагъд рӕстӕджы фӕстаг хатт кӕй сбӕлвырд уыдзӕн, уый дыл куыд ӕндавы?

18 Йегъовӕйы хицаудзинады фыдзнӕгтӕ тагъд фӕхудинаг уыдзысты. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы», уыдон Армагеддоны куынӕггонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ «ӕнустӕм фесӕфдзысты» (2 Фес. 1:7–9). Знӕгтӕ кӕй фесӕфдзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон кӕй фервӕздзысты, уый уыдзӕн хорз бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уымӕн. Уыцы стыр уӕлахиз ног дунейы никуы ферох уыдзӕн. Рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куы райгас уой, уӕд базондзысты, Йегъовӕ цы стыр хъуыддаг сарӕзта, уый (Ап. хъ. 24:15). Ног дунейы уыдон фендзысты, Йегъовӕйы хицауыл нымайын зондыл дзурӕг кӕй у. Ӕмӕ чи райгас уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн цы сӕрныллӕг адӕм уа, уыдон уайтагъд бамбардзысты, Йегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у.

19 Цӕй диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн! Цымӕ нӕ фӕкувыс, цӕмӕй Йегъовӕ тагъд псаломзарӕггӕнӕджы куывд фӕстаг хатт сӕххӕст кӕна: «[Де знӕгтӕ] фӕхудинаг уӕнт ӕмӕ ӕнцой мауал зонӕнт ӕнустӕм, сӕ сӕр сӕ кой суӕд ӕмӕ фесӕфӕнт, цӕмӕй адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау ӕгас зӕххы сӕрмӕ»? (Пс. 83:17, 18).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Ацы статья ӕвзарыны размӕ уал хорз уаид бакӕсын 83-ӕм псалом.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Псаломзарӕггӕнӕг 83-ӕм псалом куы ныффыста, уӕд Израил цавӕр уавӕры уыд?

83-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕн йӕ сӕйраг мӕт цы уыд?

• Сайтан абон кӕй ныхмӕ цӕуы?

• Йегъовӕ фӕстаг хатт кӕд сӕххӕст кӕндзӕн Псалом 83:18?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ 15 фарсыл]

Рагон Мегиддойы цур цы хӕстытӕ уыд, уыдонӕн нӕ фидӕнимӕ иумӕйагӕй цы ис?

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Киссоны цӕугӕдон

Харошеф-Гоим

Кармилы хох

Изреелы дӕлвӕз

Мегиддо

Фаанах

Гелвуйы хох

Хароды цъай

Море

Аендор

Фаворы хох

Галилейы денджыз

Иорданы цӕугӕдон

[Ныв 12 фарсыл]

Цӕмӕн ныффыста иу псаломзарӕггӕнӕг ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ псалом?