Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы раттис, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?

Цы раттис, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?

Цы раттис, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?

«Адӕймаг йӕ царды тыххӕй цы ратдзӕни?» (МАТФ. 16:26).

1. Йесо Петрӕн карзӕй цӕмӕн бауайдзӕф кодта?

АПОСТОЛ Петр йӕ хъустыл нӕ баууӕндыд. Йӕ уарзон Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти ӕргом загъта, тагъд хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ стӕй кӕй амӕлдзӕн! Йӕ хъуыдыйы ӕвзӕрӕй ницы уыдис, афтӕмӕй Петр Йесойӕн бауайдзӕф кодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд». Йесо иннӕрдӕм азылд ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм акаст. Уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодтой. Стӕй Петрӕн загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Марчы 8:32, 33; Матф. 16:21–23).

2. Йесо куыд бамбарын кодта, йӕ ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ цӕмӕ хъуамӕ уой, уый?

2 Уый фӕстӕ Йесо цы загъта, уымӕй Петр, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, йӕ Ахуыргӕнӕг ын ахӕм карз уайдзӕф цӕмӕн бакодта. Йесо «адӕммӕ, стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта» ӕмӕ загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд. Йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн» (Марчы 8:34, 35). Бӕрӕг у, Йесо ӕрмӕст йӕхӕдӕг кӕй нӕ уыд цӕттӕ йӕ цард раттынмӕ, фӕлӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕныны номыл цӕттӕ уыдаиккой сӕ цард раттынмӕ. Афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд хайджын уыдаиккой стыр хорзӕхӕй. (Бакӕс Матфейы 16:27.)

3. а) Цавӕр фарстытӕ радта Йесо йӕ хъусджытӕм? ӕ) Йесойы дыккаг фарст йӕ хъусджыты зӕрдыл цы ӕрлӕууын кодтаид?

3 Растдӕр уӕд радта Йесо ацы цымыдисаг фарстытӕ: «Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?» ӕмӕ «Цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй?» (Марчы 8:36, 37). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, фыццаг фарстӕн йӕ дзуапп бӕлвырд у. Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый ницы пайда у. Мулк адӕймагӕн пайда у, адӕймаг ӕгас куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Йесойы дыккаг фарста та, «цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй», зӕгъгӕ, хъусджыты зӕрдыл, ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕууын кодта, Сайтан Иовы рӕстӕджы цы загъта, уый: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй кӕмӕдӕрты Сайтаны ныхӕстӕ, чи зоны, ӕмӕ раст фӕкӕсой. Бирӕтӕ удӕгасӕй баззайыны тыххӕй цыфӕнды дӕр бакӕндзысты, сӕ сӕрмӕ цыфӕнды ӕгад хъуыддаг дӕр ӕрхӕсдзысты. Фӕлӕ ацы хъуыддагмӕ чырыстӕттӕ кӕсынц бынтон ӕндӕр цӕстӕй.

4. Йесойы фарстытӕн сӕ нысаниуӕг чырыстӕттӕн арфдӕр цӕмӕн у?

4 Мах ӕй зонӕм, Йесо зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй нын ӕнӕниздзинад, хъӕздыгдзинад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон радтаид ацы дунейы. Уый нын радта фадат, цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм ӕнустӕм, ӕмӕ нын уыцы ныфс тынг зынаргъ у (Иоан. 3:16). Чырыстон ӕмбары, цы зӕгъын фӕндыд Йесойы йӕ фыццаг фарстӕй, зӕгъгӕ, «адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у». Йӕ дзуапп у: ницы пайда ӕппындӕр (1 Иоан. 2:15–17). Цӕмӕй Йесойы дыккаг фарстайӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй та ахъуыды кӕнӕм: «Сомбон ног дунейы кӕй цӕрдзынӕн, уымӕй мӕ цӕмӕй фидар ныфс уа, уый тыххӕй абон мӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ дӕн цӕттӕ?» Ацы фарстайӕн йӕ дзуапп бӕрӕг у, куыд цӕрӕм, уымӕй, ӕмӕ нӕ абоны цард ӕвдисы, уыцы ныфс нын фидар у ӕви нӕ. (Абар Иоанны 12:25.)

5. Ӕнусон цардӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

5 Бӕлвырд у, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕнусон цард ис бакусӕн. Цард у лӕвар,– кӕд адӕймаг ацы цардӕвӕрды бирӕ нӕ цӕры, уӕддӕр. Нӕ бон ӕй нӕдӕр балхӕнын у, нӕдӕр исты ахӕм саразын, цӕмӕй цард райсыны аккаг уӕм. Ӕнусон цардӕй дӕр ӕрмӕст уӕд схайджын уыдзыстӕм, куы «баууӕндӕм Йесо Чырыстийыл» ӕмӕ Йегъовӕйыл – зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн чи арфӕ кӕны, ууыл (Гал. 2:16; Дзут. 11:6). Фӕлӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ «уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:26). Уӕдӕ ма ногӕй Йесойы фарстамӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм: ацы цардӕвӕрды нӕхи цӕмӕй стӕм цӕттӕ фӕцух кӕнынмӕ? Нӕ уырнындзинад ӕцӕгдӕр удӕгас кӕй у, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы цы аразынмӕ стӕм цӕттӕ?

«Чырысти... йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта»

6. Йесойӕн сӕйрагдӕр цы уыд?

6 Йесо зӕххыл куы уыдис, уӕд, дунейы цы уыд, уыдӕттӕм нӕ каст, фӕлӕ каст, ахсджиаг хъуыддӕгтӕм, ӕмӕ йӕ цард фӕхуыздӕр кӕныныл нӕ архайдта. Уый йӕ цард ӕгасӕй дӕр снывонд кодта Хуыцауӕн ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ каст. Йесо, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ загъта: «Ӕз алкӕддӕр, [Хуыцауӕн] ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоан. 8:29). Цымӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон цы у, уый аразыны тыххӕй Йесо йӕхи цӕмӕй уыд цӕттӕ фӕцух кӕнынмӕ?

7, 8. а) Йесо нывондӕн цы ’рхаста ӕмӕ хорзӕхджын куыд ӕрцыд? ӕ) Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

7 Иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы загъта, тагъд ӕй йӕ «уд раттын» кӕй хъӕудзӕн, уыцы хабарӕй йын иуцасдӕры размӕ Петр загъта, цӕмӕй йӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕна. Фӕлӕ Йесойы уый нӕ фӕцудын кодта. Уый йӕ уд, йе ’ххӕст цард, радта адӕмы тыххӕй. Йесо удуӕлдай цард кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фидӕнӕй уыд фидар ныфс. Хуыцау ӕй райгас кодта ӕмӕ йӕ «йӕ рахиз фарс... ӕрбадын кодта» (Ап. хъ. 2:32, 33). Уӕдӕ нын Йесо ныууагъта диссаджы цӕвиттон.

8 Апостол Павел Ромы чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй, сӕхицӕн «куыд ӕнцондӕр у, ууыл ма хъуыды кӕной» ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл [кӕй] нӕ хъуыды кодта» (Ром. 15:1–3). Уӕдӕ цымӕ ацы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф айсдзыстӕм ӕмӕ Чырысти куыддӕриддӕр кодта, афтӕ кӕндзыстӕм?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын дӕттӕм, нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый

9. Чырыстон йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны, уӕд уый цӕуыл дзурӕг вӕййы?

9 Рагон Израилы-иу Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ цагъар ссӕрибар ис ӕвдӕм азы кӕнӕ Сӕрибардзинады азы. Фӕлӕ-иу цагъар йӕ хицауы куы бауарзта, уӕд йӕ бон уыд йӕ хицауы хӕдзары цӕрӕнбонтӕм цагъарӕй баззайын. (Бакӕс Дыккаг закъон 15:12, 16, 17.) Мах дӕр афтӕ бакодтам, Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кодтам, уӕд. Барвӕндонӕй сразы стӕм, нӕхи фӕндон нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, тынг ӕй кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕнӕм.

10. Хуыцауы исбон цы хуызы стӕм ӕмӕ нын уый нӕ хъуыдытыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл куыд хъуамӕ ӕндава?

10 Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныс, хорз хабар хъусын кӕныс, ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕуыс, уӕд раппӕлинаг дӕ. Ныфс нӕ ис, тагъд рӕстӕджы дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзынӕ ӕмӕ дӕумӕ дӕр кӕй фӕзындзӕн, ефиопаг хицау Филиппмӕ цы фарст радта, ахӕм фарст: «Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (Ап. хъ. 8:35, 36). Ды дӕр Хуыцауӕн суыдзынӕ, Павел ацы ныхӕстӕ кӕмӕ фыста, уыцы чырыстӕттау: «Сымахӕн уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ зынаргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут» (1 Кор. 6:19, 20). Ӕмӕ нын фӕнды уӕларвыл цӕрыны ныфс уӕд, фӕнды зӕххыл, иугӕр Йегъовӕйӕн нӕхи снывонд кодтам, уӕд уый у нӕ Хицау. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ хиуарзон фӕндты фӕдыл ма цӕуӕм ӕмӕ «нӕхицӕй адӕмы цагъартӕ мауал аразӕм»! (1 Кор. 7:23). Цӕй стыр кад у Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ йын фадат дӕттын, цӕмӕй нӕ пайда кӕна, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ!

11. Фыстад чырыстӕтты цавӕр нывонд хӕссынмӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ, Моисейы Закъон куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уый цы нысан кӕны?

11 Павел йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уӕхи раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – ут ӕмбаргӕ ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн» (Ром. 12:1). Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕн ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, Йегъовӕйӕн раздӕр кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕ. Уыдон зыдтой, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕныл цы нывӕндтӕ хъуамӕ хастаиккой, уыдон кӕй хъуамӕ уыдаиккой ӕппӕты хуыздӕр фосӕй. Иу гыццыл дӕр сахъат чи уыд, ахӕм фос нывондӕн нӕ бӕззыд (Мал. 1:8, 13). Афтӕ вӕййы хабар, «нӕхи... удӕгас нывондӕн» куы раттӕм, уӕд дӕр. Мах Йегъовӕйӕн дӕттӕм, нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый, нӕхи цы фӕфӕнды, уыдӕттӕ бакӕныны фӕстӕ ма нӕм цы баззайы, уый нӕ, фӕлӕ. Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кӕнӕм, уӕд ын ӕнӕхъӕнӕй дӕр раттӕм нӕ уд, нӕ цард – уыимӕ нӕ тых, нӕ исбон ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ (Кол. 3:23). Куыд ис уый хъуыддагӕй ӕвдисӕн?

Дӕ рӕстӕгӕй зондджынӕй пайда кӕн

12, 13. Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕ бон цы у, уый дӕттынӕн иу мадзал цавӕр у?

12 Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕ бон цы у, уый дӕтдзыстӕм, нӕ рӕстӕгӕй зондджынӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.) Уый тыххӕй та хъӕуы хиуыл хӕцын зонын. Ацы дуне ныл кӕй ӕндавы, стӕй ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ фӕфӕнды нӕ рӕстӕг ӕрмӕст улӕфыныл ӕмӕ нӕхи хъуыддӕгтыл хардз кӕнын. Раст у, «алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон»: мах хъӕуы улӕфын дӕр ӕмӕ кусын дӕр, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын (Еккл. 3:1). Фӕлӕ чырыстон хъуамӕ уа ӕмбаргӕ ӕмӕ йӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕна.

13 Павел Афинӕты куы уыд, уӕд федта, «афинӕгтӕ... ӕмӕ, се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггаг адӕм цард, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕрибар рӕстӕг ӕндӕр [кӕй] ницы арӕзтой, ныхӕстӕ кӕнын йе та исты ног хабӕрттӕм хъусыны йеддӕмӕ» (Ап. хъ. 17:21). Ныр дӕр бирӕтӕ сӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы хардз кӕнынц. Сӕ рӕстӕг ацӕуы телевизормӕ кӕсыныл, видеохъӕзтытӕй хъазыныл ӕмӕ Интернетыл. Бонӕй-бон фылдӕр кӕнынц, нӕ рӕстӕг «байсыныл» нын чи архайы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр истытӕ базонынмӕ зивӕг кӕнын райдайдзыстӕм. Чи зоны ма суанг афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайӕм, зӕгъгӕ нын, ӕппындӕр рӕстӕг нӕй, «ахсджиагдӕр цы у, уымӕн» – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (Фил. 1:9, 10).

14. Цавӕр фарстытыл нӕ хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын?

14 Уӕдӕ кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг дӕ, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕ алы боны хъуыддӕгты ’хсӕн мын бӕлвырд рӕстӕг ис, цӕмӕй Библи кӕсон, хъуыды йыл кӕнон ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувон?» (Пс. 77:12; 119:97; 1 Фес. 5:17). Ахъуыды кӕнӕн ма ис ахӕм фарстытыл дӕр: «Ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын? Фембӕлдты дзуапп фӕдӕттын ӕмӕ уымӕй иннӕты фидар кӕнын?» (Пс. 122:1; Дзут. 2:12). Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕмӕй Павел ӕмӕ Варнавӕ «бирӕ рӕстӕг... ныфсджынӕй дзырдтой Йегъовӕ Хуыцауы номӕй» (Ап. хъ. 14:3). Цымӕ дӕуӕн дӕ бон нӕу дӕ уавӕртӕ афтӕ фӕивын, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг, кӕнӕ та «бирӕ рӕстӕг» дӕр, хорз хабар хъусын кӕнай, зӕгъӕм, пионерӕй лӕггад кӕнай? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:15.)

15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ рӕстӕгӕй зондджынӕй куыд пайда кӕнынц?

15 Апостол Павел ӕмӕ Варнавӕ Антиохийы ӕмбырдмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд «бирӕ рӕстӕг фесты ахуыргӕнинӕгтимӕ», цӕмӕй сӕ бафидар кодтаиккой (Ап. хъ. 14:28). Уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр абон гыццыл рӕстӕг нӕ ацӕуы иннӕты фидар кӕныныл. Уацамынды цӕуынӕй дарддӕр ма уыдон дзугмӕ сӕ хъус дарынц, фыстӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уыдоны фӕагурынц, рынчынтӕн ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ ма ӕмбырды цы бирӕ ӕндӕр хӕстӕ ис, уыдон дӕр ӕххӕст кӕнынц. Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ цымӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй ацы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ тырнай?

16. Цавӕр хъуыддӕгтӕй аразӕм хорздзинад, «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтау кӕимӕ стӕм, уыдонӕн»?

16 Бирӕтӕн стыр циндзинад хӕссы, адӕймаджы аххосӕй йе та ӕрдзон бӕллӕхы аххосӕй исты фыдбылыз кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, цӕуы йыл 60 азӕй фылдӕр, цалдӕр хатты дард рӕттӕм ацыд ӕххуыс кӕнынмӕ. Цымӕ йӕ отпускӕй афтӕ цӕмӕн спайда кодта? Хо дзуры: «Кӕд мӕм ахӕм рӕтты кусынӕн дӕсныйад нӕй, уӕддӕр цингӕнгӕйӕ арӕзтон, цы кӕнын хъуыди, уый. Мӕ ныфсыл-иу ныфс бафтыд, бӕллӕх-иу стыр зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар уырнындзинадмӕ кӕсгӕйӕ». Уымӕй уӕлдай ӕгас дунейы дӕр мингай чырыстӕттӕ ӕххуыс кӕнынц Паддзахады ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразынӕн. Уыцы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайгӕйӕ мах хорздзинад аразӕм, «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтау кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10).

«Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»

17. Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай, уый тыххӕй цы раттис?

17 Хуыцауӕй иппӕрд адӕм тагъд нал уыдзысты. Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, уый кӕд ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ зонӕм, «рӕстӕг бирӕ [кӕй] нал баззад» ӕмӕ «ацы дуне [кӕй] ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:29–31.) Уымӕ гӕсгӕ нӕ ноджы тынгдӕр ахъуыды кӕнын хъӕуы Йесойы фарстыл: «Ӕниу цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй?» Цӕмӕй «ӕцӕг цардӕй» схайджын уӕм, уый тыххӕй мах, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уый араздзыстӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕндзыстӕм (1 Тим. 6:19). О, ӕнӕмӕнгӕй нӕ хъӕуы хъусын Йесойы фӕдзӕхстмӕ, зӕгъгӕ, «ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕут» ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад» (Матф. 6:31–33; 24:13).

18. Фидарӕй нӕ цы уырны ӕмӕ цӕмӕн?

18 Фӕлӕ Йесойы фӕдыл цӕуын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы ӕмӕ, Йесо куыд дзырдта, афтӕмӕй уый тыххӕй кӕйдӕрты ацы цардӕвӕрды маргӕ дӕр акодтой. Кӕд афтӕ ’рцӕуы, уӕддӕр мах, Йесойау, «нӕхицӕн нӕ тӕригъӕд кӕнӕм». Мах фидарӕй уырнынц, фыццаг ӕнусы йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Цӕй ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ дӕттӕм Хуыцауы хъуыддагӕн! Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, фидарӕй нӕ кӕй уырны, Йегъовӕ нӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕджы кӕй фервӕзын кӕндзӕн, йе та нӕ ног дунейы фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн (Дзут. 6:10). Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, куыд тынг аргъ кӕнӕм Хуыцауы лӕварӕн – цардӕн.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесо куыд равдыста, Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн лӕггад кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй уыд, уый?

• Адӕймаг йӕхи тыххӕй цӕуылнӕуал хъуамӕ цӕра ӕмӕ уымӕн куыд ис гӕнӕн?

• Рагзаманты Йегъовӕ израилӕгтӕй цавӕр нывӕндтӕ иста ӕмӕ уымӕй мах абон цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Нӕ рӕстӕгӕй зондджынӕй куыд пайда кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Йесо алкӕддӕр кодта, Хуыцауӕн ӕхсызгон цы у, уый

[Ныв 28 фарсыл]

Хуыцауӕй бузныг чи уыд, уыцы израилӕгтӕ раст дины хъуыддагӕн лӕвӕрдтой, сӕ бон хуыздӕрӕй цы уыд, уый

[Ныв 29 фарсыл]

Нӕ рӕстӕгӕй зондджынӕй куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд, Хуыцауӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕнӕм