Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм «ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмудӕй»
Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм «ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмудӕй»
ДЗУТТӔГТӔ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон ӕрӕмбырд сты Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты алыварс. Ацы адӕм Фӕндзайӕм боны бӕрӕгбонмӕ Иерусалиммӕ ӕрцыдысты дард рӕттӕй: чи хурныгуылӕнӕй, Ромӕй, чи та хурыскӕсӕнӕй, Парфийӕ. Уыдон ныхас кӕнынц алыхуызон ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй семӕ чи ныхас кӕны, уыдон сты галилейӕгтӕ. Иуӕй-иутӕ дисгӕнгӕ фӕрсынц: «Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл куыд дзурынц?» (Ап. хъ. 2:8).
Апостол Петр сыстад ӕмӕ сын бамбарын кодта, сӕхи цӕстӕй цы диссаг уынынц, уый. Адӕм ын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Уыцы бон донаргъуыд райстой мингай адӕймӕгтӕ! (Ап. хъ. 2:41). Кӕд ӕмбырд тынг тагъд рӕзы, уӕддӕр уырнджыты ’хсӕн ис иудзинад. «Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон та уыдысты ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд»,– дзуры Лука (Ап. хъ. 4:32).
Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд цы мингай адӕм райстой, уыдоны бафӕндыд, цӕмӕй ма Иерусалимы афӕстиат уыдаиккой ӕмӕ сӕ ног дины тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой. Фӕлӕ Иерусалиммӕ куы цыдысты, уӕд уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, хабар афтӕ кӕй рауайдзӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ семӕ ницы рахастой. Уый тыххӕй сын уырнджытӕ райдыдтой ӕхца ӕмбырд кӕнын. Иуӕй-иутӕ уӕй кодтой, цы сӕм уыди, уый, ӕхца та хастой апостолтӕм, цӕмӕй сӕ байуӕрстаиккой, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоныл (Ап. хъ. 2:42–47). Цӕй уарзӕгой ӕмӕ цӕй рӕдау уыдысты!
Ӕцӕг чырыстӕттӕн алкӕддӕр уыдис ӕмӕ ис ахӕм уарзӕгой ӕмӕ рӕдау зӕрдӕйы уаг. Абоны онг дӕр чырыстон ӕмбырд лӕггад кӕны Йегъовӕйӕн «ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмудӕй». Чырыстӕттӕ не ’вгъау кӕнынц сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ ӕмӕ сӕм цы ис, уый, цӕмӕй хъусын кӕной хорз хабар ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа. (Кӕс фӕлгӕты «Иуӕй-иутӕ мысайнӕгтӕ куыд дӕттынц».)
[Рамкӕ 6, 7 фарсыл]
ИУӔЙ-ИУТӔ МЫСАЙНӔГТӔ КУЫД ДӔТТЫНЦ
ӔППӔТДУНЕОН ХЪУЫДДАГӔН
Бирӕтӕ се ’хцайӕ иу цасдӕр рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй сӕ ныппарой, «Мысайнӕгтӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн» кӕуыл ис фыст, уыцы асыччы (Матф. 24:14).
Алы мӕй дӕр ӕмбырдтӕ уыцы мысайнӕгтӕ арвитынц бынӕттон филиалмӕ. Барвӕндон мысайнӕгтӕ арвитӕн ис, уӕ бӕстӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы филиалмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, мысайнӕгтимӕ ма арвитут гыццыл фыстӕг дӕр, ныффыссут дзы, уыцы мысайнӕгтӕ лӕвар кӕй сты.
ЦЫ МА ХАУЫ МЫСАЙНӔГТӔМ
Кӕцыдӕр бӕстӕты ма ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕхцайӕ дарддӕр ӕххуыс кӕнӕн ис ӕндӕр хуызы дӕр. Иуӕй-иутӕ дзы амынд сты дӕлдӕр.
Исбон. Филиалӕн балӕвар кӕнӕн ис, ауӕй кӕнӕн кӕй ис, ахӕм хӕдзар. Йе та йӕ ис афтӕ балӕвар кӕнӕн, ӕмӕ йӕ чи лӕвар кӕны, уымӕн дзы йӕ бон у цӕрын, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ. Дӕ хӕдзар филиалӕн куы лӕвар кӕнай, уӕд гӕххӕттытӕ аразыны размӕ фӕдзур кӕнӕ ныффысс филиалмӕ.
Ныстуан. Мулк кӕнӕ ӕхца филиалӕн раттӕн ис ныстуанмӕ (завещание) гӕсгӕ. Гӕххӕтт саразын фӕхъӕуы, закъон куыд домы, уымӕ гӕсгӕ. Уӕ хорзӕхӕй, ныстуаны къопи-иу арвитут филиалмӕ.