Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъ кӕн, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уымӕн

Аргъ кӕн, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уымӕн

Аргъ кӕн, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уымӕн

«Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (ИОАН. 14:6).

1, 2. Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ цымыдис кӕна?

ӔНУСТЫ дӕргъы бирӕтӕ тынг архайдтой, цӕмӕй иннӕтӕй уӕлдӕр уыдаиккой, фӕлӕ уый алкӕмӕн йӕ къухы нӕ бафтыд. Ноджы стӕмдӕр та сты, йӕ бон ӕцӕгдӕр афтӕ зӕгъын кӕмӕн у, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддаджы мӕн хуызӕн ничи ис. Фӕлӕ бирӕ хъуыддӕгты Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы хуызӕн ӕцӕгдӕр нӕй.

2 Йесойӕн цы ахсджиаг бынат ис, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ цымыдис кӕна? Уымӕн ӕмӕ ууыл баст сты нӕ ахастытӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕимӕ! Йесо загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 14:6; 17:3). Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, цавӕр хъуыддӕгты нӕй Йесойы ӕндӕр искӕимӕ абарӕн. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тынгдӕр аргъ кӕнӕм, Хуыцауы фӕндты йын цы бынат ис, уымӕн.

«Иунӕггуырд Фырт»

3, 4. а) Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ Йесойӕн, куыд иунӕггуырд Фыртӕн, афтӕ, ис ахсджиаг бынат? ӕ) Дуне сфӕлдисыны Йесойӕн цы бынат ис, уый ахсджиаг цӕмӕй уыд?

3 Сайтан Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй схуыдта «Хуыцауы фырт», цыма Хуыцауы иннӕ уӕларвон фырттӕй ницӕмӕй хицӕн кодта, уыйау (Матф. 4:3, 6). Фӕлӕ Йесойы раст схуындӕуыд «Хуыцауы иунӕггуырд Фырт» (Иоан. 3:16, фип., 18). «Иунӕггуырд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «ӕндӕр ахӕм нӕй, иунӕг», «уый хуызӕн ничи у», «уыимӕ абарӕн никӕй ис». Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты ис милуангай фырттӕ. Уӕдӕ куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Йесоимӕ «абарӕн никӕй ис»?

4 Зӕгъӕм, Йесойы ӕндӕр искӕимӕ уымӕн нӕй абарӕн, ӕмӕ йӕ йӕ Фыд йӕхӕдӕг сфӕлдыста. Уый у йӕ фыццаг Фырт, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Кол. 1:15). Йесо у, «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Рарг. 3:14). Иунӕггуырд Фыртӕн ма дуне сфӕлдисыны дӕр ис ахсджиаг бынат. Дун-дуне Йесо не сфӕлдыста ӕмӕ йын бындур дӕр уый не ’рӕвӕрдта. Фӕлӕ дзы Йегъовӕ спайда кодта, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сфӕлдыстаид, ӕнӕ уымӕй ницы сфӕлдыста. (Бакӕс Иоанны 1:3.) Апостол Павел ныффыста: «Уӕддӕр махӕн ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау – нӕ Фыд. Уый сфӕлдыста алцыдӕр, ӕмӕ мах дӕр Уымӕн цӕрӕм. Стӕй ис ӕрмӕстдӕр иу Хицау – Йесо Чырысти. Уый фӕрцы фӕзынд алцыдӕр, ӕмӕ мах дӕр уый фӕрцы цӕрӕм» (1 Кор. 8:6).

5. Йесойы абарӕн кӕй никӕимӕ ис, уый Библи куыд ӕвдисы?

5 Фӕлӕ ма Йесойы абарӕн никӕимӕ ис бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Библи Йесойы хоны алыхуызон титултӕй, кӕнӕ кады нӕмттӕй. Уыдон ӕвдисынц, Хуыцауы фӕндты йын цы ахсджиаг бынат ис, уый. Ӕркӕсӕм, Чырыстон Грекъаг Фыстыты Йесо цы кады нӕмттӕй хуынд цӕуы, уыдонӕй фондзмӕ.

«Дзырд»

6. Йесо «Дзырд» цӕмӕн хуыйны ӕмӕ уый раст цӕмӕн у?

6 Бакӕс Иоанны 1:14. Йесо «Дзырд», кӕнӕ Логос, цӕмӕн хуыйны? Ацы ном амоны, цавӕр хӕс ӕххӕст кӕнын райдыдта Йесо, зӕдтӕ ӕмӕ адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Йегъовӕ йӕ Фырты уылты хабӕрттӕ хъусын кодта ӕмӕ разамынд лӕвӕрдта йӕ иннӕ уӕларвон фырттӕн. Адӕмӕн дӕр зӕххыл йӕ хабар фехъусын кодта уыцы Фырты уылты. Йесо Дзырд, йе та Хуыцауы Минӕвар кӕй у, уый зыны, Чырысти дзуттӕгтӕн цы загъта, уымӕй: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй. Уый фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ базондзӕн, цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Хуыцауӕй у, ӕви мӕхи зондӕй дзурын» (Иоан. 7:16, 17). Йесо абон дӕр, фӕстӕмӕ уӕлӕрвты куы скадджын, уӕд дӕр, хӕссы уыцы кадджын ном – «Хуыцауы Дзырд» (Рарг. 19:11, 13, 16).

7. Йесо, куыд «Дзырд», афтӕ йӕ хӕс сӕрныллӕгӕй кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕй йӕ нӕ бон фӕзмын куыд у?

7 Ахъуыды ма кӕнӕм, ацы титул цы нысан кӕны, ууыл. Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты зондджындӕр кӕд Йесо у, уӕддӕр уый йӕ ныфс йӕхи зондыл никуы дардта. Хуыцауы Фырт дзырдта, йӕ Фыд ын цы амыдта, уый. Йесо алкӕддӕр йе ’ргом здӕхта йӕ Фыдмӕ, йӕхимӕ нӕ, фӕлӕ (Иоан. 12:50). Цӕй диссаджы цӕвиттон нын у! Хуыцау махӕн дӕр нӕ бӕрны бакодта кадджын хъуыддаг – «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнын (Ром. 10:15). Йесо уыд сӕрныллӕг, ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд уацамынды нӕхи ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм. Фыстадӕй цардирвӕзынгӕнӕг хабар хъусын кӕнгӕйӕ, «фыст цы у, уымӕй уӕлдай» ницы дзурдзыстӕм (1 Кор. 4:6).

«Аммен»

8, 9. а) Цы нысан кӕны дзырд «аммен» ӕмӕ Йесо «Аммен» цӕмӕн хуыйны? ӕ) Йесо, куыд «Аммен», афтӕ йӕ хӕс куыд сӕххӕст кодта?

8 Бакӕс Раргомад 3:14. Йесо «Аммен» цӕмӕн хуыйны? Дзырд «аммен» у рагон дзуттаг дзырд ӕмӕ нысан кӕны «раст у» кӕнӕ «афтӕ уӕд». Ацы дзырд кӕмӕй равзӕрд, уыцы рагон дзуттаг дзырд амоны, «иузӕрдион» кӕнӕ «ӕууӕнчы аккаг» чи у, ахӕм искӕмӕ. Ацы дзырд ма ӕмбӕлы, Йегъовӕйы иузӕрдиондзинадыл дзырд кӕм фӕцӕуы, уым (Дык. з. 7:9; Ис. 49:7). Уӕдӕ Йесойы «Аммен» куы фӕхонынц, уӕд ӕй ӕндӕр искӕимӕ абарӕн цӕуылнӕ вӕййы? Ацы фарстӕн дзуапп ссарӕн ис 2 Коринфӕгтӕм 1:19, 20: «Кӕй тыххӕй фехъусын кодтой, уый – Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти, нӕ уыди уыцы иу рӕстӕг „о“ дӕр ӕмӕ „нӕ“ дӕр, фӕлӕ йӕ уавӕры „о“ сси „о“. Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы систы „о“. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн „аммен“ дӕр уый номӕй фӕзӕгъӕм, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа».

9 Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ӕппӕт уыдӕттӕн Йесо у «Аммен». Зӕххыл ӕнаиппӕй кӕй фӕцард, стӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй сбӕлвырд, Йегъовӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй ма Йесо сбӕлвырд кодта, Сайтаны ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты. Иовы чиныджы фыст ис, Сайтан кӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зын уавӕрты куы бахауой, хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзарой ӕмӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлой, уӕд Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивдзысты (Иов 1:6–12; 2:2–7). Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ацы фарстӕн ӕппӕты хуыздӕр дзуапп йӕ бон раттын уыд йӕ фыццаг Фыртӕн. Уымӕй уӕлдай, Йесо сбӕлвырд кодта, Дун-дунейы хицауиуӕг кӕныны бар кӕмӕн ис, уыцы стыр дзырддаг фарсты йӕ Фыд раст кӕй у, уый.

10. Йесо «Аммен» кӕй у, уыцы хъуыддаджы йӕ нӕ бон фӕзмын куыд у?

10 Уӕдӕ Йесо у «Аммен». Уыцы хъуыддаджы йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын? Хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс лӕууӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕххӕст кӕндзыстӕм Ӕмбисӕндты 27:11 фыст уынаффӕ: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон».

«Ног бадзырды минӕвар»

11, 12. Йесойы, куыд Минӕвары, афтӕ искӕимӕ абарӕн цӕуылнӕ ис?

11 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:5, 6. Йесо Чырысти у «Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн... минӕвар». Уый у «ног бадзырды минӕвар» (Дзут. 9:15; 12:24). Фӕлӕ ма Моисейы дӕр хуыдтой минӕвар – Закъоны бадзырды минӕвар (Гал. 3:19). Уӕдӕ уӕд Йесойы, куыд Минӕвары, афтӕ искӕимӕ абарӕн цӕуылнӕ ис?

12 Библи цы ӕвзӕгтыл фыстой, уыдонӕй дзырд «минӕвар»-ӕй цы дзырд раивтой, уый у юридикон термин. Хуыцау Йесойы ног бадзырды минӕварӕй кӕй сӕвӕрдта, уый фӕрцы фӕзынд ног адӕм, «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16). Уыцы адӕм сты сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ уыдзысты «паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ» уӕлӕрвты (1 Пет. 2:9; Рац. 19:6). Йӕ минӕвар Моисей кӕмӕн уыд, уыцы Закъоны бадзырдӕн уыцы тых нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм адӕм фӕзындаид.

13. Йесойӕн, куыд Минӕварӕн, афтӕ йӕ хӕс цы у?

13 Йесойӕн, куыд Минӕварӕн, афтӕ йӕ хӕс цы у? Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл нымайы, ног бадзырд конд кӕимӕ цӕуы, уыдоны (Ром. 3:24; Дзут. 9:15). Хуыцау семӕ ног бадзырд аразы, цӕмӕй фӕстагмӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суой. Йесо сын, куыд сӕ Минӕвар, афтӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы раз алкӕддӕр сыгъдӕг уой (Дзут. 2:16).

14. Алы чырыстон дӕр, цавӕрфӕнды ныфс ын ма уа, уӕддӕр Йесойӕн, куыд Минӕварӕн, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕна?

14 Ног бадзырд кӕимӕ нӕу конд ӕмӕ уӕлӕрвты нӕ, фӕлӕ зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Кӕд ног бадзырды уӕнгтӕ не сты, уӕддӕр дзы пайда исынц. Уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ цӕуынц хатыргонд ӕмӕ сӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайы (Иак. 2:23; 1 Иоан. 2:1, 2). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын уа, ӕви зӕххыл – хъуамӕ нӕ алчидӕр аргъ кӕна Йесойӕн, куыд ног бадзырды Минӕварӕн, афтӕ.

«Хистӕр сауджын»

15. Йесо куыд хицӕн кӕны, йӕ размӕ хистӕр сауджынтӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй?

15 Рагзаманты бирӕ нӕлгоймӕгтӕ лӕггад кодтой хистӕр сауджынтӕй. Фӕлӕ Йесо Чырыстийы хуызӕн хистӕр сауджын никуы уыд. Цӕуылнӕ? Павел загъта: «Иннӕ хистӕр сауджынтау [Чырыстийы] алы бон нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын, фыццаг йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй (уый уыцы хъуыддаг бакодта ӕрмӕстдӕр иу хатт, йӕхи нывондӕн куы ’рхаста, уӕд). Уымӕн ӕмӕ Закъон хистӕр сауджынтӕй ӕвӕры, лӕмӕгъдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты; Закъоны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд, ӕнустӕм алцӕмӕй ӕххӕст чи сси, уыцы Фырт» (Дзут. 7:27, 28) *.

16. Йесойы нывонд иннӕ нывӕндтимӕ цӕуылнӕ ис абарӕн?

16 Йесо уыд ӕххӕст адӕймаг – Адам цалынмӕ тӕригъӕд нӕ ракодта, уӕдмӕ цыхуызӕн уыд, раст ахӕм (1 Кор. 15:45). Уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр Йесойӕн уыд йӕ бон ӕрхӕссын ӕххӕст, сӕрмӕ-сӕр нывонд – ӕмӕ ахӕм нывонд ногӕй хӕссын нал бахъуыдаид. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ хӕссын хъуыд алы бон дӕр. Фӕлӕ ӕппӕт уыцы нывӕндтӕ кӕй хастой ӕмӕ сауджынтӕ кувӕндоны кӕй лӕггад кодтой, уыдӕттӕ уыдысты, Йесо цы хъуамӕ сарӕзтаид, уымӕн ӕрмӕст йӕ аууон (Дзут. 8:5; 10:1). Уӕдӕ Йесойӕн, куыд Хистӕр сауджынӕн, афтӕ бантыст, иннӕ хистӕр сауджынтӕн цы нӕ бантыст, уый, ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай, Хистӕр сауджын уыдзӕн ӕнустӕм.

17. Йесойӕн, куыд Хистӕр сауджынӕн, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ уый нӕ бон аразын куыд у?

17 Йесо хъуамӕ Хистӕр сауджынӕй лӕггад кӕна, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ нӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайа. Цӕй диссаджы Хистӕр сауджын нын ис! Павел фыста: «Нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу, фӕлӕ махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта» (Дзут. 4:15). Ӕцӕгдӕр, уыдӕттӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхицӕн мауал цӕрӕм, фӕлӕ мах тыххӕй чи амард, уымӕн (2 Кор. 5:14, 15; Лук. 9:23).

Рагзагъд «Байзӕддаг»

18. Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд Хуыцау цавӕр пехуымпарад загъта ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы пехуымпарады тыххӕй цы рабӕрӕг?

18 Едемы цӕхӕрадоны, афтӕ ахъуыды кӕнӕн куы уыди, ӕмӕ адӕм алцыдӕр фесӕфтой – Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад уыд, уый, ӕнусон цард, амонд ӕмӕ Дзӕнӕт,– уӕд Йегъовӕ Хуыцау загъта, кӕй фӕзындзӕн Ирвӕзынгӕнӕг. Библи йӕ хоны «байзӕддаг» (Райд. 3:15). Уыцы Байзӕддаг чи уыдзӕн, уый бӕрӕг нӕ уыд, фӕлӕ ӕнусты дӕргъы йӕ кой цыди бирӕ пехуымпарӕдты. Уый хъуамӕ уыдаид Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы байзӕддаг, стӕй хъуамӕ уыдаид паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Райд. 21:12; 22:16–18; 28:14; 2 Сам. 7:12–16).

19, 20. а) Зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг чи у? ӕ) Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ма байзӕддаг Йесойӕ дарддӕр ӕндӕр чидӕртӕ дӕр сты?

19 Уыцы зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг чи уыд? Ацы фарстӕн дзуапп ссарӕн ис Галатӕгтӕм 3:16. (Бакӕс ӕй.) Фӕлӕ уыцы сӕры дарддӕр апостол Павел сӕрст чырыстӕттӕн дзуры: «Ӕмӕ кӕд Чырыстийы стут, уӕд та ӕцӕгдӕр стут Авраамы байзӕддаг, ӕмӕ, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ хорздзинӕдтӕй хай ис сымахӕн дӕр» (Гал. 3:29). Кӕд зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг Чырысти у, уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ма ӕндӕр чидӕртӕ дӕр уой уыцы байзӕддаг?

20 Йӕхи Авраамы байзӕддаг чи хоны, уыцы адӕм сты милуантӕ. Иуӕй-иутӕ ма дзы сӕхи дарынц пехуымпартау дӕр. Кӕцыдӕр динты ма афтӕ дӕр зӕгъынц, нӕ пехуымпартӕ Авраамы хӕдзарвӕндагӕй сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ уыдон иууылдӕр зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг сты? Не сты. Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй, Авраамӕй чи рацыд, уыдонӕй алкӕмӕн йӕ бон нӕу йӕхи зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг хонын. Адӕм хъуамӕ арфӕгонд ӕрцыдаиккой Авраамы иннӕ фыртты байзӕддӕгты уылты нӕ, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Исахъы байзӕддаджы уылты (Дзут. 11:18). Ӕмӕ ӕрмӕст иунӕг адӕймаг, Йесо Чырысти – Авраамы хӕдзарвӕндагӕй чи рацыд ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъд Библийы фыст кӕмӕн ис,– у рагзагъд байзӕддаг *. Фӕстӕдӕр ма Авраамы байзӕддаг чи сси, уыдоны иууылдӕр Библи байзӕддаг уымӕн хоны, ӕмӕ «Чырыстийы систы». О, ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уым Йесойӕн ӕцӕгдӕр диссаджы бынат ис.

21. Йегъовӕ Йесойӕн йӕ бӕрны цы диссаджы хӕстӕ бакодта, уыдон Йесо куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цы цӕуы?

21 Мах цыбыртӕй аныхас кодтам, Йесойӕн Йегъовӕйы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, ууыл. Цӕуыл сахуыр стӕм ацы афӕлгӕстӕй? Хуыцау йӕ иунӕггуырд Фырты куы сфӕлдыста, уӕдӕй абонмӕ уыцы Фырты хуызӕн нӕй, абарӕн ӕй никӕимӕ ис. Фӕлӕ Хуыцауы Фырт, Йесо, алкӕддӕр сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кодта йӕ Фыды фӕндон ӕмӕ йӕхицӕн кад никуы агуырдта (Иоан. 5:41; 8:50). Куыд диссаджы цӕвиттон нын у уый! Цӕй ӕмӕ мах дӕр Йесойау «алцыдӕр аразӕм Хуыцауы кадӕн» (1 Кор. 10:31).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Иу библииртасӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ дзырд «иу хатт»-ӕй цы ахсджиаг библион хъуыды ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, «Чырыстийы мӕлӕт дызӕрдыггаг кӕй нӕу, стӕй йӕ мӕлӕтӕн диссаджы нысаниуӕг кӕй ис ӕмӕ йӕ цард иунӕг хатт кӕй радта».

^ 20 абз. Н. э. фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ Авраамы хӕдзарвӕндагӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодтой, Хуыцау сӕ хъулон уарзт кӕй кӕндзӕн. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уырныдта Мессийӕ, йе та Чырысти, кӕй уыдзӕн иу адӕймаг (Иоан. 1:25; 7:41, 42; 8:39–41).

Бахъуыды кодтай?

• Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уый тыххӕй йӕ титултӕ, йе та йӕ кады нӕмттӕй, нӕ бон базонын цы у? (Кӕс фӕлгӕты.)

• Йегъовӕйы Фырты нӕ бон фӕзмын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 15 фарсыл]

Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уый ӕвдисӕг кады нӕмттӕй иуӕй-иутӕ

Иунӕггуырд Фырт (Иоан. 1:3). Ӕрмӕстдӕр Йесойы сфӕлдыста Фыд йӕхӕдӕг.

Дзырд (Иоан. 1:14). Йегъовӕ йӕ Фырты уылты хабӕрттӕ хъусын кӕны ӕмӕ разамынд дӕтты зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн.

Аммен (Рарг. 3:14). Йесо зӕххыл ӕнаиппӕй кӕй фӕцард, стӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй сбӕлвырд, Йегъовӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты.

Ног бадзырды Минӕвар (1 Тим. 2:5, 6). Хуыцау Йесойы ног бадзырды минӕварӕй кӕй сӕвӕрдта, уый фӕрцы фӕзынд ног адӕм, «Хуыцауы Израил». Уыдон сты сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ уыдзысты «паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ» уӕлӕрвты (Гал. 6:16; 1 Пет. 2:9).

Хистӕр сауджын (Дзут. 7:27, 28). Ӕрмӕстдӕр Йесойӕн уыд йӕ бон ӕрхӕссын ӕххӕст нывонд, ногӕй хӕссын кӕй нал бахъуыдаид, ахӕм нывонд. Йесо нӕ сыгъдӕг кӕны нӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ нӕ сӕрибар кӕны мӕлӕтӕй.

Зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг (Райд. 3:15). Рагзагъд байзӕддаг у иунӕг адӕймаг, Йесо Чырысти. Авраамы байзӕддагмӕ ма чи хауы, уыцы адӕм та «Чырыстийы сты» (Гал. 3:29).