Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бӕстон хъусын кӕнӕм хорз хабар

Бӕстон хъусын кӕнӕм хорз хабар

Бӕстон хъусын кӕнӕм хорз хабар

«Уый [нын] бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын [алцы] бӕстон ӕмбарын кӕнӕм» (АП. ХЪ. 10:42).

1. Петр Корнилийы раз куы дзырдта, уӕд цавӕр хӕслӕвӕрды кой кодта?

ИТАЛИАГ ӕфсӕддон хицау Корнили иу бон йӕ хӕстӕджыты ӕмӕ йӕ хӕлӕртты ӕрӕмбырд кодта иу ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл. Уыцы бон сӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Уыцы адӕмӕн апостол Петр загъта, апостолтӕн сӕ хӕс кӕй у, цӕмӕй «адӕмӕн хъусын кӕной ӕмӕ сын бӕстон ӕмбарын кӕной» Йесойы тыххӕй. Петры ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕмӕ тынг бахъардтой. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд ӕмӕ сунӕт чи нӕ уыд, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг удӕй схайджын сты, донаргъуыд райстой ӕмӕ сын фадат фӕзынд, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ суыдаиккой. Цӕй диссаджы хабӕрттӕм ӕркодта, Петр бӕстон кӕй хъусын кодта, уый! (Ап. хъ. 10:22, 34–48).

2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, хъусын кӕныны хӕслӕвӕрд ӕрмӕст 12 апостолӕн кӕй нӕ уыд лӕвӕрд?

2 Уый уыди н. э. 36 азы. Уымӕй дыууӕ азы раздӕр Савлыл – чырыстӕтты карзӕй чи ӕфхӕрдта, ууыл – ӕрцыд диссаджы хабар ӕмӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Савл Дамаскмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм Йесо фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ацу сахармӕ ӕмӕ дын дарддӕр цы кӕнгӕ у, уый дын зӕгъдзысты». Уый фӕстӕ Йесо ахуыргӕнинаг Ананийӕн загъта, Савл кӕй «хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 9:3–6, 13–20.) Анани Савлимӕ куы уыд, уӕд ын загъта: «Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ равзӕрста, цӕмӕй... йын ды ӕппӕт адӕмы раз уай ӕвдисӕн» (Ап. хъ. 22:12–16). Савл (фӕстӕдӕр Павел) уыцы хӕслӕвӕрдмӕ цы цӕстӕй ракаст?

Бӕстон хъусын кодта!

3. а) Цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм? ӕ) Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд куыд бакодтой, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн сты?

3 Павел дарддӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон лӕмбынӕг равзарын тынг цымыдисаг уаид. Фӕлӕ уал ӕркӕсӕм Павелы раныхасмӕ. Радзырдта йӕ н. э. 56 азмӕ ’ввахс ӕмӕ фыст ис Хъуыддӕгты 20-ӕм сӕры. Павел ныхасы рацыд, йӕ ӕртыккаг уацамындон балц кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд. Уый науӕй былмӕ рахызт Милеты, Эгейы денджызы наулӕууӕн горӕттӕй иуы, ӕмӕ арвыста Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Ефес Милетӕй уыд 50 километры дарддӕр, фӕлӕ фӕндаг гакъон-макъон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм цӕуын хъуыди фылдӕр. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд бацин кодтаиккой, Павел сӕм кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 10:28.) Фӕлӕ цӕмӕй Милетмӕ ацыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕхи бацӕттӕ кӕнын. Кӕйдӕрты дзы, ӕвӕццӕгӕн, бахъуыд сӕхи ракурын куыстӕй, йе та сӕ дуканитӕ сӕхгӕнын. Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ афтӕ бакӕнынц, облӕстон конгресмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕфӕнды программӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй байхъусын.

4. Павел Ефесы цалдӕр азы куы уыд, уӕд цы куыста?

4 Милеты Павел хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕнхъӕлмӕ каст 3-4 боны. Цымӕ уыцы рӕстӕг цы куыста? Ды та цы куыстаис? (Абар Хъуыддӕгтӕ 17:16, 17.) Павел цы куыста, уый базондзыстӕм, Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы загъта, уымӕй. Уый сын радзырдта, бирӕ азты дӕргъы куыд хъусын кодта ӕмӕ Ефесы раздӕр цы арӕзта, уый тыххӕй. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:18–21.) Павел нӕ тарст, исчи йын йӕ ныхӕстимӕ кӕй не сразы уыдаид, уымӕй, ӕмӕ загъта: «Сымах зонут, Азимӕ цы бон ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уын куыд уыдтӕн, уый. [...] Алцы бӕстон ӕмбарын кодтон». О, йӕ фидар фӕнд уыд, Йесо йын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг ӕххӕст кӕнын. Ефесы та йӕ куыд ӕххӕст кодта? Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕн куы хъусын кодта, уӕд-иу бацыд, сӕ фылдӕр-иу кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм. Лука куыд фыста, уымӕ гӕсгӕ Павел н. э. 52–55 азты Ефесы куы уыд, уӕд-иу ӕмбырдгӕнӕны «раныхӕстимӕ... рацыдис ӕмӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста». Дзуттӕгты «зӕрдӕтӕ кӕй ныддур сты ӕмӕ кӕй не ’ууӕндыдысты», Павел уый куы федта, уӕд горӕтӕн йӕ иннӕ хаймӕ ацыд, фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта. Уыцы стыр горӕты Хуыцауы ныхас дзырдта дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр (Ап. хъ. 19:1, 8, 9).

5, 6. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Павел хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕнӕуырнджытӕн кӕй хъусын кодта?

5 Чырыстон дин чи райста, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕстӕдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй снысан кодтой. Уыдонимӕ ныхас кодта Павел Милеты. Павел сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, куыд лӕггад кодта, уый: «Пайда уын цы уыди, уый уын ӕнӕзивӕгӕй амыдтон, ахуыр уӕ кодтон адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ дӕр». Нӕ рӕстӕджы чидӕртӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Павел хъусын нӕ кодта, фӕлӕ йе ’мчырыстӕтты бӕрӕг кодта. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ныхӕстӕ «ахуыр кӕнын адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ дӕр» сӕйраджыдӕр ахӕссӕн ис ӕнӕуырнджытӕн хъусын кӕнынмӕ. Уый зыны йӕ дарддӕры ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, дзырдтон «дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр Хуыцауы раз ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл баууӕндыны тыххӕй». Бӕрӕг у, Павел кӕй хъусын кодта ӕнӕуырнджытӕн – ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Йесойыл баууӕндын кӕй хъуыд, уыдонӕн (Ап. хъ. 20:20, 21).

6 Иу ахуыргонд Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ лӕмбынӕг куы раиртӕста, уӕд Хъуыддӕгты 20:20 цы фыст ис, уый тыххӕй загъта: «Павел Ефесы фӕци ӕртӕ азы. Уый бацыд алы хӕдзармӕ дӕр, ӕмӕ зӕгъӕн ис, кӕй хъусын кодта горӕты адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр (26 стих). Уӕдӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕмӕ адӕмы раз хъусын кӕнын Библимӕ гӕсгӕ раст у». Ацы ахуыргонд куыд дзуры, афтӕмӕй бӕрӕг нӕу, Павел алы хӕдзармӕ дӕр бацыд ӕви нӕ. Фӕлӕ бӕрӕг у, Павелы кӕй фӕндыд, цӕмӕй Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, куыд хъусын кодта ӕмӕ уый фӕрцы чырыстон дин цас адӕм райстой, уый. Лука ныффыста: «Азийы адӕм се ’ппӕт дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр, фехъуыстой Хуыцауы ныхас» (Ап. хъ. 19:10). Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ Азийы се ’ппӕт дӕр хорз хабар фехъуыстой? Ӕмӕ уымӕй, куыд хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7. Павел хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый, йӕхӕдӕг кӕмӕн нӕ хъусын кодта, уыдоныл куыд бандӕвтаид?

7 Павел, бирӕ адӕм-иу кӕм уыд, уыцы бынӕтты дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ дӕр кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы бирӕтӕ фехъуыстой хорз хабар. Куыд дӕм кӕсы, Павелмӕ чи хъуыста, уыдон иууылдӕр Ефесы баззадаиккой, ӕндӕр ранмӕ дзы ничи ацыдаид? Зӕгъӕм, куысты фӕдыл, йе та цӕмӕй йӕ хӕстӕджытӕм хӕстӕгдӕр уыдаид, кӕнӕ та, стыр горӕты тыхст цардӕй кӕй сфӕлмӕцыд, уый тыххӕй? Куыннӕ ма! Абон дӕр бирӕтӕ уыдӕтты тыххӕй ацӕуынц ӕндӕр рӕттӕм. Чи зоны ды дӕр искӕдӕм ацыдтӕ. Уӕдӕ Ефесмӕ дӕр цыдысты адӕм ӕндӕр рӕттӕй: чи йӕ хиуӕтты фенынмӕ, чи та куысты фӕдыл. Ам сӕ бон уыд Павелы фенын кӕнӕ та йӕм байхъусын. Цымӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхгӕйӕ, цы арӕзтаиккой? Рӕстдзинад чи базыдта, уыдон иннӕтӕн хъусын кодтаиккой. Иннӕтӕ та кӕд уырнджытӕ нӕ систы, уӕддӕр, Ефесы цы фехъуыстой, уый тыххӕй кӕмӕндӕрты дзырдтаиккой. Афтӕмӕй рӕстдзинад фехъуыстой сӕ хӕстӕджытӕ, сӕ сыхӕгтӕ йе та сӕ клиенттӕ, ӕмӕ уыдонӕй чидӕртӕ, чи зоны, чырыстӕттӕ дӕр систы. (Абар Марчы 5:14.) Уӕдӕ бӕстон куы хъусын кӕнӕм, уӕд уый адӕмыл куыд ӕндавдзӕн, уый ацы хабарӕй куыд зыны?

8. Азийы цӕрӕг адӕм хорз хабар куыд фехъуыстой?

8 Павел уымӕй размӕ Ефесы кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ «мын стыр дуар байгом, ӕмӕ куыст бирӕ ис» (1 Кор. 16:8, 9). Цавӕр дуары кой кодта ӕмӕ йын куыд байгом? Павел Ефесы бирӕ рӕстӕг кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ хорз хабар апарахат. Ӕркӕсӕм Ефесӕй дард чи у, уыцы ӕртӕ горӕт Колосстӕ, Лаодики ӕмӕ Иераполмӕ. Павел уым никуы уыд, фӕлӕ сӕм хорз хабар фӕхӕццӕ ис, Епафрас уыди уырдыгӕй (Кол. 2:1; 4:12, 13). Цымӕ Епафрас чырыстон уымӕн сси, ӕмӕ Павел Ефесы куы хъусын кодта, уӕд уым уыд ӕмӕ йыл уый бандӕвта? Библи уый тыххӕй бӕлвырд ницы дзуры. Фӕлӕ Епафрасӕн, кӕм цард, уым хъусын кӕнын, чи зоны, Павел бахӕс кодта (Кол. 1:7). Павел Ефесы куы хъусын кодта, уыцы азты хорз хабар, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕхӕццӕ Филаделфи, Сардис ӕмӕ Фиатирӕмӕ дӕр.

9. а) Павелы тынг цы фӕндыд? ӕ) 2009 азы стих цавӕр уыдзӕн?

9 Уӕдӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы ныхӕстимӕ ма сразы уыдаиккой, уымӕн сын ницы ӕфсон уыд. Павел та загъта: «Мӕ цард [мӕм] нымады дӕр нӕу, ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын». Ацы стих нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ ардыгӕй ист у 2009 азы стих дӕр: «Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм» (Ап. хъ. 20:24).

Абон бӕстон хъусын кӕнӕм

10. Кӕцӕй йӕ зонӕм, мах дӕр бӕстон хъусын кӕнын кӕй хъӕуы?

10 «Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнут», зӕгъгӕ, ацы фӕдзӕхст ӕрмӕст апостолтӕн лӕвӕрд нӕ уыд, фӕлӕ иннӕ адӕмӕн дӕр. Йесо куы райгас ӕмӕ Галилейы чи ӕрӕмбырд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ (ӕвӕццӕгӕн, уыдысты иу-500) куы ныхас кодта, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй. Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной». Ацы уынаффӕ хауы ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр, ӕмӕ уый зыны, Йесо дарддӕр цы загъта, уымӕй дӕр: «Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20).

11. Цавӕр ахсджиаг куыстӕй зонынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты?

11 Зынгзӕрдӕ чырыстӕттӕ уыцы уынаффӕмӕ хъусынц ӕмӕ «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнынц». Уыдон хорз хабар сӕйраджыдӕр хъусын кӕнынц, Павел Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд дзырдта, афтӕ – хӕдзарӕй хӕдзармӕ. Миссионерты хъуыддаг куыд ӕнтыстджын у, уый фӕдыл 2007 азы Дейвид Стюарт цы чиныг рауагъта, уым фыссы: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй адӕймаджы йӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн дзурын сахуыр кӕной, уыдон бирӕ ахадгӕдӕр сты, [кафедрӕйӕ чи сиды], уыдоны иумӕйаг ӕмӕ хус ныхӕстӕй. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй адӕмимӕ ныхас кӕнын». Цы сын ӕнтысы уый фӕрцы? «1999 азы хурыскӕсӕн Европӕйы скодтон ӕрфарст (архайдтой дзы дыууӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕтты цӕрджытӕ). Кӕй бафарстон, уыдонӕн ӕрмӕст сӕ 2–4 проценты загътой, семӕ кӕй ныхас кодтой Фӕстаг бонты сыгъдӕджыты аргъуаны миссионертӕ, кӕнӕ „мормонтӕ“. 70 проценты та загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ семӕ сӕрмагондӕй кӕй ныхас кодтой, бирӕтимӕ та ӕрмӕст иу нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты дӕр».

12. а) Нӕ территорийы адӕммӕ «ӕрмӕст иу нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты дӕр» цӕмӕн бацӕуӕм? ӕ) Ахӕм искӕй зоныс, ӕмӕ хорз хабармӕ йӕ ахаст чи фӕивта?

12 Ӕвӕццӕгӕн, уӕ территорийы цӕрӕг адӕм дӕр афтӕ зӕгъдзысты. Уыдон хорз хабар кӕй фехъуыстой, уым дӕ фыдӕбоны хай дӕр куыннӕ уыдзӕн. Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ «сӕрмагондӕй ныхас кодтай» нӕлгоймӕгтимӕ, сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ ӕрыгӕттимӕ. Чидӕртӕ дӕм, чи зоны, нӕ байхъуыстой, кӕд семӕ «ӕрмӕст иу нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты дӕр» сныхас кодтай, уӕддӕр. Иннӕтӕ та дӕм иу гыццыл байхъуыстой, Библийӕ сын стих куы кастӕ кӕнӕ семӕ Библийӕ цӕуылдӕр куы ныхас кодтай, уӕд. Фӕлӕ дзы ахӕмтӕ дӕр уыд ӕмӕ семӕ лӕмбынӕг аныхас кодтай, ӕмӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой. Уӕдӕ хорз хабар адӕмӕн бӕстон куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕм адӕм алыхуызон цӕстӕй ракӕсынц. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр зоныс бирӕ ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ адӕймагимӕ «ӕрмӕст иу нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты дӕр» аныхас кодтой ӕмӕ нӕ байхъуыста, фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд йӕ хъуыды аивта. Чи зоны, уыцы адӕмӕн сӕхиуыл кӕнӕ сӕ хӕстӕджытыл цыдӕр хабар ӕрцыд, ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕ рӕстдзинадмӕ раздӕхтой ӕмӕ абон сты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтыл уайтагъд куы нӕ сӕмбӕлай, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕм иууылдӕр рӕстдзинад базондзысты. Фӕлӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр лӕмбынӕг ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм.

Хабӕрттӕ куыд рауайдзысты, уый гӕнӕн ис зонгӕ дӕр ма бакӕнӕм

13. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы хабӕрттӕ куыд рауайынц?

13 Павел бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой, фӕлӕ йӕ лӕггад ӕрмӕст уыдоныл нӕ бандӕвта. Афтӕ у мах хабар дӕр. Уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, иудадзыг хӕдзарӕй хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд. Мах хорз хабары тыххӕй фӕныхас кӕнӕм нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ, не ’мкъласонтӕ ӕмӕ нӕ хӕстӕджытимӕ. Цымӕ хабӕрттӕ куыд рауайынц, уый алкӕддӕр базонӕм? Чидӕртӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айсынц. Кӕнӕ та, цы мыггаг байтауӕм, уый, гӕнӕн ис, цасдӕр рӕстӕг ма рӕза, фӕлӕ стӕй адӕймаджы зӕрдӕйы уидаг ауадза ӕмӕ сырӕза. Кӕд афтӕ не ’рцӕуы, уӕддӕр цы адӕмимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдон, гӕнӕн ис, иннӕтӕн радзурой, семӕ цӕуыл дзырдтам, цӕуыл ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕхи куыд дарӕм, уый тыххӕй. О, уыдон ӕй сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕмӕй баххуыс кӕнынц, цӕмӕй рӕстдзинады мыггаг хорз зӕххыл ӕндӕр ран ӕрхауа.

14, 15. Иу ӕфсымӕр хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы хабӕрттӕ куыд рауадысты?

14 Ӕркӕсӕм ӕрмӕст иу цӕвиттонмӕ. Райен ӕмӕ йӕ ус Манди цӕрынц Флоридӕйы (АИШ). Райенӕн куысты фадат фӕзынд йе ’мкусӕгимӕ Библийы тыххӕй аныхас кӕнынӕн. Йе ’мкусӕгӕн (хӕст уыд индуизмыл) йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, Райен-иу куыд конд уыд ӕмӕ куыд ныхас кодта, уый. Райен йемӕ аныхас кодта райгасдзинадыл ӕмӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, ууыл. Иу изӕр, январы мӕйы, уыцы нӕлгоймаг йӕ ус Джодийы бафарста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй цы зоныс, зӕгъгӕ. Джоди уыд католик, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, хӕдзарӕй хӕдзармӕ кӕй цӕуынц, ӕндӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ницы зонын. Джоди Интернет бакодта, афыста дзы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ» ӕмӕ нӕ веб-сайтмӕ бахызт. Нӕ сайтыл цы ӕрмӕг уыд, стӕй ма Библи ӕмӕ йӕ чи бацымыдис кодта, уыцы статьятӕ Джоди касти цалдӕр мӕйы дӕргъы.

15 Цасдӕры фӕстӕ Джоди фембӕлди Мандиимӕ, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты медицинон хотӕ. Манди тынг ӕхсызгонӕй дзуапп кодта Джодийы фарстытӕн. Джоди куыд загъта, афтӕмӕй иу хатт фӕныхас кодтой, «Адамӕй Армагеддоны онг» Библийы цыдӕриддӕр хабӕрттӕ ис, уыдоныл. Джоди сразы, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Джоди райдыдта фембӕлдтӕм цӕуын. Октябры сси ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг, февралы та райста донаргъуыд. Джоди фыссы: «Ныр, рӕстӕдзинад куы базыдтон, уӕд, дӕн тынг амондджын ӕмӕ мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ тынг рухс кӕны».

16. Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый Флоридӕйы цӕрӕг ӕфсымӕры цӕвиттонӕй куыд зыны?

16 Райен хъуыды дӕр никуы акодтаид, ӕмӕ, иу адӕймагӕн хъусын кӕнгӕйӕ, ӕндӕр адӕймагӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн. Райен «хорз хабар адӕмӕн бӕстон кӕй хъусын кодта», уый фӕрцы хабӕрттӕ куыд рауадысты, уый базыдта. Фӕлӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ ды дӕр рӕстдзинады тыххӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ, куысты, скъолайы кӕнӕ ӕнӕуи искӕмӕн куы дзурай, уӕд хорз хабар фехъусой, ӕрмӕст кӕимӕ дзурыс, уыдон нӕ, фӕлӕ ды кӕй нӕ зоныс, уыдон дӕр. Павел Азийы куы хъусын кодта, уӕд йӕ уацамынд кӕуыл бандӕвта, уый куыд нӕ зыдта, афтӕ, ды дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ ма зонай, бӕстон кӕй хъусын кӕныс, уый кӕуыл бандӕвта, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 23:11; 28:23.) Уӕдӕ куыд ахсджиаг у дарддӕр дӕр хъусын кӕнын!

17. 2009 азы дӕ фидар фӕнд цы уыдзӕн?

17 Цӕй ӕмӕ 2009 азы нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм нӕ хӕслӕвӕрдмӕ, зӕгъгӕ, хъусын кӕнут хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕмӕ ма ноджы куыд фӕхъусын кӕнӕм, афтӕ. Уӕд нӕ бон уыдзӕн Павелау зӕгъын: «Мӕ цард [мӕм] нымады дӕр нӕу, ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Фыццаг ӕнусы апостолтӕ Петр, Павел ӕмӕ иннӕтӕ хорз хабар бӕстон куыд хъусын кодтой?

• Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы нын бантысы, мах цы зонӕм, уымӕй фылдӕр?

• 2009 азы стих цавӕр у ӕмӕ дӕумӕ гӕсгӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

2009 азы стих: «Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм» (Ап. хъ. 20:24).

[Ныв 17 фарсыл]

Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зыдтой, Павел кӕй хъусын кодта хӕдзарӕй хӕдзармӕ

[Ныв 18 фарсыл]

Бӕстон куы хъусын кӕнай, уӕд уый кӕуыл бандавдзӕн?