Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Неемийы 8:10 дзуттӕгтӕн цӕмӕн уыд загъд, зӕгъгӕ, «хӕрут сойджын хӕринӕгтӕ», кӕд ӕмӕ Закъоны та Левиты 3:17 фыст уыд: «Фиу... ӕппындӕр ма хӕрут»? Афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ ацы дыууӕ амынды кӕрӕдзийыл нӕ бадынц?

Неемийы 8:10 «сойджын хӕринӕгтӕй» ӕмӕ Левиты 3:17 та «фиу»-ӕй цы дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон дзуттаг ӕвзаджы сты алыхуызон дзырдтӕ ӕмӕ иу цӕмӕдӕр нӕ амонынц. Левиты 3:17 «фиу»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырд хе́лев амоны, цӕрӕгойты кӕнӕ адӕймаджы хуылфыдзаумӕттыл цы фиутӕ вӕййы, уыдонмӕ (Лев. 3:3; Тӕрх. 3:22). Левиты 3:17 размӕ цы стихтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, израилӕгтӕн хӕрӕн кӕй нӕ уыд, сӕ кусӕрттӕгты тъӕнгтыл ӕмӕ уыргтыл цы фиутӕ уыд, уыдон, стӕй ма фӕрсты фиутӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ «фиу иууылдӕр у Йегъовӕйы» (Лев. 3:14–16). Уӕдӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн кӕй хастой, уыцы кусӕрттӕгты фиутӕ хӕрӕн нӕ уыд.

Неемийы 8:10 «сойджын хӕринӕгтӕй» цы дзырд тӕлмац у, уый та у машманни́м ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты ацы иу хатт йеддӕмӕ не ’мбӕлы. Ацы дзырд равзӕрд мивдисӕг шаме́н-ӕй ӕмӕ нысан кӕны «нард уӕвын, нард кӕнын». Уыцы мивдисӕгӕй цы дзырдтӕ равзӕрд, уыдонӕн сӕ сӕйраг хъуыды у бӕркад, хъӕздыгдзинад. (Абар Исай 25:6.) Ацы мивдисӕгӕй фылдӕр хатт арӕзт ӕрцӕуы номдар ше́мен, ӕмӕ йӕ арӕх фӕтӕлмац кӕнынц дзырд «сой»-йӕ (дзырдбасты «оливӕйы сой») (Дык. з. 8:8; Лев. 24:2). Неемийы 8:10 дзырд машманни́м амоны тынг сойджын хӕринагмӕ (ома оливӕйы сойыл арӕзт). Уыцы хӕринаджы-иу гӕнӕн ис, ӕмӕ нард дзидза дӕр уыд, фӕлӕ сыгъдӕг фиутӕ нӕ.

Израилӕгтӕн фиутӕ хӕрыны бар кӕй нӕ уыди, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын хӕрзад ӕмӕ адджын хӕринаг хӕрӕн нӕ уыд. Кӕцыдӕр хӕринӕгтӕ, зӕгъӕм, мӕнӕуы ссадӕй адджын гуылтӕ, фыхтой цӕрӕгойты сойыл нӕ, фӕлӕ зайӕгойты сойыл, арӕхдӕр – оливӕйы сойыл (Лев. 2:7). Уымӕ гӕсгӕ, «Фыстады ӕмбарынад»-ы (англ.) дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Неемийы 8:10 «сойджын хӕринӕгтӕ» амонынц «дзадджын хӕйттӕм, ома хус хӕринӕгтӕм нӕ, фӕлӕ адджын ӕмӕ сойджын чи уыд, ахӕмтӕм, уыимӕ – зайӕгойты сойыл конд хӕринӕгтӕм дӕр».

Чырыстӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зонынц, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ фиу хӕрыны бар кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ уыдоны уыцы Закъон ӕмӕ дзы кусӕрттӕгты тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон дӕр нал хъӕуы ӕххӕст кӕнын (Ром. 3:20; 7:4, 6; 10:4; Кол. 2:16, 17).